Рӕстдзинады мыггаг тыд цӕуы дард рӕтты
Рӕстдзинады мыггаг тыд цӕуы дард рӕтты
РЕСПУБЛИКӔ Тува ис Уӕрӕсейы, Сыбыры хуссарырдыгӕй. Тувайӕ хуссар ӕмӕ хурыскӕсӕнырдыгӕй та ис Монголи. Тувинӕгтӕй бирӕтӕ цӕрынц гыццыл хъӕуты. Паддзахады хъусынгӕнджытӕн уырдӕм ӕнцон бахауӕн нӕ вӕййы. Фӕлӕ ӕрӕджы сӕйраг горӕт Кызылмӕ семинармӕ фӕхуыдтой бирӕ специалистты республикӕйы алы къуымтӕй. Уыцы семинары тыххӕй базыдта Мария – Кызылы лӕггад кӕны пионерӕй. Уый бамбӕрста, диссаджы фадат ын кӕй фӕзынд, цӕмӕй уыцы адӕмӕн хорз хабар фехъусын кодтаид.
Мария хабӕрттӕ дзуры: «Ахуыргӕнӕгӕй цы скъолайы кусын, уым хъуамӕ уыдаид семинар, фӕсивӕдӕн нозт ӕмӕ наркотиктӕ цы зиан хӕссынц, уый фӕдыл. Тувайы дард районтӕй нӕм хъуамӕ ӕрцыдаид 50 адӕймаджы бӕрц: ахуыргӕнджытӕ, психологтӕ, ӕнахъом сывӕллӕтты хъуыддӕгтӕ чи ’взары, уыцы инспектортӕ ӕмӕ ӕндӕр специалисттӕ». Марияйӕн хорз фадат фӕзынд рӕстдзинад тыххӕй радзурынӕн, фӕлӕ тыхсгӕ дӕр кодта. Йӕ ныхас дарддӕр кӕны: «Ӕз тынг ӕфсӕрмыгӕнаг дӕн ӕмӕ мын ӕнӕнхъӕлӕджы адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд мын зын вӕййы хъусын кӕнын. Фӕлӕ ӕз Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдтон, цӕмӕй мӕ бафидар кодтаид ӕмӕ мӕ бон суыдаид уыцы адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнын». Цымӕ йын исты бантыст?
Мария дарддӕр дзуры: «Ӕз ссардтон „Райхъал ут!“, адӕймаг цӕмӕйдӕрты куы фӕтӕрсы, уыцы низы тыххӕй дзырд кӕм цыди, уыцы номыр. „Ацы журнал психологы ӕнӕмӕнг бацымыдис кӕндзӕн“,– ахъуыды кодтон ӕз ӕмӕ йӕ мемӕ скъоламӕ ахастон. Уыцы бон мӕм кабинетмӕ бацыд, семинармӕ чи ӕрцыд, иу ахӕм ахуыргӕнӕг ӕмӕ йын журнал радтон. Ӕхсызгонӕй йӕ айста ӕмӕ ма мын афтӕ дӕр загъта, йӕхӕдӕг дӕр уыцы низӕй рынчын кӕй у. Иннӕ бон та йын ӕрбахастон чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы», 1 том. Уый дӕр зӕрдиагӕй айста. Хорз цӕстӕй мӕм кӕй ракаст, уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, чи зоны, иннӕ ахуыргӕнджыты дӕр бахъӕуа ахӕм чиныг. Уымӕ гӕсгӕ дыккаг бон скъоламӕ ӕрбахастон ӕнӕхъӕн къопп чингуытимӕ „Вопросы молодежи“ ӕмӕ ӕндӕр публикацитимӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр дзы ницыуал аззади. Мария дзуры, хабар куыд уыди, уый: «„Вопросы молодежи“ кӕмӕн радтон, уыцы ахуыргӕнӕгӕн йе ’мкусджытӕй цалдӕр мӕ кабинетмӕ ӕрбахостой ӕмӕ мӕ бафарстой: „Чингуытӕ та кӕм дӕттынц?“» Уыдон нӕ фӕрӕдыдысты!
Семинары фӕстаг бон уыд сабат. Мария уыцы бон нӕ куыста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ литературӕ йӕ кабинеты стъолтыл ныууагъта ӕмӕ фӕйнӕгыл ныффыста: «Зынаргъ ахуыргӕнджытӕ! Уӕ бон у литературӕ райсын уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ зонгӕтӕн дӕр. Ацы диссаджы публикацитӕ уын баххуыс кӕндзысты куысты дӕр ӕмӕ уӕ бинонты царды дӕр». Дарддӕр цы ’рцыд? «Уыцы бон мӕ кабинетмӕ куы бацыдтӕн, уӕд федтон, литературӕйӕн йӕ фылдӕр кӕй ахастой. Тагъд-тагъд нӕхимӕ ауадтӕн ӕмӕ ма ӕрбадавтон ноджыдӕр чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ. Семинары кӕронмӕ Мария апарахат кодта 380 журналы, 173 чиныджы ӕмӕ 34 брошюрӕйы. Семинары чи уыди, уыдон Тувайы дард рӕттӕм – кӕм цӕрынц ӕмӕ кӕм кусынц, уырдӕм – фӕстӕмӕ куы аздӕхтысты, уӕд уыцы литературӕ дӕр аластой семӕ. Мария зӕгъы: «Тынг цин кӕнын, рӕстдзинады мыггӕгтӕ Тувайы дард рӕтты дӕр тыд кӕй ӕрцыдысты, ууыл!» (Еккл. 11:6).
[Картӕ 32 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
УӔРӔСЕ
РЕСПУБЛИКӔ ТУВА