28 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Кӕрӕдзиимӕ ерыс ма кӕнӕм, фӕлӕ фарнмӕ тырнӕм
«Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм» (ГАЛ. 5:26).
101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Адӕм куы фӕархайынц, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уой, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны?
АЦЫ дунейы бирӕтӕ иннӕтимӕ ерыс фӕкӕнынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уой. Ӕмӕ сӕ митӕ иннӕ адӕмыл куыд фӕзындзысты, уый та сӕ ӕндавгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Зӕгъӕм, бизнесмен, гӕнӕн ис, макӕуыл ӕмӕ мацӕуыл бацауӕрда, цӕмӕй иннӕ бизнесментӕй ӕнтыстджындӕр уа. Кӕнӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ спортсмен иннӕ командӕйӕ искӕй барӕй цӕвгӕ дӕр ныккӕны, цӕмӕй йӕ командӕ рамбула. Кӕнӕ университетмӕ бацӕуынмӕ чи хъавы, уый, гӕнӕн ис, экзаментӕ дӕтгӕйӕ асайа. Фӕлӕ мах, чырыстӕттӕ, зонӕм, уыдон «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» кӕй сты (Гал. 5:19–21). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр, сӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр ма кӕной, афтӕмӕй иннӕты ерыс кӕныныл ардауой? Уый тынг ахсджиаг фарста у, уымӕн ӕмӕ ахӕм зондахасты тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад мауал уа.
2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр ӕвзӕр миниуджыты тыххӕй райдайӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ерыс кӕнын. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, Библийы цы лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕм. Ӕмӕ базондзыстӕм, цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй иннӕтимӕ ма ерыс кодтаиккой. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды, ууыл.
ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН НӔ ЦӔМӔН ФӔНДЫ?
3. Цавӕр фарстатыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?
3 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, Йегъовӕйӕн
лӕггад кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды, ууыл. Ис ахъуыды кӕнӕн ахӕм фарстатыл: «Цыдӕр мын иннӕтӕй хуыздӕр куы фӕуайы, ӕрмӕстдӕр уӕд вӕййын амондджын ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд фӕцин кӕнын? Ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй цӕмӕн архайын? Цӕмӕй мӕ бон зӕгъын уа, ӕмӕ алцыдӕр се ’ппӕтӕй хуыздӕр аразын кӕнӕ кӕцыдӕр ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕ хуыздӕр дӕн? Ӕви мӕ фӕнды Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый дӕттын?» Ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? Фенӕм, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис.4. Галатӕгтӕм 6:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, нӕхи иннӕтимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ барӕм?
4 Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:3, 4.) Цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр стӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕхиуыл фервӕссӕм ӕмӕ схъал уӕм. Ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй ӕвзӕрдӕрыл куы нымайӕм, уӕд та, гӕнӕн ис, нӕ ныфс асӕтта. Куыдфӕнды ма уа,– нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм, уӕд уый ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн (Ром. 12:3). Хо Катеринӕ * цӕры Грецийы. Ӕмӕ уый зӕгъы: «Ӕз мӕхи барстон, тынг рӕсугъд мӕм чи каст, хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ кӕмӕн ӕнтыст ӕмӕ-иу йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕнцонтӕй чи ссардта, уыцы чырыстӕттимӕ. Ӕппынфӕстаг уый тыххӕй мӕхимӕ ницӕйаг ӕркастӕн». Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ уый тыххӕй не ’рбакодта, ӕмӕ стӕм рӕсугъд, дзырдарӕхст, ис нын бирӕ зонгӕтӕ. Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ ’рбакодта, кӕй йӕ бауарзтам ӕмӕ нӕ йӕ Фыртмӕ хъусын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Иоан. 6:44; 1 Кор. 1:26–31).
5. Ӕфсымӕр Хюны хабар нын цӕуыл дзурӕг у?
5 Ноджыдӕр ма нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Иннӕтӕ мӕ фарнуарзаг адӕймагӕй зонынц? Ӕви ӕдзух быцӕу фӕкӕнын?» Ӕфсымӕр Хюн цӕры Хуссар Корейы. Иуафон бӕрнон ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ сӕхи уымӕй уӕлдӕр ӕвӕрынц. Хюн зӕгъы: «Уыцы ’фсымӕртыл фаутӕ ӕвӕрдтон. Стӕй-иу цы дзырдтой, уыдӕттимӕ-иу арӕх не сразы дӕн». Уый цӕмӕ ’ркодта? Хюн зӕгъы: «Ахӕм цӕстӕй сӕм кӕй кастӕн, уый тыххӕй ӕмбырды иудзинад нал уыд». Фӕлӕ Хюнӕн йе ’мбӕлттӕ баххуыс кодтой йӕ рӕдыд бамбарынӕн. Уый фӕстӕ йӕ зондахаст аивта, ӕмӕ ныр у фӕзминаг хистӕр нӕлгоймаг. Кӕд ӕй ӕмбарӕм, фарн бахъахъхъӕныныл кӕй нӕ архайӕм, фӕлӕ иннӕтимӕ ерыс кӕй кӕнӕм, уӕд нӕ хъӕуы уайтагъд цыдӕр аивын.
КАДУАРЗАГ МА У ӔМӔ ХӔЛӔГ МАКӔМӔ КӔН
6. Чырыстон цавӕр ӕвзӕр миниуджыты тыххӕй райдайы иннӕтимӕ ерыс кӕнын? (Галатӕгтӕм 5:26).
6 Бакӕс Галатӕгтӕм 5:26. Чырыстон цавӕр ӕвзӕр миниуджыты тыххӕй райдайы иннӕтимӕ ерыс кӕнын? Иу миниуӕг у, адӕймаг кадуарзаг куы вӕййы, уый. Кадуарзаг адӕймаг вӕййы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон. Иннӕ ӕвзӕр миниуӕг та у хӕлӕг кӕнын. Хӕлӕггӕнаг адӕймаг, иннӕтӕм цы ис, ахӕм цӕмӕдӕрты ӕрмӕст бӕлгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ йӕ цӕст дӕр нӕ фӕуарзы, цӕмӕй сын уыдӕттӕ уа. Адӕймаг искӕмӕ куы хӕлӕг кӕна, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзы йе сӕфт уыны. Мах фӕнды уыцы ӕвзӕр миниуджытӕй дард лидзын!
7. Адӕймаг кадуарзаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг куы уа, уӕд уый цавӕр зиан ӕрхӕсдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
7 Адӕймаг кадуарзаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг куы вӕййы, уӕд уый абарӕн ис, хӕдтӕхӕгӕн йӕ артаджы лыстӕг бырӕттӕ куыд бахауой, уыимӕ. Чи зоны, уыцы хӕдтӕхӕгӕн йӕ бон бауыдзӕн стӕхын. Фӕлӕ ӕрбадынмӕ куы хъава, уӕд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал кусдзӕн, ӕмӕ ныппырх уыдзӕн. Афтӕ чырыстон дӕр, чи зоны, Йегъовӕйӕн иуцасдӕр лӕггад кӕны. Фӕлӕ кӕд кадуарзаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг у, уӕд ӕй уый бӕллӕхмӕ ӕркӕндзӕн (Ӕмб. 16:18). Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Уӕдӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй кадуарзаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг ма суӕм?
8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кадуарзаг ма суӕм?
8 Апостол Павелы уынаффӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кадуарзаг ма суӕм. Уый филиппӕгтӕм ныффыста: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Фил. 2:3). Иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр куы ӕвӕрӕм, уӕд, махӕй курдиатджындӕр чи у ӕмӕ цӕмӕдӕрты махӕй хуыздӕр чи арӕхсы, уыдонимӕ ерыс нӕ кӕндзыстӕм. Фӕлӕ сӕм ахӕм курдиӕттӕ кӕй ис, уый нын ӕхсызгон уыдзӕн, уӕлдайдӕр уыдоны фӕрцы Йегъовӕйы куы кадджын кӕной, уӕд. Ӕмӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд уындзысты, махмӕ дӕр цы хорз миниуджытӕ ис, уыдон. Ӕмӕ уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ ӕмбырды иууылдӕр архайынц, цӕмӕй дзы фарн ӕмӕ иудзинад уа.
9. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хӕлӕггӕнаг ма уӕм?
9 Цӕмӕй хӕлӕггӕнаг ма уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм бонзонгӕ, ома ӕмбарӕм, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм хорз кӕй нӕ арӕхсӕм. Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕхи афтӕ нӕ дардзыстӕм, цыма се ’ппӕтӕй курдиатджындӕр стӕм. Фӕлӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм хуыздӕр чи арӕхсы, уыдонӕй истӕуыл сахуыр уӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр раныхӕстӕ дзурынмӕ хорз арӕхсы. Уӕд ӕй ис бафӕрсӕн, йӕ раныхӕстӕ куыд фӕцӕттӕ кӕны, уымӕй. Кӕнӕ хо хӕринаг кӕнынмӕ дӕсны у. Уӕд ӕй ис бафӕрсӕн, уый йын цӕй фӕрцы уайы. Йе та ӕрыгон чырыстонӕн ӕмбӕлттӕ ссарын зын куы уа, уӕд йӕ бон у аныхас кӕнын, иннӕтимӕ ӕнцонтӕй чи балымӕн вӕййы, ахӕм чырыстонимӕ. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хӕлӕггӕнаг нӕ уыдзыстӕм ӕмӕ ма истӕуылты дӕр сахуыр уыдзыстӕм.
РАГОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔЙ АХУЫР КӔН
10. Гедеон цавӕр уавӕры бахауд?
10 Ӕркӕсӕм Гедеоны хабармӕ. Уый уыди Манассийы мыггагӕй. Иухатт Гедеон ӕмӕ йе 300 хӕстоны Йегъовӕйы фӕрцы се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ сӕхицӕй нӕ ныббуц сты. Уӕд, Ефремы мыггагӕй чи уыди, уыцы хӕстонтӕ Гедеонмӕ ’рбацыдысты, ӕрмӕст арфӕтӕ ракӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ хыл кӕнынмӕ. Хъыг сын уыд, Гедеон сӕм уайтагъд кӕй нӕ Тӕрх. 8:1).
фӕдзырдта Хуыцауы знӕгтимӕ хӕцынмӕ. Уыдонӕн сӕйраг уыд, цӕмӕй сӕ мыггаджы кад адӕмы цӕсты ма ’рхаудаид. Фӕлӕ сӕйрагдӕр уыд, Гедеон Йегъовӕйы ном кӕй скадджын кодта ӕмӕ йын йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кодта, уый. Ӕмӕ ууыл нӕ ахъуыды кодтой (11. Гедеон ефремӕгтӕн цавӕр дзуапп радта?
11 Гедеон ефремӕгтӕн сӕрныллӕгӕй дзуапп радта: «Сымахимӕ абаргӕйӕ ӕз цы сарӕзтон?» Уый фӕстӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта ӕмӕ сын куыд раарфӕ кодта. Ӕмӕ уӕд уыцы нӕлгоймӕгтӕн «сӕ маст ссыди» (Тӕрх. 8:2, 3). Гедеон сӕрныллӕгдзинад равдыста, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн бахъахъхъӕдтаид.
12. Ефремӕгты ӕмӕ Гедеоны хабар нын цӕуыл дзурӕг у?
12 Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Ефремӕгтӕ куыд бакодтой, уый нын у зондзонӕн. Хъуамӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм Йегъовӕйы скадджын кӕныныл, нӕхи скадджын кӕныныл нӕ, фӕлӕ. Гедеонӕй та бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? Цы саразынц, уый тыххӕй сӕм исчи куы смӕсты уа, уӕд-иу хъуамӕ бацархайой хъуыддагмӕ уыцы адӕймаджы цӕстӕй ракӕсыныл. Сӕ бон дзы у раппӕлын, хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй. Уымӕн сӕ бахъӕудзӕн сӕрныллӕгдзинад, уӕлдайдӕр та куы зоной, уыцы адӕймаг кӕй рӕдийы, уӕд. Фӕлӕ ахӕм уавӕры ахсджиагдӕр у фарн бахъахъхъӕнын. Нӕхӕдӕг раст кӕй стӕм, уый сбӕлвырд кӕнын афтӕ ахсджиаг нӕу.
13. Аннӕ цавӕр зын уавӕры уыд ӕмӕ йын цы баххуыс кодта?
13 Ахъуыды-ма кӕнӕм Аннӕйы цӕвиттоныл дӕр. Йӕ сӕрыхицау Елхъан уыди левит. Фӕлӕ ма йын уыди ӕндӕр ус дӕр – Феннанӕ. Елхъан Аннӕйы фылдӕр уарзта. Фӕлӕ Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыди. Уый тыххӕй-иу ӕй Феннанӕ «йе ’лхыскъ ныхӕстӕй уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста». Ӕмӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта» (1 Сам. 1:2, 6, 7). Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Аннӕ Феннанӕйӕ йӕ маст иста. Цӕуыл маст кодта, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ алцыдӕр уый бар бакодта. Цымӕ уый фӕстӕ Феннанӕ Аннӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта? Библи уый тыххӕй ницы зӕгъы. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Аннӕйӕн йӕ зӕрдӕ кӕй ӕрсабыр. Ӕмӕ «йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:10, 18).
14. Аннӕйы хабар нын цӕуыл дзурӕг у?
14 Аннӕйы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Исчи йӕхи дӕуӕй уӕлдӕр куы ӕвӕра ӕмӕ демӕ куы ерыс кӕна, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзынӕ, уый дӕуӕй кӕнгӕ у. Ды йемӕ ерыс кӕнын ма райдай. Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй ма фид, фӕлӕ йӕм хӕлар зӕрдӕ дар (Ром. 12:17–21). Адӕймаг куы нӕ ива, уӕддӕр дӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн ӕмӕ уыдзынӕ амондджын.
15. Аполлос ӕмӕ Павел ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты?
15 Ныр та ӕркӕсӕм Аполлосы ӕмӕ апостол
Павелы цӕвиттонтӕм. Сӕ дыууӕ дӕр Фыстад тынг хорз зыдтой. Дыууӕйӕ дӕр уыдысты зындгонд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз арӕхстысты. Сӕ дыууӕ дӕр бирӕтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой. Фӕлӕ уыдон кӕрӕдзимӕ нӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ ерыс нӕ кодтой.16. Аполлос цавӕр адӕймаг уыд?
16 Аполлос уыд Александрийӕ. 1 ӕнусы уый уыди зындгонд горӕт. Адӕм-иу ахуыр кӕнынмӕ уырдӕм ӕрцыдысты. Аполлос уыди тынг дзырдарӕхст ӕмӕ «хорз зыдта Фыстад» (Хъуыд. 18:24). Коринфы куы лӕггад кодта, уӕд ӕмбырды чидӕртӕ ӕргом ӕвдыстой, Аполлос сӕ цӕсты иннӕ ӕфсымӕртӕй, уыимӕ Павелӕй дӕр, кадджындӕр кӕй уыд (1 Кор. 1:12, 13). Цымӕ сӕ ахӕм зондыл Аполлос арӕзта? Нӕ, уый ахӕм адӕймаг нӕ уыд! Зӕгъӕм, Коринфӕй куы ацыд, уӕд ын иуцасдӕры фӕстӕ Павел загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ уырдӕм аздӕхтаид (1 Кор. 16:12). Павелмӕ афтӕ куы кастаид, ӕмӕ ӕмбырд Аполлосы тыххӕй ныддихтӕ, уӕд ӕй фӕстӕмӕ уырдӕм не ’рвыстаид. Аполлос йӕ курдиӕттӕй раст пайда кодта – уый хъусын кодта хорз хабар ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты бафидар кодта. Стӕй уыд сӕрныллӕг адӕймаг. Зӕгъӕм, Акилӕ ӕмӕ йын Прискиллӕ «Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр [куы] бамбарын кодтой», уӕд ӕм уый хъыг нӕ фӕкаст (Хъуыд. 18:24–28).
17. Павел куыд архайдта, цӕмӕй ӕмбырды фарн уыдаид?
17 Павел зыдта, Аполлос бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта. Фӕлӕ Павел нӕ тарсти, Аполлосӕн фылдӕр кад кӕй кӕндзысты, уымӕй. Павел уыди сӕрныллӕг, бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Коринфы ӕмбырдӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй. Иуӕй-иутӕ афтӕ кӕй дзырдтой, «ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», зӕгъгӕ, уый йын ӕхсызгон нӕ уыд. Фӕлӕ сын бамбарын кодта, кадджын 1 Кор. 3:3–6).
кӕнын Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы кӕй хъӕуы (18. 1 Коринфӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ нын Аполлос ӕмӕ Павел фӕзминаг цӕмӕй сты?
18 Аполлосы ӕмӕ Павелы цӕвиттонтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Мах Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнӕм. Чи зоны, бирӕтӕн баххуыс кодтам, цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой. Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ нын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы кӕй бантыстысты. Стӕй ма Аполлосы ӕмӕ Павелы хабӕрттӕй иу цыдӕр ис зондӕн райсӕн. Ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ кӕуыл ис, уыдонӕн сӕ бон фылдӕр у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм. Цы уынаффӕтӕ нын фӕдӕттынц, уыдонӕн сӕ бындур вӕййы Библи. Ӕмӕ ӕргом сӕхимӕ нӕ фездахынц, фӕлӕ ӕмбырды алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йесо Чырыстимӕ хъусой ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуой. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 4:6, 7.)
19. Алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм».)
19 Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ алкӕмӕ дӕр ис цавӕрдӕр курдиӕттӕ ӕмӕ алчидӕр цӕмӕдӕр арӕхсы. Нӕ бон у нӕ курдиӕттӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй-иу «иннӕтӕн балӕггад кӕнӕм» (1 Пет. 4:10). Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы аразӕм, уый тынг гыццыл у. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: цӕмӕй рӕсугъд къаба бахуыйай ӕмӕ йӕ хуыдтытӕ ма райхӕлой, уый тыххӕй фӕхъӕуы бирӕ лыстӕг сынчытӕ скӕнын. Афтӕ бирӕ гыццыл хъуыддӕгты фӕрцы дӕр ӕмбырд кӕрӕдзийыл хӕцы ӕмӕ дзы ис иудзинад. Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр макуы ӕвӕрӕм ӕмӕ иннӕтимӕ макуы ерыс кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа! (Еф. 4:3).
80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»
^ 5 абз. Дурын куы афаз уа, уӕд уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, сӕтгӕ дӕр акӕна. Раст афтӕ, ӕмбырды кӕрӕдзиимӕ куы ерыс кӕнӕм ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл куы нымайӕм, уӕд ӕмбырд дӕр, гӕнӕн ис, ныддихтӕ уа. Ӕмбырды иудзинад куы нал уа, уӕд дзы фарн нал уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, кӕрӕдзиимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ерыс кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа.
^ 4 абз. Нӕмттӕ ивд сты.