Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз... уыдзынӕн уемӕ»

«Ӕз... уыдзынӕн уемӕ»

«Бирӕтӕ йӕ лӕмбынӕг иртасдзысты, ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты» (ДАН. 12:4).

1, 2. а) Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕй ис ӕмӕ фидӕны дӕр семӕ кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм? ӕ) Данелы 12:4 стихмӕ гӕсгӕ, Фыстад лӕмбынӕг кӕй иртасдзысты, уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайӕд: зӕххыл – дзӕнӕт, ӕмӕ ды дӕр уым дӕ. Алы райсом дӕр райхъал вӕййыс уӕнгрогӕй ӕмӕ фӕхъуыды кӕныс, тагъддӕр ма мӕ хъуыддӕгтӕм куы бавналин, зӕгъгӕ. Ницы дӕ риссы, кӕддӕр цы низтӕй хъӕрзыдтӕ, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал ис. Цӕстӕй дзӕбӕх уыныс, хъусӕй хорз хъусыс, алцӕй тӕф, алцӕй ад ӕмбарыс. Де уӕнгты ис бирӕ хъарутӕ, дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ райы, ис дын бирӕ ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ницӕуылуал тыхсыс, ницӕуылуал мӕт кӕныс. Ахӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрай, уӕд. Уыцы Паддзахады Паддзах Йесо Чырысти, йӕ дӕлбар чи уыдзӕн, уыцы адӕмыл ӕруадздзӕн арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ сын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы базонынӕн.

2 Уыцы рӕстӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ адӕмы ахуыр кӕндзысты, ӕмӕ сын уыцы куысты ӕххуыс кӕндзысты Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт. Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт ныр ӕнусты дӕргъы сты иузӕрдион чырыстӕттимӕ. Чырысти уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, семӕ кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Матфейы 28:19, 20.) Цӕмӕй уыцы ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, 2 500 азы размӕ пехуымпар Данел Вавилоны цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ. «Кӕроны рӕстӕджы», ома мах рӕстӕджы, цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй афтӕ ныффыста: «Бирӕтӕ йӕ лӕмбынӕг иртасдзысты, ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты» (Дан. 12:4). Уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Фыстад лӕмбынӕг чи иртӕстаид, уый хъуамӕ схайджын уыдаид диссаджы арфӕдзинадӕй – ссардтаид раст, ома бӕлвырд, зонындзинӕдтӕ Хуыцауы Ныхасӕй. Стӕй ма уыцы пехуымпарады фыст ис, «раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты», зӕгъгӕ. Уыцы зонындзинӕдтӕ чи ссара, уыдон сӕ иннӕтӕн дӕр амондзысты. Раст зонындзинӕдтӕ тынг апарахат уыдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕнцон ссарӕн. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ. Уый фӕрцы фендзыстӕм, Йесо Чырысти ӕцӕгӕй дӕр абон йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕй ис ӕмӕ Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

СЫГЪДӔГЗӔРДӔ ЧЫРЫСТӔТТӔ ССАРДТОЙ «РАСТ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ»

3. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ «раст зонындзинӕдты» хабар куыд рауад?

3 Апостол Павел куыд загъта, раст афтӕ апостолты мӕлӕты фӕстӕ фӕзындысты, раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыдон. Уыцы хабар ахӕлиу, арт куыд тагъд ахӕлиу вӕййы, афтӕ (Хъуыд. 20:28–30; 2 Фес. 2:1–3). Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнусты дӕргъы «раст зонындзинӕдтӕ» нӕ уыд, нӕдӕр, Библийы тыххӕй чи ницы зыдта, уыдонмӕ, нӕдӕр, сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдонмӕ. Чырыстон динты разамонджытӕ дзырдтой, Библийыл кӕй ӕууӕндынц, адӕмӕн та амыдтой, Хуыцауы чи ӕгад кӕны, ахӕм ахуырӕдтӕ – «хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕ» (1 Тим. 4:1). Ӕмӕ уый тыххӕй адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад нӕ зыдтой. Амыдтой сын мӕнг ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, Хуыцау Троицӕ кӕй у, уд кӕй нӕ мӕлы, кӕйдӕр удтӕ та ӕнустӕм зындоны арты кӕй хъизӕмар кӕнынц.

4. 1870-ӕм азты чырыстӕтты гыццыл къорд «раст зонындзинӕдтӕ» агурын куыд райдыдта?

