Ӕххуыс кӕн, Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕн
Ӕххуыс кӕн, Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕн
«Мӕ циныл мын фӕцин кӕнут, мӕ сӕфт фысы ссардтон» (ЛУК. 15:6).
1. Чырысти уарзӕгой фыййау кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг?
ЙЕГЪОВӔЙЫ иунӕггуырд фырт Йесо Чырыстийы Библи хоны «фыстӕн се стыр фыййау» (Дзут. 13:20). Фыстады раджы ӕрцыд фыст, Чырысти зӕхмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Фыст ма дзы уыди, Йесо кӕй уыди, Израилы «сӕфт фысты» чи агуырдта, уыцы диссаджы Фыййау (Матф. 2:1–6; 15:24). Уымӕй уӕлдай, хорз фыййау йӕ фысты сӕрвӕлтау йӕ уд куыд дӕтты, афтӕ Йесо дӕр йӕ цард нывондӕн ӕрхаста фысау сабыр адӕмы сӕрвӕлтау. Уыцы адӕм та сты, йӕ нывондӕй чи пайда кӕны, уыдон (Иоан. 10:11, 15; 1 Иоан. 2:1, 2).
2. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты?
2 Хъыгагӕн, Йесойы нывондӕн чи аргъ кодта ӕмӕ йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕмбырдтӕм нал цӕуынц. Уыдонӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ ныфс кӕй асасти, се ’нӕниздзинад сӕ хъыгдарын кӕй райдыдта, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр аххосӕгты тыххӕй сӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг ис ӕмӕ ӕрлӕмӕгъ сты. Фӕлӕ Хуыцауы дзуджы куы нӕ уой, уӕд, Давид 23-ӕм псаломы цы удӕнцой ӕмӕ амонды кой кӕны, уый никуы банкъардзысты. Давид зарыд: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн» (Пс. 23:1). Хуыцауы дзуджы чи ис, уыдонӕн алцыдӕр ис, цӕмӕй се Сфӕлдисӕгимӕ ’ввахс хӕлӕрттӕ уой. Фӕлӕ чи адзӕгъӕл, уыцы фыстӕ уыцы амондӕй хайджын не сты. Кӕй бон сын у баххуыс кӕнын? Куыд сын ис баххуыс кӕнӕн? Цы ис саразӕн, цӕмӕй фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхой?
Кӕй бон сын у баххуыс кӕнын?
3. Хуыцауы фыстӕй чи фесӕфт, уыдон фервӕзын кӕнынӕн цы хъӕуы, уый Йесо куыд равдыста?
3 Хуыцауы фыстӕй чи фесӕфт, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕнынӕн хъӕуы бафыдӕбон кӕнын (Пс. 100:3). Йесо уый равдыста ахӕм цӕвиттонӕй: «Искӕмӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ дзы иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы хӕхтыл нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн? Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд, зӕгъын уын, чи нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нӕуӕдз фараст фысӕй ууыл тынгдӕр цин кӕндзӕн. Афтӕ мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:12–14). Кӕй бон у баххуыс кӕнын, дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы адӕмӕн?
4, 5. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Хуыцауы дзугмӕ цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
Пс. 79:13). Уыдон Хуыцауы цӕсты сты зынаргъ ӕмӕ сыл хъӕуы аудын. Уый нысан кӕны, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзы алкӕуыл дӕр зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ тыхсой. Стыр ӕххуыс вӕййы, кӕй сӕ фӕбӕрӕг кӕнынц ӕмӕ хорз хӕлӕрттау семӕ кӕй фӕныхас кӕнынц, уый. Уарзгӕйӕ сын сӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад, чи зоны, фӕфидар уа ӕмӕ сӕ тынгдӕр бафӕнда дзугмӕ ӕрбаздӕхын (1 Кор. 8:1).
4 Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгты, чи адзӕгъӕл, уыцы фыстӕн баххуыс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, Хуыцауы дзуг кӕй у, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕмы ӕмбырд – о, уыдон сты, Хуыцау кӕй хизы, уыцы фыстӕ (5 Хуыцауы дзуджы фыййӕуттӕ хӕсджын сты, цӕмӕй, чи адзӕгъӕл, уыцы фысты агурой ӕмӕ сын стӕй ӕххуыс кӕной. Апостол Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, куыд фыййӕуттӕ, афтӕ сыл цы хӕстӕ ис, уый: «Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕгас дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ сыгъдӕг уд сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизат Хуыцауы ӕмбырд,– йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы ӕмбырд» (Ап. хъ. 20:28). Афтӕ апостол Петр дӕр сӕрст хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕдзӕхста: «Хизут Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй; Хуыцауы бынтыл уӕхи хицӕуттӕ ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:1–3).
6. Хуыцауы фыстыл абон цӕмӕн хъӕуы уӕлдай тынгдӕр аудын?
6 Чырыстон фыййӕуттӕ хъуамӕ фӕзмой «хорз фыййау» Йесойы (Иоан. 10:11). Уый тынг тыхсти Хуыцауы фыстыл ӕмӕ сыл аудын кӕй хъӕуы, уый ирдӕй равдыста, Симон Петрӕн, хиз мын мӕ уӕрыччыты, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд. (Бакӕс Иоанны 21:15–17.) Уӕлдай тынгдӕр та фыстыл абон хъӕуы аудын, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг ныры хуызӕн никуы архайдта, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдоны иузӕрдиондзинад фӕцудын кӕныныл. Сайтан пайда кӕны адӕймаджы лӕмӕгъдзинӕдтӕй ӕмӕ ацы дунейӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы фысты тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл бафтауа (1 Иоан. 2:15–17; 5:19). Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны ӕнцондӕрӕй ис фӕцудын кӕнӕн, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй ӕххӕст кӕной ацы уынаффӕ, «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсут», зӕгъгӕ (Гал. 5:16–21, 25). Ахӕм фыстӕн баххуыс кӕныны тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс дарӕм, йӕ сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм (Ӕмб. 3:5, 6; Лук. 11:13; Дзут. 4:12).
7. Куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сӕ бӕрны чи ис, уыцы фысты хизой?
7 Рагон Израилы-иу фыййаумӕ уыди даргъ лӕдзӕг, йӕ кӕрон-иу уыд къӕдз. Фыстӕ-иу «кӕртмӕ» мидӕмӕ кӕнӕ та-иу ӕддӕмӕ куы цыдысты, уӕд-иу уыцы къӕдз лӕдзӕджы бынты хызтысты ӕмӕ-иу сӕ фыййау афтӕмӕй банымадта (Лев. 27:32; Мих. 2:12; 7:14). Чырыстон фыййау дӕр хъуамӕ зона ӕмӕ йӕ хъус дара Хуыцауы дзугӕй алкӕмӕ дӕр. (Абар Ӕмбисӕндты 27:23.) Уымӕ гӕсгӕ, дзуг хизын у, хистӕр нӕлгоймӕгты совет кӕуыл фӕныхас кӕны, ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕй иу. Уыцы совет аскъуыддзаг кӕны, куыд ис баххуыс кӕнӕн, чи адзӕгъӕл, уыцы фыстӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, кӕй агурдзӕн йӕ фысты ӕмӕ сӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъӕуа, уымӕй сӕм кӕй фӕкӕсдзӕн (Иез. 34:11). Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр афтӕ куы фӕархайынц, цӕмӕй, чи адзӕгъӕл, уыдонӕн фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕной.
8. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй алы фысыл дӕр сӕрмагондӕй тыхсой?
8 Чырыстӕттӕй исчи рынчын куы вӕййы, уӕд ын Хуыцауы дзуджы фыййауы бацыд вӕййы цин ӕмӕ ныфсы хос. Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм адӕймаджы дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы бабӕрӕг кӕнынц, сӕрмагондӕй йыл куы батыхсынц, уӕд уымӕн дӕр уый цин ӕмӕ ныфсы хос фӕвӕййы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмӕ йын Библийӕ стихтӕ бакӕсой, исты статьяйыл кӕнӕ, ӕмбырды цы хорз хъуыдытӕ уыд, уыдоныл аныхас кӕной, йемӕ скувой ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Сӕ бон ын у зӕгъын, ӕмбырды иннӕтӕн дӕр йӕ фенд ӕхсызгон кӕй уыдзӕн (2 Кор. 1:3–7; Иак. 5:13–15). Чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм адӕймаджы хатт тынг бафидар кӕны, исчи йӕ куы абӕрӕг кӕны, телефонӕй йӕм куы бадзуры кӕнӕ йӕм фыстӕг куы ныффыссы. Фӕлмӕнзӕрдӕ фыййау йӕхӕдӕг дӕр тынг фӕцин кӕны, дзугӕй чи фӕиппӕрд, ахӕм фысӕн куы феххуыс кӕны, уӕд.
Не ’ппӕты бон дӕр сын у ӕххуыс кӕнын
9, 10. Чи адзӕгъӕл, уыцы фыстыл хъуыды кӕнын ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс цӕуылнӕ у?
9 Абон рӕстӕг у тынг уӕззау ӕмӕ иууылдӕр стӕм тынг ӕнӕвдӕлон. Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ ма бафиппайӕм, не ’мчырыстӕттӕй кӕйдӕр ӕмбырдӕй иуварс кӕй фӕхӕссы (Дзут. 2:1). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ фысты бирӕ уарзы. Адӕймагӕн йӕ буары уӕнгтӕй алкӕцыдӕр куыд зынаргъ у, афтӕ алы чырыстон та зынаргъ у Йегъовӕйӕн. Уӕдӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм не ’фсымӕртыл ӕмӕ кӕрӕдзийыл зӕрдӕйӕ тыхсӕм (1 Кор. 12:25). Ды дӕр афтӕ кӕныс?
10 Чи адзӕгъӕл, уыцы фысты агурын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын сӕйраджыдӕр хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс у. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уый цӕстдарджыты йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй хӕс у. Иннӕтӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фыййӕутты фарсмӕ балӕууой. Махӕн нӕ бон дӕр у ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй, дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыцы ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Куыд ис уый аразӕн?
11, 12. Цӕмӕй, чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм чырыстонӕн ӕххуыс кӕнай, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цавӕр кадджын хӕс у дӕуӕн бахӕс кӕнын?
11 Хатт хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн бахӕс кӕнынц, цӕмӕй Библи ахуыр кӕной, чи ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ ӕххуыс чи агуры, ахӕмтимӕ. Уыдӕттӕ арӕзт цӕуынц, цӕмӕй, уыцы адӕммӕ «райдианы... цы уарзондзинад уыд», уый та ногӕй сӕ зӕрдӕты ссудза (Рарг. 2:1, 4). Ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн, ӕмбырдмӕ куы нӕ цыдысты, уыцы рӕстӕг фембӕлдты цы ӕрмӕг цыд ӕвзӕрст, ууыл семӕ куы ныхас кӕной.
12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын куы зӕгъой, цӕмӕй, ӕххуыс кӕй хъӕуы, ахӕм чырыстонимӕ Библи ахуыр кӕнай, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын разамынд ратта ӕмӕ дын дӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕна. Ӕцӕгдӕр, «дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты» (Ӕмб. 16:3). Хъуыды кӕн, цавӕр хъуыдытӕй кӕнӕ Библийӕ цавӕр стихтӕй у дӕ бон спайда кӕнын, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм адӕймагимӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд. Уыцы хъуыддаджы хорз цӕвиттон ныууагъта апостол Павел. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.) Павел тынг бӕллыд Ромы чырыстӕтты фенынмӕ, цӕмӕй сын, «сӕ уырнындзинадӕн ахъаз чи фӕуыдаид, уыцы хорздзинӕдтӕй бахай кодтаид ӕмӕ сфидар уыдаиккой». Уый ма тынг бӕллыд, кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй куыд бафидар уыдаиккой, уымӕ дӕр. Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фыстӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр хъуамӕ ахӕм зӕрдӕйы уаг ма уа?
13. Чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм адӕймагимӕ дӕ бон аныхас кӕнын цӕуыл у?
13 Ахуыры рӕстӕджы дӕ бон у, чи ӕрлӕмӕгъ, уый бафӕрсын, рӕстдзинад куыд базыдтай, зӕгъгӕ? Зӕгъ ын, цӕмӕй дын радзура, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ йыл цы хорз хабӕрттӕ Иак. 4:8). Зӕгъ ын, куыд бузныг дӕ Йегъовӕйӕ, махыл, йӕ адӕмыл, кӕй тыхсы, уый тыххӕй – уӕлдайдӕр та нын нӕ зындзинӕдты удӕнцой кӕй дӕтты ӕмӕ нӕ ныфс кӕй уадзы (Ром. 15:4; 2 Кор. 1:3, 4).
’рцыд, уыдӕттӕ, зӕгъӕм, ӕмбырды, уацамынды ӕмӕ конгрессты. Кӕд Йегъовӕйӕн раздӕр иумӕ лӕггад кодтат, уӕд ын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, уыцы рӕстӕг куыд хорз уыд, уый. Радзур ын, куыд цин кӕныс, Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕныс, ууыл (14, 15. Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн сӕ раздӕры арфӕдзинӕдтӕй хорз цы уаид сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын?
14 Чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕн ма ноджыдӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, йӕ зӕрдыл ын куы ӕрлӕууын кӕнай, фембӕлдтӕ куы нӕ цух кодта, уӕд цы арфӕдзинӕдтӕй уыд хайджын. Зӕгъӕм, хуыздӕр ӕмбарын райдыдта Хуыцауы Ныхас ӕмӕ Хуыцауы фӕндтӕ (Ӕмб. 4:18). Хуыцауы сыгъдӕг уды коммӕ куы каст, уӕд ын тӕригъӕды ныхмӕ фӕлӕууын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыд ӕнцондӕр (Гал. 5:22–26). Йӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Йегъовӕмӕ кувын, стӕй хайджын уыд «Хуыцауы фарнӕй, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уымӕй» (Фил. 4:6, 7). Адӕттӕ дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕн фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕнай. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:4.)
15 Зӕгъӕм, ды дӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ бӕрӕг кӕныс, чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм лӕг ӕмӕ усы. Дӕ бон сын уаид зӕгъын, цӕмӕй дын радзурой, Хуыцауы Ныхасӕй рӕстдзинад куы базыдтой, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Куыд цин кодтой уӕд рӕстдзинадыл, куыд раст дзы уыд алцыдӕр, куыд ӕхсызгон уыд зӕрдӕйӕн ӕмӕ сӕ цас цӕмӕйдӕрты ссӕрибар кодта! (Иоан. 8:32). Куыд бузныг уыдысты Йегъовӕйӕ, цавӕр Хуыцау у, куыд уарзӕгой у ӕмӕ йӕм цы диссаджы фӕндтӕ ис, уый куы базыдтой, уӕд! (Абар Лукайы 24:32.) Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕйӕн нывонддзырд чи радта, уыдонӕн цӕй диссаджы фадат ис, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой ӕмӕ йӕм кувой. Чи ӕрлӕмӕгъ ис, уыдоны зӕрдиагӕй сразӕнгард кӕн, цӕмӕй та ногӕй сӕ зӕрдӕ раздахой, «амондджын Хуыцау [Йегъовӕйӕ] чи цӕуы, уыцы диссаджы хорз хабармӕ» (1 Тим. 1:11).
Тав сӕ дӕ уарзондзинадӕй
16. Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын ӕнӕпайда хъуыддаг кӕй нӕу, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
16 Цымӕ ацы уынаффӕтӕ ӕцӕгдӕр исты пайда сты? Куыннӕ ма! Зӕгъӕм, иу лӕппу 12-аздзыдӕй сси хъусынгӕнӕг, 15 азы йыл куы цыд, уӕд та ӕрлӕмӕгъ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ ныр 30 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг. Йӕ уырнындзинад сфидар, иу хистӕр нӕлгоймаг ын кӕй баххуыс кодта, уый фӕрцы. Куыд тынг бузныг дзы у уыцы ӕфсымӕр!
17, 18. Цавӕр миниуджытӕ дӕ хъӕуы, цӕмӕй дӕ бон баххуыс кӕнын уа, Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, ахӕм адӕймагӕн?
17 Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ногӕй ӕмбырдмӕ раздӕхынӕн ӕххуыс кӕнынмӕ чырыстӕтты разӕнгард кӕны уарзондзинад. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоан. 13:34, 35). О, ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕрӕг сты сӕ уарзондзинадӕй. Уӕдӕ, чи ӕрлӕмӕгъ, уыцы донаргъуыд чырыстӕтты хъуамӕ ахӕм уарзтӕй ма уарзӕм? Ӕнӕмӕнгӕй! Фӕлӕ сын цӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй ма нӕм хъуамӕ уа ӕндӕр чырыстон миниуджытӕ дӕр.
18 Цавӕр миниуджытӕ дӕм хъуамӕ уа, цӕмӕй дӕ бон баххуыс кӕнын уа, Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, ахӕм адӕймагӕн? Уарзондзинадӕй дарддӕр ма хъуамӕ искӕй зындзинад Кол. 3:12–14).
ӕмбарай, уай хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Чи зоны дӕ бахъӕуа, цӕмӕй уай хатыргӕнаг дӕр. Павел фыста: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут уӕ кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Кӕд-иу уӕ иу иннӕмӕ истӕуыл хӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд ӕмӕ-иу ын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕд. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнут. Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (19. Фысау сабыр адӕмӕн дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн ӕххуыс кӕнын дзӕгъӕлы цӕуылнӕ у?
19 Иннӕ статьяйы нӕ ныхас уыдзӕн, иуӕй-иутӕ Хуыцауы дзугӕй цӕмӕн адзӕгъӕл сты, ууыл. Дзырд ма дзы цӕудзӕн, чи ӕрбаздӕхт, уыдонмӕ нӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, ууыл дӕр. Ацы дыууӕ статьяйы фӕрцы бамбардзынӕ, фысау сабыр адӕмӕн фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕныны тыххӕй цыфӕнды ма бафыдӕбон кӕнай,– уый дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн. Ацы дунейы адӕмӕй бирӕтӕ сӕ цард снывонд кӕнынц мулк ӕмбырд кӕнынӕн. Фӕлӕ иу адӕймаджы цард дӕр ӕгас дунейы ӕхцатӕй дӕр бирӕ зынаргъдӕр у. Йесо уый равдыста фӕсномыг ныхасӕй сӕфт фысы тыххӕй (Матф. 18:12–14). Уыцы хъуыды алкӕддӕр дӕ зӕрдыл лӕууӕд ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ӕххуыс кӕн, Йегъовӕйы зынаргъ фыстӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕн фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фысты тыххӕй чырыстон фыййӕуттыл цавӕр хӕс ис?
• Абон ӕмбырдмӕ чи нӕ цӕуы, уыдонӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
• Цавӕр миниуджытӕ дӕ хъӕуы, цӕмӕй дӕ бон баххуыс кӕнын уа, Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 10 фарсыл]
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕн