Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн хъӕуы аргъуыд райсын?

Цӕмӕн хъӕуы аргъуыд райсын?

Цӕмӕн хъӕуы аргъуыд райсын?

«Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл» (МАТФЕЙЫ 28:19).

1, 2. а) Хаттӕй-хатт-иу адӕмы куыд аргъуыдтой? ӕ) Цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры аргъуыды фӕдыл?

НӔ ЭРӔЙЫ 775—777-ӕм азты франкты паддзах Номдзыд Карл басаста саксты ӕмӕ сӕ стырӕй-чысылӕй саргъуыдта. «Уый сын тыхӕй райсын кодта, чырыстоны ном ӕрмӕстдӕр хӕсгӕ чи кодта, уыцы дин»,— фыста историк Джон Лорд. Н. э. 987 азы Уырысы кънйаз Владимир I, Грекъаг православон диныл хӕст, Византийы паддзахы чызджы куы ракуырдта, уӕд уый дӕр аскъуыддзаг кодта, йӕ дӕлбар адӕм кӕй хъуамӕ суой «чырыстӕттӕ». Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ аргъуыдтой ӕппӕт дзыллӕты дӕр, кӕй нӕ фӕндыд, уыдон тыхӕй дӕр!

2 Цымӕ раст у афтӕ аргъауын? Ахӕм аргъуыд истӕмӕн ахъаз у? Гыццылӕй-стырӕй алкӕйдӕр хъӕуы аргъауын?

Аргъауын куыд хъӕуы?

3, 4. Адӕймагыл, дон баппырх кӕнгӕйӕ кӕнӕ йын ӕй йӕ сӕрыл ӕркӕнгӕйӕ, саргъауын раст цӕуылнӕ у?

3 Номдзыд Карл ӕмӕ Владимир I адӕмы тыхӕй куы саргъуыдтой, уӕд уыцы хицӕуттӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой. Фыстады цы ӕцӕгад ис, уый чи нӕ зоны, ууыл дон бапырх кӕнай ӕви йын ӕй йӕ сӕрыл рауадзай, йе та йӕ доны фӕныгъуылын кӕнай, уӕддӕр ын уый ницы пайда у.

4 Ӕркӕсӕм, н. э. 29 азы назаретаг Йесо Аргъауӕг Иоаннмӕ куы ӕрбацыд, уыцы хабармӕ. Иоанн Иорданы цӕугӕдоны аргъуыдта адӕмы. Уыцы адӕм ӕм цыдысты сӕхӕдӕг. Цымӕ сӕ куыд аргъуыдта, доны-иу слӕууыдысты ӕмӕ-иу сын сӕ сӕртыл гыццыл дон ӕркодта ӕви-иу сыл ӕй пырх бакодта? Цы ’рцыд, Иоанн Йесойы куы саргъуыдта, уӕд? Матфей дзуры, зӕгъгӕ, «Йесо уайтагъд рацыд донӕй» (Матфейы 3:16). Иоанн Йесойы фӕныгъуылын кодта Иорданы цӕугӕдоны. Хуыцауӕн кувӕг ефиопаг лӕг дӕр аргъуыд райста «цӕугӕдоны». Растдӕр ахӕм стыр дӕттӕ хъуыди, уымӕн ӕмӕ Йесо дӕр ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр аргъуыд истой доны ныххизгӕйӕ (Куыстытӕ 8:36, НФ).

5. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ адӕмы куыд аргъуыдтой?

5 «Аргъуыд» кӕнӕ «аргъауын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд нысан кӕны «доны фӕныгъуылын кӕнын», ӕнӕхъӕнӕй фӕтъыссын, йе та ӕгасӕй дӕр доны бын фӕкӕнын. «Смиты библион дзырдуат» ӕмбарын кӕны: «Раст куы зӕгъӕм, уӕд аргъауын комкоммӕ нысан кӕны доны фӕныгъуылын кӕнын». Уымӕ гӕсгӕ Библийы кӕцыдӕр тӕлмацты Иоанн хуыйны «доны чи ныгъуылын кодта, уый» (Матфейы 3:1, «Rotherham; Diaglott»). Август Неандер йӕ чиныджы фыссы: «Иууыл райдианы аргъуыдтой доны фӕныгъуылынгӕнгӕйӕ» («History of the Christian Religion and Church, During the Three First Centuries»). Французаг ӕвзагыл уагъд зындгонд чиныджы та дзырдӕуы: «Фыццаг чырыстӕттӕ аргъуыд истой, арф дон-иу кӕм уыди, уым-иу сӕ фӕныгъуылын кодтой, афтӕмӕй» («Larousse du XXe Siècle», Париж, 1928). «Ног католикон энциклопеди» та афтӕ амоны: «Куыд уынӕм, афтӕмӕй рагон аргъуаны адӕмы аргъуыдтой доны-иу сӕ фӕныгъуылынгӕнгӕйӕ» (1967 аз, 2 том, 56 фарс). Уымӕ гӕсгӕ абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр аргъуыд исынц барвӕндӕй, ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕ доны фӕныгъуылын кӕнынц, афтӕмӕй.

Аргъуыды ног нысаниуӕг

6, 7. а) Иоанн адӕмы цӕй тыххӕй аргъуыдта? ӕ) Йесойы фӕдылдзӕуджыты аргъуыдӕн цавӕр ног нысаниуӕг уыди?

6 Иоанн адӕмы цӕй тыххӕй аргъуыдта, уый хицӕн кодта Йесойы фӕдылдзӕуджыты аргъуыдӕй (Иоанны 4:1, 2). Иоанн цы адӕмы аргъуыдта, уыдон уымӕй ӕвдыстой, Закъонмӕ кӕм нӕ байхъуыстой, ууыл кӕй фӕсмон кӕнынц, уый * (Лукайы 3:3). Йесойы фӕдылдзӕуджыты аргъуыдӕн та ӕндӕр уыди йӕ нысаниуӕг. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон апостол Петр ӕрсидт, кӕимӕ ныхас кодта, уыцы адӕммӕ: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр донаргъуыд Йесо Чырыстийы номыл райсӕд, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой» (Куыстытӕ 2:37—41, НФ). Кӕд Петрӕн йӕ ныхас иудейтӕм ӕмӕ муртаттӕй иудейты дин чи райста, уыдонмӕ уыди, уӕддӕр сӕм уымӕ нӕ сидт, ӕмӕ сӕ аргъуыд райсын уый тыххӕй кӕй хъуыди, цӕмӕй равдыстаиккой, Закъоны сӕрты кӕй ахызтысты, ууыл кӕй фӕсмон кӕнынц; уый зӕгъын дӕр ӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ Йесойы номыл аргъуыд райсын нысан кодта сӕхи тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнын (Куыстытӕ 2:10, НФ).

7 Уыцы бон Петр спайда кодта «Паддзахады дӕгъӕлтӕй» фыццагӕй. Цӕмӕн? Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн бамбарын кодта, уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат сын кӕй ис, уый (Матфейы 16:19). Иудейтӕ Йесойы кӕй аиуварс кодтой, Мессиа уый нӕу, зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕд Хуыцауы хорзӕх райсын фӕндыд, уӕд сӕ ӕнӕмӕнг хъуыди, уӕдмӕ цы нӕ арӕзтой, ахӕм цыдӕр саразын: ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Чырыстийыл баууӕндын. Ӕмӕ йыл кӕй баууӕндыдысты, уый иннӕтӕн равдисӕн уыди, йӕ номыл, ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны фӕныгъуылгӕйӕ, аргъуыд кӕй райстой, уымӕй. Афтӕмӕй ма уыдон ӕвдыстой, сӕхи Чырыстийы уылты Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтой, уый дӕр. Абон Хуыцауы хорзӕх райсын кӕй фӕнды, уыдонмӕ дӕр хъуамӕ уа ахӕм уырнындзинад, хъуамӕ сӕхи снывонд кӕной Иегъовӕйӕн ӕмӕ равдисой, ӕнустӕм сӕхи Иунӕг Стыр Хуыцауӕн кӕй дӕттынц, уый — Библи чырыстӕттӕй куыд домы, афтӕ донаргъуыд райсой.

Хъӕуы, Хуыцау чи у, уый бӕлвырд базонын

8. Библимӕ гӕсгӕ аргъуыд райсын алкӕй бон цӕуылнӕ у?

8 Библимӕ гӕсгӕ аргъуыд райсын йӕ бон алкӕмӕн нӕу. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Адӕймаг цалынмӕ аргъуыд райса, уӕдмӕ уал ӕй сахуыр кӕнын хъӕуы Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бӕлвырдӕй чи нӕ базоны ӕмӕ уыцы зонындзинӕдты бындурыл уырнындзинад кӕмӕ нӕ фӕзыны, уыдоны тыхӕй аргъауын у дзӕгъӕлы; стӕй Чырысти дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ нӕ амыдта (Дзуттытӕм 11:6).

9. Цы нысан кӕны «Фыды... номӕй» аргъуыд райсын?

9 Цы нысан кӕны «Фыды... номӕй» аргъуыд райсын? Уый нысан кӕны, аргъуыд чи исы, уый кӕй ӕмбары, нӕ уӕларвон Фыдмӕ цы стыр тых ӕмӕ ӕгӕрон хъомыс ис, уый. Уый ӕууӕнды, Иегъовӕ Хуыцау кӕй у не Сфӕлдисӕг, Дунедарӕг ӕмӕ «Иунӕг бӕрзонд ӕгас зӕххыл» (Псалом 82:19, МГТ; Исай 40:28; Куыстытӕ 4:24).

10. Цы нысан кӕны «Фырты номӕй» аргъуыд райсын?

10 «Фырты... номӕй» аргъуыд райсын та нысан кӕны, Йесо Хуыцауы иунӕггуырд Фырт кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын цы бартӕ ис, уый ӕмбарын (1 Иоанны 4:9). Аргъуыдмӕ цӕттӕ чи у, уый уырны, Йесойы Хуыцау «бирӕты балхӕныны тыххӕй» кӕй радта, уый (Матфейы 20:28; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Афтӕ ма ахӕм адӕймаг ӕмбары, Хуыцау йӕ Фырты кӕй «сбӕрзонд» кодта, уый дӕр (Филиппӕгтӕм 2:8—11; Раргомад 19:16).

11. Куыд ӕмбарын хъӕуы «Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын?

11 Куыд ӕмбарын хъӕуы уӕд «Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын та? Аргъуыд чи исы, уый зоны, сыгъдӕг уд кӕй у Иегъовӕйы архайгӕ тых ӕмӕ дзы йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ алыхуызӕтты кӕй пайда кӕны (Уӕвынад 1:2; 2 Паддзахӕдты 23:1, 2; 2 Петры 1:21). Аргъуыд райсынмӕ цӕттӕ чи у, уый фидарӕй уырны, сыгъдӕг уд ын кӕй ӕххуыс кӕны «Хуыцауы арф хъуыдытӕ» ӕмбарынӕн, Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ йын йӕ дыргъ хӕссынӕн: «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (1 Коринфӕгтӕм 2:10, НД; Галатӕгтӕм 5:22, 23; Иоил 2:28, 29).

Хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ раздӕхын

12. Аргъуыд райсын ӕрфӕсмон кӕнынимӕ куыд баст у?

12 Ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг Йесойӕ фӕстӕмӕ алы адӕймаг дӕр аргъуыд исгӕйӕ ӕвдисы, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый, ӕмӕ уыцы хъуыддаг Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы. Фӕсмон та уый у, ӕмӕ цыдӕр кӕй сарӕзтам кӕнӕ нын цы ӕмбӕлд, уый кӕй нӕ сарӕзтам, ууыл хъыг кӕнӕм. Фыццаг ӕнусы иудейтӕй Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕндыд, уыдоны хъуыд ӕрфӕсмон кӕнын, Чырыстийӕн цы фыдмитӕ фӕкодтой, уыдоныл (Куыстытӕ 3:11—19). Афтӕ Коринфы цӕрӕг муртаттӕй уырнджытӕ чи сси, уыдон та ӕрфӕсмон кодтой, кӕй хӕтыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, кӕй давтой ӕмӕ ма сӕ иннӕ стыр тӕригъӕдтыл дӕр. Ӕмӕ уый руаджы «ӕхсад ӕрцыдысты» Чырыстийы тугӕй, «сыгъдӕггонд», кӕнӕ хибаргонд ӕрцыдысты Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ «растгонд ӕрцыдысты» Чырыстийы номӕй ӕмӕ Хуыцауы удӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11). Уӕдӕ цӕмӕй нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа ӕмӕ нӕ Хуыцау тӕригъӕды уаргъӕй ссӕрибар кӕна, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын (1 Петры 3:21).

13. Куыд ӕмбарын хъӕуы аргъуыд райсыны размӕ «раздӕхын»?

13 Цалынмӕ адӕймаг аргъуыд райса ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, уӕдмӕ йӕ хъӕуы «раздӕхын». Ацы къахдзӕф, Йесо Чырыстийы фӕдыл цӕуын ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи сфӕнд кодта, ахӕм адӕймаг аразы барвӕндӕй. Уый йӕ къух исы йӕ раздӕры ӕнӕсӕрфат митыл ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй зӕгъы, дарддӕр, Хуыцауы раз раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый кӕй араздзӕн. Дзуттаг Фыстыты дӕр ӕмӕ Грекъаг Фыстыты дӕр мивдисӕг «раздӕхын» амоны разилын кӕнӕ ӕргом раздахын. Ӕндӕр ныхӕстӕй, адӕймаг цы галиу фӕндагыл цыди, уый ныууадзы ӕмӕ раздӕхы Хуыцаумӕ (3 Паддзахӕдты 8:33, 34). Уый хъуамӕ бӕрӕг уа «фӕсмондзинады аккаг хъуыддӕгтӕй» (Куыстытӕ 26:20). Хъуамӕ адӕймаг ныууадза мӕнг дины хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕна ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр радта Иегъовӕйӕн (Дыккаг закъон 30:2, 8—10; 1 Паддзахӕдты 7:3). Адӕймаг куы «раздӕхы», уӕд аивы йӕ зонд, йӕ удыхъӕд ӕмӕ царды фӕтырны ӕндӕр цӕмӕдӕр (Иезекил 18:31). Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та, адӕймаг ныууадзы йе ’взӕр миниуджытӕ ӕмӕ йӕ удыхъӕды фидар кӕнын райдайынц ног чырыстон миниуджытӕ (Куыстытӕ 3:19; Ефесӕгтӕм 4:20—24; Колоссӕгтӕм 3:5—14).

Хъӕуы зӕрдӕбынӕй нывонддзырд радтын

14. Йесойы фӕдылдзӕуӕг цы нывонддзырд радты, уый цы нысан кӕны?

14 Йесойы фӕдылдзӕуӕг цалынмӕ аргъуыд райса, уӕдмӕ ма йӕ хъӕуы ноджыдӕр иу хъуыддаг саразын — Хуыцауӕн зӕрдӕбынӕй нывонддзырд радтын. Уый та нысан кӕны, адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн лӕггад кӕныны сӕраппонд дунейӕ кӕй хибар кӕны. Ацы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ хъуамӕ скувӕм Иегъовӕмӕ ӕмӕ йын зӕгъӕм, зӕгъгӕ дын ӕнустӕм нӕ цард нывонд кӕнӕм (Дыккаг закъон 5:9). Ӕмӕ уый та гыццыл хъуыддаг нӕу, уымӕн ӕмӕ мах нӕхи нывонд кӕнӕм цыдӕр куыстӕн кӕнӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Стыр Хуыцауӕн.

15. Аргъуыд чи исы, уый доны цӕмӕн фӕныгъуылын кӕнынц?

15 Чырыстийы уылты Хуыцауӕн нывонддзырд ратгӕйӕ, мах фӕзӕгъӕм, Хуыцау нын йӕ Ныхасы куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ адӕймаг уый равдисы, доны йӕ куы фӕныгъуылын кӕнынц, афтӕмӕй аргъуыд кӕй райсы, уымӕй. Йесо дӕр йӕхи Хуыцауӕн кӕй радта, уый равдыста, Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд куы райста, уӕд (Матфейы 3:13). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы ахсджиаг рӕстӕг Йесо куывта Хуыцаумӕ (Лукайы 3:21, 22).

16. Исчи аргъуыд куы райсы, уӕд куыд у нӕ бон нӕ цин ӕвдисын?

16 Аргъуыд райсын Йесойӕн уыди йӕ царды тынг ахсджиаг, ӕмӕ уыимӕ цины хъуыддаг дӕр. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис абон йӕ фӕдылдзӕуджыты аргъуыдӕй дӕр. Йӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдон аргъуыд куы райсынц, уӕд мах дӕр семӕ фӕцин кӕнӕм, ӕмӕ уыцы цин нӕ бон равдисын у уӕздан къухӕмдзӕгъдӕй ӕмӕ зӕрдӕбын арфӕйы ныхӕстӕй. Аргъуыд райсгӕйӕ адӕймаг Хуыцауимӕ йӕ ахастытӕ кӕй сфидар кӕны, уымӕ гӕсгӕ аив нӕу хъӕртӕ, ӕхситт, къухтӕ дардыл тилын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нӕ цинӕн хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдау.

17, 18. Адӕймаг аргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ, уый куыд ис базонӕн?

17 Ноггуырдтыл дон бапырхгӕнгӕйӕ чи аргъауы кӕнӕ Библийӕ чи ницы зоны, ахӕм адӕмӕн, фӕнда сӕ, нӕ, аргъуыд чи исын кӕны, уыдонӕй хъауджыдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аргъуыд тыхӕй никӕмӕн исын кӕнынц. Суанг ма Библи чи ахуыр кӕны, фӕлӕ цы зоны, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдоны дӕр нӕ аргъауынц. Цалынмӕ адӕймаг хорз хабары ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг свӕййы, уӕдмӕ дӕр чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сбӕрӕг кӕнынц, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куыд ӕмбары, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр фӕнды, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн уа ӕви нӕ?

18 Адӕймаг Паддзахады хабар хъусын кӕнын куы бауарза ӕмӕ куы зӕгъа, аргъуыд райсын мӕ фӕнды, зӕгъгӕ, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йемӕ аныхас кӕнынц, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, Иегъовӕ Хуыцауыл ӕууӕнды, нывонддзырд ын радта ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ (Куыстытӕ 4:4; 18:8). Библийӕ йӕм радтынц 100 фарстӕй фылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг вӕййы, аргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ. Иуӕй-иутӕ цӕттӕ нӕма вӕййынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аргъуыд нӕ райсынц.

Исты дӕ къуылымпы кӕны?

19. Иоанны 6:44-ӕм стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесоимӕ чи паддзахиуӕг кӕндзӕн?

19 Стырӕй-чысылӕй тыхӕй кӕуыл аргъуыдтой, уыдонӕй бирӕтӕн зӕрдӕ ӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзынӕ. Фӕлӕ Йесо йе ’ввахс фӕдылдзӕуджыты тыххӕй загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:44). Иегъовӕ Чырыстимӕ ӕрбакодта, уӕларвон Паддзахады йемӕ хицауиуӕг чи кӕндзӕн, уыцы 144 000 адӕймаджы. Тыхӕй кӕуыл саргъуыдтой, уыдонӕй та уый ныфс никӕмӕн ис, цӕмӕй йын Хуыцауы паддзахады ахӕм кадджын бынат уа (Ромӕгтӕм 8:14—17; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:13; Раргомад 14:1).

20. Аргъуыд чи нӕма райста, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаг саразынӕн?

20 Уӕлдайдӕр XX ӕнусы 30-ӕм азты ӕмбисӕй, «стыр утӕхсӕны» (НФ) удӕгас баззайын ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, бирӕ ахӕм адӕм иу кӕнынц Йесойы «ӕндӕр фыстӕм» (Раргомад 7:9, 14; Иоанны 10:16). Уыдон цӕттӕ вӕййынц аргъуыд райсынмӕ, уымӕн ӕмӕ Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтой ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарзынц Иегъовӕйы (Лукайы 10:25—28). Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ кӕд уынынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауӕн «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» кӕй кувынц, уый, уӕддӕр Йесойау аргъуыд нӕма райстой ӕмӕ афтӕмӕй нӕ равдыстой, Иегъовӕйы ӕцӕгӕй кӕй уарзынц ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл иузӕрдион кӕй сты, уый (Иоанны 4:23, 24; Дыккаг закъон 4:24; Маркы 1:9—11). Ахӕм адӕймӕгтӕ Иегъовӕмӕ куы скувой, цы сӕ къуылымпы кӕны, уый тыххӕй, уӕд, чи зоны, сӕ бон суа сӕ царды алцыдӕр Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ саразын, ӕнустӕм сӕхи Иегъовӕ Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын.

21, 22. Иуӕй-иутӕ Хуыцауӕн нывонддзырд цӕуылнӕ дӕттынц ӕмӕ аргъуыд цӕуылнӕ исынц?

21 Иуӕй-иутӕ та Хуыцауӕн нывонддзырд радтын ӕмӕ аргъуыд райсыныл абон-райсом кӕнынц, уымӕн ӕмӕ дунейы хъуыддӕгтыл фесты кӕнӕ ӕхцайыл бафтыдысты, ӕмӕ сын Хуыцауӕн рӕстӕг нал ис (Матфейы 13:22; 1 Иоанны 2:15—17). О, фӕлӕ куыд амондджын уаиккой, цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй куы акӕсиккой, уӕд! Иегъовӕмӕ куы бахӕстӕг уой, уӕд уыдзысты уырнындзинадӕй хъӕздыг, сӕ царды уӕззау уаргъ фӕрогдӕр уыдзӕн ӕмӕ, Хуыцауы цы фӕнды, уый аразгӕйӕ, цардӕй сӕ зӕрдӕ райдзӕн (Псалом 15:11; 39:9; Ӕмбисӕндтӕ 10:22; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

22 Иннӕтӕ та фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы уарзӕм, фӕлӕ нывонддзырд радтын ӕмӕ аргъуыд райсыныл нӕ тагъд кӕнынц, ома нӕ уӕд дзуапп не ’рдомдзӕн. Фӕлӕ нӕ иу дӕр ахӕм нӕй, Хуыцауы раз дзуапп радтын кӕй нӕ бахъӕуа. Иегъовӕйы дзырд фыццаг хатт куы фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ разы хӕсджын стӕм (Иезекил 33:7—9; Ромӕгтӕм 14:12). Израилы адӕмы Хуыцау йӕхицӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ йын сӕхи кӕй снывонд кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу уыцы адӕмы ’хсӕн чи райгуырд, уыдонӕй алчидӕр хӕсджын уыди Хуыцауӕн йӕ амындтӕм гӕсгӕ ӕнувыдӕй лӕггад кӕнын (Дыккаг закъон 7:6, 11). Абон ахӕм адӕмы ’хсӕн ничи райгуырд, фӕлӕ Фыстадӕй исты куы базонӕм, уӕд ыл хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм.