4 Фӕлӕ хабар фӕивта 1870-ӕм азты, «фӕстаг бонтӕ» куы хъуамӕ райдыдтаиккой, уымӕй иу-40 азы раздӕр. Пенсильванийы (АИШ) сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕтты гыццыл къорд иумӕ ӕмбырд кӕнын райдыдта. Уыцы чырыстӕттӕ Библи лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ «раст зонындзинӕдтӕ» агуырдтой (2 Тим. 3:1). Сӕхи хуыдтой Библииртасджытӕ. Уыцы адӕм «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй» нӕ уыдысты – Чырысти ахӕм адӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдонӕй раст зонындзинӕдтӕ сусӕг сты (Матф. 11:25). Уыдон уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕндыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Фыстад лӕмбынӕг кастысты, ныхас ыл кодтой, цы кастысты, ууыл-иу хъуыды кодтой ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтой, цӕмӕй сын разамынд лӕвӕрдтаид. Стӕй ма-иу Библийы стихтӕ кӕрӕдзиимӕ абарстой ӕмӕ кастысты, сӕ размӕ Фыстад чи иртӕста, уыдон цы ныффыстой, уый дӕр. Ӕмӕ гыццылгай уыцы Библииртасджытӕ ӕмбарын райдыдтой, адӕм ӕнусты дӕргъы кӕй нӕ зыдтой, уыцы хабӕрттӕ.

5. Библииртасджытӕ цӕмӕн рауагътой трактаттӕ «Зӕронд ахуырӕдтӕ»?

5 Кӕд Библииртасджытӕ тынг цин кодтой, цы хабӕрттӕ бамбӕрстой, уыдоныл, уӕддӕр, цы зонындзинӕдтӕ ссардтой, уыдоны тыххӕй сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын нӕ райдыдтой ӕмӕ афтӕ дӕр нӕ дзырдтой, ног цыдӕр кӕй базыдтой (1 Кор. 8:1). Уый нӕ, фӕлӕ рауагътой цалдӕр трактаты, хуындысты «Зӕронд ахуырӕдтӕ». Уыцы трактатты фӕрцы кӕсджытӕн сӕ бон уыд базонын, Библийы чи ис, уыцы рӕстдзинад. Фыццаг трактат адӕмӕн ӕххуыс кодта Библи ахуыр кӕнынӕн, цӕмӕй ссӕрибар уыдаиккой, «адӕм кӕй ӕрхъуыды кодтой, ӕппӕт уыцы мӕнг ахуырӕдтӕй» ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕм айстаиккой Чырыстийы ӕмӕ йӕ апостолты раст ахуырӕдтӕ, кӕнӕ «зӕронд ахуырӕдтӕ» («Зӕронд ахуырӕдтӕ», трактат № 1, 1889 аз, апрель, 32 ф.).

6, 7. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1870-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ цавӕр хабӕрттӕ бамбӕрстой? ӕ) Библийӕ цы хабӕрттӕ базыдтай, уыдонӕй уӕлдай тынгдӕр кӕцытыл цин кодтай?

6 Уыцы Библииртасджыты гыццыл къорд куы фӕзынд, уымӕй рацыд 100 азӕй фылдӕр, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Библийӕ цас диссаджы хабӕрттӕ раргом! * Уыдон, динамонджытӕ кӕуыл фӕрадзур-бадзур кӕнынц ӕмӕ нӕ цардмӕ чи нӕ хауы, ахӕм хабӕрттӕ не сты. Адӕймаг уыцы хабӕрттӕ куы базоны, уӕд йӕ цард бынтондӕр фӕивы, йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы ӕмӕ йын фӕзыны ныфс. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕйы базонынӕн – куыд уарзӕгой Хуыцау у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй. Библийӕ ма базыдтам, Чырысти чи у, зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕн амард, стӕй ныр цы аразы, уый дӕр. Фыстад ма нын ӕргом кӕны, Хуыцау фыддзинадӕн цӕмӕн быхсы, адӕм цӕмӕн мӕлынц, Хуыцаумӕ куыд хъуамӕ кувӕм ӕмӕ ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм.

7 Ныр ӕмбарӕм, бирӕ ӕнусты дӕргъы «сусӕг» чи уыд, фӕлӕ абон кӕроны рӕстӕджы чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпарӕдтӕ (Дан. 12:9). Уыдонӕй бирӕтӕ фыст сты Евангелиты ӕмӕ Раргомады чиныджы. Йегъовӕ ма нын ӕмбарын кӕны, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕ уыд, суанг уыцы хабӕрттӕ дӕр – Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси, уӕлӕрвты хӕст кӕй уыд ӕмӕ Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцыд (Рарг. 12:7–12). Хуыцау ма нын ӕмбарын кӕны, цӕуыл дзурӕг сты, нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уыцы хабӕрттӕ дӕр – хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, фыднизтӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, стӕй адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц ӕмӕ уый тыххӕй «тынг уӕззау рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый (2 Тим. 3:1–5; Лук. 21:10, 11).

8. Рӕстдзинад кӕй фӕрцы бамбӕрстам?

8 Мах нӕхиуыл бавзӕрстам, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый: «Амондджын сты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ чи уыны. Зӕгъын уын: пехуымпартӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй бирӕтӕ бӕллыдысты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ федтой, ӕмӕ сымах цытӕ хъусут, уыдӕттӕ фехъусынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой» (Лук. 10:23, 24). Ахӕм хабӕрттӕ кӕй уынӕм ӕмӕ кӕй хъусӕм, уый Йегъовӕ Хуыцауы фӕрцы у. Ӕмӕ дзы куыд бузныг стӕм, кӕй нӕм рарвыста «ӕххуысгӕнӕг», йӕ сыгъдӕг тых, цӕмӕй нын «ӕххуыс... кӕна рӕстдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн»! (Бакӕс Иоанны 16:7, 13.) Уӕдӕ цӕй ӕмӕ «раст зонындзинӕдтӕн» алкӕддӕр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр ма ӕвгъау кӕнӕм!

«БИРӔТӔ... РАСТ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ» СӔ ЗӔРДӔМӔ АЙСТОЙ

9. 1881 азы апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы уыди фыст?

9 «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыр куы рацыд, уымӕй иу-дыууӕ азы фӕстӕ, 1881 азы апрелы номыры фыст уыд, зӕгъгӕ, хъӕуы 1 000 хъусынгӕнӕджы. Статьяйы фыст уыд: «Йӕ бон кӕмӕн у йӕ рӕстӕгӕй йе ’мбис кӕнӕ фылдӕр Хицауы хъуыддагӕн раттын, уыдонӕн нӕм ис ахӕм фӕнд... бӕлвырдӕй та: цӕмӕй, уӕ фадӕттӕ куыд амонынц, афтӕ ацӕуат стыр кӕнӕ гыццыл горӕттӕм ӕмӕ дзы лӕггад кӕнат чиныгхӕсджытӕй кӕнӕ хорз хабар хъусынгӕнджытӕй, алы ран дӕр агурат сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕтты. Сымах фендзыстут, бирӕтӕ дзы Хуыцауыл тынг ӕнувыд кӕй сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй кӕй нӕ зонынц. Фехъусын сын кӕнут нӕ Фыды стыр хорзӕхы тыххӕй ӕмӕ йӕ ныхасы рӕсугъддзинады тыххӕй».

10. Ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджыты тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы уыд фыст, уый бакӕсгӕйӕ бирӕтӕ куыд бакодтой?

10 Уыцы журналы цы уыд фыст, уымӕй бӕрӕг уыди, Библииртасджытӕ кӕй ӕмбӕрстой, ӕцӕг чырыстӕттӕ хорз хабар кӕй хъуамӕ хъусын кӕной. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Библииртасджыты ӕмбырдтӕм цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ цыди, ӕмӕ зын зӕгъӕн уыд, 1 000 ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕджы кӕй разындзӕн. Фӕлӕ-иу трактат кӕнӕ журнал чи бакаст, уыдонӕй-иу бирӕтӕ бамбӕрстой, рӕстдзинад кӕй ссардтой, ӕмӕ-иу сӕ бафӕндыд хорз хабар хъусын кӕнын. Зӕгъӕм, 1882 азы Лондоны (Англи) иу нӕлгоймаг Библииртасджыты уагъд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ брошюрӕ куы бакаст, уӕд ныффыста: «Уӕ хорзӕхӕй, бацамонут мын, куыд ӕмӕ цы хъусын кӕнон, цӕмӕй Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ацы арфӕйаг хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ уа».

11, 12. а) Чиныгхӕсджытӕн дӕр махау сӕ нысан цы уыд? ӕ) Чиныгхӕсджытӕ-иу «кълӕстӕ», кӕнӕ ӕмбырдтӕ, куыд скодтой?

