Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Стыр бон

Стыр бон

Стыр бон

ЙЕСО Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ изӕры йӕ апостолтӕм алӕвӕрдта донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн, цӕмӕй сӕ ацахуыстаиккой. Стӕй ма сын загъта: «Ай кӕнут Мӕ ӕрӕмысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19НФ).

Ацы аз уыцы бӕрӕгбон уыдзӕн 4 апрелы, хуыцаубоны, хурныгуылды фӕстӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы изӕр ӕгас дунейы дӕр алырӕтты ӕмбырд кӕндзысты ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ бӕрӕг кӕндзысты Ӕрымысӕн изӕр. Дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафӕрс, уыцы бӕрӕгбон кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн.