Хорз хабар хӕссӕм Андӕты цъуппытӕм
Хорз хабар хӕссӕм Андӕты цъуппытӕм
ӔСТДӔС адӕймагӕй хуыссыдыстӕм пъолыл иу гыццыл зӕхбын хӕдзары. Нӕ хуыссӕн голджыты фыруазалӕй зыр-зыр кодтам ӕмӕ, тӕрккъӕвда нӕ сӕрмӕ зест куыд хоста, уымӕ хъуыстам. Хъуыды кодтам, цымӕ ма мах йеддӕмӕ ацы хӕдзары бахсӕвиуат кӕнынмӕ искуы исчи йӕ ныфс бахаста.
Цӕмӕн ссыдыстӕм уырдӕм? Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нӕ хорз хабар фехъусын кӕнын кӕй фӕнды «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8; Матф. 24:14). Раст уый тыххӕй ацыдыстӕм Боливийы Андӕты дард хъӕутӕм.
Нӕ балц райдыдта
Нӕ фӕндаг ӕнцон нӕ уыд. Куыд базыдтам, афтӕмӕй автобустӕ алы хатт сӕ рӕстӕгмӕ гӕсгӕ нӕ цыдысты. Цы автобусы цыдыстӕм, уый уыди тынг гыццыл ӕмӕ нӕ кӕйдӕрты бахъуыд лӕугӕйӕ цӕуын. Фӕлӕ уӕддӕр иууылдӕр бынатмӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ стӕм.
Нӕ нысан уыд, Боливийы Андӕты хохаг хъӕуты чи цӕры, уыцы адӕмимӕ аныхас кӕнын. Автобусӕй куы рахызтыстӕм, уӕд нӕ хӕссинӕгтӕ не ’ккой скодтам, ӕмӕ нарӕг хӕххон къахвӕндагыл кӕрӕдзи фӕдыл арӕхстгай схӕрд кодтам.
Хъӕуты бирӕ хӕдзӕрттӕ нӕ уыди, фӕлӕ кӕрӕдзийӕ уыдысты дард. Уымӕ гӕсгӕ-иу, цӕмӕй иу хъӕуыл ӕрзылдаиккам, уый тыххӕй-иу нӕ
бахъуыд цалдӕр сахаты. Фӕлӕ-иу цасфӕнды ма фӕцыдаиккам, уӕддӕр та ма-иу кӕмдӕр разынд ноджыдӕр иу хӕдзар. Уыцы гакъон-макъон хӕххон къахвӕндӕгтыл-иу арӕх дзӕгъӕл дӕр фестӕм.«Нырмӕ кӕм уыдыстут?»
Иу сылгоймагмӕ тынг диссаг фӕкаст, ахӕм дард ранӕй кӕй ссыдыстӕм, уый ӕмӕ нын бар ратта, цӕмӕй йын йӕ хӕдзары нӕхицӕн хӕринаг сфыхтаиккам, уымӕй дӕр йӕхи сугтыл! Иу нӕлгоймаг та, Библийы мӕрдты тыххӕй цы фыст ис, уый куы базыдта, уӕд нын афтӕ бакодта: «Нырмӕ кӕм уыдыстут?» Цы фехъуыста, уый йӕ афтӕ тынг бацымыдис кодта, ӕмӕ, сӕ хъӕуӕй куы цыдыстӕм, уӕд уый дӕр немӕ рацыд ӕмӕ ма нӕ фӕндагыл дӕр цӕмӕйдӕрты фарста. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй хъусгӕ дӕр чи никуы фӕкодта, иу ахӕм нӕлгоймаджы зӕрдӕмӕ та тынг фӕцыд нӕ литературӕ. Бирӕ нын фӕарфӕтӕ кодта ӕмӕ нӕ уыцы ӕхсӕв сӕхицӕй нал рауагъта.
Иу ӕхсӕв та афтӕ талынг уыди, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтам, нӕ пъалаткӕ стыр сау мӕлдзгуыты губаккы сӕрмӕ куыд сӕвӕрдтам, уый. Мӕлдзгуытӕ ныл уайтагъд сӕхи ныццавтой ӕмӕ нӕ ӕлхысчъытӕ кӕнын райдыдтой. Ӕгӕр фӕллад куы нӕ уыдаиккам, уӕд нӕ бынат бӕргӕ аивтаиккам. Нӕ амондӕн нӕ гыццыл фӕстӕдӕр мӕлдзгуытӕ нал тыхсын кодтой.
Зӕххыл хуыссынӕй-иу фыццаг нӕ фӕсонтӕ ӕмӕ нӕ фӕрстӕ гыццыл рыстысты, фӕлӕ стӕй сахуыр стӕм. Уыдӕттӕ-иу нӕ иууылдӕр ӕрбайрох сты, куы-иу ӕрбарухс ӕмӕ-иу нӕ алыварс ӕрдзмӕ куы акастыстӕм, уӕд: адӕймаджы къах кӕм никуыма ’рлӕууыд, уыцы дӕлвӕзты сӕрмӕ ленк кодтой урс мигъы къуымбилтӕ, бӕрзонд хӕхты
цъуппытыл хурмӕ ӕрттывта урс-урсид мит. Суадоны хӕл-хӕл ӕмӕ цъиуты цъыбар-цъыбур рӕвдыдтой адӕймаджы хъус.Суадоны донӕй-иу нӕхи ныхсадтам, стӕй-иу иумӕ ӕрвылбоны стих бакастыстӕм, аходӕн-иу бахордтам ӕмӕ та-иу сабыргай уӕлӕмӕ иннӕ хъӕутӕм араст стӕм. Нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд. Иухатт фембӕлдыстӕм иу ацӕргӕ сылгоймагыл. Библийы йын Хуыцауы ном, Йегъовӕ, куы равдыстам, уӕд йӕ цӕссыгтӕ ’ркалдысты. Йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Ныр Хуыцаумӕ кувдзӕн йӕ номӕй!
Иу ацӕргӕ нӕлгоймаг загъта, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы зӕрдыл ӕрлӕууыдтӕн, ӕмӕ фырцинӕй азарыд зарӕг, зӕдтӕ нӕ кӕй рарвыстой, уый тыххӕй. Хъӕуы цард, йӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ дӕр чи нӕ хызт, иу ахӕм рынчын нӕлгоймаг. Куы йӕм бацыдыстӕм, уӕд нын загъта, йӕ сыхӕгтӕй йӕм йӕ дуары къӕсӕрӕй дӕр кӕй никуы ничи бакаст. Тынг диссаг ӕм фӕкаст, суанг Ла-Пасӕй кӕй рараст стӕм, уый. Ӕндӕр нӕлгоймаг та тынг бадис кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм кӕй цӕуынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ иннӕ динтӕ адӕмы сӕхимӕ фӕхонынц сӕ аргъуанты дзӕнгӕрджыты цагъдӕй.
Уыцы хъӕуты электрон рухс кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ адӕм схуыссынц, куы баталынг вӕййы, уӕд. Стгӕ та скӕнынц боныцъӕхты. Уӕдӕ-иу цӕмӕй адӕмы сӕ хӕдзӕртты баййӕфтаиккам, уый тыххӕй-иу хъусын кӕнын райдыдтам райсомы ’хсӕз сахатыл, уымӕн ӕмӕ-иу стӕй сӕ фылдӕр ацыдысты сӕ быдыртӕм. Быдыры-иу чи куыста, уыдон-иу сӕ куыст фӕуагътой, цӕмӕй сын Хуыцауы Ныхасӕй цы хабар хъусын кодтам, уымӕ байхъуыстаиккой ӕмӕ-иу сӕ галтӕ дӕр иу гыццыл аулӕфыдаиккой. Хӕдзары-иу кӕй баййӕфтам, уыдонӕн-иу сӕ фылдӕр бинонты иууылдӕр амбырд кодтой, фысдзӕрмттӕ нын-иу бадынмӕ айтыдтой ӕмӕ-иу сӕхӕдӕг дӕр нӕ фарсмӕ ’рбадтысты, цӕмӕй нӕм-иу байхъуыстаиккой. Иуӕй-иутӕ нӕ-иу нӕ литературӕйы тыххӕй афтӕ тынг фӕбузныг сты, ӕмӕ-иу нын нартхоры голджытӕ радтой.
«Нӕ мӕ ферох кодтат!»
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй адӕм Библи хуыздӕр базыдтаиккой, уый тыххӕй сӕм ӕрмӕст иу цыд бакӕнын фаг нӕ уыд. Бирӕтӕ нын лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй та сӕм ногӕй бацӕуӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр семӕ ахуыр кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ ма уый фӕстӕ дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыдыстӕм Боливийы уыцы хъӕуты.
Иу ацӕргӕ сылгоймагмӕ ногӕй куы бацыдыстӕм, уӕд ныл ныццин кодта: «Мӕхи хъӕбулты хуызӕн мын стут раст! Нӕ мӕ ферох кодтат!» Иу нӕлгоймаг нын нӕ фыдӕбоны тыххӕй фӕарфӕтӕ кодта ӕмӕ нын загъта, цӕмӕй иннӕ хатт уым куы уӕм, уӕд уымӕ бафысым кӕнӕм. Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр фӕцин кодтам, уымӕй размӕ кӕимӕ ныхас кодтам, иу ахӕм сылгоймаг горӕтмӕ цӕрынмӕ кӕй ацыд ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг кӕй хъусын кӕны хорз хабар, ууыл.
Фыццаг хатт дзы куы уыдыстӕм, уӕд нӕм фӕстаг бон примусӕн фӕтӕген нал баззад ӕмӕ нӕ хӕринӕгтӕ дӕр фӕфӕуд кодтой. Мах сугтӕ ӕрӕмбырд кодтам, цы ма нӕм баззад, уымӕй хӕринаг скодтам ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕ хӕдзӕрттӕм рараст стӕм. Автобус цы горӕтӕй цыдис, уырдӕм нӕ къахӕй дзӕвгар цӕуын хъуыди. Ныххӕццӕ стӕм изӕрдалынгты.
Фӕстӕмӕ хӕдзармӕ
Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ ныл ӕрцыд иу бӕллӕх – нӕ автобус фехӕлд. Иу цасдӕры фӕстӕ уӕзласӕн машинӕ баурӕдтам. Кӕдӕм нӕ хъуыд, уырдӕм бахӕццӕ стӕм адӕмӕй йедзаг гуыффӕйы. Гуыффӕйы немӕ чи бадти, уыдон нӕ фарстой, цы хъуыддаджы фӕдыл уыдыстут уым, зӕгъгӕ, ӕмӕ нын уый фӕрцы фадат фӕцис семӕ аныхас кӕнынӕн. Кӕд уыцы адӕм ӕнӕуи тынг ӕфсӕрмыгӕнаг сты, уӕддӕр сты тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой.
Фӕндагыл нын ацыд фараст сахаты. Стӕй кӕддӕр бахӕццӕ стӕм нӕ хӕдзӕрттӕм – ныххуылыдз стӕм ӕмӕ саубыны салд ныккодтам, афтӕмӕй. Фӕлӕ уымӕй нӕ цин нӕ фӕкъаддӕр. Немӕ машинӕйы гуыффӕйы цыд иу горӕтаг сылгоймаг ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккам.
Дард рӕтты чи цӕры, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнын у стыр кад. Мах хъусын кодтам цыппар стыр хъӕу ӕмӕ бирӕ гыццыл хъӕуты. Ӕцӕгдӕр, «куыд рӕсугъд сты хӕхтыл хорз хабар хъусынгӕнӕджы, фарны фидиуӕджы къӕхтӕ, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хӕссы, ирвӕзындзинад чи хъусын кӕны!» (Ис. 52:7; Ром. 10:15).
[Ныв 17 фарсыл]
Цӕттӕ стӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