Зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнут, цӕмӕй ӕнгом бинонтӕ уат
«Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас» (ӔМБ. 25:11).
1. Бирӕ бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕны, зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕныхас кӕнынц, уый?
«МӔ БИНОЙНАГӔЙ ӕхсызгондӕр мын никӕимӕ вӕййы мӕ рӕстӕг ӕрвитын,– загъта Канадӕйӕ иу ӕфсымӕр.– Йемӕ мын цыфӕнды гыццыл циндзинад дӕр фӕфылдӕр вӕййы, цыфӕнды стыр маст та фӕкъаддӕр вӕййы». Австралийӕ та иу ӕфсымӕр загъта: «Мӕ цардӕмбалимӕ иумӕ стӕм 11 азы, ӕмӕ иу бон дӕр афтӕ нӕ ацыд, цӕмӕй мӕ бинойнагимӕ ма аныхӕстӕ кодтаиккам. Кӕрӕдзийыл иу мисхал дӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ йӕ зонӕм, нӕ бинонты цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг кӕй нӕу. Афтӕ сӕйраджыдӕр уымӕн у, ӕмӕ зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ арӕх фӕныхас кӕнӕм». Коста-Рикӕйӕ иу хо афтӕ зӕгъы: «Мӕ цардӕмбалимӕ нӕ рӕстӕг иумӕ кӕй ӕрвитӕм ӕмӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын бинонтӕ. Стӕй уый фӕрцы Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзимӕ дӕр ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнӕм, нӕхи фӕлварӕнтӕй хъахъхъӕнӕм ӕмӕ бонӕй-бон кӕрӕдзи фылдӕр уарзӕм».
2. Бинонтӕн зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын хатт зын цӕмӕн вӕййы?
2 Дӕ цардӕмбалимӕ иумӕ адджын ныхас фӕкӕнут? Ӕви уын зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын зын у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм, стӕй нӕ алкӕмӕн дӕр алыхуызон удыхъӕд ис (Ром. 3:23). Чи зоны, дӕ цардӕмбалимӕ алыхуызон уавӕрты схъомыл стут ӕмӕ ныхас кӕнын дӕр иухуызон ахуыр не стут. Бинонты цард иртасджытӕ Джон Готтман ӕмӕ Нан Сильвер дзӕгъӕлы нӕ загътой, зӕгъгӕ, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонты иумӕ уой, уый тыххӕй сӕ дыууӕ дӕр «хъуамӕ уой ныфсджын, фӕндфидар ӕмӕ ӕнцондзырд».
3. Цы ӕххуыс кӕны бирӕ бинонтӕн, цӕмӕй ӕнгом уой?
3 Цӕмӕй бинонтӕ ӕнгом уой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Дыууӕ уды кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд уыдзысты тынг амондджын (Еккл. 9:9). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы (Райд. 24:67). Иумӕ цасдӕр куы фӕцардысты, уӕд дӕр сӕ уарзондзинад не ’рмынӕг. Ӕмӕ уый абон дӕр бирӕ бинонтӕй ис зӕгъӕн. Цы сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнгом бинонтӕ уой? Сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ се ’нкъарӕнты тыххӕй кӕрӕдзийӕн ӕргом, фӕлӕ фӕлмӕнӕй дзурын сахуыр сты. Уыдон архайынц, цӕмӕй кӕрӕдзи ӕмбарой, сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисой, кӕрӕдзийӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кӕной ӕмӕ уой сӕрныллӕг. Ӕмӕ, ныртӕккӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй, бинонтӕм ацы миниуджытӕ куы уой, уӕд сын зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын алкӕддӕр ӕнцон уыдзӕн.
КӔРӔДЗИ ӔМБАРУТ
4, 5. Лӕг ӕмӕ ус ӕмбаргӕ куы уой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарынӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
4 «Хъуыддаг хорз чи ӕмбары, уый ссардзӕн хорздзинад»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 16:20. Ӕмӕ бинонты ’хсӕн дӕр хабар афтӕ у. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 24:3.) Бинонты амондджын цардӕн цы ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд хъӕуы, уый ссарӕн ис Хуыцауы Ныхасы. Райдианы 2:18 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуыцау сылгоймаджы скодта, нӕлгоймагимӕ «чи сфидыдтаид, ахӕм ӕххуысгӕнӕгӕй». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг ӕмхуызон не сты. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, сылгоймӕгтӕ цӕуыл ӕмӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дыууӕ ӕмхуызон адӕймаджы нӕй, фӕлӕ уӕддӕр сылгоймӕгтӕн сӕ ныхас фылдӕр хатт вӕййы сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтыл, стӕй адӕмыл ӕмӕ сӕ чи кӕмӕн куыд у, ууыл. Сылгоймагимӕ фӕлмӕн, зӕрдӕргом ныхас куы фӕкӕнынц, уӕд ын уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йӕ уарзынц. Нӕлгоймӕгтӕй та бирӕтӕ се ’нкъарӕнтыл нӕ фӕдзурынц. Фылдӕр уарзынц алыхуызон хъуыддӕгтыл ӕмӕ хабӕрттыл ныхас кӕнын, стӕй, цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, ууыл. Стӕй ма нӕлгоймӕгтӕн ахсджиаг у, цӕмӕй сын аргъ кӕной.
5 Великобританийы чи цӕры, иу ахӕм хо загъта: «Мӕ сӕрыхицауӕн мӕ зындзинӕдты тыххӕй куы фӕдзурын, уӕд ӕй тынгдӕр фӕфӕнды уыцы зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕнын, мӕнмӕ байхъусын нӕ, фӕлӕ. Уый тыххӕй мӕ ныфс асӕтты. Мӕн фӕхъӕуы, цӕмӕй-иу мӕм байхъуса ӕмӕ-иу мӕ бамбара, ӕндӕр ницы». Иу ӕфсымӕр та ныффыста: «Мӕ бинойнагимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд-иу фыццаг рӕстӕг афтӕ уыд, ӕмӕ мын-иу йӕ сагъӕстӕ куы радзырдта, уӕд-иу уайтагъд хъуыддаг лыг кӕнынмӕ фӕдӕн. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ бамбӕрстон, мӕ бинойнаджы уымӕй тынгдӕр кӕй хъӕуы, цӕмӕй-иу ӕм байхъусон» (Ӕмб. 18:13; Иак. 1:19). Ӕмбаргӕ нӕлгоймаг фӕуыны, йӕ цардӕмбал цӕуыл тыхсы, уый ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ бинойнаг уына, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ, цы хъуыды кӕны ӕмӕ цӕуыл тыхсы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы (1 Пет. 3:7). Сылгоймаг дӕр ӕмбаргӕ куы уа, уӕд архайдзӕн йӕ сӕрыхицауы хъуыды бамбарыныл. Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр, Библимӕ гӕсгӕ сыл цы хӕстӕ ис, уыдон куы ӕмбарой, куы сын аргъ кӕной ӕмӕ сӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ бинонты цард уыдзӕн рӕсугъд ӕмӕ тӕхудиаг. Сӕ бон уыдзӕн иумӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ афтӕмӕй «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрдзысты.
6, 7. а) Екклесиасты 3:7 цы хъуыды ис, уый бинонтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ уой? ӕ) Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицауимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ бон куыд у ӕмбаргӕдзинад равдисын? Нӕлгоймаг та цӕуыл хъуамӕ архайа?
6 Ӕмбаргӕ бинонтӕ ма уый дӕр зонынц, ӕмӕ «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:1, 7). Йӕ цардӕмбалимӕ дӕс азы чи цӕры, иу ахӕм хо загъта: «Ныр ӕй ӕмбарын, хатт цавӕрдӕр хъуыддагыл аныхас кӕнын фӕстӕдӕр кӕй фӕхъӕуы. Мӕ сӕрыхицау куысты тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр хабӕртты тыххӕй фӕллад куы вӕййы, уӕд уал ӕй гыццыл бауадзын. Ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ ныхас лӕгъздӕр рауайы». Арфуынӕг сылгоймаг йӕ цардӕмбалимӕ фӕныхас кӕны фӕлмӕнӕй, стӕй ӕмбары, алцыдӕр «йӕ афоныл» дзурын кӕй хъӕуы, уый. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы йӕ сӕрыхицау ӕхсызгондӕрӕй байхъусы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 25:11.)
7 Куыд федтам, афтӕмӕй ӕфсымӕр хъуамӕ йӕ бинойнагмӕ лӕмбынӕг хъуса. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ архайа, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзура. Иу хистӕр нӕлгоймаг, йӕ бинойнагимӕ 27 азы чи цӕры, уый, афтӕ загъта: «Ныр дӕр мӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй мӕ цардӕмбалӕн мӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ дзурон». Йӕ бинойнагимӕ 24 азы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр та афтӕ зӕгъы: «Исты мӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуы, уӕд мӕ зӕгъинаг мӕхи мидӕг фӕдарын, ницы фӕдзурын. Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ, хъуыддагыл куы нӕ дзурон, уӕд ферох уыдзӕн. Фӕлӕ ӕз бамбӕрстон, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом куы дзурон,
уӕд уый мӕ лӕмӕгъдзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Мӕ хъуыдытӕ зӕгъын мын зын куы вӕййы, уӕд Хуыцаумӕ скувын, цӕмӕй хъӕугӕ ныхӕстӕ ссарон ӕмӕ, хуыздӕр куыд уа, афтӕ сӕ зӕгъон. Стӕй арф сулӕфын ӕмӕ дзурын райдайын». Аныхас кӕнынӕн ма фӕхъӕуы хорз уавӕр равзарын дӕр, зӕгъӕм, бинонтӕ ӕрмӕст сӕхӕдӕг куы уой ӕмӕ боны стих куы ’взарой йе та Библи куы кӕсой, уӕд.8. Лӕг ӕмӕ усы цы разӕнгард кӕндзӕн ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнын сахуыр уой?
8 Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнын сахуыр уой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курой, стӕй хъуамӕ сӕхи дӕр тынг фӕнда уыцы хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн йӕ удыхъӕды арф цы ныффидар, уый фӕивын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы куы уарзой, йӕ сыгъдӕг тых дзы куы курой ӕмӕ бинонты цард табуйагыл куы нымайой, уӕд ууыл ӕппӕт тыхтӕй архайдзысты. Иу хо, йӕ цардӕмбалимӕ 26 азы чи цӕры, уый, ныффыста: «Мӕ сӕрыхицауимӕ хорз зонӕм, Йегъовӕ бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый, ӕмӕ хицӕн кӕныныл хъуыды дӕр никуы акӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ, исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд ӕппӕт тыхтӕй фӕархайӕм, цӕмӕй йыл иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм». Йӕ цардӕмбалыл ӕмӕ Хуыцауыл афтӕ иузӕрдион чи у, уыдон Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнынц ӕмӕ хайджын сты йӕ арфӕдзинӕдтӕй (Пс. 127:1).
УӔ УАРЗОНДЗИНАД ТЫХДЖЫНДӔР КӔНӔД
9, 10. Бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй кӕрӕдзи тынгдӕр уарзой?
9 Бинонты царды ӕппӕты ахсджиагдӕр у уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ «уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:14). Ӕцӕг уарзондзинад, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ тыхджындӕр кӕны. Сӕ цин дӕр ӕмӕ сӕ маст дӕр иу кӕмӕн сты, уыцы бинонтӕ кӕрӕдзийӕн ноджы ӕввахсдӕр ӕмӕ адджындӕр ӕмбӕлттӕ свӕййынц. Ахӕм бинонты иудзинад цалдӕр стыр хъуыддаджы фӕрцы не сфидар вӕййы, киноты йӕ куыд февдисынц, афтӕ, фӕлӕ бирӕ гыццыл хъуыддӕгты фӕрцы. Цы сты уыцы хъуыддӕгтӕ? Зӕгъӕм, дӕ цардӕмбалӕн ахъӕбыс кӕнай, фӕлмӕн ныхас ын зӕгъай, мидбылты йӕм бахудай, гыццыл истӕмӕй дӕр ӕй барӕвдауай йе та йӕ ӕнӕуи афӕрсай, дӕ бон куыд ацыд, зӕгъгӕ. Ацы гыццыл хъуыддӕгтӕ бинонты кӕрӕдзийыл тынг бӕттынц. Иумӕ 19 азы чи сты, иу ахӕм бинонтӕ алы бон дӕр кӕрӕдзимӕ телефонӕй фӕдзурынц кӕнӕ СМС-тӕ фӕфыссынц, цӕмӕй зоной, куыд сты ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ куыд цӕуынц, уый.
10 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд сӕ фӕнддзӕн сӕ кӕрӕдзийы ноджы хуыздӕр базонын (Фил. 2:4). Ӕмӕ кӕрӕдзи цас хуыздӕр зоной, уыййас сӕ уарзт дӕр тыхджындӕр кӕндзӕн, кӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр. Бинонтӕ бонӕй-бонмӕ ӕнгомдӕр куы кӕной, уӕд уыдзысты амондджын. Уӕдӕ дын кӕд цардӕмбал ис, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕмбалы ӕцӕгдӕр хорз зонын? Йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ йын ӕмбарын? Алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый зонын? Мӕ зӕрдӕмӕ фыццаг цы миниуджыты тыххӕй фӕцыд, уыдоныл арӕх фӕхъуыды кӕнын?»
КӔРӔДЗИЙӔН АРГЪ КӔНУТ
11. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕной? Ӕрхӕсс цӕвиттон Библийӕ.
11 Тынг амондджын чи сты ӕмӕ кӕрӕдзи тынг чи уарзы, уыцы бинонтӕ дӕр сты ӕнӕххӕст, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ ныхас алы хатт кӕрӕдзийыл нӕ фӕбады. Авраам ӕмӕ-иу Саррӕ дӕр хатт кӕрӕдзиимӕ разы нӕ уыдысты (Райд. 21:9–11). Фӕлӕ-иу уый тыххӕй кӕрӕдзимӕ хӕрам зӕрдӕ дарын нӕ райдыдтой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сӕ иу иннӕмӕн аргъ кодта. Зӕгъӕм, Авраам-иу Саррӕйӕн истӕй тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу ын загъта, зӕгъгӕ дӕ курӕг дӕн (Райд. 12:11, 13). Саррӕ та Авраамы коммӕ каст ӕмӕ-иу ӕй йӕхинымӕр дӕр хуыдта, «мӕ сӕрыхицау», зӕгъгӕ (Райд. 18:12). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куы нӕ фӕаргъ кӕнынц, уӕд уый арӕх бӕрӕг вӕййы, кӕрӕдзиимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕй (Ӕмб. 12:18). Ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыцы бинонтӕн та сӕ цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг у. (Бакӕс Иаковы 3:7–10, 17, 18.)
12. Сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодтой, уыдоны уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы архайын, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ уӕзданӕй дзурой?
12 Сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодтой, уыдоны уӕлдай тынгдӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй дзурой. Афтӕмӕй сын ӕргом ныхас кӕнын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Иу бинонджын ӕфсымӕр загъта: «Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд-иу фыццаг аз хатгай нӕ ныфс дӕр асаст. Дӕ цардӕмбал цӕуыл тыхсы, цӕуыл ахуыр у ӕмӕ йӕ цы хъӕуы, уый куы не ’мбарай,– ӕмӕ дӕ уый дӕр куы не ’мбара,– уӕд дӕ ныфс куыннӕ асӕтдзӕн! Фӕлӕ ӕмбаргӕйӕ куы архайай, стӕй ахудын дӕр куы зонай, уӕд уавӕр бирӕ хуыздӕр фӕуыдзӕн. Стӕй ма ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон уай ӕмӕ дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай». Куыд раст сты, ӕвӕдза, ацы ныхӕстӕ!
СӔРНЫЛЛӔГ УТ
13. Цӕмӕй бинонтӕ ӕнгом ӕмӕ фӕрнджын уой, уый тыххӕй сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уой?
13 Зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас абарӕн ис, дыргъдоны астӕуты йӕ фӕлмӕн уылӕнтӕй хъазгӕ чи кӕлы, ахӕм суадонимӕ. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы суадон ӕдзухдӕр кӕла, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр «уой сӕрныллӕг» (1 Пет. 3:8). Йӕ бинойнагимӕ 11 азы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Кӕрӕдзи бамбарынмӕ ӕппӕты цыбырдӕр фӕндаг у сӕрныллӕгдзинад, уымӕн ӕмӕ уыцы миниуӕг адӕймаджы баразӕнгард кӕны хатыр ракурынмӕ». Иу хистӕр нӕлгоймаг, йӕ цардӕмбалимӕ 20 азы амондджынӕй чи цӕры, уый, афтӕ загъта: «Хатт „бирӕ дӕ уарзын“ зӕгъынӕй ахсджиагдӕр вӕййы „бахатыр кӕн“ зӕгъын». Стӕй ма загъта: «Адӕймагӕн сӕрныллӕгӕй архайын ӕнцондӕр уыдзӕн, Хуыцаумӕ куы скува, уӕд. Мӕ бинойнагимӕ иумӕ Йегъовӕмӕ кӕй скувӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ нӕм Хуыцау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Ӕмӕ мын уӕд ӕнцондӕр вӕййы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй ракӕсын».
14. Адӕймаг сӕрбӕрзонд куы уа, уӕд уый йӕ бинонты цардыл куыд фӕзындзӕн?
14 Сӕрбӕрзонддзинад та зӕрдӕргом ныхасӕн у къуылымпыйы хос – уыцы миниуӕджы тыххӕй адӕймаджы хатыр ракурын нӕ фӕфӕнды, стӕй уымӕ йӕ ныфс дӕр нӕ фӕхӕссы. Сӕрбӕрзонд адӕймаг, ныббар мын, зӕгъгӕ, нӕ фӕзӕгъы, фӕлӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕвӕййы. Уыцы ныфс ӕм нӕ разыны, цӕмӕй йӕ рӕдыдыл басӕтта, фӕлӕ иннӕйы лӕмӕгъдзинӕдтӕм ныккомкоммӕ вӕййы. Адӕймагимӕ бафидауыныл нӕ фӕархайы, фӕлӕ фӕтӕргай вӕййы ӕмӕ йемӕ карзӕй дзурын райдайы йе та йӕм бынтондӕр нал фӕдзуры (Еккл. 7:9). Ӕцӕгдӕр, сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй бинонты царды мӕсыг хӕлгӕ кӕны. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм уый, ӕмӕ «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (Иак. 4:6).
15. Бамбарын кӕн, бинонты ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд сын Ефесӕгтӕм 4:26, 27 фыст уынаффӕ куыд баххуыс кӕндзӕн, уый.
15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ бинонты ’хсӕн сӕрбӕрзонддзинад йӕ сӕр никуы сдардзӕн, уӕд нӕхӕдӕг нӕхи сайӕм. Уӕдӕ бинонты ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд хъуамӕ уыцы миниуӕгӕн уый бар ма раттой, ӕмӕ сӕ уайтагъд бафидауын бахъыгдара. Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут» (Еф. 4:26, 27). Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы нӕ архайӕм, уӕд нӕхӕдӕг нӕхи масты хай кӕндзыстӕм. Иу хо мӕнӕ цы загъта: «Хъыгагӕн-иу афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу мӕ сӕрыхицауимӕ Ефесӕгтӕм 4:26, 27 фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ бацархайдтам. Уый тыххӕй-иу ӕхсӕвы мӕ хуыссӕг бынтондӕр фӕлыгъд!» Цас хуыздӕр вӕййы, бинонтӕ хъуыддагыл уайтагъд куы аныхас кӕнынц ӕмӕ куы бафидауынц, уӕд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт сӕ иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕсын дӕр хъӕудзӕн, цӕмӕй сӕ маст ссӕуа. Хорз уаид, Йегъовӕмӕ дӕр-иу куы скувиккой, цӕмӕй сын сӕрныллӕгӕй архайынӕн баххуыс кӕна. Уый фӕрцы сӕ алчи йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзӕн, фӕлӕ, хъуыддаг куыд банывыл кӕной, ууыл. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12, 13.)
16. Адӕймагӕн сӕрныллӕгдзинад куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕхи ӕмӕ йӕ цардӕмбалы курдиӕттӕм раст цӕстӕй кӕса?
16 Адӕймаг сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уа, уӕд йӕ цардӕмбалы хорз миниуджытӕн аргъ кӕндзӕн. Чи зоны, усмӕ цавӕрдӕр курдиӕттӕ ис ӕмӕ бинонтӕн уый у стыр ӕххуыс. Ӕмӕ йӕ сӕрыхицау сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уа, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзӕн, мӕ бинойнаг мӕнӕй хуыздӕр цӕмӕн хъуамӕ уа, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын йӕ къух араздзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзӕн, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны (Ӕмб. 31:10, 28; Еф. 5:28, 29). Сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ сылгоймаг та йӕ курдиӕтты тыххӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзӕн ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы кад дӕлӕмӕ нӕ кӕндзӕн. Лӕг ӕмӕ ус «иу буар» сты, ӕмӕ сӕ иу сӕрбӕрзонд куы уа, уӕд уый сӕ дыууӕйӕн дӕр уыдзӕн масты хос (Матф. 19:4, 5).
17. Бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ Хуыцауӕн кад хӕссой?
17 Ӕвӕццӕгӕн, сымах дӕр фӕнды, цӕмӕй уӕ бинонты цард уа Авраам ӕмӕ Саррӕйы, стӕй Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы царды хуызӕн – цӕмӕй цӕрӕнбонты уат ӕнгом ӕмӕ амондджын бинонтӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад хӕссат. Уӕдӕ бинонты цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсут. Йӕ Ныхасы йын агурут ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд. Уӕ кӕрӕдзийы хорз миниуджытыл хъуыды кӕнут, цӕмӕй уӕ уарзты цӕхӕр тынгӕй-тынгдӕр судза (Сол. з. 8:6). Ӕппӕт тыхтӕй архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат. Кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут. Ацы хъуыддӕгты фӕрцы уын уӕ бинонты цард хӕсдзӕн циндзинад, стӕй уӕ уӕларвон Фыдӕн дӕр сымахмӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн (Ӕмб. 27:11). Ӕмӕ уӕд сымах дӕр сразы уыдзыстут иу ӕфсымӕры ныхӕстимӕ. Уыцы ӕфсымӕр йӕ бинойнагимӕ цӕры 27 азы, ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: «Мӕ бинойнаг мын афтӕ зынаргъ у, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй куыд цӕрин, мӕгъа. Бонӕй-бонмӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ фӕныхас кӕнӕм».