«Ӕнхъӕлмӕ кӕсын» зоныс?
«Ӕнхъӕлмӕ кӕсын» зоныс?
«Куыд хъуамӕ уат сымах сыгъдӕг царды ӕмӕ Хуыцауы ӕфсармы, ӕнхъӕлмӕ кӕм кӕсут ӕмӕ бӕлгӕ кӕм кӕнут Хицауы боны ӕрцыдмӕ [«ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ зӕрдыл даргӕйӕ Иегъовӕйы бон», НД]» (2 ПЕТРЫ 3:11, 12, НФ).
1, 2. Иегъовӕйы бонмӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсын» куыд хъӕуы, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн ахӕм ныв: иу хӕдзары бинонтӕ уазджыты фӕхуыдтой, ӕмӕ сӕм ныр тагъд зындзысты. Ӕфсины ма цыдӕртӕ ацӕттӕ кӕнын хъӕуы. Лӕг ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕнцад нӕ бадынц — ӕххуыс кӕнынц мадӕн. Се ’ппӕт дӕр сты хъӕлдзӕг. Фыд, мад ӕмӕ сывӕллӕттӕ — иууылдӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ уазджыты ӕрбацыдмӕ, цӕмӕй иумӕ дзӕбӕх абадой.
2 Чырыстӕттӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы ахсджиагдӕр хъуыддагмӕ. Цӕмӕ? «Иегъовӕйы бонмӕ»! Цалынмӕ уыцы бон не ’рцыд, уӕдмӕ нӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы пехуымпар Михейы фӕзмын. Уый загъта: «Ӕз... Иегъовӕйыл сӕвӕрдзынӕн мӕ ныфс. Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Михей 7:7). Цымӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ ӕнцад сбад ӕмӕ мацы араз? Нӕ. Махӕн бирӕ куыст ис.
3. 2 Петры 3:11, 12 гӕсгӕ чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой?
3 Апостол Петр нын амоны, ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ цы аразын хъӕуы: «Куыд хъуамӕ уат сымах сыгъдӕг царды ӕмӕ Хуыцауы ӕфсармы, ӕнхъӕлмӕ кӕм кӕсут ӕмӕ бӕлгӕ кӕм кӕнут Хицауы боны ӕрцыдмӕ [«ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ зӕрдыл даргӕйӕ Иегъовӕйы бон», НД]» (2 Петры 3:11, 12, НФ). Петр цы дзуры, уымӕй фӕрсгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ разӕнгард. Хуыцауы фӕндӕй чырыстӕттӕм цы дыууӕ фыстӕджы ныффыста, уыдоны ӕмбарын кӕны, сӕхи куыд хъуамӕ дардтаиккой, уый. Петр сын дзырдта, цӕмӕй иудадзыг «сыгъдӕг цард» кодтаиккой ӕмӕ сӕм «Хуыцауы ӕфсарм» уыдаид. Йесо Чырысти «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» нысанмӕ куы бацамыдта, уӕдӕй кӕд 30 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ къӕрцхъус уыдаиккой (Матфейы 24:3, НД). Уыдон хъуамӕ «ӕнхъӕлмӕ кастаиккой ӕмӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой Иегъовӕйы бон».
4. Цы нысан кӕны «Иегъовӕйы бон зӕрдыл дарын»?
4 Ацы ран «зӕрдыл дарын»-ӕй цы рагон грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый комкоммӕ амоны «фӕтагъддӕр кӕнын». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй бон у Иегъовӕйы боны ’рцыд «фӕтагъддӕр кӕнын», уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонӕм, Йесо Чырысти йӕ Фыды знӕгты фесафынмӕ цы «бон ӕмӕ сахат» ӕрцӕудзӕн (Матфейы 24:36; 25:13). Иу бӕрӕгуатмӕ гӕсгӕ, дзырд «фӕтагъддӕр кӕнын» цы мивдисӕгӕй арӕзт у, уый ацы ран нысан кӕны «„тагъд кӕнын“ ӕмӕ ӕввахс лӕууы ахӕм дзырдтӕм: ӕнӕзивӕг, зынгзӕрдӕ ӕмӕ исты хъуыддагыл хӕст». Петр ма йе ’муырнджытӕн дзырдта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы бонмӕ «бӕллут». Ӕмӕ уый сӕ бон уыдаид, уыцы бон сӕ зӕрдыл иудадзыг куы дардтаиккой, уӕд (2 Петры 3:12, НФ). «Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау бон» тынг ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм мах дӕр хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ нӕ зӕрдыл дарӕм (Иоил 2:31).
Ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ «сыгъдӕг цард» кӕнӕм
5. «Иегъовӕйы бон» фенынмӕ кӕй «бӕллӕм», уый цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?
5 Иегъовӕйы бон удӕгасӕй баззайынмӕ кӕй «бӕллӕм», уый бӕрӕг уыдзӕн, «сыгъдӕг цард» куы кӕнӕм ӕмӕ нӕм «Хуыцауы ӕфсарм» куы уа, уӕд. Дзырдбаст «сыгъдӕг цард» нын, ӕвӕццӕгӕн, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Петры фӕдзӕхст: «Коммӕгӕс сывӕллӕттау, уӕхи ма дарут фыццагон цыбӕлмӕ гӕсгӕ; уыдон уӕм уыдысты, ӕнӕмбаргӕ ма куы уыдыстут, уӕд. Фӕлӕ, сымахмӕ чи басидт, Уый куыд сыгъдӕг у, афтӕ, Уымӕ гӕсгӕ, ут уӕхӕдӕг дӕр сыгъдӕг алы хъуыддӕгты. Фыст дӕр у, ӕвӕдза: Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг» (1 Петры 1:14—16, НФ).
6. Цӕмӕй «сыгъдӕг» уӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?
6 Цӕмӕй «сыгъдӕг» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи сыгъдӕг дарӕм, нӕ сӕрмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ма уадзӕм, хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм ӕмӕ нӕхи мӕнг динӕй хизӕм. Мах, Иегъовӕйы ном чи хӕссы, уыцы адӕм, нӕхи «Иегъовӕйы бонмӕ» цӕттӕ кӕнгӕйӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм? Раст зӕгъгӕйӕ, сӕфтмӕ чи цӕуы, уыцы дунейы сыгъдӕг цард кӕнын ӕнцон нӕу (1 Коринфӕгтӕм 7:31; 2 Тимофеймӕ 3:13). Не ’фсарм ӕмӕ не ’гъдау ацы дунейы ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый бӕрӕг у? Кӕд нӕ, уӕд нӕ ууыл хъӕуы дзӕбӕх ахъуыды кӕнын. Науӕд, афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ кӕд, ацы дунейӕ хъауджыдӕр хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм, уӕддӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгты не ’фсарм ӕмӕ не ’гъдау сафын райдыдтам? Кӕд хабар афтӕ у, уӕд нӕ нӕхи Хуыцауы раз сраст кӕнын хъӕуы.
7, 8. а) «Сыгъдӕг цард» кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый айрох кӕнӕн куыд ис? ӕ) Нӕ зондахаст фӕивынӕн нӕ цы хъӕудзӕн саразын?
7 Интернеты хӕлд нывтӕ ӕмӕ радзырдтӕ кӕй фӕзынд, стӕй сӕм сусӕгӕй кӕсӕн кӕй ис, уый фыдӕй, раздӕр ахӕм аллайаг цыдӕртӕ йӕ бон фенын кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн ныр, иу дохтыр куыд загъта, афтӕмӕй «фадат фӕзынд сӕ чъизи монцты рохтӕ суадзынӕн». Интернеты ахӕм цъаммардзинӕдтӕ куы агурӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Библийы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, «чъизи цы у, уымӕ ма ӕвналут», уый ницӕмӕ дарӕм (Исай 52:11). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ма зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ «нӕ зӕрдыл дарӕм Иегъовӕйы бон»? Кӕнӕ, мыййаг, ахӕм зондыл лӕууӕм, зӕгъгӕ, уыцы бонмӕ нырма бирӕ хъӕуы, ӕмӕ мӕ зонд исты ӕлгъаг цӕмӕйдӕр куы фӕхъӕстӕ кӕнон, уӕддӕр мын йе ссыгъдӕг кӕнынӕн рӕстӕг уыдзӕн? Кӕд ахӕм цӕмӕдӕртӕм ӕмхиц стӕм, уӕд нӕ тӕккӕ абон дӕр хъӕуы Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй нын «аздаха нӕ цӕстытӕ... [ӕмӕ] ма уынӕм тыхстдзинад [«ницӕйаг цыдӕр», НД]» ӕмӕ нӕ «цардӕгас кӕна Йӕ фӕндагыл»! (Псалом 118:37).
8 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр, куыд хистӕртӕ, афтӕ кӕстӕртӕ дӕр, фидар хӕцынц, Хуыцау сӕ цы ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл ахуыр кӕны, ууыл, ӕмӕ сӕхи хизынц ацы дунейы цыбӕлтӕй. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй ӕмбарынц ӕмӕ Петры фӕдзӕхст кӕй нӕ рох кӕнынц, зӕгъгӕ, «Хицауы бон ӕрцӕудзӕн, куыд хуыснӕг», уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр «сыгъдӕг цард» кӕнынц (2 Петры 3:10). Сӕ цардӕй бӕрӕг у иу хъуыддаг — уыдон «ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарынц Иегъовӕйы бон» *.
Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ «Хуыцауы ӕфсарм»
9. «Хуыцауы ӕфсарм» нӕм кӕй ис, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъуамӕ фӕнда?
9 Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы бон ма рох кӕна, уый тыххӕй ма нӕм хъуамӕ уа «Хуыцауы ӕфсарм» дӕр — хъуамӕ Иегъовӕйӕ аргъуыц кӕнӕм ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразӕм. Ӕмӕ ацы миниуӕг та вӕййы уымӕ, Иегъовӕйыл ӕнувыд чи у. Хуыцауы «фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад [«ӕцӕгад», НФ] базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4). Нӕ йӕ «фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). «Хуыцауы ӕфсарм» нӕм кӕй ис, уый тыххӕй нӕ ноджы тынгдӕр нӕ фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Иегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ фӕзмой? (Ефесӕгтӕм 5:1).
10. «Хъӕздыгдзинадмӕ цыбӕлдзинадӕй» нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?
10 Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурӕм, уӕд нӕм уыдзӕн Хуыцауы ӕфсарм ӕмӕ йыл ӕнувыд уыдзыстӕм (Матфейы 6:33, НФ). Уӕд мулк нӕ царды сӕйраг мӕт нӕ уыдзӕн. Йесо фӕдзӕхста: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмбырд кӕнынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй нӕу» (Лукайы 12:15). Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ ӕхца никуы бакуырм кӕндзӕн, уӕддӕр нӕ хъуамӕ ма рох кӕна — «дунейаг царды мӕт ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ цыбӕлдзинад» «бамынӕг кӕнынц [Хуыцауы] дзырд» (Матфейы 13:22). Цардамӕлттӕ кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу бӕстӕты адӕм афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ хъӕздыг бӕстӕм куы ацӕуой кусынмӕ — суанг ма сӕ бинонты дӕр цалдӕр азы куы ныууадзой — уӕд сӕ къахыл слӕудзысты. Хуыцауӕн кувӕг адӕмӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕны. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуой, уӕд сӕ бон уыдзӕн сӕ бинонтӕн ӕнцойдзарды уавӕртӕ скӕнын. Фӕлӕ йӕ хӕдзаронты куы ныууадза, уӕд цымӕ сӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн? Хӕдзары хицау йӕ бинонтӕм йӕ хъус куы нӕ дара, уӕд сӕм Иегъовӕйы бон удӕгасӕй баззайынӕн фаг уырнындзинад разындзӕн?
11. Ӕндӕр бӕстӕм кусынмӕ цы лӕг ацыд, уымӕн ӕхца бакусынӕй Хуыцауы ӕфсарм ахсджиагдӕр кӕй уыд, уый куыд сбӕлвырд?
11 Иу филиппинаг лӕг ацыд Японмӕ кусынмӕ, ӕмӕ уым Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй базыдта ӕцӕгад. Сыгъдӕг Фыстадӕй куы базыдта, хӕдзары хистӕр уӕвгӕйӕ йыл йӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уый, уӕд бамбӕрста, кӕй сын хъуамӕ баххуыс кӕна Иегъовӕйы фӕндагыл слӕууынӕн (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Йӕ бинойнаджы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, йӕ лӕг ног диныл кӕй ныххӕцыд, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй ӕрыздӕха ӕмӕ йӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕна. Уый фӕндыд, цӕмӕй сын ӕхца ӕрвита. Фӕлӕ уыцы лӕг, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый хорз кӕй бамбӕрста ӕмӕ йӕ ахсджиӕгтыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт. Йӕ бинонтыл уарзонӕй кӕй аудыдта ӕмӕ алцӕмӕндӕр кӕй быхста, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ уыдон иууылдӕр ӕцӕгады фӕндагыл ӕрлӕууыдысты; йӕ ус та ма пионер дӕр сси.
12. Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн хъуамӕ агурӕм?
12 Ныртӕккӕ цы уавӕры стӕм, уый абарӕн ис, судзгӕ хӕдзары чи баззайы, уыдоны уавӕримӕ. Мӕнӕ-мӕнӕ арт кӕй аныхъуырдзӕн, уыцы хӕдзары куы уай, уӕд ма уырдыгӕй 1 Тимофеймӕ 4:16).
ӕддӕмӕ исты дзаумӕттӕ скъӕфдзынӕ? Ӕви дзы чи ис, уыдоны ирвӕзын кӕндзынӕ: дӕхи, дӕ бинонты ӕмӕ иннӕты? Удӕй зынаргъдӕр та цы ис! Ацы фыддунейыл дӕр тагъд уыцы хӕдзары бон акӕндзӕн, ӕмӕ адӕм сӕфдзысты. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фыццаджыдӕр хъӕуы Хуыцауы Паддзахад агурын ӕмӕ, адӕмӕн ирвӕзындзинады хос чи у, уыцы хабар, ома Паддзахады хабар, зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын (Хъуамӕ ма «счъизи» уӕм
13. Цавӕр адӕймагӕй нӕ фӕнды разынын Иегъовӕйы стыр боны?
13 Дарддӕр дӕр нӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уый фӕдыл Петр загъта: «Уарзонтӕ, амӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, архайут фӕзынын Уый раз ӕнӕ счъизитӕй ӕмӕ ӕнӕ аипптӕй дунейы [«фӕрнӕй цӕргӕйӕ», НД]» (2 Петры 3:14). Петр нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ нӕм Хуыцауы ӕфсарм уа, ӕмӕ уый та ӕмбаст у, Хуыцау нӕ, йӕхи Йесойы зынаргъ тугӕй чи ссыгъдӕг кодта, ахӕм адӕмыл куыд банымайа, уыимӕ (Раргомад 7:9, 14). Уый тыххӕй та адӕймаг хъуамӕ Йесойы нывондыл ӕууӕнда, Иегъовӕйӕн нывонддзырд ратта ӕмӕ донаргъуыд райса.
14. Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, Хуыцауы раз хъуамӕ уӕм «ӕнӕ счъизитӕй»?
14 Петр нӕм сиды, зӕгъгӕ, архайут, цӕмӕй Хуыцауы раз «ӕнӕ счъизитӕй» разынат. Нӕ чырыстон «дарӕстӕ» — не ’фсарм, нӕ удыхъӕд — сыгъдӕг дарӕм, ацы дунейӕ сӕ нӕ чъизи кӕнӕм? Нӕ дзаумӕттӕ гыццыл истӕмӕй дӕр куы счъизи вӕййынц, уӕд сӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ фӕвӕййӕм. Фылдӕр цы дзаума уарзӕм, уый куы счъизи вӕййы, уӕд та йӕ сыгъдӕг кӕныныл нӕхи тухӕнӕй дӕр амарӕм. Уӕдӕ нӕ чырыстон «дарӕстӕ» куы счъизи вӕййынц — нӕ удыхъӕды кӕнӕ нӕ уагахасты ӕвзӕрӕй исты куы фӕзыны, уӕддӕр афтӕ стыхсӕм?
15. а) Израилӕгтӕ сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттыл хаутӕ цӕмӕн хъуамӕ кодтаиккой? ӕ) Иегъовӕйы нырыккон лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейы адӕмы ’хсӕн бӕрӕг цӕмӕй дарынц?
15 Израилӕгтӕн куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй-иу хъуамӕ «сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттыл хаутӕ скодтаиккой» ӕмӕ «уӕлӕдарӕсы кӕрӕттыл цы хаутӕ уыд, уыдоны сӕрмӕ та ӕрвгъуыз ӕндах аластаиккой». Цӕмӕ сӕ хъуыд уыдӕттӕ кӕнын? Уымӕн ӕмӕ сын уый сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаид Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ, ӕххӕст сӕ кодтаиккой ӕмӕ сӕ Хуыцауы раз «сыгъдӕг» уыдаиккой (Нымӕцтӕ 15:38—40). Иегъовӕ цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдон мах, Иегъовӕйы нырыккон лӕггадгӕнджытӕ, кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй ацы дунейы адӕмы ’хсӕн бӕрӕг дарӕм. Зӕгъӕм, не ’фсарм ӕмӕ не ’гъдау нӕ сафӕм, адӕймаджы тугӕн стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйы йедтӕмӕ ницӕмӕн ӕмӕ никӕмӕн кувӕм (Куыстытӕ 15:28, 29). Ӕнаипп цард кӕй кӕнӕм ӕмӕ не ’фсарм кӕй хъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуӕм (Иаковы 1:27, НФ).
Хъуамӕ уӕм «ӕнӕ аипптӕй»
16. Цӕуыл дзурӕг у, зӕгъгӕ, разынӕм «ӕнӕ аипптӕй»?
16 Петр ма дзырдта, «ӕнӕ аипптӕй» кӕй хъуамӕ разынӕм, уый тыххӕй дӕр. Уӕвгӕ, уымӕн гӕнӕн ис? Адӕймаг истӕмӕй куы счъизи уа, уӕд йӕ бон у йӕхи ныссыгъдӕг кӕнын кӕнӕ ныхсын, фӕлӕ йӕхи мидӕг куы уа исты аипп, ома йӕ удыхъӕды цыдӕр хъӕн, уӕд уымӕн ныхсӕн нӕй. Апостол Павел Филиппы сахармӕ йе ’муырнджытӕм фыста: «Алцыдӕр кӕнут ӕнӕхъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕгуырысхойӕ, цӕмӕй сымах уат ӕнӕуайдзӕф ӕмӕ сыгъдӕг, Хуыцауы ӕнаипп сывӕллӕттӕ, фыдуаг ӕмӕ ӕнӕгъдау Филиппӕгтӕм 2:14, 15). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд никуы никӕуыл схъуыр-хъуыр кӕндзыстӕм, быцӕу никӕимӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм. Иегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй та нӕ фӕнддзӕн «Паддзахады Евангели» хъусын кӕнын (Матфейы 22:35—40; 24:14). Стӕй, адӕмӕн Хуыцау ӕмӕ йӕ Ныхас, Библи, базонынӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ цӕмӕн дӕттӕм, уый кӕд бирӕтӕ не ’мбарынц, уӕддӕр хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кӕндзыстӕм.
мыггаджы ӕхсӕн, кӕцыйы сымах ӕрттивут, куыд рухсдӕттӕгтӕ дунейы» (17. Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ нын чырыстон ӕмбырды исты хӕстӕ уа, уӕд нӕ фӕндтӕ цавӕр хъуамӕ уой?
17 «Ӕнаипп» разынын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ-иу цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: цӕмӕн мӕ фӕнды афтӕ бакӕнын? Мах ацы дунейы адӕмы нал фӕзмӕм: нӕхи уды пайдайӕн бирӕ ӕхца бакусынмӕ кӕнӕ стыр бынатмӕ нӕ тырнӕм. Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ нын чырыстон ӕмбырды исты хӕстӕ уа, уӕд нӕ фӕндтӕ кӕддӕриддӕр уӕнт авгау сыгъдӕг ӕмӕ ӕнцайӕнт уарзондзинадыл — Иегъовӕмӕ ӕмӕ адӕммӕ. Куыд ӕхсызгон вӕййы, уырнындзинады фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ «хистӕры бынатмӕ... [уый тыххӕй куы] фӕбӕллынц», цӕмӕй Иегъовӕйӕн ӕмӕ се ’муырнджытӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕной (1 Тимофеймӕ 3:1, НФ; 2 Коринфӕгтӕм 1:24). О, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «хизынц Хуыцауы дзуг... разӕнгардӕй... ӕлгъаг ӕфтиаджы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕнувыдӕй, ӕмӕ Хуыцауы бынтыл ӕлдариуӕг нӕ кӕнгӕйӕ, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг уӕвгӕйӕ» (1 Петры 5:1—4).
Хъуамӕ «фӕрнӕй цӕрӕм»
18. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн цавӕр миниуджытӕй сты зындгонд?
18 Фӕстагмӕ Петр дзуры, зӕгъгӕ нӕ Хуыцау хъуамӕ фена «фӕрнӕй цӕргӕйӕ». Петры амындмӕ гӕсгӕ хъуамӕ Иегъовӕимӕ ӕмӕ адӕмимӕ хӕлар уӕм, стӕй хъуамӕ «кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзӕм» ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ фӕрнӕй цӕрӕм (1 Петры 2:17; 3:10, 11; 4:8, НФ; 2 Петры 1:5—7). Уый тыххӕй та кӕрӕдзи уарзын хъӕуы (Иоанны 13:34, 35; Ефесӕгтӕм 4:1, 2). Нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ хӕлардзинад уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг вӕййынц нӕ ӕхсӕнадӕмон конгрессты. 1999 азы Коста-Рикӕмӕ конгресмӕ уазджытӕ цӕуын куы байдыдтой, уӕд бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ сӕ размӕ рацыдысты, ӕмӕ аэропорты иу уӕйгӕнӕджы тӕрхӕджытӕ нал зындысты. Ууыл уӕйгӕнӕг смӕсты. Фӕлӕ дыккаг бон бафиппайдта, ӕндӕр бӕстӕтӕй конгресмӕ ӕрцӕуӕг адӕмы, кӕд бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ фыццаг хатт уыдтой, уӕддӕр бӕрӕг уыд, кӕй сӕ уарзынц. Конгрессы фӕстаг бон уыцы уӕйгӕнӕг йӕхӕдӕг райдыдта хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн салам дӕттын ӕмӕ йӕ бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын.
19. Не ’муырнджытимӕ фӕрнӕй цӕмӕн хъуамӕ цӕрӕм?
Псалом 36:11; 2 Петры 3:13). Чи зоны, не ’муырнджытӕй кӕимӕдӕр нӕ фидауӕм. Йемӕ Дзӕнӕты фӕрнӕй куыд цӕрдзынӕ, уый дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕ бон у? Кӕд нӕм не ’фсымӕр истӕуыл мӕсты у, уӕд нӕ хъӕуы йемӕ тӕккӕ абон «бафидауын» (Матфейы 5:23, 24). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕимӕ хӕлар уӕм, уӕд нӕ афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы (Псалом 34:27; 1 Иоанны 4:20).
19 Цас хӕлардӕрӕй цӕрӕм нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын Иегъовӕйы бонмӕ ӕмӕ нын зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уымӕ (20. «Ӕнхъӕлмӕ кӕсын» кӕй зонӕм, уый цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?
20 Алчидӕр нӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йӕ зӕрдыл дары Иегъовӕйы бон»? Фыддзинад куыд фесӕфдзӕн, уый фенын нӕ кӕй фӕнды, уый ӕвдисӕм, ацы быныхӕлд дунейы сыгъдӕг цард кӕй кӕнӕм, уымӕй. Иегъовӕйы боны ’рцыдмӕ ӕмӕ йӕ уӕларвон Паддзахад цы ног дунейы хицауиуӕг кӕндзӕн, уым цӕрынмӕ кӕй бӕллӕм, уый ма бӕрӕг у, Хуыцауы ӕфсарм нӕм кӕй ис ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй стӕм, уымӕй дӕр. Стӕй ма не ’муырнджытимӕ фӕрнӕй кӕй цӕрӕм, уымӕй дӕр зыны, сабыр ног дунейы цӕрын нӕ кӕй фӕнды. Ӕппӕт адӕттӕ та дзурӕг сты, «ӕнхъӕлмӕ кӕсын» кӕй зонӕм ӕмӕ «Иегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл [кӕй] дарӕм».
[Фиппаинаг]
^ 8 абз. Уымӕн цӕвиттонтӕ ис 2000 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 30 фарс, ӕмӕ 1997 азы «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг»-ы, 51 фарс (уыр.).
Бахъуыды кодтай?
• Цы нысан кӕны «Иегъовӕйы бон зӕрдыл дарын»?
• Иегъовӕйы бонмӕ кӕй «ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм», уый нӕ цардӕй куыд хъуамӕ зына?
• Цӕмӕн нӕм хъуамӕ уа «Хуыцауы ӕфсарм»?
• Цӕмӕй Иегъовӕйы раз «фӕзынӕм ӕнӕ счъизитӕй ӕмӕ ӕнӕ аипптӕй» ӕмӕ «фӕрнӕй цӕргӕйӕ», уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 9 фарсыл]
«Ӕнхъӕлмӕ кӕсын» кӕй зонӕм, уый бӕрӕг у нӕ сыгъдӕг цардӕй.
[Нывтӕ 10 фарсыл]
Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг у ирвӕзындзинады хос.
[Ныв 12 фарсыл]
Иегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм.