Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕмӕ макуы мӕсты кӕн

Йегъовӕмӕ макуы мӕсты кӕн

«Адӕймаг йе ’нӕзондӕй ацӕуы рӕдыд фӕндагыл, мӕсты та Йегъовӕмӕ фӕкӕны» (ӔМБ. 19:3).

1, 2. Дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдоны Йегъовӕйы цӕуылнӕ хъуамӕ аххосджын кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: йӕ бинойнагимӕ амондджынӕй чи цӕры, иу ахӕм нӕлгоймаг иубон сӕхимӕ ӕрбацыд, ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ хӕдзары алцыдӕр у пырхытӕ, раст дзы цыма хӕст уыди, афтӕ. Дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис,– бандонӕй зӕгъай, стъолӕй, тӕбӕгъӕй,– иууылдӕр сты сӕстытӕ, гауыз дӕр аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы. Йӕ рӕсугъд хӕдзар хӕдзары хуызӕн дӕр нал у. Куыд дӕм кӕсы, кӕй фӕаххосджын кӕндзӕн? Йӕ бинойнагӕй ахъуыды кӕндзӕн, цытӕ бакуыста, зӕгъгӕ? Нӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕндзӕн, ай чи уыди, зӕгъгӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, йӕ зынаргъ цардӕмбал ахӕм хъуыддаг кӕй никуы бакӕндзӕн.

2 Абон адӕмы «хӕдзар» дӕр, ома зӕхх, раст ахӕм уавӕры ис. Адӕм ӕрдз чъизи кӕнынц ӕмӕ йӕ сафынц. Стӕй сӕхӕдӕг та сты ӕгъатыр ӕмӕ ӕнӕгъдау. Фӕлӕ мах Библийӕ базыдтам, уыцы хъуыддӕгты Йегъовӕ кӕй нӕу аххосджын. Хуыцау зӕхх уый тыххӕй скодта, цӕмӕй уыдаид рӕсугъд дзӕнӕт (Райд. 2:8, 15). Йегъовӕ у уарзондзинады Хуыцау (1 Иоан. 4:8). Библийы фӕрцы мах базыдтам, «ацы дунейы хицау» Хӕйрӕг кӕй у. Ӕмӕ уӕдӕ, дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдоны дӕр аххосджын уый у (Иоан. 14:30; 2 Кор. 4:4).

3. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй мауал кӕсӕм?

3 Фӕлӕ уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр Хӕйрӕг у аххосджын. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕй кӕцыдӕртӕ вӕййынц нӕхи рӕдыдтыты аххосӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4–6.) Фӕлӕ кӕд уый хорз ӕмбарӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй мауал кӕсӕм, ӕмӕ уый та у тӕссаг (Ӕмб. 14:12). Цы хуызы? Нӕ зындзинӕдты тыххӕй нӕхи кӕнӕ Хӕйрӕджы аххосджын кӕныны бӕсты, гӕнӕн ис, ӕмӕ аххосджын кӕнын райдайӕм Йегъовӕйы. Суанг ма йӕм, чи зоны, мӕсты кӕнын дӕр райдайӕм (Ӕмб. 19:3).

4, 5. Чырыстон Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын куыд райдайы?

4 Цымӕ ӕцӕгдӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын райдайӕм? Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы хъуыддаг махӕн хорзӕй ницы ӕрхӕсдзӕн (Ис. 41:11). Цы дзы хъуамӕ рамбулӕм? Иу поэт загъта: «Хуыцауимӕ хъӕбысӕй не схӕцдзынӕ – нӕ йӕм баххӕсдзынӕ». Ӕвӕццӕгӕн, искӕй раз никуы зӕгъдзыстӕм, Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Ӕмбисӕндты 19:3 фыст ис: «Адӕймаг йе ’нӕзондӕй ацӕуы рӕдыд фӕндагыл, мӕсты та Йегъовӕмӕ фӕкӕны [комк. «йӕ зӕрдӕ та мӕстӕй Йегъовӕмӕ фӕсудзы»]». Уӕдӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг Йегъовӕмӕ мӕсты кӕна йӕ зӕрдӕйы мидӕг. Чи зоны йӕ ӕргом ма ӕвдиса, фӕлӕ йӕхимидӕг Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй разы ма уа. Ӕмӕ уӕд тӕссаг у, Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы нал лӕггад кӕна йе та ӕмбырдтӕм куы нал цӕуа, уымӕй.

5 Цӕй тыххӕй рауайы афтӕ, ӕмӕ Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын райдайӕм? Нӕ бон куыд у уыцы къӕппӕгӕй нӕхи бахизын? Ацы фарстатӕн дзуапп зонын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй бахъахъхъӕндзыстӕм, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый.

ЦӔЙ ТЫХХӔЙ РАУАЙЫ АФТӔ, ӔМӔ ЙЕГЪОВӔМӔ МӔСТЫ КӔНЫН РАЙДАЙӔМ?

6, 7. Моисейы заман израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ хъаст кӕнын цӕмӕн райдыдтой?

6 Цымӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг цӕй тыххӕй райдайы йӕ Хуыцауӕй хъаст кӕнын? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм фондз аххосагмӕ, стӕй равзардзыстӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттоны ӕмӕ фендзыстӕм, раджы заманты-иу чидӕртӕ уыцы къӕппӕджы куыд бахаудысты, уый (1 Кор. 10:11, 12).

Искӕй хъуыр-хъуырмӕ куы хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зондахаст ӕвзӕрырдӕм фӕива (кӕс 7 абзац)

7 Искӕй хъуыр-хъуырмӕ куы хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зондахаст ӕвзӕрырдӕм фӕива. (Бакӕс Дыккаг закъон 1:26–28.) Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ израилӕгты тыххӕй цы сарӕзта, уый. Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта ӕмӕ уый фӕстӕ фараоны ӕмӕ йын йе ’фсад Сырх денджызы фесӕфта. Кӕдӕй-уӕдӕй израилӕгтӕ ссӕрибар сты! (Рац. 12:29–32, 51; 14:29–31; Пс. 136:15). Фӕлӕ Хуыцауы адӕм Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд Йегъовӕйӕ хъаст кӕнын райдыдтой. Уыцы ахсджиаг рӕстӕг сӕ уырнындзинад цӕмӕн ӕрлӕмӕгъ? Дӕс сгарӕджы цы ӕвзӕр хабӕрттӕ радзырдтой, уыдоны тыххӕй сӕ зӕрдӕты тас бацыд (Ным. 14:1–4). Ӕмӕ стӕй цы ’рцыд? Йегъовӕ уыцы фӕлтӕрӕн Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар нал радта (Дык. з. 1:34, 35). Уыцы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн? Искӕй хъуыр-хъуырмӕ куы хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕй хъаст кӕнын райдайӕм.

8. Исайы рӕстӕджы Хуыцауы адӕм сӕ зындзинӕдты Йегъовӕйы аххосджын кӕнын цӕмӕн райдыдтой?

8 Бӕллӕхтӕ ӕмӕ зындзинӕдты тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ныфс асӕтта. (Бакӕс Исайы 8:21, 22.) Исайы рӕстӕджы Иудӕйы адӕм уыдысты тынг уӕззау уавӕры. Сӕ алыварс уыдысты знӕгтӕ. Бирӕтӕ ӕххормаг ӕййӕфтой, уымӕн ӕмӕ хӕринаг нӕ фаг кодта. Фӕлӕ ӕндӕр хуызы дӕр ӕййӕфтой ӕххормагдзинад – Йегъовӕмӕ нал хъуыстой, ӕмӕ дзы уый тыххӕй адард сты (Амос 8:11). Уыцы бӕллӕхты рӕстӕг Йегъовӕйӕ ӕххуыс нӕ куырдтой, фӕлӕ райдыдтой сӕ паддзахы ӕмӕ сӕ Хуыцауы ӕлгъитын. Сӕ зындзинӕдты аххосджын кодтой Йегъовӕйы. Чи зоны, махыл дӕр исты бӕллӕх ӕрцыди кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, ӕмӕ уый тыххӕй маст кӕнӕм. Ахӕм уавӕры, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхинымӕр Йегъовӕйы аххосджын кӕнын райдайӕм, цӕуылнӕ мын баххуыс кодта, зӕгъгӕ.

9. Йезекилы рӕстӕджы израилӕгтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕ раст нӕ архайы?

9 Алцы нӕ фӕзонӕм. Йезекилы рӕстӕджы израилӕгтӕ, хабӕрттӕ иууылдӕр кӕй нӕ зыдтой, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕ раст нӕ архайы (Йез. 18:29). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕхи Хуыцауӕн тӕрхонгӕнджытӕ кодтой ӕмӕ сӕхи рӕстдзинад Йегъовӕйы рӕстдзинадӕй уӕлдӕр ӕвӕрдтой, хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, афтӕмӕй. Чи зоны, махӕн дӕр Библийӕ кӕцыдӕр хабӕрттӕ зынӕмбарӕн сты. Йе та нӕхи царды хабӕртты тыххӕй дӕр хъуыды кӕнӕм, афтӕ цӕмӕн у, зӕгъгӕ. Мыййаг, ахӕм уавӕрты мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдайӕм, Йегъовӕ раст нӕ архайы, зӕгъгӕ? (Иов 35:2).

10. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ адӕймаг Адамы ӕвзӕр цӕвиттон бафӕзма?

10 Нӕхи рӕдыдтыты ӕмӕ тӕригъӕдты, чи зоны, ӕндӕр кӕйдӕр аххосджын кӕнӕм. Фыццаг адӕймаг, Адам, йӕхи тӕригъӕды фӕаххосджын кодта Хуыцауы (Райд. 3:12). Адам Хуыцауы закъон зонгӕ-зонын фехӕлдта. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы аххосджын кодта. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уади, цыма йын Йегъовӕ ӕвзӕр ус радта ӕмӕ уый тыххӕй фӕрӕдыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕ Адамау сӕхи рӕдыдтыты аххосджын кӕнынц Хуыцауы. Уӕдӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мыййаг, мӕ рӕдыдтытыл маст кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕй хъаст кӕнын нӕ райдайын, ӕгӕр карз сты, зӕгъгӕ?»

11. Ионӕйы хабар нын цӕуыл дзурӕг у?

11 Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр нӕхиуыл мӕт кӕнын райдайӕм. Йегъовӕ Ниневийы цӕрджытӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы равдыста, уӕд пехуымпар Ионӕ смӕсты (Ионӕ 4:1–3). Цымӕ цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, фылдӕр хъуыды кодта, адӕм дзы цы зӕгъдзысты, ууыл, ома, цы тӕрхон хъусын кодта, уый куы нӕ сӕххӕст уа, уӕд ӕй мӕнг пехуымпар кӕй схондзысты. Ниневиӕгтӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын Ионӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кодтаид, фӕлӕ уый хъуыды кодта йӕ сӕры кадыл, адӕмыл нӕ, фӕлӕ. Ионӕйау мах дӕр адӕмыл нӕ, фӕлӕ нӕхиуыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын райдайӕм, ацы дунейӕн кӕрон кӕй не скӕны, уый тыххӕй. Чи зоны, бирӕ азты дӕргъы хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй у. Ӕмӕ ныл чидӕртӕ фӕхудынц, зӕгъгӕ, кӕдӕй нырмӕ дзурут, уыцы бон тагъд кӕй уыдзӕн, фӕлӕ ницы. Мыййаг, ахӕм уавӕры Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын нӕ райдайӕм? (2 Пет. 3:3, 4, 9).

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔМӔ МАКУЫ МӔСТЫ КӔНӔМ?

12, 13. Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй искӕцыйыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм?

12 Нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕ Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй искӕцыйыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд нӕ бон цы у саразын? Рох дӕ ма уӕд, Хуыцауыл дызӕрдыг кӕнын зондыл дзурӕг нӕу. Ныртӕккӕ цы фондз хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ царды зындзинӕдты тыххӕй Йегъовӕмӕ макуы мӕсты кӕнӕм.

13 Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр ӕввахс кӕн. Ӕнӕххӕст адӕймаджы бирӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцаумӕ мӕсты кӕнын райдайа. Фӕлӕ Йегъовӕ не ’ввахс хӕлар куы уа, уӕд мах уыцы хъуыддагӕй хызт уыдзыстӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6.) Хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Стӕй хъуамӕ нӕхимӕ зондджын ма кӕсӕм ӕмӕ ӕрмӕст нӕхиуыл ма мӕт кӕнӕм (Ӕмб. 3:7; Еккл. 7:16). Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды ӕвзӕр хабар ма ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйы нӕ аххосджын кӕндзыстӕм.

14, 15. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй искӕй хъуыр-хъуыры тыххӕй нӕ зондахаст ӕвзӕрырдӕм ма фӕива?

14 Ма бауадз, цӕмӕй искӕй хъуыр-хъуыры тыххӕй дӕ зондахаст ӕвзӕрырдӕм фӕива. Моисейы рӕстӕджы израилӕгтӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакӕна (Пс. 78:43–53). Фӕлӕ сын дӕс сгарӕджы уыцы зӕххы тыххӕй ӕвзӕр хабӕрттӕ куы радзырдтой, уӕд, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон ферох кодтой (Пс. 78:42). Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕ куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ нын тӕссаг нӕ уыдзӕн, искӕй хъуыр-хъуыры тыххӕй нӕ Хуыцауӕй кӕй адард уыдзыстӕм, уымӕй (Пс. 77:11, 12).

15 Не ’фсымӕртӕм ӕмӕ нӕ хотӕм ӕвзӕр зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уӕм (1 Иоан. 4:20). Моисейы рӕстӕджы, Аарон хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд куы ӕрцыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ израилӕгтӕ ууыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ Йегъовӕ уый афтӕ банымадта, цыма йын йӕхиуыл хъуыр-хъуыр кӕнынц (Ным. 17:10). Раст афтӕ мах дӕр, Йегъовӕ зӕххыл йӕ хъуыддагӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл куы хъуыр-хъуыр кӕнӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕхиуыл хъуыр-хъуыр кӕндзыстӕм (Дзут. 13:7, 17).

16, 17. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

16 Рох дӕ ма уӕд, нӕ зындзинӕдты Йегъовӕ нӕу аххосджын. Исайы рӕстӕджы израилӕгтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион нал уыдысты. Фӕлӕ Хуыцауы уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид (Ис. 1:16–19). Уӕдӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ӕвзарӕм, уӕддӕр нын стыр ныфсы хос у, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ махӕн баххуыс кӕнын кӕй фӕнды (1 Пет. 5:7). Йегъовӕ ма нын зӕрдӕ дӕр ӕвӕры, уыйбӕрц хъарутӕ нын кӕй ратдзӕн, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразӕм (1 Кор. 10:13).

17 Иов уыди Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ уӕддӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфта. Махыл дӕр ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уый Йегъовӕйы аххос кӕй нӕу. Уый уарзы рӕстдзинад, хӕрам хъуыддӕгтӕй та йе сӕфт уыны (Пс. 33:5). Цӕй ӕмӕ мах дӕр, Иовы ӕмбал Елиуй куыд загъта, афтӕ фидарӕй зӕгъӕм: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10). Йегъовӕ нын зындзинӕдтӕ не ’взарын кӕны, фӕлӕ нын дӕтты, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» (Иак. 1:13, 17).

18, 19. Йегъовӕйыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

18 Йегъовӕйыл макуы дызӕрдыг кӕн. Хуыцау алцӕмӕй дӕр ӕххӕст у, ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ мах хъуыдытӕй уӕлдӕр сты (Ис. 55:8, 9). Уӕдӕ хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ ӕмӕ, алцы кӕй не ’мбарӕм, ууыл хъуамӕ сӕттӕм (Ром. 9:20). Фылдӕр хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй алцыдӕр бӕлвырд нӕ фӕзонӕм. Ӕмӕ дӕхиуыл дӕр куыннӕ бавзӕрстаис ацы ныхӕсты рӕстдзинад: «Фыццаг чи райдайы дзурын, уый раст вӕййы, цалынмӕ иннӕ не ’рбацӕуы ӕмӕ не сбӕлвырд кӕны, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ» (Ӕмб. 18:17).

19 Зӕгъӕм, ис дын, тынг кӕуыл ӕууӕндыс, ахӕм хорз ӕмбал. Уайтагъд цы нӕ бамбарай кӕнӕ дӕм ӕнахуыр цы фӕкӕса, ахӕмӕй исты куы сараза, уӕд цы ахъуыды кӕндзынӕ? Афтӕ зӕгъдзынӕ, раст нӕ бакодта, зӕгъгӕ? Ӕви ахъуыды кӕндзынӕ, зӕгъгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн не ’мбарын, ӕмӕ цыдӕр нӕ зонын? Кӕд не ’нӕххӕст ӕмбӕлттӕм афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ стӕм ӕмӕ сыл ӕууӕндӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыдыл та цас тынгдӕр хъуамӕ ӕууӕндӕм! Уымӕн йӕ фӕндӕгтӕ мах фӕндӕгтӕй уӕлдӕр сты ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ – мах хъуыдытӕй.

20, 21. Нӕ зындзинӕдты Йегъовӕйы цӕуылнӕ хъуамӕ аххосджын кӕнӕм?

20 Зындзинӕдтӕ цӕй тыххӕй ӕвзарыс, уый ма рох кӕн. Хъуамӕ йӕ ӕмбарӕм, хатт цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ нӕхи аххосӕй дӕр кӕй бавзарӕм (Гал. 6:7). Уӕдӕ уыцы зындзинӕдты хъуамӕ Йегъовӕйы ма аххосджын кӕнӕм. Уый зондыл дзурӕг цӕуылнӕ у? Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Машинӕ афтӕ арӕзт у, ӕмӕ йыл тынг тагъд цӕуӕн дӕр ис. Фӕлӕ, зӕгъӕм, шофыр, цӕхгӕр фӕзилӕн кӕм ис, уыцы ран ӕгӕр тагъд ацыд, ӕмӕ уый тыххӕй машинӕ сфӕлдӕхт. Цымӕ уӕд шофыр хъуамӕ, машинӕ кӕм сарӕзтой, уыцы завод аххосджын кӕна? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Йегъовӕ мах дӕр афтӕ скодта, ӕмӕ нӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ ма нын уыимӕ бацамыдта, раст уынаффӕтӕ куыд хъуамӕ хӕссӕм, уый дӕр. Уӕдӕ нӕхӕдӕг куы фӕрӕдийӕм, уӕд не Сфӕлдисӕджы цӕмӕн хъуамӕ аххосджын кӕнӕм?

21 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтӕ нын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕзыны, ӕмӕ нӕхӕдӕг цыдӕр раст нӕ саразӕм. Иуӕй-иу зындзинӕдтӕ уый тыххӕй бавзарӕм, ӕмӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Стӕй уый дӕр хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, ӕмӕ, дунейы цы фыддзинад ис, уый сӕйраджыдӕр Сайтан Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй у (1 Иоан. 5:19; Рарг. 12:9). Не знаг уый у, Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ! (1 Пет. 5:8).

ЙЕГЪОВӔИМӔ ДЫН ЦЫ ХӔЛАРДЗИНАД ИС, УЫЙ ХӔЗНАЙАУ ХЪАХЪХЪӔН

Йегъовӕ Йесо Навинӕн ӕмӕ Халевӕн раарфӕ кодта, кӕй йыл ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй (кӕс 22 абзац)

22, 23. Нӕ зындзинӕдты тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

22 Кӕд дыл исты бӕллӕх ӕрцыд кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕд дӕ зӕрдыл дар Йесо Навин ӕмӕ Халевы цӕвиттон. Иннӕ дӕс сгарӕгӕй уӕлдай, уыцы дыууӕ иузӕрдион адӕймаджы Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй хорз йеддӕмӕ ницы дзырдтой (Ным. 14:6–9). Уыдон Йегъовӕйыл ӕууӕндыдысты. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр иннӕ израилӕгтимӕ бахъуыди 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры рахау-бахау кӕнын. Цымӕ уый тыххӕй Йесо Навин ӕмӕ Халев смӕсты сты ӕмӕ хъаст кӕнын райдыдтой, уый раст нӕу, зӕгъгӕ? Нӕ, уыдон сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтой. Ӕмӕ сын цымӕ Йегъовӕ раарфӕ кодта? Куыннӕ ма! Кӕд, хъуыр-хъуыр чи кодта, уыцы фӕлтӕр ӕдзӕрӕг быдыры сӕ мӕлӕт ссардтой, уӕд уыдон та ӕппынфӕстаг Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдысты (Ным. 14:30). Махӕн дӕр Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн, кӕд ын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ «нӕ бафӕллайӕм», уӕд (Гал. 6:9; Дзут. 6:10).

23 Царды зындзинӕдты тыххӕй кӕнӕ искӕй йе та дӕхи ӕнӕххӕстдзинады тыххӕй дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Фылдӕр хъуыды кӕн Йегъовӕйы диссаджы миниуджытыл. Хуыцау дын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Ахъуыды-иу кӕн: «Йегъовӕйы куы нӕ зонин, уӕд абон кӕм уаин?» Алкӕддӕр йемӕ ӕнгом у ӕмӕ макуы бауадз, цӕмӕй йӕм мӕсты кӕнын райдайай!