Искуы дунейы иудзинад уыдзӕн?
Искуы дунейы иудзинад уыдзӕн?
АДӔММӔ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты ӕви фесӕфдзысты? Гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыддаг иуырдӕм дӕр рауайа ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр.
Иуырдыгӕй, бӕстӕты разамонджытӕй иуӕй-иутӕ фидарӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, зӕххыл сабырдзинад ӕнӕмӕнгӕй уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн афтӕ дзурынц, ӕмӕ уый къухы куы нӕ бафта, уӕд дунейы ахӕм фыдбӕллӕхтӕ ’рцӕудзӕн, ӕмӕ сыл адӕймаджы хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕнды. Иннӕрдыгӕй та, адӕмӕй бирӕтӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕрынц – ӕнцой сын нӕ дӕттынц ахӕм фарстытӕ: бирӕ адӕм фӕцӕгъдӕн кӕмӕй ис, ахӕм хӕцӕнгарз цавӕр бӕстӕтӕм ис? Спайда дзы кӕндзысты? Уыцы хӕцӕнгарзӕй куы спайда кӕной, уӕд цы ’рцӕудзӕн?
Адӕмы сӕ кӕрӕдзи бамбарын кӕй нӕ фӕнды, кӕрӕдзимӕ кӕй быцӕу кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ӕнусты дӕргъы дунейы сабырдзинад нӕй. Ӕмӕ адӕмы ’хсӕн искуы иудзинад уыдзӕн, уымӕй ныфс дӕр никӕйуал ис. Дин та уавӕр банывыл кӕныны бӕсты арӕх хъуыддаг ноджы фӕфыддӕр кӕны. «Адӕмы цыдӕриддӕр дих кӕны, уый сӕ кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ скӕны ӕмӕ уыцы хъуыддаджы динӕн цы ӕнтысы, уый никӕмӕн,– фыссы журналист Джеймс Хот.– Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ дин адӕмы хуыздӕрырдӕм ивы, уӕддӕр, бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй дин иуӕй-иутӕн бакӕнын кӕны ӕппӕты ӕлгъагдӕр митӕ». Ахӕм хъуыды ма загъта Стивен Вайнберг дӕр: «Хорз адӕм фыддзинад куы фӕкӕнынц, уӕд уый вӕййы дины аххос».
Цымӕ адӕмы ’хсӕн искуы иудзинад уыдзӕн? О! Фӕлӕ иннӕ статьяйӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй дунейы иудзинад адӕмы кӕнӕ динты фӕрцы нӕ уыдзӕн.
[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]
Дуне, мӕнӕ-мӕнӕ чи фехӕлдзӕн, ахӕм гранаты хуызӕн нӕу?