Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы кадджын кӕны йе сконд дуне!

Хуыцауы кадджын кӕны йе сконд дуне!

Хуыцауы кадджын кӕны йе сконд дуне!

«Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, ӕмӕ Йӕ къухты хъуыддӕгты тыххӕй дзуры арв» (ПСАЛОМ 18:2).

1, 2. а) Адӕймаджы бон цӕуылнӕ у Хуыцауы кад цӕстӕй фенын? ӕ) Дыууын цыппар зӕронд лӕджы Хуыцауы куыд стауынц?

«МӔ ЦӔСГОМ фенын дӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕймаг куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн»,— загъта Иегъовӕ Моисейӕн (Рацыд 33:20). Адӕймаг туг ӕмӕ стӕгӕй конд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕу Хуыцауы кад фенын. Фӕлӕ апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта диссаджы ныв — Иегъовӕ Хуыцауы йӕ кадджын паддзахбадӕныл бадгӕ (Раргомад 4:1—3).

2 Адӕмӕй хъауджыдӕр, иузӕрдион зӕдтӕ уынынц Иегъовӕйы цӕсгом. Уыдонимӕ, Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта ӕмӕ 144 минмӕ чи амоны, уыцы «дыууын цыппар зӕронд лӕджы» (Раргомад 4:4; 14:1—3). Цымӕ Иегъовӕ Хуыцауы кад уынгӕйӕ цы дзурынц? Раргомады 4:11 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Сфӕлдисӕджы стауынц: «Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у».

«Хатыр» сын цӕуылнӕ ис

3, 4. а) Цӕуылнӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндын ӕмӕ зонадӕн иумӕйагӕй ницы ис? ӕ) Иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕдзурынц, зӕгъгӕ, Хуыцау мӕ нӕ уырны?

3 Дӕу дӕр фӕнды Хуыцауы кадджын кӕнын? Адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕнды. Кӕйдӕрты та Хуыцау ӕппындӕр нӕ уырны. Уымӕн цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис иу астрономы ныхӕстӕ: «Дун-дуне афтӕ диссаджы арӕзт Хуыцауы фӕндӕй у? [...] Рӕсугъд хъуыды у, фӕлӕ, мӕнмӕ кӕсы аргъау. [...] Хуыцауы фӕндӕй у, зӕгъгӕ, уый дзуапп нӕу».

4 Зонады авналӕнтӕ тынг къуындӕг сты: адӕмы бон раиртасын у, цӕст цы уыны ӕмӕ басгарӕн цӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр уый. Уымӕй дарддӕр зонад цы дзуры, уыдон сты теоритӕ ӕмӕ ӕнхъӕлцтӕ. «Хуыцау у уд», ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ зонадон мадзӕлттӕй раиртасӕн нӕй (Иоанны 4:24). Уӕдӕ афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцауыл ӕууӕндын ӕмӕ зонадӕн иумӕйагӕй ницы ис, уый у сӕрбӕрзонд адӕймаг. Кембриджы университеты кусӕг ахуыргонд Винсент Уиглсуэрт куыд дзуры, афтӕмӕй зонадон мадзӕлттӕ сӕхӕдӕг «ӕнцайынц уырниадыл». Ома? «Уыдон ӕнцайынц ахӕм фидар уырниадыл, зӕгъгӕ, ӕрдзы фӕзындтӕ баст сты „ӕрдзы закъӕттыл“». Уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ Хуыцау кӕй нӕ уырны, уый иу уырниад ӕндӕрӕй ивы? Хатт ма, Хуыцау мӕ нӕ уырны, зӕгъгӕ, уымӕн фӕдзурынц, ӕмӕ, раст цы у, ууыл басӕттын сӕ нӕ фӕфӕнды. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Ӕнӕраст йӕ ӕнӕрвӕссонӕй ницӕмӕ дары Хицауы: „нӕ бацагурдзӕн“; йӕ ӕппӕт хъуыдыты: „нӕй Хуыцау“!» (Псалом 9:25).

5. Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдонӕн хатыр цӕуылнӕ ис?

5 Хуыцауыл ӕууӕндын куырмӕджы ӕууӕндын нӕу, уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕй ис, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис (Дзуттытӕм 11:1). Астроном Аллан Сандаж фыссы: «Мӕнмӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ [Дун-дунейы] ахӕм фӕтк ӕмтъерыйӕ фӕзындаид. Хъуамӕ йын уыдаид фӕткӕвӕрӕг. Хуыцау мын у сусӕггад, фӕлӕ Дун-дуне кӕй ис, ома ницыйӕ цыдӕр куыд фӕзынд, уый ӕрмӕстдӕр афтӕ бамбарын кӕнӕн ис, ӕмӕ йын сӕрӕвӕрӕн Хуыцау уыд». Апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм фыста, Хуыцауы «ӕнӕзынгӕ ӕнусон тых ӕмӕ Хуыцауад,— дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕргом кӕй зынынц сфӕлдисонтӕм ӕркӕсгӕйӕ, уый тыххӕй сын [ӕнӕуырнджытӕн] хатыр нӕй» (Ромӕгтӕм 1:20НФ). «Дунейы сфӕлдисынӕй», уӕлдайдӕр та зондӕй хайджын адӕмы сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бӕрӕг у, кӕй ис Сфӕлдисӕг — стыр тыхы хицау ӕмӕ ӕнувыд уарзты аккаг чи у, уыцы Хуыцау. Уӕдӕ кадджын Хуыцауы чи ницӕмӕ дары, уымӕн «хатыр нӕй». Фӕлӕ нӕ алфамбылай дунейы цы уынӕм?

Дун-дуне хъусын кӕны Хуыцауы кад

6, 7. а) Куыд хъусын кӕнынц ӕрвтӕ Хуыцауы кад? ӕ) Ӕрвтӕ «барӕн синаг» цӕмӕн аивазынц?

6 Псалом 18:2 нын дӕтты дзуапп: «Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, ӕмӕ Йӕ къухты хъуыддӕгты тыххӕй дзуры арв». Давид ӕмбӕрста: «арвы» риуыл цы стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ зынынц, уыдон фидар бӕлвырдгӕнӕн сты, Стыр Хуыцау кӕй ис, уымӕн. Дарддӕр кӕсӕм: «Бон бонӕн дӕтты ныхас, ӕхсӕв ӕхсӕвӕн ӕргом кӕны зонынад» (Псалом 18:3). Алы бон дӕр, алы ӕхсӕв дӕр ӕрвтӕ ӕргом кӕнынц Хуыцауы зонд ӕмӕ йӕ аразӕг тых. Растдӕр цыма арвӕй Хуыцауӕн кады ныхӕстӕ хъуысы, уыйау.

7 Фӕлӕ уӕддӕр ӕрвтӕ Хуыцауы куыд кадджын кӕнынц, уый афтӕ ӕнцон фехъусӕн нӕу. «Нӕй ӕвзаг, ӕмӕ нӕй ӕвзаджы ӕздӕхт дӕр, кӕм нӕ хъуысид сӕ хъӕлӕс [«сӕ хъӕлӕс нӕ хъуысы», НД]». Кӕд ӕрвтӕ ӕмыр сты, уӕддӕр цы «хъусын кӕнынц», уый у диссаг. «Ӕппӕт зӕххыл цӕуы сӕ зӕл [«сӕ барӕн синаг», НД], ӕмӕ дунейы кӕрӕтты онг сӕ ныхӕстӕ» (Псалом 18:4, 5). Раст цыма ӕрвтӕ «барӕн синӕгтӕ» аивазынц, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, сӕ кады «ныхӕстӕ» дунейы кӕрӕтты онг азӕлынц ӕви нӕ.

8, 9. Хуры тыххӕй цавӕр диссӕгтӕ зонӕм?

8 Дарддӕр Давид фыссы, Иегъовӕ ма цы диссаг скодта, уый тыххӕй: «Уый сӕвӕрдта уыдоныл [ӕрвтыл] цӕрӕнбынат хурӕн, ӕмӕ уый рацӕуы, куыд сиахс йӕ чындзӕхсӕвы галуанӕй, цин кӕны, куыд уӕйыг, азгъорын боны цау: ӕрвты кӕронӕй йӕ рацыд, ӕмӕ йӕ цыд сӕ кӕроны онг, ӕмӕ ницы у ӕмбӕхст уый хъармӕй» (Псалом 18:5—7).

9 Кӕд Хур йӕхӕдӕг ӕндӕр стъалытимӕ абаргӕйӕ афтӕ егъау нӕу, уӕддӕр у диссаджы стъалы: йӕ алыварс цы планетӕтӕ зилынц, уыдон йӕ цуры сты гыццылмуртӕ. Иу чиныгмӕ гӕсгӕ йӕ уӕз у «2 миллиард миллиард миллиард тоннӕйы» — нӕ Хуры системӕйы уӕзӕй 99,9 проценты! Йӕ химӕлвасынады тыхы руаджы дзы Зӕхх 150 милуан километры дӕрддзӕгӕн зилы, ӕмӕ дзы нӕдӕр дарддӕр кӕны, нӕдӕр ӕм — ӕввахсдӕр. Хурӕй цы энерги цӕуы, уымӕй нӕ планетӕмӕ хӕццӕ кӕны хӕрз гыццыл хай, фӕлӕ уый дӕр ӕгъгъӕд у цардӕн.

10. а) Хур йӕ «цӕрӕнбынатмӕ» куыд ацӕуы ӕмӕ дзы куыд рацӕуы? ӕ) Хур «уӕйыгау» куыд фезгъоры?

10 Псаломзарӕггӕнӕг Хуры аив ӕвзагӕй хоны «уӕйыг». Уый бонӕй арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ фезгъоры, изӕры та йӕ «цӕрӕнбынатмӕ» ныццӕуы. Уыцы «уӕйыг» стъалы арвы кӕрон куы ныттулы, уӕд адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕ «цӕрӕнбынатмӕ» йӕ фӕллад уадзынмӕ бацӕуы. Райсомӕй та йӕ зӕрин цӕстӕй дунемӕ ракӕсы, ӕмӕ «рацӕуы, куыд сиахс йӕ чындзӕхсӕвы галуанӕй». Давид фыййау уыди, ӕмӕ ӕхсӕв ӕддейӕ куыд уазал вӕййы, уый хорз зыдта (Уӕвынад 31:40). Ӕмӕ фыссы, хуры тынтӕм-иу уайтагъд куыд схъарм; ӕрдз дӕр-иу куыд стӕфст. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы «уӕйыг» скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ «балцӕй» никуы бафӕллад, кӕддӕриддӕр цӕттӕ у ногӕй уыцы фӕндагыл ацӕуынмӕ.

Ӕмбисонды стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ

11, 12. а) Библи стъалытӕ змисимӕ кӕй бары, уый диссаг цӕмӕн у? ӕ) Цӕйас у Дун-дуне?

11 Давид арвыл уыдта ӕрмӕстдӕр цалдӕр мин стъалыйы. Фӕлӕ нырыккон телескопӕй цы стъалытӕ зынынц, уыдоны нымӕц у 70 секстиллионы — 7 дыууын дыууӕ нулимӕ! Иегъовӕ стъалыты нымӕц «денджызы был змисимӕ» кӕй абарста, уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ стъалытӕн банымайӕн дӕр кӕй нӕй (Уӕвынад 22:17).

12 Бирӕ азты дӕргъы астрономтӕ сӕ цӕст дардтой, мӕнӕ «фӕлурс мигъгонды тӕлмытӕ» кӕй хонынц, уыдонмӕ. Ахуыргӕндтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ уыцы «спиралон мигъгӕндтӕ» нӕ галактикӕ Ӕрфӕныфӕдмӕ хауынц. Фӕлӕ 1924 азы рабӕрӕг, ӕввахсдӕр нӕм цы мигъгонд ис, ома Андромедӕ, уый йӕхӕдӕг у галактикӕ — махӕй 2 милуанмӕ ӕввахс рухсон азы дӕрддзӕгӕн! Ахуыргӕндты фӕстаг хыгъдтӕм гӕсгӕ Дун-дунейы ис сӕдӕ миллиардӕй фылдӕр галактикӕйы. Галактикӕты мидӕг та ис мингай, иуӕй-иуты та миллиардгай, стъалытӕ. Ӕмӕ уӕддӕр Иегъовӕ «нымайы стъалыты бӕрц; сеппӕт уыдоны хоны сӕ нӕмттӕй» (Псалом 146:4).

13. а) Стъалыбардзтӕ диссаг цӕмӕй сты? ӕ) Ахуыргӕндтӕ «арвы закъӕттӕ» кӕй нӕ зонынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Иу заман Иегъовӕ Иовы бафарста: «Дӕ бон у Кимы стъалыбардзы бӕттӕнтӕ балхынцъ кӕнын кӕнӕ Кесилы стъалыбардзы бостӕ райхалын?» (Иов 38:31). Стъалыбардз у стъалыты къорд, ӕмӕ арвы риуыл зыны цавӕрдӕр нывы хуызӕн. Кӕд стъалытӕ кӕрӕдзийӕ тынг дард сты, уӕддӕр зӕххӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зыны, цыма кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ сӕ бынат нӕ ивынц, цыма ӕнӕзмӕлгӕ сты. Алкӕмӕндӕр дзы бӕрӕг-бӕлвырд бынат. Уый фӕрцы стъалытӕм гӕсгӕ «денджызы ӕмӕ космосы ис раст фӕндаг ссарӕн, стӕй дзы чи кӕцы у, уый базонӕн дӕр» («The Encyclopedia Americana»). Фӕлӕ кӕронмӕ ничи ӕмбары, стъалыбардзтӕ кӕрӕдзиуыл цы «бӕттӕнтӕй» баст сты, уый. Ахуыргӕндтӕн нырмӕ дӕр сӕ бон нӕу дзуапп раттын, Иовы 38:33 цы фарст ис, уымӕн: «Арвы закъӕттӕ зоныс?»

14. Рухс куыд кӕлы, уый сусӕггад цӕмӕн у?

14 Ахуыргӕндтӕн сӕ бон нӕу дзуапп раттын, Иегъовӕ ма Иовмӕ ноджыдӕр цы фарст радта, уымӕн дӕр: «Рухс цы фӕндагыл кӕлы, уый зоныс?» (Иов 38:24). Иу иртасӕг ацы фарст схуыдта «тӕккӕ нырыккондӕр зонадон фарст». Рагон грекъаг философты уырныдта, зӕгъгӕ, дам, рухсы тынтӕ адӕймаджы цӕстӕй рацӕуынц. Зонад гыццыл размӕ куы ацыд, уӕд та ахуыргӕндтӕй иутӕ хъуыды кодтой, рухс чысыл хӕйттӕй конд кӕй у. Иннӕтӕ та ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ рухс уылӕнтау хӕлиу кӕны. Абон та ахуыргӕндтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, рухс у лыстӕг хӕйтты хуызӕн дӕр ӕмӕ уылӕнты хуызӕн дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр рухсы ӕрдз ӕмӕ куыд ӕгъдауӕй «кӕлы», уый бӕлвырд ничи зоны.

15. Арвмӕ кӕсгӕйӕ нӕм Давидау нӕ зӕрдӕ цы хъуамӕ дзура?

15 Уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ дзура, псаломзарӕггӕнӕг Давид куыд загъта, афтӕ: «Куы кӕсын ӕз Дӕ ӕрвтӕм,— Дӕ ӕнгуылдзты хъуыддагмӕ, мӕй ӕмӕ стъалытӕм, кӕцыты Ды сӕвӕрдтай, уӕд цы у адӕймаг, Ды йӕ кӕй мысыс, ӕмӕ адӕймаджы фырт, Ды йӕ кӕй бӕрӕг кӕныс?» (Псалом 8:4, 5).

Зӕхх ӕмӕ йыл цы ис, уыдон кадджын кӕнынц Иегъовӕйы

16, 17. Доны «ӕрфӕнты» цӕрӕгойтӕ Иегъовӕйы куыд кадджын кӕнынц?

16 148 псаломы дзырдӕуы, Хуыцауы кад ма йе сконд дуне ноджыдӕр куыд хъусын кӕны. 7-ӕм стихы кӕсӕм: «Ӕппӕлут Хицауы зӕххӕй, стыр кӕсӕгтӕ ӕмӕ ӕппӕт ӕрфӕнтӕ». Доны «ӕрфӕнты» цынӕ диссӕгтӕ фендзынӕ! Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ лӕг базоны Хуыцауы стыр зонд ӕмӕ тых. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм ӕрвхуыз киты. Йӕ уӕз хӕццӕ кӕны 120 тоннӕмӕ — 30 пылы уӕз! Ӕрмӕст йӕ зӕрдӕ ласы 450 килӕйы ӕмӕ йын йӕ буарыл дыууӕрдӕм тӕры 6,4 тоннӕйы туг! Цымӕ ацы ӕнахуыр стыр цӕрӕгойӕн йӕ фезмӕлд та куыд у — гуымиры ӕмӕ уӕззау? Ӕппындӕр нӕ. Китты хъахъхъӕнынады организацийы кусджытӕ («European Cetacean Bycatch Campaign») куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ацы киты мыггаг фурдты афтӕ цырд ленк кӕны, ӕмӕ йыл цӕст дӕр нӕ хӕцы. Уӕлдӕфон сгарджыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иу ӕрвхуыз кит «10 мӕймӕ аленк кодта 16 000 километры бӕрц».

17 Дельфин-афалинӕ фӕленк кӕны 45 метры ӕрфӕнты, фӕлӕ уыдис афтӕ дӕр, ӕмӕ ацыд 547 метры ӕрфӕнмӕ! Фӕлӕ ахӕм арфы ацӕугӕйӕ удӕгасӕй куыд баззайынц? Доныбынмӕ куыд арфдӕр фӕцӕуынц, афтӕ сӕ зӕрдӕйы куыст фӕсындӕгдӕр вӕййы ӕмӕ туг ацӕуы зӕрдӕ, рӕуджытӕ ӕмӕ сӕрымагъзмӕ. Афтӕ ма сӕ хӕцъӕфты ис, туаггуыр кӕм вӕййы, ахӕм химикон буаргъӕдтӕ. Денджызон пылтӕ ӕмӕ кашалоттӕн та сӕ бон у доны бын ноджы арфдӕр ацӕуын. «Доны ӕлхъывдадимӕ „хъӕбысӕй нӕ хӕцынц“,— дзырдӕуы журнал «Дискавер»-ы,— фӕлӕ сӕхи ауадзынц ӕмӕ сын сӕ рӕуджытӕ ӕртӕбӕкк кӕны». Цы туаггуыр сӕ фӕхъӕуы, уымӕн йӕ дзӕвгар хай ӕмбырд кӕнынц сӕ хӕцъӕфты. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы цӕрӕгойтӕ ирд ӕвдисӕн сты ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр зондӕн!

18. Иегъовӕйы стыр зондӕн денджызы дон ӕвдисӕн куыд у?

18 Суанг денджызы дон дӕр ӕвдисӕн у Иегъовӕйы стыр зондӕн. Журнал «Сайентифик америкэн»-ы фыстӕуы: «Океанты уӕлцъарӕй 100 метры ӕрфӕнмӕ алы доныртах дӕр дзаг у, хуымӕтӕджы цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм мингай хӕрз чысыл зайӕгойтӕй — фитопланктонӕй». Уыцы «ӕнӕуынгӕ тархъӕдтӕ» ӕвзалытуаг газ миллиардгай тоннӕтӕй кӕй цъирынц, уымӕй уӕлдӕф сыгъдӕг кӕнынц. Уӕлдӕфы цы туаггуыр ис, уымӕн йе ’рдӕгӕй фылдӕр уыцы фитопланктонӕй цӕуы.

19. Арт ӕмӕ мит Иегъовӕйы фӕндон куыд ӕххӕст кӕнынц?

19 Псаломы 148:8 кӕсӕм: «Арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ цъӕх мигъ, тымыгъджын дымгӕ, Уый дзырд ӕххӕстгӕнӕг». Иегъовӕ ӕдзард ӕрдзы тыхты руаджы дӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны. Ӕркӕсӕм ма артмӕ. Бирӕ азты размӕ ӕнхъӕлдтой, хъӕдтыл арт кӕй сирвӕзы, уый ӕрдзӕн зиан йеддӕмӕ хорзӕй кӕй ницы ӕрхӕссы. Фӕлӕ фӕстаг иртасӕнтӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй ӕрдзы мидӕг артӕн ис стыр ахадындзинад: уый куынӕг кӕны зӕронд ӕмӕ хуыскъ бӕлӕстӕ, фадат ратты мыггӕгтӕн сзайынӕн, ногӕй сӕвзӕрын кӕны ӕфсадӕн буаргъӕдтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы ӕвирхъау стыр зынгсирвӕзтытӕй дӕр афтӕ тӕссаг нал вӕййы. Стыр ахадындзинад ис митӕн дӕр: уый дзаг кӕны цӕугӕдӕттӕ, зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты уазалӕй хъахъхъӕны, мӕр та ӕфсады донӕй ӕмӕ йӕ хъӕздыг кӕны.

20. Хӕхтӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн цавӕр ахадындзинад ис?

20 «Хӕхтӕ ӕмӕ обӕуттӕ, дыргъхӕссӕг бӕлӕстӕ ӕмӕ кедртӕ иуылдӕр»,— дзуры дарддӕр Псалом 148:9. Ӕмбисонды хӕхтӕ ӕвдисӕн сты Иегъовӕйы ӕнӕкӕрон тыхӕн (Псалом 64:7). Фӕлӕ ма уыдон ахсджиаг сты царды дӕр. Берны (Швейцарийы) Географийы институт цы доклад бацӕттӕ кодта, уым фыст ис: «Дунейы тӕккӕ стырдӕр цӕугӕдӕттӕ гуырынц хӕхты. Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’рдӕгӕй фылдӕр нуазынц, хӕхтӕй цы дон цӕуы, уый. [...] Зӕгъгӕ, ацы „доны ӕвӕрӕнтӕ“ не сты, уӕд адӕмӕн цӕрын уаид тынг зын». Уӕдӕ бӕлӕстӕ дӕр се Скӕнӕджы кадджын кӕнынц. ИНО-йы алфамбылай ӕрдзы Программӕйы дзырдӕуы: «Ӕппӕт бӕстӕты дӕр адӕмы царды бӕлӕстӕн ис стыр ахадындзинад. [...] Бирӕ хуызтӕ дзы ахъаз сты экономикӕйӕн, уымӕн ӕмӕ хъӕдӕрмӕг, дыргътӕ, ӕнгузтӕ, писи исынц бӕлӕстӕй. Дунейы 2 милуан адӕймаджы нырма дӕр сугӕй архайынц».

21. Сыф йӕхигъдауӕй кӕй нӕ фӕзынд, уый йӕ мидконд куыд ӕвдисы?

21 Сфӕлдисӕг стыр зонды хицау кӕй у, уый ма бӕрӕг у бӕласӕн йӕ кондӕй дӕр. Ӕркӕсӕм хуымӕтӕджы сыфы мидкондмӕ. Сыф ӕнӕхъӕнӕйдӕр ӕмбӕрзт у мыдадзын тӕнцъарӕй. Уый йӕ хъахъхъӕны хус кӕнынӕй. Тӕнцъары хӕдбынмӕ чырӕгты мидӕг та ис хлоропласттӕ. Уыцы хлоропластты цы хлорофилл ис, уый йӕхимӕ ӕлвасы хуры рухс. Фотосинтезы руаджы сыфтӕ свӕййынц «хӕлцадон фабрикӕтӕ». Бӕлас уидагӕй цы дон сцъиры, уый сыфтӕм фӕхӕццӕ вӕййы «хӕтӕлтыл». Сыфы бинаг тӕнцъары цы гыццылмур «ӕхгӕнӕнтӕ» ис — дзыхаутӕ, уыдон райгом-байгом кӕнынц ӕмӕ цъирынц ӕвзалытуаг газ. Рухсмӕ уыцы ӕвзалытуаг газ ӕмӕ дон баиу вӕййынц, ӕмӕ дзы сӕвзӕры ӕвзалыдӕттӕ. Ныр бӕласӕн йӕ бон у йӕхи ӕфсадын йӕхи конд хӕринагӕй. Зӕгъын ма хъӕуы, ӕмӕ ацы «фабрикӕ» кусы ӕнӕ уынӕрӕй, стӕй у рӕсугъд. Ӕрдз ӕппындӕр нӕ чъизи кӕны, йӕ фӕлхӕрттӕ та — туаггуыр!

22, 23. а) Цавӕр диссаджы миниуджытӕ ис иуӕй-иу мӕргътӕ ӕмӕ сурзӕххы цӕрӕгойтӕм? ӕ) Цавӕр фарстытӕ ма нӕ хъӕуы равзарын?

22 «Сырдтӕ ӕмӕ алкӕцы фос, хилджытӕ ӕмӕ базырджын мӕргътӕ»,— кӕсӕм дарддӕр Псаломы 148:10. Сурзӕххы сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕй бирӕтӕм ис диссаджы миниуджытӕ. Саурагъ альбатрос афтӕ дард атӕхы, ӕмӕ диссаг (иу хатт иу альбатрос 90 бонмӕ атахт 40 000 километры). Гӕрӕмхъуыр зараг цъиу Цӕгат Америкӕйӕ Хуссар Америкӕмӕ ӕнӕрулӕфгӕйӕ фӕтӕхы 80 сахатӕй фылдӕр. Теуа, бирӕтӕ куыд ӕнхъӕлынц, афтӕ дон йӕ къуыпсинты не ’мбырд кӕны, фӕлӕ хӕринагтайӕн оргӕнты, ӕмӕ уый фӕрцы дӕргъвӕтин рӕстӕг ӕнӕ дон нуазгӕйӕ дӕр йӕ буар донхъуаг нӕ баййафы. Уӕдӕ цавӕрдӕр ног машинӕ кӕнӕ ӕрмӕг ӕрымысыны тыххӕй инженертӕ цӕрӕгойты дуне лыстӕггай кӕй иртасынц, уым диссагӕй ницы ис. «Дзӕбӕх чи кусдзӕн... ӕмӕ зиан чи нӕ хӕсдзӕн, кӕд дӕ исты ахӕм саразын фӕнды,— фыссы Гейл Клир,— уӕд ын хорз хуызӕгтӕ ссардзынӕ ӕрдзы мидӕг».

23 Ӕцӕгдӕр, нӕ алфамбылай дуне хъусын кӕны Хуыцауы кад! Стъалыджын арвӕй райдай, ӕмӕ зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕй фӕу — алчидӕр йӕхирдыгонау кадджын кӕны йе Сфӕлдисӕджы. Адӕм та? Махӕн та нӕ бон куыд у Хуыцауы кадджын кӕнын?

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцау кӕй ис, уый кӕй нӕ уырны, уыдонӕн хатыр цӕуылнӕ ис?

• Стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ Хуыцауы куыд кадджын кӕнынц?

• Уарзӕгой Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый денджызы ӕмӕ сурзӕххы цӕрӕгойтӕ куыд бӕлвырд кӕнынц?

• Ӕрдзы тыхтӕ Иегъовӕйы фӕндон куыд ӕххӕст кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Дельфин-афалинӕ.

[Ныв 21 фарсыл]

Миты тъыфыл.

[Барлӕвӕрдӕй]

snowcrystals.net

[Ныв 21 фарсыл]

Саурагъ альбатросы лӕппын.