Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

«Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД]» (МАТФЕЙЫ 28:18, 19).

1, 2. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бахӕс кодта? ӕ) Йесойы фӕдзӕхстыты фӕдыл цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

УАЛДЗЫГОН бон. Нӕ эрӕйы 33 аз. Израил. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд сты хохыл Галилейы. Сӕ Хицау райгас ӕмӕ уӕларвмӕ аздӕхинаг у. Фӕлӕ ма йӕм ис ахсджиаг зӕгъинӕгтӕ. Цыдӕр сын хъуамӕ бахӕс кӕна. Цымӕ цы? Куыд сӕххӕст кодтой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хӕслӕвӕрд? Махмӕ та куыд хауы?

2 Йесойы ныхӕстӕ бакӕсӕн ис Матфейы 28:18—20: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн; ӕмӕ мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ». Йесо дзырдта «алы бар», «ӕппӕт адӕмты», «ӕппӕт Ӕз цы бафӕдзӕхстон» ӕмӕ «ӕппӕт бонты» тыххӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕвзӕрын кӕнынц цыппар ахсджиаг фарсты: цӕмӕн? кӕм? цӕуыл? ӕмӕ кӕдмӕ? Цӕй ӕмӕ сӕ иугай равзарӕм *.

«Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар»

3. Цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст?

3 Фыццаджыдӕр уал равзарӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм. Йесо загъта: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД]». Дзырд «уӕдӕ» амоны, ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы. Уымӕн ӕмӕ Йесойӕн, уыцы хъуыддаг нын чи бахӕс кодта, уымӕн, лӕвӕрд у «алы бар» дӕр. Цӕуыл цӕуы йӕ бар?

4. а) Йесойы бартӕ кӕуылты ӕххӕссынц? ӕ) Йесомӕ цы бартӕ ис, уый зонгӕйӕ, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм йӕ фӕдзӕхстмӕ, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ, зӕгъгӕ?

4 Йесойӕн йӕ къухы ис йе ’мбырд, ӕмӕ 1914 азы та, Хуыцау йӕ Паддзахад куы сфидар кодта, уӕд ын уый дӕр йӕ бӕрны бакодта (Колоссӕгтӕм 1:13; Раргомад 11:15). Уый у архангел, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ дӕлбар ис сӕдӕгай милуан зӕдты ӕфсад (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16; 1 Петры 3:22; Раргомад 19:14—16). Йӕ Фыдӕй ма йын уый бар дӕр ис, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, уыцы «сӕргълӕуджыты ӕмӕ алы хицауады, ӕмӕ тых» фесафа (1 Коринфӕгтӕм 15:24—26; Ефесӕгтӕм 1:20—23). Фӕлӕ Йесойы бар ӕрмӕст удӕгӕстыл нӕ цӕуы. Уый у «Тӕрхонгӕнӕг ӕгастӕн [дӕр] ӕмӕ мӕрдтӕн» дӕр ӕмӕ йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у мӕрдтӕ ӕгас кӕныны тых (Куыстытӕ 10:42; Иоанны 5:26—28). Дзырд дӕр ыл нӕй, ахӕм стыр бартӕ кӕй къухы ис, уый фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст — «ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ».

5. а) Петр Йесойы коммӕ куыд бакаст? ӕ) Петр Иесойы коммӕ кӕй бакаст, уымӕй куыд арфӕгонд ӕрцыд?

5 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ирдӕй равдыста, йӕ дӕлбар йӕхи чи бакӕна ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕна, уый арфӕйаг кӕй уыдзӕн. Иу хатт кӕсагахсӕг Петрӕн загъта: «Аленк кӕн арфмӕ, ӕмӕ баппарут уӕ хызтӕ кӕсаг ахсынмӕ». Петр мисхал дӕр нӕ дызӕрдыг кодта, уым кӕсаг кӕй нӕй, ӕмӕ Йесойӕн афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг! мах тухӕн кодтам ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам». Фӕлӕ уӕддӕр сӕрныллӕгӕй сразы: «Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ баппардзынӕн хыз». Йесойы коммӕ кӕй бакаст, уымӕ гӕсгӕ ӕрцахста «бирӕ кӕсӕгтӕ». Петр фырдисӕй ӕмӕ фыртӕссӕй «ӕрхауд Йесойы уӕрджыты раз ӕмӕ загъта: ацу мӕнӕй, Хицау! уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн тӕригъӕдджын адӕймаг». Фӕлӕ йӕ Йесо ӕрсабыр кодта: «Ма тӕрс; амӕйфӕстӕмӕ ахсдзынӕ адӕймӕгты» (Лукайы 5:1—10; Матфейы 4:18). Цӕуыл дзурӕг нын у ацы хабар?

6. а) Кӕсагахсджыты хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йесо цавӕр коммӕгӕсдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

6 Петр, Андрей ӕмӕ иннӕ апостолтӕ бирӕ кӕсаг куы ӕрцахстой, Йесо сын «адӕймӕгтӕ ахсын» уый фӕстӕ бахӕс кодта — уый размӕ нӕ, фӕлӕ (Маркы 1:16, 17). Куыд уынӕм, афтӕмӕй сӕ никӕмӕй домдта йӕ коммӕ куырмӕджы кӕсын. Уый сын равдыста, йӕ коммӕ кӕсын сӕ цӕмӕн хъӕуы. Йесомӕ куы байхъуыстой ӕмӕ сӕ хызтӕ куы баппӕрстой, уӕд куыд бирӕ кӕсаг ӕрцахстой, афтӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты «адӕймӕгтӕ ахсгӕйӕ» дӕр. Апостолтӕ йыл баууӕндыдысты ӕмӕ сын уый куыд загъта, афтӕ бакодтой. Фӕстагмӕ, «раласгӕйӕ дыууӕ бӕлӕгъы былмӕ, ныууагътой ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ацыдысты Уый фӕстӕ» (Лукайы 5:11). Иннӕты ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ разӕнгард кӕнгӕйӕ, мах дӕр фӕзмӕм Йесойы. Адӕмӕй уый нӕ домӕм, ӕмӕ сын мах куыд дзурӕм, афтӕ кӕной — Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уымӕн сын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссӕм.

Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ разӕнгардгӕнӕн тых

7, 8. а) Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн Библийӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн? ӕ) Фыстадӕй дӕ цавӕр стих тынгдӕр разӕнгард кӕны уацамындмӕ? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

7 Нӕхи Чырыстийы дӕлбар кӕй кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы лӕуд дӕр уымӕн стӕм. Искӕй нӕ уыцы хорз хъуыддагмӕ сразӕнгард кӕнын куы фӕнда, уӕд ма йын Библийӕ ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн? Ӕркӕсӕм ма дӕлдӕр, алы бӕстӕтӕй иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонимӕ куыд баст сты, уымӕ.

8 Рой, донаргъуыд райста 1951 азы: «Мӕ цард Иегъовӕйӕн куы снывонд кодтон, уӕд ын дзырд радтон, алкӕддӕр ын кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Ӕмӕ мӕ фӕнды мӕ дзырд ӕххӕст кӕнын» (Псалом 49:14; Матфейы 5:37). Хетер, донаргъуыд райста 1962 азы: «Иегъовӕ мын цас хорздзинӕдтӕ ракодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ фӕфӕнды, дарддӕр дӕр ын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон» (Псалом 9:2, 10—12; Колоссӕгтӕм 3:15). Ханнелорӕ, донаргъуыд райста 1954 азы: «Алы хатт уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нын феххуыс кӕнынц зӕдтӕ. Уый стыр кад у!» (Куыстытӕ 10:30—33; Раргомад 14:6, 7). Онор, донаргъуыд райста 1969 азы: «Мӕн нӕ фӕнды, ӕмӕ Иегъовӕйы тӕрхоны бон куы ’рцӕуа, уӕд, мӕ алыварс цы адӕм цӕры, уыдонӕй исчи Иегъовӕйы кӕнӕ йӕ Ӕвдисӕнты аххосджын кӕна, зӕгъгӕ мын ницы загътой, никуы ницы фехъуыстон» (Иезекил 2:5; 3:17—19; Ромӕгтӕм 10:16, 18). Клаудио, донаргъуыд райста 1974 азы: «Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ мах вӕййӕм „Хуыцауы раз“ ӕмӕ „Чырыстийы ӕмдзинады“. Ахъуыды ма кӕнут! Уацамынды немӕ вӕййынц нӕ дыууӕ хуыздӕр Хӕлары» (2 Коринфӕгтӕм 2:17, НФ) *.

9. а) Петр ӕмӕ иннӕ апостолтыл цы хабар ӕрцыд, уый цы дзуры, Чырыстийы коммӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй? ӕ) Абон та цы хъуамӕ разӕнгард кӕна адӕмы Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы коммӕ кӕсынмӕ ӕмӕ цӕмӕн?

9 Кӕсагахсджыты хабар ма нын ноджыдӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Чырыстийы коммӕ кӕсынмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна уарзондзинад — ӕндӕр цыдӕр нӕ, фӕлӕ. Петр афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «ацу мӕнӕй, Хицау! уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн тӕригъӕдджын адӕймаг», уӕд ӕй Йесо нӕ ныууагъта, ӕмӕ йын йӕ цӕстмӕ дӕр ницы бадардта (Лукайы 5:8). Нӕдӕр ын уайдзӕф бакодта, Петр ын, ацу мӕнӕй, кӕй лӕгъстӕ кодта, уый тыххӕй — фӕлмӕнӕй йын загъта: «Ма тӕрс». Чырыстимӕ уый тыххӕй хъуамӕ ма хъуыстаиккой, ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодтой. Йесо Петр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн загъта, «адӕймӕгты ахсджытӕ» уӕвгӕйӕ, стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты. Афтӕ мах дӕр адӕмы тӕрсын нӕ кӕндзыстӕм кӕнӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ сӕ цӕстмӕ нӕ дардзыстӕм; нӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕхиуыл ӕрхудой, ӕмӕ уый фӕрцы Чырыстийы коммӕ бакӕсой. Иегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы коммӕ, кӕй сӕ уарзынц, уый тыххӕй куы кӕсой, Иегъовӕйы зӕрдӕ сӕ ӕрмӕст уӕд райдзӕн (Матфейы 22:37).

«Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй»

10. а) Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхстӕн йӕ кӕцы хай фӕзындӕр кодта Йесойы ахуыргӕнинӕгты куыст? ӕ) Йесойы фӕдзӕхст йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд сӕххӕст кодтой?

10 Ныр та равзарӕм Чырыстийы фӕдзӕхстимӕ баст дыккаг фарст: кӕм хъӕуы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын? Йесо загъта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн: «Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй». Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр-иу, Израилмӕ ӕндӕр адӕмтӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ чи ’рцыд, уыдонмӕ-иу уарзон цӕстӕй ракастысты (3 Паддзахӕдты 8:41—43). Йесо йӕхӕдӕг фылдӕр дзуттӕгтӕн хъусын кодта, фӕлӕ ныр йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста ӕппӕт адӕмтӕм. Сӕ «кӕсагахсӕн бынат», ома цы бӕстыл хъусын кодтой, уый абарӕн уыд чысыл «цадимӕ» — уыди дзы ӕрмӕст дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ тагъд хъуамӕ рахызтаиккой «денджызмӕ» — ӕппӕт адӕмтӕм. Кӕд ахӕм ивындзинадӕй сӕ куыст бӕрӕг фӕзындӕр, уӕддӕр сӕ Ахуыргӕнӕджы фӕдзӕхст ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кодтой. Ӕмӕ Йесойы мӕлӕтӕй 30 азы дӕр нӕма рацыд, афтӕ апостол Павелӕн йӕ бон уыд ныффыссын, зӕгъгӕ, хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд канд дзуттӕгтӕн нӕ, фӕлӕ «арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» дӕр (Колоссӕгтӕм 1:23).

11. Цас дард анхъӕвзт «кӕсаг ахсыны» куыст, XX ӕнусы райдианимӕ абаргӕйӕ?

11 Ныры дуджы дӕр уацамынды куыст дӕрдтыл анхъӕвзта. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ XX ӕнусы райдианы «кӕсаг ахстой» ӕрмӕст цалдӕр бӕстӕйы. Фӕлӕ стӕй, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты бафӕзмгӕйӕ, уыдон дӕр уӕрӕхдӕр авнӕлдтой (Ромӕгтӕм 15:20). 1930-ӕм азты райдианты цы бӕстӕты хъусын кодтой, уыдон уыдысты сӕдӕйы бӕрц. Абон та «кӕсаг ахсӕм» 235 бӕстӕйы (Маркы 13:10).

«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй»

12. Захарийы 8:23 пехуымпарадмӕ гӕсгӕ нырыккон чырыстӕттӕн цы фӕзын?

12 О, ӕппӕт адӕмтӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыст уыйбӕрц бӕстӕты кӕй хъӕуы кӕнын, йӕ зын канд уый мидӕг нӕй. Хъуыдыйаг ма у, уыцы адӕм бирӕ ’взӕгтыл кӕй дзурынц, уый дӕр. Пехуымпар Захарийы дзыхӕй Иегъовӕ загъта: «Уыцы бонты алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты, о, ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Захари 8:23). Ныртӕккӕ ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны ӕгас зӕххыл дӕр. «Иудейаджы» хуызы ӕвдыст сты, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон, «дӕс адӕймаджы» хуызы та — «тынг бирӕ адӕм» * (Раргомад 7:9, 10; Галатӕгтӕм 6:16). «Тынг бирӕ адӕмы», ома Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты, хъуамӕ ӕмбырд кодтаиккой ӕппӕт адӕмтӕй, ӕмӕ Захари куыд загъта, афтӕмӕй — алы ӕвзӕгтӕй. Хуыцауы адӕмы нырыккон хабӕрттӕ ууыл дзурӕг не сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о.

13. а) Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕм ӕвзӕгты хъуыддаджы размӕ цавӕр къахдзӕф акодтой? ӕ) Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд цы бакодта? (Кӕс ма ноджыдӕр фӕлгӕты «Литературӕ куырмытӕн».)

13 1950 азы ӕгас дунейы цыдӕриддӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыд, уыдон куы райсӕм, уӕд дзы фондзӕй ӕртӕйӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг уыд англисаг. 1980 азмӕ та англисаг йӕ мадӕлон ӕвзаг уыди фондзӕй дыууӕйӕн, абон — ӕрмӕстдӕр иуӕн. Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц афтӕ кӕй фӕфылдӕр, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд цы бакодта? Монон хӕринаг дӕттын райдыдта ноджы фылдӕр ӕвзӕгтыл (Матфейы 24:45). Цӕвиттон, 1950 азы нӕ литературӕ мыхуыр цыд 90 ӕвзагыл, абон та — 400 ӕвзагыл. Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕммӕ ӕргом здӕхт кӕй ӕрцыд, уый исты ахъаз фӕци? О! «Ӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕмтӕй ӕрвылкъуыри дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ свӕййы 5 000 адӕймаджы бӕрц! (Раргомад 7:9). Ӕмӕ хъуыддаг дарддӕр дӕр размӕ цӕуы. Иуӕй-иу бӕстӕты «кӕсагахсӕн» хъуыддаджы ис стыр ӕнтыстытӕ (Лукайы 5:6; Иоанны 21:6).

Ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕ бон архайын у?

14. Нӕ территорийы ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? (Кӕс ма ноджыдӕр фӕлгӕты «Къухӕй амонгӕ ӕвзаг».)

14 Бирӕ бӕстӕты ӕрцӕуӕггаг адӕмы нымӕц кӕй рӕзы, уымӕ гӕсгӕ бынӕттон Ӕвдисӕнтӕн сӕ куыстыл бафтыд. Дард кӕдӕмдӕр цӕуын сӕ нӕ хъӕуы — «алы... ӕвзагыл» дзурӕг адӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ бӕстӕйы (Раргомад 14:6). Нӕ территорийы ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн? (1 Тимофеймӕ 2:4) Нӕ бон у ӕмбӕлон «кӕсагахсӕн гӕрзтӕй» пайда кӕнын — се ’взагыл уагъд литературӕ сын дӕттын. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ сӕм, се ’взагыл чи дзуры, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хойы барвитӕм (Куыстытӕ 22:2). Ныр уый ӕнцондӕр у, уымӕн ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзӕгтӕ, цӕмӕй ӕрцӕуӕггаг адӕмӕн Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынӕн ӕххуыс кӕной. Бӕрӕггӕнӕнтӕй куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм ӕххуыс арфӕйаг у.

15, 16. а) Цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын арфӕйаг хъуыддаг кӕй у? ӕ) Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн хъусын кӕныны фӕдыл цавӕр фарстытыл ис ахъуыды кӕнӕн?

15 Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ. Нидерландты Паддзахады хабар хъуыстгонд цӕуы 34 ӕвзагыл. Иу чырыстон къай сфӕнд кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын Польшӕйӕ ӕрлидзӕг адӕмӕй. Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ лӕг загъта, зӕгъгӕ, къаддӕр кусдзынӕн, цӕмӕй мын уыцы адӕммӕ цӕуынӕн къуырийы мидӕг ноджыдӕр иу бон уа. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ацы бинонтӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кодтой 20 адӕймагимӕ. Мӕнӕ цы зӕгъынц: «Нӕ чырыстон куыстӕй нӕ зӕрдӕ афтӕ райы, ӕмӕ диссаг». Ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонӕн уӕлдай ӕхсызгон уый вӕййы, ӕмӕ Библийы ӕцӕгад йӕхи ӕвзагыл кӕмӕн фӕамонынц, уый сӕ куы фӕбузныг вӕййы. Иу хатт, вьетнамаг ӕвзагыл цы ӕмбырд ис, уым иу ацӕргӕ лӕг сыстад ӕмӕ дзырды бар ракуырдта. Йӕ цӕссыгтӕ тыхӕй уромгӕйӕ, Ӕвдисӕнтӕн раарфӕ кодта: «Бузныг уын, кӕй фыдӕбон кӕнут мӕ зынахуыргӕнӕн ӕвзаг базоныныл. Арфӕ уын кӕнын, мӕ зӕрыбонты мын Библийӕ бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй бацамыдтат».

16 Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдты чи лӕггад кӕны, уыдон тынг райгонд сты. Британийӕ иу чырыстон къай дзуры: «Иегъовӕйӕн 40 азы дӕргъы лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ ныр, ӕрцӕуӕггаг адӕмӕн хъусынгӕнгӕйӕ куыд райгонд стӕм, афтӕ никуы ма». Дӕуӕн дӕ бон нӕ уаид дӕ царды исты фӕивын, цӕмӕй ацы арфӕйаг хъуыддаджы архайай? Кӕд нырма скъолайы ахуыр кӕныс, уӕд, дӕхи уыцы куыстмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн, дӕ бон фӕсарӕйнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын нӕу? Афтӕмӕй дын байгом уаид дуар арфӕйаг, цинӕйдзаг царды фӕндагмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 10:22). Хорз нӕ уаид, уыдӕттыл дӕ ныййарджытимӕ куы аныхас кӕнис?

Хъусын кӕн алы уавӕрты дӕр

17. Не ’мбырды территорийы фылдӕр адӕм ссарын нӕ бон куыд у?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фылдӕрӕн йӕ царды уавӕртӕ нӕ амонынц «кӕсагахсӕн хыз» ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмы «цадмӕ» баппарын. Фӕлӕ нӕ, ӕвӕццӕгӕн, алкӕй бон дӕр у фылдӕр адӕм нӕхи ӕмбырды территорийы дӕр ссарын. Куыд? Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ истытӕ ӕфтаугӕйӕ нӕ, фӕлӕ алыхуызон уавӕртӕй пайдагӕнгӕйӕ. Бирӕ рӕтты фылдӕр кӕнынц, сӕрибарӕй бацӕуӕн кӕдӕм нӕй ӕмӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм хӕдзӕрттӕ. Ӕндӕр рӕтты та хъусын кӕнгӕйӕ бирӕты хӕдзӕртты нӕ баййафӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ «кӕсагахсӕн хыз» ӕппарын хъӕуы ӕндӕр рӕстӕг ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм Йесойы. Уый дӕр фадӕттӕ агуырдта адӕмимӕ алы уавӕрты дзурынӕн (Матфейы 9:9; Лукайы 19:1—10; Иоанны 4:6—15).

18. Алы уавӕрты хъусын кӕнын хорз цӕмӕн у? (Кӕс ма ноджыдӕр фӕлгӕты «Цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыддаджылӕуд адӕмӕй».)

18 Иуӕй-иу бӕстӕты ӕфсымӕртӕ, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым семӕ ныхас кӕнынц, ӕмӕ сын уый фӕрцы хорз ӕнтысы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ архайынц алы рӕтты хъусын кӕнын. Уыдон канд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ нӕ цӕуынц, фӕлӕ ма адӕмимӕ ныхас кӕнынц аэропортты, куыстуӕтты, дуканиты, машинӕты лӕууӕндӕтты, автобусты ӕрлӕууӕнты, уынгты, паркты, дӕтты былты цы улӕфӕн бынӕттӕ ис, уым ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Гавайы сакъадӕхты ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдонӕй бирӕтӕ ӕцӕгад фыццаг хатт фехъуыстой ахӕм рӕтты. Алы уавӕрты кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы Йесойы фӕдзӕхст — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг — бӕстон ӕххӕст кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 9:22, 23).

19. Цавӕр дыууӕ фарсты равзардзыстӕм иннӕ статьяйы?

19 Йесойы фӕдзӕхст — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут — ӕрмӕст уый не ’мбарын кӕны, цӕмӕн ӕмӕ кӕм кӕнӕм уыцы куыст, фӕлӕ ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ кӕдмӕ. Ацы дыууӕ фарсты та равзардзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Ацы статьяйы уал равзардзыстӕм фыццаг дыууӕ фарсты. Фӕстаг дыууӕ та — иннӕ статьяйы.

^ 8 абз. Хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый ма ӕвдисынц мӕнӕ ацы стихтӕ дӕр: Ӕмбисӕндтӕ 10:5; Амос 3:8; Матфейы 24:42; Маркы 12:17; Ромӕгтӕм 1:14, 15.

^ 12 абз. Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уымӕн уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ссарӕн ис 2001 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 8 ф., ӕмӕ чиныджы «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн», II том, 408 ф. (уыр.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Паддзахады хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн цӕттӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны уымӕ?

• Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон кӕмыты ӕххӕст кӕнынц Йесойы фӕдзӕхст, алы адӕмтӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ?

• Куыд ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм алы уавӕртӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 20 фарсыл]

Литературӕ куырмытӕн

Альберт цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Уый у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг. Альберт цӕстӕй нӕ уыны. Брайлы шрифтыл уагъд литературӕ йын ӕххуыс кӕны ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын, суанг уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр. Ӕмбырды хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йӕ къухы ӕфты?

«Махмӕ Альберты хуызӕн арӕхстджын уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг никуыма уыд»,— зӕгъы Джеймс, ӕмбырды сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг. Альберт ӕмӕ ма 5 000 бӕрц куырм адӕймаджы Америкӕйы ныр бирӕ азты дӕргъы ӕрвылмӕй дӕр исынц Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ Брайлы шрифтыл (англисаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтыл). Уый зӕгъын дӕр ма хъӕуы, ӕмӕ 1912 азӕй фӕстӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары къорд Брайлы шрифтыл чингуытӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ мыхуыры рауагъта сӕдӕйӕ фылдӕр. Тӕккӕ ногдӕр технологитӕй пайдагӕнгӕйӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы шрифтыл ӕрвылаз мыхуыр кӕнынц милуангай сыфтӕ дӕс ӕвзагӕй фылдӕрыл. Кӕдӕм сӕ ӕрвитынц, уыцы бӕстӕтӕ сты 70 бӕрц. Мыййаг, Брайлы шрифтыл чи кӕсы, ахӕм искӕй зоныс?

[Рамкӕ/Ныв 21 фарсыл]

Къухӕй амонгӕ ӕвзаг

Дунейы алы къуымты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй минтӕ (уыдонӕй бирӕтӕ сты хӕрзӕрыгӕттӕ) ахуыр кӕнынц къухӕй амонгӕ ӕвзаг, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмӕн ӕххуыс кӕной Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынӕн. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕй фарон ӕрмӕст Бразилийы аргъуыд райста 63 адӕймаджы ӕмӕ ныртӕккӕ 35 ахӕм ӕфсымӕр ӕмӕ хойы сты ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕ. Дунейы къухӕй амонгӕ ӕвзагыл цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис, уыдон ӕмткӕй райсгӕйӕ сты 1 200 фылдӕр. Уӕрӕсейы ацы ӕвзагыл ис иу район. Дунейы уымӕй стырдӕр район нӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм хауы, ацы ӕвзагыл Уӕрӕсейы цыдӕриддӕр ӕмбырдтӕ ис, уыдон иууылдӕр.

[Рамкӕ 22 фарсыл]

Цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыддаджылӕуд адӕмӕй

Гавайы сакъадӕхты, адӕмӕн сӕ куысты хъусынгӕнгӕйӕ, иу хо бацыд транспортон компанийы хицаумӕ. Кӕд уыцы адӕймагӕн бирӕ куыст уыди, уӕддӕр сразы Библи ахуыр кӕныныл къуыри 30 минуты. Алы ӕртыццӕджы дӕр райсомӕй йӕ кусджытӕн фӕзӕгъы, цӕмӕй йӕм телефонӕй мачи дзура — уыцы рӕстӕг фӕахуыр кӕны Библи. Ӕндӕр гавайаг хо та къуыри иу хатт Библи ахуыр кӕны дзабырхуыйӕн куыстуаты сылгоймаг-хицауимӕ. Ахуыр фӕкӕнынц тӕрхӕджы уӕлхъус. Исчи куы ӕрбацӕуы, уӕд хо иуварс алӕууы, куы ацӕуы, уӕд та дарддӕр фӕкӕнынц сӕ ахуыры куыст.

Транспортон компанийы хистӕр дӕр ӕмӕ дзабырхуыйӕны хицау дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, хотӕ сӕ «хызтӕ» алы рӕтты кӕй ӕппӕрстой, уый фӕрцы. Хорз нӕ уаид, ды дӕр куы ахъуыды кӕнис: цы ис саразӕн, де ’мбырды территорийы хӕдзары кӕй нӕ баййафыс, уыдонимӕ ӕндӕр ран куыд аныхас кӕнай?