«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл
ӔХСЫЗГОНӔЙ уын хъусын кӕнӕм, ацы номырӕй фӕстӕмӕ алы мӕй дӕр мыхуыры кӕй уадздзыстӕм «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл дӕр. Нырма уал цӕудзӕн иу афӕдзы дӕргъы, ӕмӕ кӕд хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс фӕуа, уӕд ӕй дарддӕр дӕр мыхуыр кӕндзыстӕм. Ӕмбырдтӕм ӕрвыст цӕудзӕн, ныронг чи цыди, уыцы журналимӕ иу рӕстӕг. Уыдзӕн дзы ахуыргӕнӕн статьятӕ, ӕмӕ ма-иу бынат куы баззайа, уӕд иннӕ статьятӕй дӕр иуӕй-иутӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, алы къуыри дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй цы статьятӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон алчидӕр ӕмбара, уымӕн ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Хуыцауы адӕмы абон сӕйраджыдӕр уыцы статьяты фӕрцы ахуыр кӕны (Матф. 24:45). Фӕлӕ цӕмӕн бахъуыди «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл?
Ӕгас дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй англисаг ӕмбырдты чи ис, уыдонӕй бирӕтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» англисаг ӕвзагыл алы хатт дзӕбӕх нӕ фембарынц. Цӕуылнӕ? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ бирӕ бӕстӕты, зӕгъӕм, Ганӕйы, Кенийы, Либерийы, Нигерийы, Папуа–Ног Гвинейӕйы, Соломоны сакъадӕхты ӕмӕ Фиджийы, адӕм сӕхи ӕвзагӕй дарддӕр англисагау дӕр дзурынц. Ӕмӕ кӕд уыцы бӕстӕты не ’фсымӕртӕ ӕмбырдты ӕмӕ уацамынды англисаг ӕвзагыл фӕдзурынц, уӕддӕр хӕдзары арӕх фӕдзурынц сӕхи ӕвзагыл. Стӕй ма, уыцы бӕстӕты англисагау куыд фӕдзурынц, уый хицӕн кӕны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ӕвзагӕй. Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕндӕр бӕстӕтӕм алидзын бахъуыд, ӕмӕ уым та ӕмбырдтӕ вӕййы ӕрмӕст англисаг ӕвзагыл. Фӕлӕ сын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статьятӕ ӕмбарын зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ англисаг ӕвзаг сӕ мадӕлон ӕвзаг нӕу. Ӕрыгӕттӕй англисаг ӕвзаг сӕ мадӕлон ӕвзаг кӕмӕн у, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕн хатт зын вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» бамбарын. Уӕдӕ, хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл цы журнал цӕудзӕн, уый фӕрцы уыцы хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр фылдӕр пайда хӕсдзӕн.
Кӕд ног журнал иннӕмӕй хуымӕтӕгдӕр ӕвзагыл фыст уыдзӕн, уӕддӕр сӕ дыууӕйы дӕр Библийӕ уыцы иу хъуыдытӕ ӕвзӕрст цӕудзысты. Ног журналӕн йӕ цъар уыдзӕн ӕндӕрхуызон. Фӕлӕ, иннӕ журналы ахуыргӕнӕн статьяты цал абзацы уа, уал абзацы уыдзӕн ног журналы дӕр, стӕй дзы уыдзӕн иухуызон сӕргӕндтӕ, нывтӕ ӕмӕ статьяйы кӕрон фарстатӕ рамкӕйы. Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн равзарын, ӕмбырды кӕцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй пайда кӕндзӕн, уый. Дыууӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы текст кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕндзӕн, уый фенӕн ис дӕлдӕр рамкӕйы. Рамкӕйы текст ист у ацы брошюрӕйы фыццаг ахуыргӕнӕн статьяйӕ 2-ӕм абзацӕй. Галиуырдыгӕй фыст у ӕнӕуи англисаг ӕвзагыл, рахизырдыгӕй та – хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл.
Ныфс нӕ ис, Йегъовӕмӕ афтӕ чи куывта, «ратт мын ӕмбарындзинад, цӕмӕй дын дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнон», зӕгъгӕ, уыдонӕй бирӕтӕн ацы ивындзинад сӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй уыдзӕн (Пс. 119:73). Хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл цы журнал цӕудзӕн, уый фӕрцы бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, стӕй ӕрыгӕттӕн дӕр, ӕнцондӕр уыдзӕн алы къуыри дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуырмӕ цӕттӕ кӕнын. Йегъовӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзы, ӕмӕ дзы мах тынг бузныг стӕм, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты нын алцыдӕр афоныл кӕй дӕтты, уый тыххӕй (1 Пет. 2:17).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет