Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ, чырыстон куы амӕла, уӕд ын кремаци скӕнӕн ис, ома йын йӕ буар басудзӕн ис?

Библи уый ныхмӕ бӕлвырд ницы зӕгъы.

Библийы фыст ис, чи амард, уыдонӕн-иу сӕ буар кӕнӕ се стджытӕ куы басыгътой, ахӕм хабӕрттӕ (Йес. Н. 7:25; 2 Аз. 34:4, 5). Афтӕ-иу кӕй бакодтой, уый-иу арӕхдӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ адӕймаг уый аккаг нӕ уыди, цӕмӕй йӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ баныгӕдтаиккой. Фӕлӕ-иу мардӕн йӕ буар ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр басыгътой.

Уый бӕрӕг у, паддзах Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фыртӕн сӕ мӕлӕты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕй. Сӕ цыппар дӕр фӕмардысты тохы быдыры, филистимӕгтимӕ куы хӕцыдысты, уӕд. Саулы фырттӕй сӕ иу уыд Ионафан, Давидӕн йӕ хорз ӕмбал ӕмӕ йӕ иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг. Иавис-Галаады чи цард, уыцы хъӕбатыр израилӕгтӕ Саулы ӕмӕ йӕ фыртты хабар куы базыдтой, уӕд сын сӕ буӕрттӕ рахастой, басыгътой сӕ ӕмӕ ма сӕ уый фӕстӕ цы стджытӕ баззад, уыдон та баныгӕдтой. Афтӕ кӕй бакодтой, уый тыххӕй сын фӕстӕдӕр Давид раарфӕ кодта (1 Сам. 31:2, 8–13; 2 Сам. 2:4–6).

Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты – Хуыцау сын ногӕй цард балӕвар кӕндзӕн. Мард адӕймагӕн йӕ буар судзгӕ бакодтой ӕви нӕ, уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ цардмӕ раздаха, ног буар ын ратта, афтӕмӕй. Паддзах Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы судзгӕ пецы куы хъуамӕ баппӕрстаиккой, уӕд сӕ уымӕй нӕ хъуыди тӕрсын, ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ Хуыцауӕн йӕ бон нал бауыдзӕн райгас кӕнын (Дан. 3:16–18). Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй нацистты концлагерты чи амард ӕмӕ уый фӕстӕ кӕй басыгътой, уыдонӕй дӕр. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ та амардысты, цыдӕр сыл кӕй срӕмыгъта кӕнӕ сыл ӕндӕр бӕллӕх кӕй ӕрцыд, уый аххосӕй, ӕмӕ-иу сӕ цы баныгӕдтаиккой, уый дӕр-иу дзы нал баззад. Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, кӕй райгас уыдзысты (Рарг. 20:13).

Цӕмӕй Йегъовӕ адӕймаджы райгас кӕна, уый тыххӕй йӕ уыцы адӕймагӕн йӕ раздӕры буары хӕйттӕ ӕмбырд кӕнын нӕ хъӕуы. Уый бӕрӕг у, уӕлӕрвты цӕрынмӕ кӕй райгас кӕны, уыцы сӕрст чырыстӕтты хабарӕй. Уыдон дӕр Йесо Чырыстийау «уӕларвон буары» райгас вӕййынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ удыхъӕд баззайынц, раздӕр сын цавӕр уыдысты, ахӕмтӕй. Уӕлӕрвтӕм куы ацӕуынц, уӕд сӕ зӕххон буарӕй семӕ ницы ахӕссынц (1 Пет. 3:18; 1 Кор. 15:42–53; 1 Иоан. 3:2).

Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕна. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, чи амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты, сӕ буӕрттӕ сын судзгӕ бакодтой ӕви нӕ, уӕддӕр (Хъуыд. 24:15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах ӕй кӕронмӕ не ’мбарӕм, рагзаманты-иу Хуыцау мӕрдты куыд райгас кодта, уый, стӕй сӕ фидӕны куыд райгас кӕндзӕн, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Хуыцау Чырыстийы кӕй райгас кодта, уымӕй «сбӕлвырд кодта», мӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй райгас уыдзысты (Хъуыд. 17:31; Лук. 24:2, 3).

Чи амард, уымӕн кремаци скӕной ӕви нӕ, уыцы хъуыддаг скъуыддзаг кӕнгӕйӕ чырыстон бинонтӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, кӕм цӕрынц, уым адӕм уыцы хабармӕ цы цӕстӕй кӕсынц, стӕй сӕ бӕстӕйы закъон уый фӕдыл цы зӕгъы, ууыл дӕр (2 Кор. 6:3, 4). Ӕмӕ стӕй хъуамӕ хъуыддаг сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕной.