Бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын дӕн
Радзырдта йӕ Артур Бонно
УЫЦЫ хабар ӕрцыд 1951 азы. Мӕ цардӕмбал Эдиттимӕ облӕстон конгрессы куы уыдыстӕм, уӕд фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, миссионерӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн уыдзӕн фембӕлд.
«Цом-ма мах дӕр байхъусӕм!» – цингӕнгӕйӕ загътон ӕз.
«Артур, цытӕ дзурыс, махӕй цӕй миссионертӕ ис!» – загъта Эдитт.
«Эдитт, хъусгӕ уӕддӕр бакӕнӕм».
Уыцы фембӕлды фӕстӕ нын радтой анкетӕтӕ Галаады скъолайы ахуыр кӕнынӕн.
«Цӕй, байдзаг сӕ кӕнӕм» – нал уагътон Эдитты.
«Артур, ӕмӕ нӕ ныййарджытӕ та?»
Уымӕй афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц куы рацыд, уӕд каст фестӕм Галаады скъола, ӕмӕ нӕ снысан кодтой Эквадормӕ, Хуссар Америкӕмӕ.
Мӕ цардӕмбалимӕ куыд ныхас кодтон, уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстат, сонт ӕмӕ ныфсхаст кӕй уыдтӕн. Эдитт та уыди фӕлмӕн ӕмӕ уӕзбын адӕймаг. Эдитт схъомыл иу гыццыл горӕт, Элизабеты, (АИШ, штат Пенсильвани), ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дард никуы уыди. Стӕй ӕндӕрбӕстаг адӕмы дӕр никуы федта. Ӕмӕ йын зын уыди йӕ ныййарджытӕй дард искуыдӕм ацӕуын. Фӕлӕ уӕддӕр зӕрдиагӕй сразы ис, фӕсарӕнтӕм нӕ куы снысан кодтой, уӕд. 1954 азы ӕрцыдыстӕм Эквадормӕ ӕмӕ дзы миссионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам. Ӕмӕ суанг абоны онг дӕр лӕггад кӕнӕм уым. Уыцы бӕстӕйы лӕггадгӕнгӕйӕ мах бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын стӕм. Фӕнды уӕ, цӕмӕй уын дзы иу цалдӕры кой ракӕнон?
Уыцы рӕстӕг арӕх ӕрымысын
Фыццаг нӕ снысан кодтой сӕйраг горӕт Китомӕ. Океаны былгӕрон цы горӕт ис, Гуаякиль, зӕгъгӕ, уырдыгӕй Китомӕ дыууӕ боны фӕцыдыстӕм поездыл, стӕй та уӕзласӕн машинӕйыл. Ныр та уырдӕм хӕдтӕхӕгыл 30 минутмӕ бахӕццӕ уыдзынӕ. Китойы фӕлӕггад кодтам цыппар азы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг арӕх ӕрымысӕм. 1958 азы та мыл ӕрцыд ӕндӕр хорз хабар – снысан мӕ кодтой районон цӕстдарӕгӕй.
Уыцы рӕстӕг Эквадоры уыдис ӕрмӕстдӕр дыууӕ гыццыл районы. Ӕмӕ ӕмбырдтӕ кӕй
бӕрӕг кодтам, уымӕй уӕлдай ма афӕдзы мидӕг бирӕ къуыригӕйттӕ хъусын кодтам индейӕгтӕн гыццыл горӕтты, уымӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыди. Адӕм цардысты гыццыл ӕнӕ рудзынг хӕдзӕртты. Мидӕгӕй та дзы сынтӕджытӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницы уыди. Ӕмӕ-иу немӕ хъӕдын чумӕданы хастам, фӕтӕгенӕй чи судзы, ахӕм гыццыл пец, аг, къустӕ, тас, хуыссӕны цъӕрттӕ, къогъотӕй нӕ чи хъахъхъӕдта, ахӕм сеткӕ, нӕ дзаумӕттӕ, зӕронд газеттӕ ӕмӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ. Уыцы газеттӕ-иу къулты хуынчъыты банадтам, цӕмӕй-иу нӕм уырытӕ ма бырыдаиккой.Цы хӕдзӕртты цардыстӕм, уыдон тынг талынг уыдысты, фӕлӕ уӕддӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысӕм, изӕрыгӕтты-иу сынтӕгыл куыд бадтыстӕм, фӕтӕгенӕй чи судзы, уыцы пецыл арӕзт хуымӕтӕг хӕринӕгтӕ-иу куыд хордтам ӕмӕ-иу зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куыд ныхӕстӕ кодтам. Мӕ ныхӕстыл-иу рагацау кӕй нӕ ахъуыды кодтон, уый тыххӕй-иу мын мӕ цардӕмбал иуӕй-иу хатт аивӕй бамбарын кодта, кӕй бӕрӕг кодтам, уыцы ӕфсымӕртимӕ фӕлмӕндӕрӕй мӕ бон куыд у ныхас кӕнын. Ӕз-иу ӕм байхъуыстон, ӕмӕ-иу уый фӕрцы хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр циндзинад ӕрхастон. Искӕй хъӕндзинӕдты тыххӕй-иу куы дзырдтон, уӕд-иу ныхас ӕндӕрырдӕм аздӕхта. Ӕмӕ афтӕмӕй гыццылгай сахуыр дӕн ме ’фсымӕртӕм хорз цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ-иу фылдӕр хатт изӕрыгӕтты ныхас кодтам, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы бакастыстӕм кӕнӕ-иу ныл уыцы бон уацамынды цы хабӕрттӕ ӕрцыд, ууыл. Ӕмӕ-иу ныл цынӕ диссаг хабӕрттӕ ӕрцыд!
Куыд ссардтам Карлосы
Ныгуылӕн Эквадоры горӕт Хипихапӕйы нын загътой, зӕгъгӕ, иу лӕджы фӕнды Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнут. Йӕ ном нын загътой, Карлос Мехиа, зӕгъгӕ, фӕлӕ нын йӕ адрис нӕ радтой. Гъемӕ иу бон райсомӕй раджы хӕдзарӕй йӕ агурӕг рацыдыстӕм, фӕлӕ нӕ кӕдӕм хъуыд цӕуын, уый нӕ зыдтам. Нӕ фӕндагыл размӕ цыдыстӕм. Уыцы ӕхсӕв тынг кӕй уарыд, уый тыххӕй уынгты цъыфӕй ахизӕнтӕ нал уыд. Ӕз цыдтӕн разӕй, мӕ бинойнаг та – мӕ фӕстӕ. Ӕмӕ дын иу афон хъӕр куы айхъусин: «Артур!». Фӕстӕмӕ фӕкастӕн, ӕмӕ дын уӕртӕ Эдитт йӕ уӕрджыты онг цъыфы аирвӕзт. Эдитт кӕуынӕввонг кӕй уыд, уый куы нӕ федтаин, уӕд ныххудтаин.
Эдитты цъыфӕй бӕргӕ раластон, фӕлӕ йӕ дзабыртӕ уым баззадысты. Фӕрсӕрдыгӕй нӕм кастысты иу лӕппу ӕмӕ иу чызг ӕмӕ сын ӕз афтӕ бакодтон: «Цъыфӕй нын нӕ дзабыртӕ куы сисат, уӕд уын ӕхца ратдзынӕн». Ӕмӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ дзабыртӕ нӕ разы фестадысты. Фӕлӕ Эдитт цъыфӕйдзаг кӕй уыди, уый тыххӕй йӕ хъуыди йӕхи ныхсын. Уыцы сывӕллӕтты мад дӕр нӕ федта ӕмӕ нӕ сӕхимӕ бахуыдта. Уыцы сылгоймаг Эдиттмӕ фӕкаст, цӕмӕй йӕ къӕхтӕ ныхсадтаид. Сывӕллӕттӕ та йын йӕ дзабыртӕ ныссыгъдӕг кодтой. Цӕуынмӕ куы хъавыдыстӕм, уӕд ныл диссаджы хабар ӕрцыд. Уыцы сылгоймаджы афарстон, Карлос Мехиа кӕм цӕры, уый нӕ зоныс, зӕгъгӕ. Сылгоймаг тынг бадис кодта, ӕмӕ загъта: «Уый мӕ сӕрыхицау у». Цасдӕры фӕстӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам, ӕмӕ уыцы бинонтӕ иууылдӕр донаргъуыд райстой. Азтӕ рацыд, ӕмӕ Карлос йӕхӕдӕг, йӕ ус ӕмӕ сӕ цотӕй дыууӕйӕ сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой.
Зындзинӕдтӕ ӕмӕ уазӕгуарзондзинад
Районон цӕстдарӕгӕй лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын кӕй хъуыд, уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм. Бахъуыдис-иу нӕ автобустыл, поездтыл, уӕзласӕн машинӕтыл, бӕлӕгътыл цӕуын ӕмӕ гыццыл хӕдтӕхджытыл тӕхын. Иу афон облӕстон цӕстдарӕг Джон Макленакан ӕмӕ йӕ цардӕмбал Доротиимӕ хъусын кодтам, Колумбийы арӕнтӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы хъӕуты. Цардысты дзы кӕсагахсджытӕ. Ӕмӕ иу хъӕуӕй иннӕмӕ моторджын бӕлӕгъыл куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд нӕ разы февзӕрд нӕ бӕлӕгъыйас акулӕтӕ. Бӕлӕгъы хицау кӕд фӕлтӕрдджын уыд, уӕддӕр стыр акулӕты фенгӕйӕ фыртӕссӕй
йе уӕнгтӕ ауазал сты ӕмӕ тагъд-тагъд йӕ бӕлӕгъ былмӕ хӕстӕгдӕр батардта.Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уыдоны фӕрцы бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр стӕм. Мах базонгӕ стӕм диссаджы уазӕгуарзон ӕфсымӕртимӕ. Цы бинонтӕм-иу ӕрлӕууыдыстӕм, уыдон-иу нын бон ӕртӕ хатты бахӕрын кодтой, сӕхӕдӕг та-иу бон иу хатт йеддӕмӕ нӕ хордтой. Мах-иу схуыссын кодтой, цы иунӕг сынтӕг-иу сӕм уыд, ууыл, сӕхӕдӕг та-иу пъолыл фынӕй кодтой. Мӕ цардӕмбал-иу арӕх дзырдта: «Ацы диссаджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты фӕрцы бамбӕрстон, адӕймаджы царды бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ хъӕуы».
«„Нӕ“ никуы фӕзӕгъӕм»
1960 азы та мыл ӕрцыд ӕндӕр хорз хабар – Гуаякильмӕ мӕ Вефилмӕ лӕггад кӕнынмӕ фӕхуыдтой. Ӕз куыстон административон хайады, Эдитт та лӕггад кодта, Вефилмӕ хӕстӕг чи уыд, уыцы ӕмбырды. Ӕз уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ мӕ бон офисы кусын бауыдзӕн, ӕмӕ тынг тыхстӕн, фӕлӕ Дзуттӕгтӕм 13:21 куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы «схайджын кӕны алы хорздзинадӕй». Уымӕй дыууӕ азы куы рацыд, уӕд мӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ Бруклинмӕ (штат Нью-Йорк), хъуамӕ дзы дӕс мӕйы фӕахуыр кодтаин. Уыцы рӕстӕг-иу ӕфсымӕртӕн сӕ устыты семӕ нӕ фӕхуыдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй мӕ цардӕмбал Бруклинӕй райста писмо. Фыст дзы уыд, цӕмӕй дзӕбӕх ахъуыды кодтаид, йӕ бон бауыдзӕн иунӕгӕй дӕс мӕйы лӕггад кӕнын ӕви нӕ, ууыл.
Уыцы фыстӕгӕн Эдитт ахӕм дзуапп радта: «Зонын ӕй, ӕнцон мын кӕй нӕ уыдзӕн, фӕлӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. [...] Цы кад нӕм ӕрхауы кӕнӕ нын нӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕныны тыххӕй цы фадӕттӕ фӕзыны, уыдонӕй „нӕ“ никуы фӕзӕгъӕм». Цалынмӕ Бруклины уыдтӕн, уӕдмӕ мӕ цардӕмбалӕй алы къуыри дӕр истон писмотӕ.
Лӕггад кӕнӕм нӕ иузӕрдион ӕфсымӕртимӕ
1966 азы ме ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ Эдиттимӕ фӕстӕмӕ Китомӕ раздӕхтыстӕм. Ӕмӕ та миссионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам, уым цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыди, уыдонимӕ. Ӕвӕдза, куыд иузӕрдион уыдысты!
Иу иузӕрдион хойӕн уыди ӕнӕуырнӕг лӕг, ӕмӕ-иу ӕй арӕх фӕнадта. Иу бон нӕм райсомӕй раджы 6 сахатыл иу чидӕр ӕрбадзырдта, зӕгъгӕ та уыцы хойы йӕ лӕг фӕнадта. Ӕз уыцы хойы хӕдзары балӕууыдтӕн. Ӕмӕ йӕ цъӕхтӕй ӕмӕ рӕсыдӕй хуысгӕ куы федтон, уӕд мӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдтӕн. Йӕ лӕг ӕй уисойы хъӕдӕй афтӕ фӕхоста, ӕмӕ уисой дыууӕ дихы фӕци. Уыцы бон сӕм фӕстӕдӕр бацыдтӕн ӕмӕ йын йӕ лӕгӕн загътон, уый цытӕ бакуыстай, зӕгъгӕ. Ӕмӕ стыр хатыртӕ фӕкуырдта.
1970 азы райдианты ме ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр ӕмӕ та фӕстӕмӕ районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Горӕт Ибаррӕ хаудта нӕ районмӕ. 1950 азты кӕрон уыцы горӕт куы бӕрӕг кодтам, уӕд дзы уыди ӕрмӕстдӕр иу миссионер ӕмӕ иу бынӕттон ӕфсымӕр. Уыцы ӕмбырды цы ног
ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ фӕзынди, уыдоны фенынмӕ нӕ былыцъӕрттӕ хордтам.Фыццаг цы ӕмбырд бӕрӕг кодтам, уым иу ӕфсымӕр, Родриго Вака, зӕгъгӕ, лӕууыди сценӕйыл ӕмӕ фарстатӕ лӕвӕрдта. Фарста-иу куы радта, уӕд-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ къухтыл не схӕцыдысты, фӕлӕ-иу сӕ бынӕттӕй хъӕр кодтой: «Йо, йо!» («Ӕз, ӕз!»). Уый куы федтам, уӕд Эдиттимӕ кӕрӕдзимӕ дисгӕнгӕ бакастыстӕм. Ӕз хъуыды кодтон, ай цы хабар у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр куыд базыдтон, афтӕмӕй ӕфсымӕр Вака уыди куырм, ӕмӕ-иу хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты сӕ хъӕлӕсӕй базыдта. Вака у, йӕ фысты хорз чи зоны, ахӕм фыййау! Уый мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иоанны 10:3, 4, 14 цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон, зӕгъгӕ, Хорз Фыййау ӕмӕ фыстӕ кӕрӕдзи хорз фӕзонынц. Абон Ибаррӕйы ис ӕхсӕз испайнаг ӕмбырды, иу кечуа ӕмбырд, иу та дзы ис къухӕй амонгӕ ӕвзагыл. Ӕфсымӕр Вака нырмӕ дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ сӕрмагонд пионерӕй a.
Бузныг стӕм Йегъовӕйы хорздзинады тыххӕй
1974 азы та нӕ ногӕй Йегъовӕ йӕ хорздзинадӕй схайджын кодта – фӕстӕмӕ нӕ Вефилмӕ фӕхуыдтой. Фыццаг куыстон административон хайады, уый фӕстӕ мӕ снысан кодтой Вефилы комитетмӕ. Эдитт та фыццаг куыста хӕрӕндоны, уый фӕстӕ райдыдта офисы секретарӕй кусын, ӕмӕ ныры онг дӕр уыцы куыст кӕны.
Бирӕ азты дӕргъы тынг цин кодтам, Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы сӕдӕгай миссионертӕ-иу нӕм кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй. Уыдон сӕ фӕлтӕрддзинадӕй ӕмӕ сӕ зынгзӕрдӕдзинадӕй се ’мбырдтӕн тынг баххуыс кодтой. Стыр циндзинад ма нын ӕрхастой, Эквадормӕ лӕггад кӕнынмӕ иу-30 бӕстӕйӕ цы мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцыд, уыдон дӕр. Сӕ удуӕлдайдзинад нӕ алкӕддӕр дисы ӕфтыдта! Иуӕй-иутӕ дзы сӕ хӕдзӕрттӕ ауӕй кодтой ӕмӕ сӕ бизнес ныууагътой, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уым. Сӕхицӕн велосипедтӕ балхӕдтой, ӕмӕ дард рӕтты хъусын кодтой, ног ӕмбырдтӕн бындур ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кодтой. Уырдӕм ма ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыд тынг бирӕ ӕнӕцыд хотӕ, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кодтаиккой. Куыд зынгзӕрдӕ ӕмӕ сӕрӕн сты!
Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын дӕн. Уыцы хорздзинӕдтӕй ӕппӕты тынгдӕр цин кӕнын, Йегъовӕ мӕ хӕлар кӕй у, ууыл. Йегъовӕйӕ ма бузныг дӕн, «ӕххуысгӕнӕджы» мын кӕй радта, уый тыххӕй дӕр (Райд. 2:18). Эдиттимӕ 69 азы кӕй цӕрӕм, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы Ӕмбисӕндты 18:22 стих: «Хорз ус ссардтай? Уӕд ссардтай стыр хорздзинад». Тынг ӕхсызгон мын у, Эдитт мӕ фарсмӕ кӕй ис, уый. Царды мидӕг мын бирӕ хъуыддӕгты баххуыс кодта. Стӕй йӕ мады дӕр бирӕ уарзта, никуы йӕ рох кодта. Эквадормӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ алы къуыри дӕр ӕрвыста писмо. Йӕ мад амард 1990 азы, цыди йыл 97 азы.
Ныр мӕныл цӕуы 90 азы, Эдиттыл та – 89 азы. Нӕ дыууӕйӕ дӕр тынг цин кӕнӕм, иу-70 адӕймагӕн Йегъовӕйы базонынӕн кӕй баххуыс кодтам, ууыл. Тынг ма цин кӕнӕм, 60 азы размӕ Галаады скъолайы ахуыр кӕнынӕн анкетӕ кӕй байдзаг кодтам, ууыл дӕр. Уый фӕрцы бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын стӕм.
[Фиппаинаг]
a Ӕфсымӕр Вакайы царды хабӕрттӕ бакӕсӕн ис 1985 азы 8 сентябры «Райхъал ут!»-ы, (англ.).
[Ныв 29 фарсыл]
Стадион «Янки»-йы, Галаады скъолайы кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонимӕ. 1958 аз
[Ныв 31 фарсыл]
Бӕрӕг кӕнӕм иу бинонты, районон цӕстдарӕг куы уыдтӕн, уӕд. 1959 аз
[Ныв 32 фарсыл]
Эквадоры Вефилы. 2002 аз