Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кувынц удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй
Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кувынц удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй
«Хуыцау уд у, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон хъуамӕ удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй кувой» (ИОАННЫ 4:24, «Мах дуг» № 5, 1992).
1. Хуыцауӕн куыд хъӕуы кувын?
ИЕГЪОВӔЙЫ иунӕггуырд фырт Йесо Чырысти бӕлвырдӕй бацамыдта, йӕ Фыдӕн куыд хъуамӕ кувӕм, уый. Сихары сахармӕ ӕввахс цъайы раз самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта: «Сымах нӕ зонут, цӕмӕн кувут, уый; мах та зонӕм, цӕмӕн кувӕм, уый, уымӕн ӕмӕ ирвӕзыны хъуыддаг Иудейтимӕ баст у. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ Фыдмӕ кувдзысты удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй, уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхицӕн ахӕм кувджыты агуры. Хуыцау уд у, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон хъуамӕ удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй кувой» (Иоанны 4:22—24, «Мах дуг» №5, 1992). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?
2. Самариӕгты дин цӕуыл ӕнцади?
2 Самариӕгты уырнындзинӕдтӕн сӕ фылдӕр уыдысты мӕнг. Хуыцауы Ныхасыл нымадтой ӕрмӕстдӕр Фыстады фыццаг фондз чиныджы, уыдон дӕр сӕхи тӕлмацӕй. Уыцы чингуыты ӕмбырдгонд ма хонынц самариӕгты «Фондз чиныг» дӕр. Уымӕн нӕ зыдтой самариӕгтӕ Хуыцауы. Иудейтӕ та йӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ «уыдонӕн баргонд уыд Хуыцауы ныхас» (Ромӕгтӕм 3:1, 2). Уый руаджы иузӕрдион иудейтӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн сӕ бон уыдис Иегъовӕйы хорзӕх ссарын. Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй цы кӕнын хъуыд?
3. Хуыцауӕн «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» кувынӕн цы хъӕуы?
3 Рагзаманты иудейты, самариӕгты ӕмӕ иннӕ адӕмты цы кӕнын хъуыди, цӕмӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ ссардтаиккой? Хъуамӕ йын «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» куывтаиккой. Ацы ныхӕстӕ махмӕ дӕр хауынц. Раст у, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕ удӕй арт уадзӕм, уый тыххӕй та йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндӕм. Фӕлӕ йын цӕмӕй удӕй кувӕм, уый тыххӕй нӕм ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ уа йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ хъуамӕ хъусӕм, сыгъдӕг уд нын цы амоны, уымӕ. Библи кӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ амындтӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый руаджы нӕ зӕрдӕйы уаг ӕмӕ нӕ зондахаст хъуамӕ суой Хуыцауы зӕрдӕйы уаг ӕмӕ зондахасты хуызӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:8—12). Цӕмӕй Иегъовӕйы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй ма йын хъуамӕ ӕцӕгадӕй дӕр кувӕм. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Библийӕ базонын хъӕуы, Иегъовӕ чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый.
Ӕцӕгад ссарӕн ис
4. Иуӕй-иутӕ ӕцӕгады тыххӕй цы дзурынц?
4 Философи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, адӕмӕн сӕ бон нӕу ӕнӕивгӕ ӕцӕгад ссарын. Шведаг фыссӕг Альф Альберг уый фӕдыл фыссы: «Бирӕ философон фарстытӕн бӕлвырд дзуапп радтӕн нӕй». Кӕд иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис
ӕрмӕстдӕр ахастон ӕцӕгад, уӕд цымӕ раст сты? Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй нӕ.5. Цӕмӕн ӕрцыд Йесо дунемӕ?
5 Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ныв: ныр у н. э. 33 азы райдиан. Йесо лӕууы ромаг хицау Понти Пилаты раз ӕмӕ йын дзуры: «Ӕз... уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ йӕ Пилат бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Фӕлӕ Йесойы дзуапмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсы (Иоанны 18:36—38).
6. а) Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ «ӕцӕгад» цы у? ӕ) Цы бахӕс кодта Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн?
6 Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ «ӕцӕгад» у «нӕ алыварс уӕвӕг дунейы скондтӕ, фӕзындтӕ, ахастытӕ» («Уырыссаг-ирон философон дзырдуат», Цхинвал, 1995 аз, 77 ф.). Цымӕ Йесо ахӕм ӕцӕгады тыххӕй лӕууыд ӕвдисӕн? Нӕ. Уымӕн йӕ хъуыдыйы уыд бӕлвырд ӕцӕгад. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр бахӕс кодта уыцы ӕцӕгад хъусын кӕнын: «Сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Ацы цардӕвӕрды кӕроны размӕ ӕгас дунейы дӕр Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кӕнынц «Евангелийы ӕцӕгад» (Галатӕгтӕм 2:14, НФ). Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Уӕдӕ ӕнӕмӕнгдӕр базонын хъӕуы, ӕппӕт адӕмтӕн ӕцӕгад чи амоны ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы адӕмы.
Куыд ис ӕцӕгад базонӕн
7. Ӕцӕгады ратӕдзӕн Иегъовӕмӕ кӕй ис, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзынӕ?
7 Ӕцӕгады ратӕдзӕн ис Иегъовӕмӕ. Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр ӕй уымӕн схуыдта «ӕцӕгады Хуыцау» (Псалом 30:6; 42:3). Йесо бӕлвырд зыдта, йӕ Фыды ныхас ӕцӕг кӕй у, уый. Уый ма афтӕ дӕр загъта: «Пехуымпартӕм фыст ис: „ӕмӕ иуылдӕр ахуыргонд уыдзысты Хуыцауӕй“. Алкӕцы, Фыдӕй фехъусӕг ӕмӕ сахуыр уӕвӕг, ӕрцӕуы Мӕнмӕ» (Иоанны 6:45; 17:17; Исай 54:13). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕцӕгад чи агуры, уыдоны Стыр Зондамонӕг Иегъовӕ кӕй хъуамӕ сахуыр кӕна (Исай 30:20, 21). Ӕцӕгад чи агуры, уыдоны хуыздӕр базонын хъӕуы Хуыцауы (Ӕмбисӕндтӕ 2:5). Иегъовӕ та ӕцӕгад зӕрдиагӕй амоны алыхуызӕтты.
8. Хуыцау адӕмӕн ӕцӕгад куыд амыдта?
8 Цӕвиттон, Хуыцау израилӕгтӕн Закъон радта зӕдты уылты (Галатӕгтӕм 3:19). Израилӕгты фыдӕлтӕн, Авраам ӕмӕ Иаковӕн, Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта бирӕ хорздзинӕдтӕй (Уӕвынад 15:12—16; 28:10—19). Хуыцау ма уӕлӕрвтӕй дӕр дзырдта. Зӕгъӕм, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуыст зӕрдӕскъӕфӕн ныхӕстӕ: «Ай у Мӕ уарзон Фырт, Мӕ хорз фӕндон Кӕмӕ ис» (Матфейы 3:17, НФ). Хуыцауӕй ма хъуамӕ бузныг уӕм, йӕ ӕцӕгад Библийы кӕй ныффыссын кодта, уый тыххӕй дӕр (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ баууӕнддзыстӕм ӕцӕгадыл (2 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
Ӕцӕгад ӕмӕ Хуыцауы Фырт
9. Хуыцауы Фырт адӕмӕн ӕцӕгад куыд амыдта?
9 Хуыцау адӕмӕн ӕцӕгад амонын сӕйраджыдӕр бахӕс кодта йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕн (Дзуттытӕм 1:1—3). Йесойы хуызӕн ӕцӕгады тыххӕй никуы ничи дзырдта (Иоанны 7:46). Уӕларвмӕ куы ацыд, уӕд ма уый фӕстӕ дӕр ӕргом кодта, йӕ Фыдӕй цы ӕцӕгад цӕуы, уый. Афтӕ апостол Иоанн райста «Йесо Чырыстийы ӕргомдзинад, кӕцы радта Уымӕн Хуыцау, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн равдиса цы ӕрцӕуын ӕмбӕлы рӕхджы», уый (Раргомад 1:1—3).
10, 11. а) Йесо ӕвдисӕн цы ӕцӕгады тыххӕй лӕууыд, уый цӕимӕ уыд баст? ӕ) Йесойы руаджы ӕцӕгад куыд рабӕрӕг?
10 Йесо Понти Пилатӕн загъта, зӕгъгӕ, зӕхмӕ ӕрцыдтӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынӕн. Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд дзырдта, зӕгъгӕ, уыцы ӕцӕгад баст у, Иегъовӕ дун-дунейы хицау кӕй у, уый Хуыцауы Паддзахад Чырыстийы сӕргълӕудӕй кӕй сбӕлвырд кӕндзӕн, уыимӕ. Фӕлӕ Йесо ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд, уый ӕрмӕст хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын нӕ нысан кодта. Йесо ӕцӕгад раргом кодта, фыст цы уыд, уый кӕй сӕххӕст кодта, уымӕй. Уый тыххӕй апостол Павел фыста: «Уӕдӕ мачи кӕнӕд тӕрхон сымахӕн хӕринаджы тыххӕй, кӕнӕ нуазинаджы тыххӕй, кӕнӕ исты бӕрӕгбоны тыххӕй, кӕнӕ мӕйноджы, кӕнӕ сабаты: уый у ӕрцӕуинаг афоны аууон, буар та [«ныртӕккӕ цы ис, уый та», НД] — Чырыстийы мидӕг» (Колоссӕгтӕм 2:16, 17).
11 Зӕгъӕм, ӕцӕгад рабӕрӕг, Йесо пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Вифлеемы куы райгуырд, уӕд (Михей 5:2; Лукайы 2:4—11). Уый ма ноджыдӕр рабӕрӕг, Данел куыд фыста, афтӕмӕй 69 «авд азы» фӕстӕ Мессиа куы фӕзынд, уымӕй дӕр. Уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты н. э. 29 азы, Йесо донаргъуыд райсгӕйӕ йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодта ӕмӕ йыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд, растдӕр пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕ (Данел 9:25, НД; Лукайы 3:1, 21, 22). Ӕцӕгад ма рабӕрӕг, Йесо зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд дӕр (Исай 9:1, 2, 6, 7; 61:1, 2; Матфейы 4:13—17; Лукайы 4:18—21). Ӕцӕгад ноджы хуыздӕр рабӕрӕг, Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд (Псалом 15:8—11; Исай 53:5, 8, 11, 12; Матфейы 20:28; Иоанны 1:29; Куыстытӕ 2:25—31).
12. Цӕмӕн загъта Йесо, зӕгъгӕ, ӕз дӕн ӕцӕгад?
12 Йесо ӕцӕгады артдзӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг ӕмӕ ӕцӕгад ӕмӕ цард; Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕни, ӕрмӕст Мӕ фӕрцы йедтӕмӕ» (Иоанны 14:6, НФ). Адӕмӕн сӕ цӕстытӕ байгом вӕййынц, «ӕцӕгады фарс куы ’рлӕууынц» (НД), ома Йесойӕн Хуыцауы фӕндоны цы ахадындзинад ис, уый куы бамбарынц, уӕд (Иоанны 8:32—36; 18:37). Фысы хуызӕн сабыр адӕм ацы ӕцӕгад кӕй исынц ӕмӕ Чырыстийы уырнындзинад кӕй фӕзмынц, уый тыххӕй райсдзысты ӕнусон цард (Иоанны 10:24—28).
13. Библийы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы равзардзыстӕм?
13 Йесо ӕмӕ йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ цы ӕцӕгад кӕнӕ ахуырӕдтӕ амыдтой, уыдоныл ӕнцайы ӕцӕг чырыстон дин. Уӕдӕ «уырниадӕн коммӕгӕс» чи сси, уыдон «цӕуынц ӕцӕгады» (Куыстытӕ 6:7, НФ; 3 Иоанны 3, 4). Абон та ӕцӕгады чи цӕуы? Ӕппӕт адӕмтӕн ӕцӕгад чи амоны? Ацы фарстытӕ равзарыны тыххӕй лӕмбынӕг ӕркӕсӕм фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты цардмӕ, ӕмӕ Библийы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ равзарӕм 1) уырнындзинӕдтӕ, 2) Хуыцауӕн кувыны хъуыддаг ӕмӕ 3) хидарыны фӕтк.
Ӕцӕгад ӕмӕ уырнындзинӕдтӕ
14, 15. Рагон чырыстӕттӕ Сыгъдӕг Фыстадмӕ цы цӕстӕй кастысты ӕмӕ йӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та цы цӕстӕй кӕсынц?
14 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхасӕн стыр аргъ кодтой (Иоанны 17:17). Сӕ уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ууыл ӕнцадысты. Уый фӕдыл Александриаг Климент (II—III ӕнустӕ) ныффыста: «Ӕххӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уый не ’рлӕудзӕн, цалынмӕ Фыстадӕй бӕлвырд нӕ базона, цӕуыл ӕууӕнды, уый раст кӕй у».
15 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр аргъ кӕнынц Библийӕн. Уыдоны уырны, «ӕппӕт Фыст [кӕй] у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда [кӕй] у сахуыр кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Библийӕ, сӕ сӕйраг ахуыргӕнӕн чиныгӕй, базыдтой фыццаг ӕнусы чырыстӕтты уырнындзинӕдты тыххӕй. Цӕй ӕркӕсӕм уыдонӕй цалдӕрмӕ.
Ӕцӕгад уды тыххӕй
16. Цы у ӕцӕгад уды тыххӕй?
16 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Сыгъдӕг Фыстытыл кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн амыдтой, уд цы у, уый. Уыдон зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд кӕй сси «цӕргӕ уд» (1 Коринфӕгтӕм 15:45, НФ). Уыдон ма фидарӕй ӕууӕндыдысты, адӕймаджы уд кӕй мӕлы, ууыл дӕр (Куыстытӕ 3:23; Иаковы 5:20). Стӕй ма зыдтой, «мӕрдтӕ ӕппындӕр [кӕй] ницы зонынц», уый дӕр (Екклесиаст 9:5, 10).
17. Куыд бамбарын кӕндзынӕ, мӕрдтӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый?
17 Фӕлӕ Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, Хуыцау, йӕ зӕрдыл цы мӕрдты дары, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн. Уый тыххӕй ӕргом фыссы Павел: «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ дарын, мӕрдтӕй райгас кӕй уыдзӕн, рӕстытӕн ӕмӕ зылынтӕн дӕр» (Куыстытӕ 24:15, НФ). Уый тыххӕй ма фӕстӕдӕр, Минуций Феликс, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уый дӕр фыста: «Кӕд Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста, уӕд ӕй йӕ бон фӕстӕмӕ скӕнын нӕу? „Нӕ“ цы адӕймаг зӕгъа, уый къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд куыннӕ схуындӕуа?!» Фыццаг чырыстӕттау, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр фидарӕй ӕууӕндынц, Библи уд, мӕлӕт ӕмӕ мӕрдты райгасы тыххӕй цы дзуры, ууыл. Ныр та равзарӕм, Хуыцау ӕмӕ Чырысти чи сты, уый.
Ӕцӕгад ӕмӕ Ӕртӕуон
18, 19. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Ӕртӕуоны ахуырадӕн Библийы йӕ кой дӕр кӕй нӕй?
18 Фыццаг чырыстӕттӕ Хуыцауы, Чырыстийы ӕмӕ сыгъдӕг уды Ӕртӕуоныл нӕ нымадтой. Уый фӕдыл иу энциклопедийы фыст ис: «Ног Фӕдзӕхсты дзырд „Ӕртӕуон“ нӕй, стӕй дзы уыцы ахуырады тыххӕй дӕр ницы фыст ис, уымӕй уӕлдай ма, Йесо дӕр ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр нӕ уыдысты „Шма“ [дзуттаг куывды] ныхмӕ. Уыцы куывд фыст ис Дзуттаг Фыстыты: „Байхъус, Израил! Иегъовӕ, нӕ Хуыцау, у иунӕг Иегъовӕ“ (Дыккаг закъон 6:4)» («The Encyclopædia Britannica»). Чырыстӕттӕ нӕдӕр Ромы ӕртӕуонӕн куывтой, нӕдӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕн, нӕдӕр дзуӕрттӕн. Уыдон ӕххӕст кодтой, Йесо сын цы загъта, уый, ома куывтой ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн (Матфейы 4:10). Уымӕй уӕлдай ма ӕууӕндыдысты Чырыстийы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, «Мӕ Фыд мӕнӕй стылдӕр у» (Иоанны 14:28). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр раст ахӕм цӕстӕнгӕстыл хӕст сты.
19 Йесойы рагон фӕдылдзӕуджытӕ хорз зыдтой, Хуыцау, Чырысти ӕмӕ сыгъдӕг уд иу кӕй не сты, уый. Бӕлвырд у, уыдон сӕ ахуыргӕнинӕгты аргъуыдтой 1) Фыды номӕй, 2) Фырты номӕй ӕмӕ 3) сыгъдӕг уды номӕй, Ӕртӕуоны номӕй нӕ, фӕлӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр адӕмӕн ӕцӕгад Библийӕ кӕй амонынц, Матфейы 28:19).
уымӕ гӕсгӕ зонынц, Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд иу кӕй не сты, уый (Ӕцӕгад ӕмӕ донаргъуыд
20. Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый цы хъуамӕ зона?
20 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй адӕмӕн ӕцӕгад амоной ӕмӕ афтӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Цӕмӕй донаргъуыд райсой, уый тыххӕй хъуамӕ зоной Фыстады сӕйраг ахуырӕдтӕ. Зӕгъӕм, уыдон хъуамӕ аргъ кӕной, Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы хицаудзинадӕн (Иоанны 3:16). Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ хорз ӕмбара, сыгъдӕг уд гоймаг кӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауы архайгӕ тых (Куыстытӕ 2:1—4).
21, 22. Хуыцауыл ӕцӕгӕйдӕр чи ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн цӕмӕн у сӕ бон донаргъуыд райсын?
21 Рагон чырыстӕттӕ аргъуыдтой, уыцы хъуыддаг чи ӕмбӕрста, стӕй йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн йӕхи ӕнустӕм чи снывонд кодта, ӕрмӕстдӕр уыдоны. Иудейтӕ ӕмӕ сын сӕ дин чи райста, уыцы адӕм н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон бӕрӕг кӕнынмӕ Иерусалимы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд се ’хсӕн иу ахӕм дӕр нӕ уыд, ӕмӕ Дзуттаг Фыстытӕ хорз чи нӕ зыдта. Уым адӕмы раз апостол Петр Мессиа Йесойы тыххӕй куы дзырдта, уӕд ын иу-3 000 адӕймаджы «йӕ ныхас зӕрдиагӕй... айстой» ӕмӕ «донӕйаргъуыд райстой» (Куыстытӕ 2:41, НФ; 3:19—4:4; 10:34—38).
22 Донаргъуыд йӕ бон райсын у, Хуыцауыл ӕцӕгӕй чи ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Самариӕгтӕ ӕцӕгад куы райстой ӕмӕ «куы баууӕндыдысты Филиппыл, Хуыцауы паддзахдзинадӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй фарны уац ӕргом чи дзырдта, уӕд лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ донӕйаргъуыд райстой» (Куыстытӕ 8:12, НФ). Иудейты диныл хӕст чи уыд ӕмӕ Иегъовӕйы тыххӕй чи зыдта, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ ефиопаг лӕг фыццаг сразы Филиппы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, Мессиайы тыххӕй пехуымпарад ӕххӕст кӕны, ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд райста (Куыстытӕ 8:34—36). Фӕстӕдӕр Петр загъта Корнилийӕн ӕмӕ ма дзы ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи уыд, уыдонӕн, зӕгъгӕ, «[Хуыцауӕй] чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, [уый] ӕхсызгон у Уымӕн», ӕмӕ Йесо Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уымӕн йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕудзысты (Куыстытӕ 10:35, 43; 11:18). Ацы хабӕрттӕ иууылдӕр баст сты Йесойы фӕдзӕхстимӕ, зӕгъгӕ, «сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20; Куыстытӕ 1:8). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр раст афтӕ кӕнынц ӕмӕ аргъауынц, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ чи зоны ӕмӕ Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, ӕрмӕстдӕр уыдоны.
23, 24. Чырыстӕттӕ донаргъуыд куыд хъуамӕ исой?
23 Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕймагӕн радтынц донаргъуыд, ӕнӕхъӕнӕй йӕ иу уысммӕ фӕдӕлдонгӕнгӕйӕ. Йесо Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд куы райста, уӕд «донӕй схызт» (Марк 1:10, НФ). Ефиопаг сӕрдар дӕр «цӕугӕдоны» (НФ) райста аргъуыд. Филиппимӕ «донмӕ ныххызтысты» ӕмӕ йӕ Филипп куы саргъуыдта, уӕд «донӕй рацыдысты» (Куыстытӕ 8:36—40). Библимӕ гӕсгӕ донаргъуыд абарӕн ис марды куыд баныгӕнынц, уыимӕ ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй кӕй хъӕуы доны бын фӕкӕнын (Ромӕгтӕм 6:4—6; Колоссӕгтӕм 2:12).
24 Иу чиныджы кӕсӕм: «Ног Фӕдзӕхсты донаргъуыды тыххӕй цы дзырдӕуы, уымӕй бӕрӕг у, адӕймагӕн-иу аргъуыд кӕй лӕвӕрдтой ӕнӕхъӕнӕй йӕ доны бын фӕкӕнгӕйӕ» («The Oxford Companion to the Bible»). Иу
французаг чиныджы та дзырдӕуы: «Фыццаг чырыстӕттӕ аргъуыд истой, арф дон-иу кӕм уыди, уым-иу сӕ фӕныгъуылын кодтой, афтӕмӕй» («Larousse du XXe Siècle», Париж, 1928). Уый тыххӕй ма иу чиныг ӕмбарын кӕны: «Донаргъуыд райсыны тыххӕй хъуыди уырнындзинад хъуыддӕгтӕй равдисын, уый фӕстӕ-иу адӕймаджы Йесойы номӕй ӕнӕхъӕнӕй иу уысммӕ фӕдӕлдон кодтой» («After Jesus—The Triumph of Christianity»).25. Иннӕ статьяйы цӕуыл дзурдзыстӕм?
25 Уӕлдӕр ӕрдзырдтам рагон чырыстӕтты Библийыл ӕнцайӕг уырнындзинӕдтыл ӕмӕ хъуыддӕгтыл. Фӕлӕ ма сӕ уырнындзинӕдтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырнындзинӕдтимӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сты ӕмхуызон. Иннӕ статьяйы дзурдзыстӕм, адӕмӕн ӕцӕгад чи амоны, уыдоны ма куыд ис базонӕн, уый тыххӕй.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Хуыцауӕн куыд хъуамӕ кувӕм?
• Йесо Чырыстийы руаджы ӕцӕгад куыд рабӕрӕг?
• Цы у уд ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд ыл цы ’рцӕуы?
• Чырыстӕттӕ донаргъуыд куыд фӕисынц ӕмӕ донаргъуыд райсыны тыххӕй цы кӕнын хъӕуы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 12 фарсыл]
Йесо Пилатӕн загъта: «Ӕз... уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон».
[Ныв 13 фарсыл]
Хорз ӕмбарыс, Йесо цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «Ӕз дӕн ӕцӕгад»?
[Ныв 14 фарсыл]
Куыд хъӕуы донаргъуыд исын?