Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йеремийы фӕзм – ма бафынӕй у

Йеремийы фӕзм – ма бафынӕй у

Йеремийы фӕзм – ма бафынӕй у

«Ӕз [Йегъовӕ] фынӕй нӕ кӕнын, мӕ ныхас сӕххӕст кӕндзынӕн» (ЙЕР. 1:12).

1, 2. Йегъовӕ «фынӕй [кӕй] нӕ кӕны», уый тыххӕй йӕ миндалбӕласимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

ЛИВАНЫ хӕхтыл ӕмӕ Израилы ӕппӕты фыццаг дидинӕг ракалынц миндалбӕлӕстӕ. Январы кӕрон кӕнӕ февралы райдианы бӕлӕстӕ урс ӕмӕ розӕхуыз дидинджытӕй нал фӕзынынц. Миндалбӕлас дзуттагау комкоммӕ нысан кӕны «чи хъал кӕны, уый».

2 Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд миндалбӕласы кой кӕй скодта, уымӕй иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта. Йереми йӕ лӕггады райдианы цӕстылуайӕны федта миндалбӕласы къалиу. Уый цӕуыл дзурӕг уыди? Йегъовӕ йӕ афтӕ бамбарын кодта: «Ӕз фынӕй нӕ кӕнын, мӕ ныхас сӕххӕст кӕндзынӕн» (Йер. 1:11, 12). Миндалбӕлас-иу раджы куыд «райхъал», афтӕ-иу Йегъовӕ дӕр «раджы сыстад», ӕмӕ-иу йӕ пехуымпарты йӕ адӕммӕ арвыста, цӕмӕй-иу сӕ бафӕдзӕхстаиккой, се ’гоммӕгӕсдзинад сӕ хорзмӕ кӕй не ’ркӕндзӕн, уый тыххӕй (Йер. 7:25). Йегъовӕ-иу йӕ цӕст не ’рцъынд кодта,– «фынӕй нӕ кодта»,– цалынмӕ-иу йӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодта, уӕдмӕ. Н. э. размӕ 607 азы, нысангонд рӕстӕджы, Иудӕйы йӕ мӕнгарддзинады тыххӕй баййӕфта Йегъовӕйы тӕрхон.

3. Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон фидарӕй цы у зӕгъын?

3 Йегъовӕ абон дӕр «фынӕй нӕ кӕны», йӕ хъус дары, йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ. Уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй куыдфӕндыйы цӕстӕй ракӕса, йӕ ныхас куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ. Йегъовӕ афтӕ лӕмбынӕг кӕй у, уый дын цӕуыл дзурӕг у? Уырны дӕ, 2011 азы дӕр Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзӕн? Йегъовӕ зӕрдӕ фидарӕй цӕмӕй бавӕрдта, ууыл кӕд иу-гыццыл дӕр дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ныр афон у, цӕмӕй райхъал уӕм (Ром. 13:11). Йегъовӕйы пехуымпар Йереми никуы бафынӕй, алкӕддӕр уыд цӕттӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцау Йеремийӕн цы хъуыддаг бабар кодта, уый куыд ӕххӕст кодта ӕмӕ цӕуылнӕ бафынӕй ис, уымӕ. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕ махӕн дӕр цы бабар кодта, уый дарддӕр дӕр фӕндфидарӕй ӕххӕст кӕнӕм.

Ахсджиаг хабар

4. Йереми цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, Хуыцау ын цы хабар бахӕс кодта, уый хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ уыцы хабар ахсджиаг цӕмӕн уыд?

4 Йегъовӕ Йеремийы хъахъхъӕнӕгӕй куы равзӕрста, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, цыди 25 азы бӕрц (Йер. 1:1, 2). Фӕлӕ йӕхимӕ бынтон ӕрыгон каст. Стӕй хъуыды кодта, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн барджынӕй ныхас кӕнын, бирӕ кӕуыл цыд ӕмӕ бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыцы хистӕр лӕгтимӕ (Йер. 1:6). Хъуамӕ хъусын кодтаид карз ӕмӕ тасӕфтауӕг тӕрхӕттӕ, уӕлдайдӕр сауджынтӕн, мӕнг пехуымпартӕн ӕмӕ хицӕуттӕн, афтӕ ма, «иннӕтӕ цы фӕндагыл цыдысты», уыцы фӕндагыл чи цыд ӕмӕ Хуыцауыл гадзрахатӕй чи рацыд, уыдонӕн дӕр (Йер. 6:13; 8:5, 6). Паддзах Соломон цы кадджын кувӕндон сарӕзта, адӕм цыппар ӕнусы бӕрц ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уый хъуамӕ пырх ӕрцыдаид. Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы хъуамӕ зӕххӕмвӕз скодтаиккой, адӕмы та уацары акодтаиккой. Куыд зыны, афтӕмӕй Йереми хъуамӕ хъусын кодтаид ахсджиаг хабар!

5, 6. а) Йегъовӕ абон Йеремийы къордӕй куыд пайда кӕны? ӕ) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

5 Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ адӕмӕн радта хъахъхъӕнджыты – сӕрст чырыстӕтты, ома Йеремийы къорд. Сӕрст чырыстӕттӕ хъусын кӕнынц, ацы дуне Хуыцауы тӕрхон кӕй баййафдзӕн, уый тыххӕй. Бирӕ азты дӕргъы Йеремийы къорд адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ хъус дарой, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уымӕ (Йер. 6:17). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ фӕстиат нӕ кӕны. Йегъовӕйы бон ӕрцӕудзӕн йӕ афоныл, адӕм ӕнхъӕл кӕд не сты, уыцы сахат (Соф. 3:8; Мар. 13:33; 2 Пет. 3:9, 10).

6 Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр зонынц, Йегъовӕ тагъд зӕххыл ног дуне кӕй скӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарынц, хъусын кӕнынӕн сын бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад. Уый тыххӕй ныр тынг ахсджиаг у, цӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы тӕрхоны тыххӕй дзурӕм. Дӕуӕн та уый цӕуыл дзурӕг у? Йесо загъта, не ’ппӕт дӕр Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй хъуамӕ лӕууӕм. Ӕркӕсӕм-ма, Йеремийӕн цавӕр ӕртӕ миниуӕджы баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ хӕс сӕххӕст кодтаид ӕмӕ, уыцы миниуджытӕ махӕн дӕр куыд баххуыс кӕндзысты, уымӕ.

Адӕмы уарзын

7. Бамбарын кӕн, Йереми кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр ӕй уарзондзинад куыд разӕнгард кодта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ.

7 Йереми кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр ӕй цы разӕнгард кодта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ? Адӕмы кӕй уарзта, уый. Йереми зыдта, мӕнг фыййӕуттӕ адӕмы бирӕ фыдбылызты хай кӕй бакодтой (Йер. 23:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ дардта фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй йӕ бӕстӕйы адӕм Хуыцауы ныхӕстӕм байхъуыстаиккой, ӕмӕ удӕгасӕй баззадаиккой. Цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл афтӕ маст кодта, ӕмӕ-иу куыдта. (Бакӕс Йереми 8:21; 9:1.) Хъарджыты чиныгӕй зыны, Йереми Йегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ адӕмы бирӕ кӕй уарзта ӕмӕ сыл тынг кӕй мӕт кодта (Йер. хъ. 4:6, 9). «Ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» чи у, ахӕм адӕмы куы феныс, уӕд дӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар радзурай, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнай? (Матф. 9:36).

8. Йереми кӕд бирӕ мӕстытӕ бавзӕрста, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ фӕхъӕбӕр, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

8 Йеремийӕн бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодтой, баххуыс кӕнынмӕ кӕмӕн хъавыд, уыцы адӕм. Фӕлӕ сӕ йӕ маст никуы райста, стӕй йӕ зӕрдӕ дӕр нӕ фӕхъӕбӕр. Йереми уыди бирӕфӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Ахӕм зӕрдӕ дардта суанг фыдзонд паддзах Седекимӕ дӕр! Седеки Йеремийы марынвӕнд куы скодта, уӕд дӕр ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстаид (Йер. 38:4, 5, 19, 20). Йереми адӕмы куыд бирӕ уарзта, мах дӕр сӕ афтӕ уарзӕм?

Хуыцауӕй лӕвӕрд ныфсхастдзинад

9. Хуыцау Йеремийӕн ныфсхастдзинад кӕй радта, уый кӕцӕй зонӕм?

9 Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд фыццаг йӕ ныфс уыцы хъуыддагмӕ нӕ хаста. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, фӕстӕдӕр ӕм цы ныфсхастдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад уыди, уый йӕ туджы кӕй нӕ рахаста. Йереми пехуымпарӕй лӕггадгӕнгӕйӕ диссаджы хъӕбатырдзинад равдыста, ӕмӕ йӕм уыцы миниуӕг фӕзынд, йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дардта, уый фӕрцы. Йегъовӕ йемӕ уыд, «тас чи уадзы, ахӕм тыхджын ӕфсӕддонау» ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Стӕй йын хъарутӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ хӕс сӕххӕст кодтаид (Йер. 20:11). Адӕм иууылдӕр Йеремийы базыдтой ныфсхаст ӕмӕ хъӕбатыр адӕймагӕй. Ӕмӕ Йесойӕ йӕ ныфсхастдзинады ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Йереми райгас! (Матф. 16:13, 14).

10. Нӕ бон цӕмӕ гӕсгӕ у зӕгъын, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ «адӕмты ӕмӕ паддзахӕдты сӕргъы» ӕвӕрд сты?

10 Йегъовӕ «адӕмты Паддзах» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йеремийӕн бахӕс кодта, цӕмӕй адӕмтӕн ӕмӕ паддзахӕдтӕн йӕ тӕрхӕттӕ хъусын кодтаид (Йер. 10:6, 7). Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ сты «адӕмты ӕмӕ паддзахӕдты сӕргъы» ӕвӕрд? (Йер. 1:10). Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн хӕслӕвӕрд куыд радта, афтӕ Йеремийы къордӕн дӕр радта хӕслӕвӕрд. Иунӕг Стыр Хуыцау Йеремийы къордӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр адӕмтӕн ӕмӕ паддзахӕдтӕн йӕ тӕрхӕттӕ хъусын кӕной, Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы зӕххӕй бындзарӕй тынд кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ кӕй фесӕфдзысты. Ӕмӕ Хуыцау уый бакӕндзӕн, кӕй равзӕрста, уыцы мадзӕлтты фӕрцы. Ӕмӕ уыцы хабар хъусын кӕнгӕйӕ Йеремийы къорд пайда кӕны Хуыцауы Ныхасы сыгъдӕг ӕвзагӕй (Йер. 18:7–10; Рарг. 11:18). Йеремийы къорд никӕмӕй тӕрсы ӕмӕ Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ хъӕбатырӕй ӕгас дунейыл дӕр хъусын кӕны.

11. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр фӕндфидарӕй цӕй фӕрцы хъусын кӕндзыстӕм?

11 Адӕм нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, хорз хабармӕ уазалзӕрдӕ кӕй дарынц ӕмӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый тыххӕй хатт нӕ ныфс дӕр асӕтты (2 Кор. 1:8). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр Йеремийау хъусын кӕнӕм. Нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Ӕдзух Хуыцаумӕ кувӕм, нӕ зӕрдӕ йыл дарӕм, ӕххуыс дзы курӕм ӕмӕ дзы «ныфсджын» уӕм (1 Фес. 2:2). Ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнӕм, Хуыцау нын нӕ бар цы хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдон. Дарддӕр дӕр нӕ фӕндфидарӕй хъӕуы хъусын кӕнын, чырыстон дин кӕй фесӕфдзӕн, уый тыххӕй. Чырыстон диныл дӕр акӕндзӕн мӕнгард Иерусалимы бон. Йеремийы къорд хъусын кӕны канд «Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй» нӕ, фӕлӕ ма «нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй» дӕр (Ис. 61:1, 2; 2 Кор. 6:2).

Стыр цин

12. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йереми йӕ циндзинад мынӕг кӕнын нӕ уагъта ӕмӕ йын уымӕн сӕйраджыдӕр цы ӕххуыс кодта?

12 Йеремийӕн йӕ лӕггад хаста циндзинад. Йереми Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ ныхӕстӕ мӕм ӕрбахӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ бахордтон. Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном, о ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» (Йер. 15:16). Йереми йӕхицӕн стыр кадыл нымадта ӕцӕг Хуыцауы номӕй дзурын ӕмӕ йын йӕ ныхас хъусын кӕнын. Адӕм ыл кӕй худтысты, ууыл-иу ӕгӕр куы хъуыды кодта, уӕд-иу йӕ циндзинад бамынӕг. Фӕлӕ-иу йе ’ргом куы аздӕхта, Хуыцауы хабар куыд рӕсугъд ӕмӕ куыд ахсджиаг у, уӕд та-иу йӕ зӕрдӕ ногӕй цинӕй байдзаг (Йер. 20:8, 9).

13. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ цинӕй йедзаг уа, уый тыххӕй нӕхи «хъӕбӕр хӕринагӕй» цӕмӕн хъуамӕ ӕфсадӕм?

13 Цӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг циндзинад хӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ӕфсадӕм «хъӕбӕр хӕринагӕй» – Хуыцауы Ныхасы арф хъуыдытӕй (Дзут. 5:14). Библи цас лӕмбынӕгдӕр иртасӕм, уыйас нӕ уырнындзинад дӕр кӕны фидардӕр (Кол. 2:6, 7). Уый фӕрцы нӕ тынгдӕр фӕфӕнды хъуыды кӕнын, нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. Библи кӕсынӕн ӕмӕ нын йӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарын зын куы уа, уӕд нӕ нӕ царды хъӕуы цыдӕртӕ аивын. Алы бон дӕр Библи цалдӕр минуты дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ Йеремийау нӕ зӕрдӕ уыдзӕни рухс.

14, 15. а) Йереми йӕ хӕс фӕндфидарӕй кӕй ӕххӕст кодта, уый фӕрцы йын цы бантыст? ӕ) Хуыцауы адӕм хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй сӕ зӕрдыл цы дарынц?

14 Йереми фӕндфидарӕй хъусын кодта Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ, фӕлӕ дзы рох нӕ уыд йӕ хӕс – «аразын ӕмӕ садзын» (Йер. 1:10). Ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы бирӕ ӕнтыст. Н. э. размӕ 607 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ аирвӕзтысты. Мах дзы зонӕм рехавитты, Авдемелехы ӕмӕ Варухы (Йер. 35:19; 39:15–18; 43:5–7). Уыдон уыдысты Йеремийы ӕнувыд ӕмбӕлттӕ ӕмӕ иууылдӕр Хуыцауӕй тарстысты. Уыцы адӕм амонынц Йеремийы къордӕн се ’мбӕлттӕм, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Йеремийы къордӕн циндзинад хӕссы, «тынг бирӕ адӕмы» уырнындзинад кӕй фидар кӕнынц, уый (Рарг. 7:9). Афтӕ сӕрст чырыстӕтты ӕнувыд ӕмбӕлттӕ дӕр тынг цин кӕнынц, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, ууыл.

15 Хуыцауы адӕм ӕмбарынц, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ, канд адӕмӕн кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ ма Хуыцауӕн дӕр. Адӕм нӕм хъусынц ӕви нӕ, уӕддӕр, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, ома хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад (Пс. 71:23; бакӕс Ромӕгтӕм 1:9).

Дӕ хӕс ӕххӕст кӕн!

16, 17. Цы вазыгджын рӕстӕджы цӕрӕм, уый Раргомады 17:10 ӕмӕ Аввакумы 2:3 куыд ӕвдисынц?

16 Цы вазыгджын рӕстӕджы цӕрӕм, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Раргомады 17:10 стихы фыст пехуымпарадмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Ӕвдӕм паддзах, Англо-Америкаг дунеон паддзахад, фӕзынд нӕ рӕстӕджы. Уый тыххӕй кӕсӕм: «[Ӕвдӕм дунеон паддзахад] куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн». Ныхӕстӕ «бирӕ нӕ ахӕсдзӕн», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыцы рӕстӕг тагъд фӕуыдзӕн. Ацы фыддунейы кӕроны тыххӕй нын пехуымпар Аввакум дзуры ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ: «Ацы цӕстылуайӕн нырма хъуамӕ йӕ рӕстӕджы сӕххӕст уа. ...Ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3).

17 Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, цы рӕстӕджы цӕрын, уый кӕй ӕмбарын? Мӕ цард куыд аразын, уымӕй зыны, ацы дунейы кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнын? Ӕви мын цы пълӕнттӕ ис ӕмӕ мын царды сӕйрагдӕр цы у, уыдӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дунейы кӕронмӕ тагъд не ’нхъӕлмӕ кӕсын кӕнӕ ма дызӕрдыг дӕр кӕнын, кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл?»

18, 19. Ныр уыцы рӕстӕг цӕуылнӕ у, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм?

18 Хъахъхъӕнӕджы къорд йӕ куыст кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ кодта. (Бакӕс Йереми 1:17–19.) Куыд ӕхсызгон у, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон «ӕфсӕйнаг цӕджындзы» ӕмӕ «фидаргонд горӕты хуызӕн» ӕнӕфӕцудгӕ кӕй сты! Уыдон сӕ «астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвӕстой» – Хуыцауы Ныхасӕн уый бар радтой, цӕмӕй сӕ фидар кӕна, цалынмӕ сӕ хӕс кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кӕной, уӕдмӕ (Еф. 6:14). Йеремийы къордӕн зӕрдиагӕй чи ӕххуыс кӕны, уыцы тынг бирӕ адӕм дӕр ӕппӕт удӕй ӕххӕст кӕнынц, Хуыцау сын цы бахӕс кодта, уый.

19 Ныр уыцы рӕстӕг нӕу, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы ӕппӕт удӕй мауал архайӕм. Уый тыххӕй-ма Йеремийы 12:5 ӕркӕсӕм. (Бакӕс ӕй.) Не ’ппӕт дӕр зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕразондзинад. Нӕ фӕлварӕнтӕ абарӕн ис, дугъы «згъоргӕйӕ» адӕймаг иннӕтимӕ куыд фӕерыс кӕны, уыимӕ. Ӕмӕ, «стыр бӕллӕх» куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ нӕ зындзинӕдтӕ дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (Матф. 24:21). Разӕй нӕм цы карздӕр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны сӕрты хизын абарӕн ис «бӕхтимӕ дугъ кӕнынимӕ». Уый тыххӕй адӕймаджы хъӕуы бирӕ хъарутӕ, цӕмӕй йӕ бон уа дугъон бӕхтимӕ иумӕ лидзын. Гъемӕ абон хъуамӕ нӕ зындзинӕдтӕн фӕразӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕхи бацӕттӕ кӕндзыстӕм, разӕй нӕм чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы зындзинӕдтӕм.

20. Дӕ фидар фӕнд цы у?

20 Не ’ппӕты бон дӕр у Йеремийы фӕзмын ӕмӕ ӕнтыстджынӕй нӕ хӕс ӕххӕст кӕнын – хъусын кӕнын! Йеремийӕн уарзондзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ циндзинад баххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауӕн 67 азы иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодтаид. Рӕсугъд миндалбӕлас нын ууыл дзурӕг у, Йегъовӕ фынӕй кӕй нӕ кӕны, ӕмӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Йереми «фынӕй нӕ кодта» ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ ма бафынӕй уӕм.

Бахъуыды кодтай?

• Йеремийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ма бафынӕй уыдаид ӕмӕ йӕ хӕс сӕххӕст кодтаид?

• Хуыцауӕй лӕвӕрд ныфсхастдзинад нӕ цӕмӕн хъӕуы?

• Йеремийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уыдаид?

• Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй ма бафынӕй уай?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр дарддӕр хъусын кӕндзынӕ?