23, 24. Адӕймаджы аргъуыд райсын цы хъуамӕ ма къуылымпы кӕна?

23 Кӕйдӕр та аргъуыд райсынӕй, чи зоны, къуылымпы кӕны уый, ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, фаг нӕ зоны. О, фӕлӕ махӕй алцы зонӕг никуы ничи уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ «адӕймаг никуы бамбардзӕн, ӕцӕг Хуыцау иууыл райдианӕй цы хъуыддаг аразы, уый» (Екклесиаст 3:11). Цӕвиттонӕн райсӕм ефиопаг лӕджы. Кӕд прозелит уыди ӕмӕ Фыстытӕй цыдӕртӕ зыдта, уӕддӕр Хуыцау йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй алцы не ’мбӕрста. Фӕлӕ Иегъовӕ, Йесойы нывондӕн ратгӕйӕ, адӕмӕн ирвӕзындзинады фадат кӕй радта, уый куы бамбӕрста, уӕд ӕвӕстиатӕй доны ныххизгӕйӕ аргъуыд райста (Куыстытӕ 8:26—38).

24 Иуӕй-иутӕ та Хуыцауӕн нывонддзырд нӕ дӕттынц, уымӕн ӕмӕ тӕрсынц сӕ ныхасӕн хицау куы нӕ разыной, уымӕй. Ӕвддӕсаздзыд чызг Моник дзуры: «Аргъуыд уымӕн нӕ исын, ӕмӕ тӕрсын, мӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын мӕ бон куы нӕ суа». О, фӕлӕ кӕд нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл дарӕм, уӕд нын уый «раст кӕндзӕн нӕ фӕндӕгтӕ». Нывонддзырд ын кӕй радтам, уымӕ гӕсгӕ нын уый ӕххуыс кӕндзӕн «ӕцӕгады цӕуынӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; 3 Иоанны 4).

25. Цавӕр фарстмӕ нӕ хъӕуы ӕркӕсын?

25 Алы аз дӕр Иегъовӕйӕн сӕ цард снывонд кӕнынц ӕмӕ аргъуыд райсынц мингӕйттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзынц ӕмӕ йыл алы хъуыддаджы дӕр сӕ ныфс дарынц. Ӕмӕ кӕд адӕймаг йӕ цард Хуыцауӕн снывонд кодта, уӕд та йӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион уа. Фӕлӕ мах цӕрӕм тынг уӕззау рӕстӕджы ӕмӕ нӕ уырнындзинад алы хуызы фӕлвӕрд цӕуы (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Иегъовӕйӕн цы нывонддзырд радтам, уый ма фӕсайӕм? Ууыл уыдзӕн нӕ ныхас иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Йесо ӕнӕтӕригъӕд кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уый фӕсмон кӕнын ницӕуыл хъуыди. Йӕ аргъуыдӕй Йесо равдыста, йӕхи кӕй радта Хуыцауӕн, йӕ Фыдӕн, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕна (Дзуттытӕм 7:26; 10:5—10).

Бахъуыды кодтай?

• Библимӕ гӕсгӕ куыд хъӕуы аргъуыд исын?

• Аргъуыд райсынӕн адӕймаджы цы зонын хъӕуы?

• Ӕцӕг чырыстӕттӕ аргъуыд райсыны размӕ цы саразынц?

• Иуӕй-иутӕ аргъуыд райсыныл абон-райсом цӕмӕн кӕнынц ӕмӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20 фарсыл]

«Фыд, Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын цы нысан кӕны, уый зоныс?