Кӕсджыты фарстатӕ
Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ Мессийӕйы ӕрцыдмӕ цӕмӕ гӕсгӕ «ӕнхъӕлмӕ кастысты»?
Аргъауӕг Иоанны рӕстӕджы «адӕм иууылдӕр Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕ гӕсгӕ Иоанны тыххӕй хъуыдытӕ кодтой, мыййаг, кӕд уый у Чырысти, зӕгъгӕ» (Лук. 3:15). Дзуттӕгтӕ Мессийӕйы ӕрцыдмӕ уыцы рӕстӕг цӕмӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты? Уымӕн уыд цалдӕр аххосаджы.
Йесо куы райгуырд, уый фӕстӕ Йегъовӕйы зӕд фӕзынд, Вифлееммӕ хӕстӕг фысты дзугтӕ чи хызта, уыцы фыййӕуттӕм. Зӕд сын фехъусын кодта: «Абон Давиды горӕты райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Хицау Чырысти!» (Лук. 2:8–11). Уый фӕстӕ уыцы зӕды раз февзӕрд «дуне зӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой *: „Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!“» (Лук. 2:13, 14).
Уыцы хабар сӕрныллӕг фыййӕуттӕн сӕ зӕрдӕ куыннӕ бацагайдтаид. Уыдон уайтагъд Вифлееммӕ араст сты ӕмӕ, Иосиф ӕмӕ Марийӕйы, стӕй ноггуырд Йесойы куы ссардтой, уӕд «рахабар кодтой, сывӕллоны тыххӕй сын цы уыд загъд, уый». Фыййӕуттӕ цы радзырдтой, ууыл «иууылдӕр тынг дис кодтой» (Лук. 2:17, 18). Ацы ран дзырд «иууылдӕр» уымӕ амоны, ӕмӕ фыййӕуттӕ уыцы хабар Иосиф ӕмӕ Марийӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр кӕмӕндӕрты дӕр радзырдтой. Фыййӕуттӕ уый фӕстӕ сӕхимӕ куы аздӕхтысты, уӕд «Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ йӕ бӕрзонд кодтой, уымӕн ӕмӕ, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой,– ӕппӕт дӕр уыд, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ» (Лук. 2:20). Уыцы фыййӕуттӕ, Чырыстийы тыххӕй цы хорз хабар фехъуыстой, уый иннӕтӕй нӕ басусӕг кодтой.
Фӕстӕдӕр Марийӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ йӕ фыццаггуырд фырты кувӕндонмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахаста. Ӕмӕ уӕд ус-пехуымпар Аннӕ «Хуыцауӕн арфӕ кӕнын райдыдта, ӕмӕ, Иерусалимы ирвӕзындзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта сывӕллоны тыххӕй» (Лук. 2:36–38; Рац. 13:12). Афтӕмӕй, Мессийӕ кӕй фӕзынд, уыцы хабар дарддӕр парахат кодта.
Цасдӕры фӕстӕ «Скӕсӕнӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ загътой: „Кӕм ис дзуттӕгты ноггуырд паддзах? Скӕсӕны йын йе стъалы федтам, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм“» (Матф. 2:1, 2). Ӕмӕ «паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд скатай, ӕмӕ йемӕ ӕгас Иерусалимы адӕм дӕр базмӕлыдысты. Паддзах ӕрӕмбырд кодта сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдта, Чырысти кӕм хъуамӕ райгуырдаид, зӕгъгӕ» (Матф. 2:3, 4). Уӕдӕ бӕрӕг у, тынг бирӕ адӕм кӕй фехъуыстой ног хабар: Мессийӕ чи хъуамӕ суа, уый фӕзынд! *
Лукайы 3:15 куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, Аргъауӕг Иоанн кӕй у Чырысти. Фӕлӕ сын Иоанн бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый. Иоанн сӕрныллӕгӕй загъта: «Мӕ фӕстӕ чи ӕрбацӕуы, уымӕ мӕнӕй фылдӕр бартӕ ис, ӕз уымӕн йӕ дзабыртӕ раласыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уын аргъуыд дӕтдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ артӕй» (Матф. 3:11). Иоанны ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ адӕм Мессийӕйы ’рцыдмӕ ноджы тынгдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын куыннӕ райдыдтаиккой!
Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ, Данелы 9:24–27 стихты 70 къуырийы тыххӕй цы пехуымпарад фыст ис, уымӕ гӕсгӕ банымадтой, Мессийӕ кӕд фӕзындзӕн, уый? Чи зоны, афтӕ дӕр уыди, фӕлӕ йӕ бӕлвырд нӕ зонӕм. Бӕлвырдӕй зонӕм уый, ӕмӕ, 70 къуырийы цӕмӕ амонынц, уый фӕдыл Йесойы рӕстӕджы бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ уыд, ӕмӕ иууылдӕр хицӕн кӕнынц, уыцы пехуымпарад абон мах куыд ӕмбарӕм, уымӕй *.
Ессейтӕ (бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзуттаг моладзанты сектӕ чи уыд, уыдон) дзырдтой, зӕгъгӕ, 490 азы куы фӕуд кӕной, уӕд фӕзындзӕн дыууӕ Мессийӕйы. Фӕлӕ, ессейты ахуырад Данелы пехуымпарадыл арӕзт кӕй уыд, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Ӕмӕ афтӕ куы уыдаид, уӕд дӕр зын зӕгъӕн у, ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи цард ӕмӕ адӕмӕй йӕхи дард чи ласта, уыдоны хъуыды иннӕ дзуттӕгты ’хсӕн апарахат уыдаид.
Н. э. дыккаг ӕнусы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ 70 къуырийы амонынц, н. э. размӕ 607 азы Иерусалимы кувӕндон фыццаг хатт куы ныппырх кодтой, уӕдӕй, н. э. 70 азы кувӕндон дыккаг хатт куы ныппырх кодтой, уӕдмӕ цы рӕстӕг рацыд, уымӕ. Уӕдӕ уыцы 70 къуырийы бӕлвырдӕй цӕмӕ амонынц, уый фӕдыл дзуттӕгтӕ иу хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты.
70 къуырийы тыххӕй пехуымпарад н. э. фыццаг ӕнусы раст куы ’мбӕрстаиккой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ дӕр уыцы пехуымпарады фӕрцы иннӕтӕн ӕмбарын кодтаиккой, Йесо Чырысти Мессийӕ кӕй у. Фӕлӕ афтӕ кӕй кодтой, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй.
Хъус ма ӕрдарын хъӕуы ноджыдӕр иу хъуыддагмӕ. Евангелитӕ чи ныффыста, уыдон бирӕ рӕтты ӕмбарын кӕнынц, Дзуттаг Фыстытӕй кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл куыд сӕххӕст сты, уый (Матф. 1:22, 23; 2:13–15; 4:13–16). Фӕлӕ сӕ иу дӕр афтӕ нӕ ныффыста, ӕмӕ 70 къуырийы тыххӕй пехуымпарад хауы, Мессийӕ кӕд хъуамӕ фӕзындаид, уымӕ.
Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн? Нӕ бон нӕу фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ 70 къуырийы тыххӕй пехуымпарад раст ӕмбӕрстой. Фӕлӕ, Евангелиты цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, дзуттӕгтӕ Мессийӕйы ӕрцыдмӕ цӕмӕ гӕсгӕ «ӕнхъӕлмӕ кастысты», уый.
^ 4 абз. Грекъаг тексты афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ зӕдтӕ заргӕ кодтой. Фыст дзы ис, Хуыцауы кӕй кадджын кодтой.
^ 7 абз. Чи зоны, искӕмӕ фӕзына ахӕм фарста: «Стъалыдӕснытӕ кӕцӕй зыдтой, скӕсӕны цы „стъалы“ фӕзынд, уый „дзуттӕгты... Паддзахы“ райгуырдмӕ кӕй амоны?» Гӕнӕн ис, ӕмӕ, Израилы зӕххыл куы фӕцӕйцыдысты, уӕд адӕмӕй хъуыстой, Йесо кӕй райгуырд, уый тыххӕй.
^ 9 абз. 70 къуырийы тыххӕй пехуымпарад абон куыд ӕмбарӕм, уый тыххӕй кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 197–199 фӕрстӕ.