Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕд бахъӕуы адӕймаджы ногӕй донаргъуыд райсын?
Донаргъуыд чырыстон, чи зоны, цавӕрдӕр уавӕрты хъуыды кӕна, донаргъуыд раст райста ӕви нӕ ӕмӕ йӕ фӕнда ногӕй донаргъуыд райсын. Зӕгъӕм, донаргъуыды размӕ адӕймаг басусӕг кодта, ӕнӕгъдау цард кӕй кӕны кӕнӕ ахӕм хъуыддаг сарӕзта, ӕмӕ донаргъуыд куы уыдаид, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой. Цымӕ ахӕм уавӕрты йӕ бон уыдаид Хуыцауӕн йӕхи снывонд кӕнын? Ахӕм адӕймаг йӕхи кӕй снывонд кодта, уый Йегъовӕйы цӕсты раст ӕрмӕстдӕр уӕд уыдаид, кӕд, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи уыд, уыцы хъуыддӕгтӕ уӕдмӕ ныууагъта. Кӕд сӕ нӕ ныууагъта ӕмӕ афтӕмӕй донаргъуыд райста, уӕд йӕ бон у ахъуыды кӕнын, ногӕй йӕ донаргъуыд райсын хъӕуы ӕви нӕ, ууыл.
Адӕймаг донаргъуыды размӕ нӕ, фӕлӕ уый фӕстӕ куы сараза тӕригъӕд ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты ӕвзарын куы хъӕуа, уӕд та куыд кӕнгӕ у? Чи зоны, ахӕм чырыстон зӕгъа, донаргъуыд куы иста, уӕд хорз кӕй не ’мбӕрста, цы арӕзта, уый ӕмӕ йӕ донаргъуыд раст кӕй нӕ уыд. Тӕригъӕд чи сарӕзта, ахӕм адӕймагимӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы ныхас кӕной, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ йын донаргъуыд райсын не ’мбӕлд ӕмӕ йӕ ма фӕрсой, йӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕны, Хуыцауӕн йӕхи кӕй снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд кӕй райста, уый раст уыди ӕви нӕ. Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕймаг байхъуыста, донаргъуыд цы нысан кӕны, уый фӕдыл раныхасмӕ. Нывонддзырд ӕмӕ донаргъуыды фӕдыл цы фарстатӕ раттынц, уыдонӕн дӕр разыйы дзуапп радта ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд райста. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, хорз кӕй ӕмбӕрста, цы арӕзта, уый ахсджиаг кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр донаргъуыд чырыстоныл нымайынц.
Кӕд адӕймаг дызӕрдыг кӕны, йӕ донаргъуыд раст кӕй у, ууыл, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, цӕмӕй йын йӕ хъус ӕрдарой, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы раздӕры номырты донаргъуыды фӕдыл цы фыст уыди, уымӕ ӕмӕ сӕ иумӕ равзарой. Адӕймаг йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ ногӕй донаргъуыд исын хъӕуы ӕви нӕ (зӕгъӕм, кӕд донаргъуыды рӕстӕг Библийы ахуырӕдтӕ хорз не ’мбӕрста, уӕд).
Чырыстӕттӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной, цалдӕр адӕймагимӕ сӕ иумӕ цӕрын куы бахъӕуа, уӕд?
Алкӕйдӕр хъӕуы цӕрӕнбынат. Фӕлӕ абон бирӕтӕн нӕй, кӕм цӕрой, уый. Цард зынӕй-зындӕр кӕй кӕны, бинонтӕй искӕй ӕнӕниздзинад кӕй фӕцуды кӕнӕ ӕндӕр истӕй тыххӕй иуӕй-иуты бахъӕуы стыр бинонты ’хсӕн кӕнӕ сӕ хӕстӕджытимӕ иумӕ цӕрын. Иуӕй-иу бӕстӕты афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ хиуӕттӕ фӕцӕрынц иу къомнӕты.
Йегъовӕйы организаци алы ӕмбырдӕн нӕ дӕтты бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, иумӕ кӕимӕ ис цӕрӕн, уый тыххӕй. Чырыстӕтты хъӕуы, Фыстады цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл ахъуыды кӕнын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын, цы адӕмимӕ ӕмӕ цы уавӕрты
цӕрдзысты, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ. Ӕркӕсӕм уыцы уагӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕм.Сӕйраджыдӕр ахъуыды кӕнын хъӕуы, кӕимӕ цӕрдзыстӕм, уыдон махыл дӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл дӕр куыд фӕзындзысты. Чи сты уыцы адӕм? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц? Апостол Павел фӕдзӕхста: «Ма рӕдийут: ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33).
Фыстад нын ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ кӕй у хӕтындзинады ныхмӕ (Дзут. 13:4). Раст нӕ уаид, ӕмкъӕйттӕ чи не сты, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг иу къомнӕты куы фынӕй кӕниккой, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Ӕнӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕмимӕ чырыстон иу хӕдзары нӕ цӕрдзӕн.
Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдоны ма Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй «дард лидзой хӕтындзинадӕй» (1 Кор. 6:18). Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, чырыстӕттӕ сӕхицӕн ахӕм цӕрӕнбынат куы равзарой, ӕнӕгъдау ми саразынӕй сын тӕссаг кӕм нӕ уыдзӕн. Зӕгъӕм, цалдӕр чырыстоны цӕрынц иу хӕдзары. Цавӕр тӕссаг уавӕртӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕзына? Афтӕ нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ ус ӕмӕ лӕг чи не сты, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕнӕнхъӕлӕджы дыууӕйӕ иумӕ баззайой? Кӕрӕдзи чи уарзы, ахӕм чызг ӕмӕ лӕппу иу хӕдзары куы цӕрой, уӕд уыдонӕн дӕр фӕрӕдийынӕй тӕссаг у. Ӕмбаргӕ чырыстон йӕхи ахӕм уавӕртӕй хъуамӕ хиза.
Чи ахицӕн, ахӕм лӕг ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ иу хӕдзары мауал цӕрой. Раздӕр ус ӕмӕ лӕджы цард кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын тӕссаг у фӕрӕдийынӕй (Ӕмб. 22:3).
Чырыстон ма хъуамӕ ахъуыды кӕна иу хъуыддагыл: «Уыцы хӕдзарӕй рацӕугӕ мӕ чи фена, уыдон цы зӕгъдзысты?» Чи зоны йӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ кӕм цӕры, уый хорз бынат у. Фӕлӕ адӕмӕн уый дам-думтӕ кӕныны ӕфсон куы фӕуа, уӕд уый хъуыдыйаг у. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы ном фӕхудинаг кӕнӕм. Павел уый тыххӕй афтӕ загъта: «Къуылымпыйы хос ма ут нӕдӕр дзуттӕгтӕн, нӕдӕр грекъӕгтӕн, ӕмӕ нӕдӕр Хуыцауы ӕмбырдӕн, ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ – мӕхи пайдайыл нӕ хъуыды кӕнын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой» (1 Кор. 10:32, 33).
Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕнцон нӕ вӕййы, алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдуыл кӕм уа, ахӕм цӕрӕнбынат ссарын. Фӕлӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ «ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕной, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» – хъуамӕ зоной, кӕм цӕрынц, уым ӕнӕгъдау митӕ кӕй нӕй (Еф. 5:5, 10). Уый тыххӕй та сӕ хъӕуы Хуыцауӕй разамынд курын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй кӕрӕдзийы хӕрзӕбоныл тыхсой ӕмӕ Йегъовӕйы номӕн кад хӕссой.