11 1885 азмӕ чиныгхӕсджытӕй лӕггад кодтой 300 Библииртасӕджы бӕрц. Уыцы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ нысан уыд, махӕн нӕ нысан цы у, уый – Йесо Чырыстийӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ уыдон уыцы хъуыддаг гыццыл ӕндӕрхуызон арӕзтой. Ныртӕккӕ мах Библи фӕахуыр кӕнӕм иу адӕймагимӕ хицӕнӕй. Уый фӕстӕ йӕ фӕхонӕм ӕмбырды фембӕлдтӕм. Раздӕр та-иу чиныгхӕсджытӕ афтӕ кодтой: адӕмӕн-иу чингуытӕ байуӕрстой, уый фӕстӕ та-иу, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдоны ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ-иу къордӕй Фыстад ахуыр кодтой. Алы адӕймагимӕ хицӕнӕй нӕ ахуыр кодтой, фӕлӕ-иу сарӕзтой «кълӕстӕ», ома ӕмбырдтӕ.

12 Зӕгъӕм, 1907 азы чиныгхӕсджыты къорд ӕрзылд иу горӕтыл. Уыдон агуырдтой, чиныг «Миназы райдиан» (хуынди ма «Фыстад иртасын» дӕр) кӕмӕ уыд, уыцы адӕмы. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Уыцы адӕм [фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдон] ӕрӕмбырд сты иу хӕдзары, рауади дзы гыццыл ӕмбырд. Чиныгхӕсджытӕй иу ӕнӕхъӕн хуыцаубон семӕ ныхас кодта, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, ууыл. Иннӕ хуыцаубон та сӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй алы къуыри дӕр ӕмбырд кӕнын райдыдтаиккой». 1911 азы ӕфсымӕртӕ уыцы ӕгъдау фӕивтой. 58 цӕуӕг цӕстдарӕджы Иугонд Штаттыл ӕмӕ Канадӕйыл ӕрзылдысты раныхӕстимӕ. Ацы ӕфсымӕртӕ ныффыстой, раныхӕстӕм чи байхъуыста ӕмӕ фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмы нӕмттӕ ӕмӕ адристӕ ӕмӕ сӕ скодтой ног «кълӕстӕ». Ӕмбырд та кодтой искӕмӕ хӕдзары. 1914 азмӕ ӕнӕхъӕн дунейы Библииртасджытӕн уыди 1 200 ӕмбырды.

13. «Раст зонындзинӕдтӕ» куыд апарахат сты, уыцы хъуыддаджы дӕм уӕлдай диссаг цы кӕсы?

13 Ныртӕккӕ ӕгас дунейы дӕр ис 109 400 ӕмбырды бӕрц, иу-895 800 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы та лӕггад кӕнынц пионертӕй. 8 милуан адӕймаджы бӕрц сӕ зӕрдӕмӕ айстой «раст зонындзинӕдтӕ», ӕмӕ сӕ цард аразынц уыдонмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Исайы 60:22.) * Уый диссаг уӕлдайдӕр уымӕн у, ӕмӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ уӕ мӕ номы тыххӕй «иууылдӕр се сӕфт уындзысты». Уый фӕстӕ ма загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты, ахӕстӕтты сӕ кӕй ӕппардзысты ӕмӕ ма сӕ маргӕ дӕр кӕй кӕндзысты (Лук. 21:12–17). Ӕмӕ кӕд Хӕйрӕг, йӕ дӕлимонтӕ ӕмӕ адӕмӕй дӕр чидӕртӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы цас бантыст, уый стыр диссаг у. Уыдон абон хъусын кӕнынц «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр»: джунглиты ӕмӕ салд тундрӕйы, хӕхбӕсты, ӕдзӕрӕг быдырты, горӕтты ӕмӕ, адӕймаг кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм хъӕуты (Матф. 24:14). Хуыцау йӕ адӕмӕн куы не ’ххуыс кодтаид, уӕд сын уыйбӕрц никуы бантыстаид.

«РАСТ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ СБИРӔ» СТЫ

14. Литературӕйы фӕрцы «раст зонындзинӕдтӕ» ӕгас дунейыл дӕр куыд апарахат сты?

14 «Раст зонындзинӕдтӕ» сбирӕ сты, бирӕтӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы. Стӕй ма сбирӕ сты, мыхуыры цы литературӕ уадзынц, уый фӕрцы дӕр. 1879 азы июлы Библииртасджытӕ мыхуыры рауагътой ацы журналы фыццаг номыр, уӕд хуынди «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыды фидиуӕг». Уыцы номыр Библииртасджыты заказмӕ гӕсгӕ ныммыхуыр кодта иу фирмӕ. Ӕмӕ дзы англисаг ӕвзагыл рацыд 6 000 экземпляры. 27-аздзыд Чарлз Тейз Расселы равзӕрстой редакторӕй, ӕмӕ фондз ӕндӕр фӕлтӕрд Библииртасӕджы та равзӕрстой, цӕмӕй журналӕн статьятӕ фыстаиккой. Ныртӕккӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цӕуы 195 ӕвзагыл. Уымӕй фылдӕр зӕххыл иу журнал дӕр мыхуыргонд нӕ цӕуы – алы номыр дӕр дзы рацӕуы 42 182 000 экземплярӕй. Дыккаг бынаты та ис журнал «Пробудитесь!» – цӕуы 84 ӕвзагыл 41 042 000 экземплярӕй. Уымӕй уӕлдай ма алы аз дӕр мыхуыргонд цӕуынц чингуытӕ ӕмӕ Библитӕ 100 милуаны бӕрц.

15. Нӕ литературӕ мыхуыргонд цӕй фӕрцы цӕуы?

15 Ахӕм стыр куыст арӕзт цӕуы мысайнӕгты фӕрцы. (Бакӕс Матфейы 10:8.) Мыхуыр кӕныны хъуыддаджы чи архайы, уыцы адӕмы уый уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, мыхуыргӕнӕн станоктӕн, гӕххӕттӕн, ахорӕнтӕн ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕгӕн цас ӕхца хъӕуы, уый. Вефилты типографитӕн ӕрмӕг чи фелхӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта, зӕгъгӕ, дам, ахӕм адӕм нӕ типографитӕм куы ’рбацӕуынц ӕмӕ нын мысайнӕгты фӕрцы цас ӕнтысы, уый куы базонынц, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. Тынг диссаг сӕм фӕкӕсы, тынг бирӕ литературӕ кӕуыл ис мыхуыр кӕнӕн, ахӕм ног станоктӕ нӕм кӕй ис, уый. Стӕй ма сӕ дисы бафтауы, Вефилы кусджытӕ куыд ӕрыгон сты ӕмӕ куыд цингӕнгӕйӕ кусынц, уый дӕр.

ЗӔХХ БАЙДЗАГ УЫДЗӔН ЗОНЫНДЗИНӔДТӔЙ ХУЫЦАУЫ ТЫХХӔЙ

16. Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, ӕмӕ «раст зонындзинӕдтӕ» сбирӕ уой?

16 «Раст зонындзинӕдтӕ» уымӕн сбирӕ сты, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон у, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм рӕстдзинад базоной ӕмӕ йын уый фӕрцы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кувой, стӕй йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уой. Йегъовӕ рӕстдзинад кӕй раргом кодта, уый фӕрцы ӕрӕмбырд кодта, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны. Уымӕй уӕлдай ма «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» ӕмбырд кӕны, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» (Рарг. 7:9).

17. Раст дин йӕ къабӕзтӕ кӕй айвӕзта, уый цӕуыл дзурӕг у?

17 Фӕстаг 130 азы дӕргъы раст дин йӕ къабӕзтӕ кӕй айвӕзта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау ӕмӕ йе ’вӕрд Паддзах Йесо Чырысти сты Йегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытимӕ – разамынд сын дӕттынц, хъахъхъӕнынц сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынц. Фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ, Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. «Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ» (Ис. 11:9). Уыцы рӕстӕг адӕм цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Уый тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у кинонывтӕй «Свидетели Иеговы — вера в действии. Часть 1. Из тьмы» ӕмӕ «Свидетели Иеговы — вера в действии. Часть 2. Да воссияет свет».

^ 13 абз. Кӕс чиныг «Пророчество Исаии — свет для всего человечества», 2 том, 320 фарс; 2002 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 29 фарс, 16 абзац.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 6 фарсыл]

Фыццаг Библииртасджытӕ уыдысты сӕрныллӕг адӕм ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕндыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын

[Ныв 7 фарсыл]

Йегъовӕ аргъ кӕны, Хуыцауы тыххӕй «раст зонындзинӕдтӕ» парахат кӕнынӕн дӕ хъарутӕ кӕй не ’вгъау кӕныс, уымӕн