Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо равдыста, куыд сӕрныллӕг хъуамӕ уӕм, уый

Йесо равдыста, куыд сӕрныллӕг хъуамӕ уӕм, уый

«Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (ИОАН. 13:15).

1, 2. Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд йӕ апостолтӕн цы бамбарын кодта?

УЫЙ уыди Йесойӕн йӕ фӕстаг ӕхсӕв зӕххыл. Уыцы ӕхсӕв уыди йӕ апостолтимӕ Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты. Ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо сыстад, йе ’ддаг дарӕс раласта, райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ йӕ астӕуыл ӕрбабаста. Стӕй тасы дон ныккодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын райдыдта ӕмӕ сын сӕ хисӕрфӕнӕй сӕрфта. Уый фӕстӕ йе ’ддаг дарӕс фӕстӕмӕ скодта. Цымӕ сын Йесо афтӕ сӕрныллӕгӕй цӕмӕн балӕггад кодта? (Иоан. 13:3–5).

2 Йесо йӕхӕдӕг уый афтӕ бамбарын кодта: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? [...] Кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат. Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (Иоан. 13:12–15). Йесо сӕрныллӕгӕй ахӕм хъуыддаг кӕй бакодта, уый йӕ апостолтӕй никуы ферох ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг уыдаиккой.

3. а) Йесо дыууӕ хатты куыд бамбарын кодта, сӕрныллӕгдзинад куыд ахсджиаг у, уый? ӕ) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Йесо йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй фыццаг хатт нӕ равдыста, сӕрныллӕгдзинад куыд ахсджиаг у, уый. Уымӕй размӕ йӕ апостолтӕй чидӕртӕ кӕрӕдзиимӕ куы быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл, уӕд Йесо йӕ цуры гыццыл сывӕллоны ӕрлӕууын кодта ӕмӕ сын загъта: «Ацы гыццыл сывӕллоны мӕ номы тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый суазӕг кӕндзӕн мӕн дӕр. Ӕмӕ мӕн чи суазӕг кӕна, уый та суазӕг кӕндзӕн, мӕн чи рарвыста, уый дӕр. Уӕдӕ сымахӕй йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у» (Лук. 9:46–48). Фӕстӕдӕр та кадмондаг фарисейтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ Йесо афтӕ загъта: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Лук. 14:11). Бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕрбӕрзонд ма уой, фӕлӕ уой сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ ма кӕсой. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо алыхуызон уавӕрты сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, уымӕ, цӕмӕй йӕ нӕ бон уа бафӕзмын. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, ацы миниуӕг адӕймагӕн ӕрмӕст йӕхицӕн кӕй нӕ хӕссы пайда, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр.

«МӔХИ ЦЫ ФӔНДЫД, УЫЙ НӔ КОДТОН»

4. Хуыцауы иунӕггуырд Фырт уӕлӕрвты сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста?

4 Хуыцауы иунӕггуырд Фырт сӕрныллӕгдзинад равдыста, зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уӕд дӕр. Уӕлӕрвты Йесо йӕ Фыдимӕ арвыста мин-мин азтӕ. Фырт йӕ Фыдимӕ куыд ӕнгом уыд, уый тыххӕй дзырд цӕуы Исайы чиныджы. Фыст дзы ис афтӕ: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ мын радта ахуыргӕнинӕгты ӕвзаг, цӕмӕй зонон, фӕллад адӕймаджы ныхасӕй куыд барӕвдауон, уый. Уый мӕ алы райсом дӕр райхъал кӕны, мӕ хъустӕ мын байгом кӕны, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтау хъусон. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ мын мӕ хъус байгом кодта, ӕмӕ ӕгоммӕгӕс нӕ уыдтӕн. Мӕхи цы фӕндыд, уый нӕ кодтон» (Ис. 50:4, 5). Хуыцауы Фырт уыди сӕрныллӕг ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыста, Йегъовӕ йын цы амыдта, уымӕ. Уый тынг фӕндыд, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауӕй сахуыр уыдаид. Уӕдӕ, Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ уыд ӕмӕ уымӕй сӕрныллӕгдзинад куыд ӕвдыста, уый дӕр куыннӕ уыдтаид.

5. Йесо Хӕйрӕгимӕ куы ныхас кодта, уӕд сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинад куыд равдыста?

5 Фӕлӕ зӕдтӕ се ’ппӕт нӕ уыдысты Хуыцауы иунӕггуырд Фыртау сӕрныллӕг. Сайтан Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕды нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕ сахуыр уыдаид. Уымӕ фӕзынд, сӕрныллӕгдзинадимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, ахӕм миниуджытӕ – уый сси сӕрбӕрзонд ӕмӕ йӕхимӕ иннӕтӕй хуыздӕр кӕсын райдыдта. Афтӕмӕй рацыд Йегъовӕйы ныхмӕ. Йесо та бынтон ӕндӕр зондыл хӕст уыд. Хуыцау ын уӕлӕрвты цас бартӕ радта, уымӕй йӕ фылдӕр нӕ хъуыди, стӕй йӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, цӕмӕй йӕ бартӕй йӕхи пайдайӕн архайдтаид. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, иухатт хистӕр зӕд Михаилӕн, ома Йесойӕн, Хӕйрӕгимӕ Моисейы марды тыххӕй ныхас кӕй рауад. Фӕлӕ Йесо, бар ын цӕмӕн нӕ уыд, уый нӕ бакодта. Хуыцауы Фырт равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинад. Уымӕн ӕхсызгон уыд Дун-дунейы Сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын – зыдта йӕ, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй бакӕндзӕн, растдӕр куыд у, афтӕ ӕмӕ растдӕр кӕд уыдзӕн, уӕд. (Бакӕс Иудӕйы 9.)

6. Йесо разы кӕй уыд, цӕмӕй Мессийӕ суыдаид, уымӕй сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста?

6 Йесо уӕлӕрвты цӕргӕйӕ цы базыдта, уымӕ ӕнӕмӕнгдӕр хаудтой Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, зӕххыл бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзардзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр разы уыд, цӕмӕй зӕхмӕ ӕрцыдаид, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ суыдаид ӕмӕ адӕмы тыххӕй амардаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыд сӕрныллӕг. Ӕмӕ уый тыххӕй апостол Павел дӕр ныффыста: «Кӕд Хуыцауы хуызӕн уыди, уӕддӕр ӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта ӕмӕ сси цагъары хуызӕн, сси адӕймаг» (Фил. 2:6, 7).

«АДӔЙМАГ КУЫ УЫДИ, УӔД ЙӔХИ ӔРНЫЛЛӔГ КОДТА»

Йесо куыд сӕрныллӕг уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7, 8. Йесо гыццылӕй дӕр ӕмӕ стырӕй дӕр сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста?

7 Павел Йесойы тыххӕй ныффыста: «Адӕймаг куы уыди, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ сси коммӕгӕс, коммӕгӕс мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл» (Фил. 2:8). Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йесо куыд сӕрныллӕг уыд, уымӕй нын у фӕзминаг. Кӕд йӕ ныййарджытӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ӕнӕххӕст адӕм уыдысты, уӕддӕр сын Йесо «уыд коммӕгӕс» (Лук. 2:51). Уымӕй фӕзминаг у сывӕллӕттӕн. Сӕ ныййарджыты коммӕ куы кӕсой, уӕд сын Хуыцау ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.

8 Стырӕй та Йесо сӕрныллӕгдзинад ӕвдыста, сӕйраг ын йӕхи фӕндон нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыд, уымӕй (Иоан. 4:34). Йесо Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд Хуыцауы хуыдта йӕ номӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй базыдтаиккой Йегъовӕйы миниуджытӕ ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг цӕргӕ дӕр кодта. Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы амыдта, кувын куыд хъӕуы, уый, уӕд фыццаджыдӕр афтӕ загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Афтӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн равдыста, ӕппӕты сӕйраг сын кӕй хъуамӕ уа Йегъовӕйы ном рухс кӕнын. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кодта. Йӕ зӕххон царды кӕрон Йесойӕн йӕ бон уыд Йегъовӕйӕн зӕгъын: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн» (Иоан. 17:26). Уымӕй уӕлдай ма Йесо алкӕддӕр дзырдта, зӕххыл цы аразы, уый Йегъовӕйы фӕрцы кӕй у (Иоан. 5:19).

9. Пехуымпар Захари Мессийӕйы тыххӕй цы ныффыста ӕмӕ Йесо уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст кодта?

9 Пехуымпар Захари Мессийӕйы тыххӕй ныффыста: «Цин кӕн, Сионы чызг! Фырцинӕй хъӕр кӕн, Иерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм дӕ паддзах фӕцӕуы! Уый у рӕстгӕнӕг ӕмӕ уӕлахиздзау. Уый у сӕрныллӕг ӕмӕ ӕрбацӕуы хӕрӕгыл, сыл хӕрӕджы къӕлӕуыл» (Зах. 9:9). Ацы пехуымпарад сӕххӕст, Йесо н. э. 33 азы Куадзӕны размӕ Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд. Адӕм се ’ддаг дарӕс фӕндагыл тыдтой ӕмӕ бӕлӕсты къалиутӕ фӕндагмӕ ӕппӕрстой. Горӕт ӕгасӕй дӕр ӕмызмӕлд сси. Йесойы иууылдӕр Паддзахыл куы банымадтой, уӕд дӕр йӕхицӕй нӕ ныббуц (Матф. 21:4–11).

10. Йесо суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй цы сбӕлвырд?

10 Йесо Чырысти сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс уыд суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр, мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл. Уый уыд ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн, адӕмӕн цыфӕнды зын уавӕрты дӕр сӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Йесо ма равдыста, Хӕйрӕг гӕдыныхӕстӕ кӕй кодта, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц цыдӕр ӕнхъӕлӕй (Иов 1:9–11; 2:4). Чырысти алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕй каст, уымӕй ма сбӕлвырд, Йегъовӕйӕн бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа, ӕмӕ йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, уый. Йегъовӕ куыннӕ цин кодтаид, йӕ сӕрныллӕг Фырт цыфӕнды уавӕрты дӕр иузӕрдион кӕй уыд, уый уынгӕйӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

11. Йесо Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн цавӕр фадӕттӕ фӕзынд?

11 Йесойы мӕлӕты фӕрцы ма адӕмӕн фӕзынд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны фадат дӕр (Матф. 20:28). Йӕ нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын йӕ раст закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ нын ӕнусон цард балӕвар кӕна. «Иу раст хъуыддаджы фӕрцы... алыхуызон адӕм нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой»,– ныффыста Павел (Ром. 5:18). Йесойы мӕлӕт сӕрст чырыстӕттӕн байгом кодта фӕндаг ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цардмӕ, «ӕндӕр фыстӕн» та – зӕххыл ӕнусон цардмӕ (Иоан. 10:16; Ром. 8:16, 17).

«ӔЗ ДӔН... СӔРНЫЛЛӔГ»

12. Йесо йӕхи ӕнӕххӕст адӕмимӕ куыд дардта, уымӕй куыд равдыста, фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд?

12 «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы», уыдонӕн Йесо загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут... Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут» (Матф. 11:28, 29). Йесо сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕн кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕххӕст адӕмимӕ уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ никӕй хъулон кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, сӕ бон цы нӕ уыд, уый нӕ домдта. Йесо сӕ ӕппӕлыд ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта. Йӕхи семӕ афтӕ никуы дардта, цӕмӕй-иу сӕхимӕ ницӕйаг ӕркастаиккой. Йесо тызмӕг ӕмӕ карз адӕймаг нӕ уыд. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ныфс бавӕрдта, куы йӕм баввахс уой ӕмӕ йын йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд удӕнцой кӕй ссардзысты, уымӕн ӕмӕ йе ’фсондз уыд ӕнцонхӕссӕн, йӕ уаргъ та – рог. Нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр, гыццылтӕн дӕр ӕмӕ стыртӕн дӕр Йесоимӕ уыд ӕнцон (Матф. 11:30).

Йесо куыд фӕлмӕнзӕрдӕ уыди, уымӕй нын у фӕзминаг

13. Уӕззау цард чи кодта, уыцы адӕммӕ Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ куыд уыд?

13 Йесо Израилы хуымӕтӕг адӕммӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, сӕ цард ӕнцон кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ сын зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта. Иухатт Иерихонӕй куы рацӕйцыд, уӕд фембӕлд дыууӕ куырм мӕгуыргурыл, иу дзы хуынди Вартимей. Уыдон Йесойы нал уагътой, баххуыс нын кӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ сыл адӕм схъӕртӕ кодтой, зӕгъгӕ, басабыр ут. Йесойӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ сӕ рӕзты ацыдаид, цыма сӕ хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодта, афтӕ. Фӕлӕ сын Йесо фӕтӕригъӕд кодта, фӕдзырдта сӕм ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта. Йесо фӕзмыдта йӕ Фыд Йегъовӕйы, сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕй (Матф. 20:29–34; Мар. 10:46–52).

«ЙӔХИ ЧИ НЫЛЛӔГ КӔНЫ, УЫЙ... СБӔРЗОНД УЫДЗӔН»

14. Йесойы сӕрныллӕгдзинад цавӕр пайда ӕрхаста?

14 Йесо Чырысти куыд сӕрныллӕг уыд, уый бирӕтӕн ӕрхаста циндзинад ӕмӕ стыр пайда. Йегъовӕ цин кодта, йӕ уарзон Фырт сӕрныллӕгӕй йӕ коммӕ кӕй каст, ууыл. Апостолтӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн удӕнцой хаста, фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уый. Фӕзминаг сын кӕй уыд, кӕй сӕ ахуыр кодта ӕмӕ сӕ кӕй ӕппӕлыд, уый фӕрцы сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауӕн хуыздӕр лӕггадгӕнджытӕ суыдаиккой. Хуымӕтӕг адӕмӕн Йесойы сӕрныллӕгдзинад пайда хаста, кӕй сӕ ахуыр кодта, сӕ ныфсыл сын ныфс кӕй ӕфтыдта ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Йесойы нывонды фӕрцы, чи йыл ӕууӕнды, уыдон иууылдӕр ӕнустӕм уыдзысты арфӕдзинӕдтӕй хайджын.

15. Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый йӕхицӕн цы пайда ӕрхаста?

15 Цы зӕгъӕн ис Йесойӕн йӕхи тыххӕй та? Йӕ сӕрныллӕгдзинад йӕхицӕн исты пайда ӕрхаста? Куыннӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый... сбӕрзонд уыдзӕн» (Матф. 23:12). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ йӕхиуыл дӕр сӕххӕст сты. Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Хуыцау [Йесойы] ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном, цӕмӕй Йесойы номы раз алчидӕр йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа – уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон,– ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн». Йесо зӕххыл афтӕ сӕрныллӕг ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй Йегъовӕ Хуыцау йӕ Фырты сбӕрзонд кодта – уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чидӕриддӕр ис, уыдоны йын йӕ дӕлбар бакодта (Фил. 2:9–11).

ЙЕСО ТОХ КӔНДЗӔН ӔЦӔГДЗИНАД ӔМӔ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАДЫ НОМЫЛ

16. Хуыцауы Фырт фидӕны цы араздзӕн, уымӕй дӕр куыд уыдзӕн бӕрӕг, сӕрныллӕг кӕй у?

16 Хуыцауы Фырт фидӕны цы араздзӕн, уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, сӕрныллӕг кӕй у. Уӕларвон Паддзах Йесо Чырысти Хуыцауы знӕгты ныхмӕ куыд рацӕудзӕн, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта ахӕм пехуымпар-ныхас: «Дӕ намысимӕ тындз уӕлахизмӕ. Ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл дӕ бӕхыл бадгӕйӕ размӕ бырс» (Пс. 45:4). Армагеддоны Йесо Чырысти тох кӕндзӕн, ӕцӕгдзинад чи уарзы, уыцы сӕрныллӕг ӕмӕ рӕстаг адӕмы сӕрыл. Йӕ Миназон хицаудзинады кӕрон, «ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа», уӕд та хабар куыд уыдзӕн? Уыцы рӕстӕг дӕр сӕрныллӕг разындзӕн? Ӕнӕмӕнг, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:24–28.)

17, 18. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Йесойау сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уой? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Мах дӕр Йесо Чырыстийау сӕрныллӕг уыдзыстӕм? Армагеддоны рӕстӕг Чырысти тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд нӕ хабар куыд уыдзӕн? Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл кӕй тох кӕндзӕн, уымӕй бӕрӕг у, ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг ӕмӕ рӕстаг адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уӕдӕ нӕ кӕд фервӕзын фӕнды, уӕд ӕнӕмӕнг хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда куыд хаста, афтӕ мах сӕрныллӕгдзинад дӕр пайда уыдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр.

18 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Йесойау сӕрныллӕг уӕм? Зын нын куы уа, уӕд дӕр нын куыд бантысдзӕн сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.