Дӕ фыдӕбӕттӕ уый аргъ сты!
Дӕ фыдӕбӕттӕ уый аргъ сты!
ЦӔМӔЙ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» хъомыл кӕной «ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой», уый тыххӕй хъуамӕ семӕ Библи ахуыр кӕной. Уыцы хъуыддаджы ма сын баххуыс кӕндзӕн бинонты ахуыр дӕр (Еф. 6:4). Кӕд дын цот ис, уӕд ӕй зондзынӕ, гыццыл сывӕллӕттӕ тагъд кӕй афӕлмӕцынц. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ сывӕллӕтты бацымыдис кӕнай? Ӕркӕсӕм, иуӕй-иу ныййарджытӕ цы фӕаразынц, уымӕ.
«Нӕ сывӕллӕттӕ къаддӕр куы уыдысты,– зӕгъы Джордж, цӕры штат Калифорнийы (АИШ),– уӕд мӕ бинойнагимӕ архайдтам, цӕмӕй-иу нӕ бинонты ахуыр хъӕлдзӕгӕй ацыдаид. Иуӕй-иу хатт-иу нӕ уӕлӕ скодтам, „Мӕ библион радзырдты чиныджы“ кӕй тыххӕй бакастыстӕм, уыцы адӕм цы дзаумӕттӕ дардтой, ахӕм дзаумӕттӕ, ӕмӕ-иу сӕ ролты хъазыдыстӕм. Сарӕзтам ма суанг хъаматӕ, скипетртӕ, чыргъӕдтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ. Хъазыдыстӕм ма ахӕм хъазтӕй дӕр, Библийӕ кӕй ӕвдисын, уый базон, зӕгъгӕ. Стӕй-иу кӕрӕдзимӕ Библийӕ лӕвӕрдтам алыхуызон хуымӕтӕг ӕмӕ зын фарстатӕ. Иу хатт та сарӕзтам Нойы нау. Ӕндӕр хатт та скодтам, Библийы хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уымӕн таблицӕ. Ныв ма-иу кодтам, Библи кӕй кой кӕны, уыцы адӕмы ӕмӕ хабӕрттӕ. Ӕрӕджы та сфӕнд кодтам, цӕмӕй нынныв кӕнӕм, Ефесӕгтӕм 6:11–17 цы хӕстон дзауматы тыххӕй ис фыст, уыдон. Ӕмӕ баныхас кодтам, цӕмӕй-иу уый фӕстӕ алчидӕр радзура, уыцы дзауматӕй чи цы нысан кӕны, уый. Уыдӕтты фӕрцы нӕ бинонты ахуыр алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕуы».
Иу мад та, Деби, зӕгъгӕ, цӕры штат Мичинагы (АИШ), афтӕ зӕгъы: «Нӕ чызгыл 3 азы бӕрц куы цыди, уӕд нӕ цардӕмбалимӕ нӕ сӕрӕн ницыуал зыдтам, цӕмӕй йӕ истӕмӕй бацымыдис кодтаиккам. Ӕмӕ иу бон, мӕ чызгӕн „Мӕ библион радзырдты чиныг“-ӕй Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы тыххӕй куы кастӕн, уӕд дыууӕ куклайы райстон ӕмӕ, цыма уыдон дзырдтой, афтӕ куклатӕй хъазыдтӕн, ӕмӕ мӕм мӕ чызг нымдзаст ис. Уымӕй фӕстӕмӕ уыцы дыууӕ куклайы чи нӕ уал уыдысты, ахӕм нал баззад. Чиныгӕй-иу исты радзырд куы кастыстӕм, уӕд-иу нӕ чызг уыцы куклатӕн райдыдта хӕдзар кӕнӕ ӕндӕр цыдӕртӕ агурын, цӕмӕй-иу, цы бакастыстӕм, уый ахъазыдаид. Нӕ чызджы-иу уромӕг нал урӕдта! Дзабырты къопп ӕмӕ нын сырх лентӕ систы Раавы хӕдзар сырх бӕндӕнимӕ. Цъылыны хъӕдыл-иу стыхтам даргъ хъазӕн калм, йӕ дӕргъ уыди 1,5 метры. Ӕмӕ-иу нын уыд, Нымӕцты 21:4–9 цы ӕрхуы калмы кой цӕуы, уый бӕсты. Йӕ хъазӕнтӕ ӕвӕрд сты стыр дзӕкъулы, ӕмӕ дзы нӕ чызг арӕх ныббыры ӕмӕ куы цы хъазӕн фӕагуры, куы цы хъазӕн. Тынг ӕхсызгон нын вӕййы нӕ чызгмӕ кӕсын, Библийӕ цы базоны, уый йӕхӕдӕг йӕхицӕн куы фӕхъазы, уӕд!»
Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу. Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ цотӕн бауарзын кӕной Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уый сӕ къухы бафтдзӕн, алы къуыри дӕр сын бинонты ахуыр куы уа ӕмӕ Библи куы ахуыр кӕной, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ фыдӕбӕттӕ уый аргъ сты!