Кӕсджыты фарстатӕ
Тӕригъӕд арӕзт ӕрцыд ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн Библимӕ гӕсгӕ хъӕуы ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны (Ным. 35:30; Дык. з. 17:6; 19:15; Матф. 18:16; 1 Тим. 5:19). Фӕлӕ-иу раджы заманты нӕлгоймаг, фидыд чи уыд, ахӕм чызгӕн «быдыры» тыхми куы бакодтаид ӕмӕ чызг куы хъӕр кодтаид, уӕд-иу Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ чызгмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн нӕ уыд, нӕлгоймаг та-иу уыд аххосджын. Ӕмӕ-иу кӕд уыцы хабарӕн ӕвдисӕн нӕ уыд, уӕд-иу чызг ӕнаххосыл, нӕлгоймаг та аххосджыныл нымад цӕмӕн ӕрцыд?
Дыккаг закъоны 22:25–27 стихты дзырд сӕйраджыдӕр нӕлгоймаджы фыдракӕндыл нӕ цӕуы, ома, аххосджын уыд ӕви нӕ, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый ӕнӕуи дӕр аххосджыныл нымад уыд. Ацы закъоны дзырд фылдӕр цӕуы, сылгоймаг аххосджын кӕй нӕ уыд, уый сбӕлвырд кӕныныл. Ӕркӕсӕм-ма иннӕ стихтӕм дӕр.
Дыккаг закъоны 22:23, 24 стихты дзырд цӕуы, фидыд чи уыд, ахӕм чызгимӕ «горӕты» ӕмуат чи ’рцыдаид, ахӕм нӕлгоймагыл. Ахӕм нӕлгоймагмӕ уыд хӕтыны азым ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ, фидыд чи уыд, ахӕм чызг нымад уыд моймӕдзыд сылгоймагыл. Ӕмӕ чызгӕй та цы уыд зӕгъӕн? Библийы фыст ис, уый «горӕты... нӕ хъӕр кодта», зӕгъгӕ. Куы хъӕр кодтаид, уӕд ӕй исчи фехъуыстаид ӕмӕ йын баххуыс кодтаид. Фӕлӕ кӕй нӕ хъӕр кодта, уымӕ гӕсгӕ уымӕ дӕр уыди хӕтыны азым ӕрхӕссӕн, ӕмӕ-иу сӕ дыууӕ дӕр нымад ӕрцыдысты аххосджыныл.
Закъоны дарддӕр дзырд цӕуы ӕндӕр уавӕрыл: «Фӕлӕ нӕлгоймаг, фидыд чи у, ахӕм чызгыл быдыры куы фембӕла ӕмӕ йӕ куы рацахса ӕмӕ йын тыхми куы бакӕна, уӕд ын тыхми чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг хъуамӕ амӕла, чызгӕн та мацы бакӕнут. Чызг, мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕм тӕригъӕд нӕ сарӕзта. Ацы хабар у, адӕймаг искӕмӕ йӕ къух куыд сиса ӕмӕ йӕ куыд амара, йӕ цард ын куыд байса, афтӕ. Нӕлгоймаг ыл быдыры фембӕлд. Фидыд чи уыд, уыцы чызг хъӕр кодта, фӕлӕ йӕ чи фервӕзын кодтаид, уый нӕ уыд» (Дык. з. 22:25–27).
Ахӕм уавӕры-иу тӕрхонгӕнджытӕ чызгыл баууӕндыдысты, ома, дам, уый «хъӕр кодта, фӕлӕ йӕ чи фервӕзын кодтаид, уый нӕ уыд». Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕм хӕтыны азым не ’рхастой. Фӕлӕ-иу нӕлгоймаджы та аххосджыныл банымадтой, тыхми бакодта, зӕгъгӕ, стӕй-иу ӕм ӕрхастой хӕтыны азым дӕр, уымӕн ӕмӕ тыхми бакодта, фидыд чи уыд, ахӕм чызгӕн.
Уӕдӕ ацы закъоны сӕйраджыдӕр, сылгоймаг ӕнаххос кӕй уыд, уый кой кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ дзы ӕнӕуи фыст ис, нӕлгоймаг дыууӕ хъуыддаджы аххосджын кӕй уыд. Фидарӕй зӕгъӕн ис, тӕрхонгӕнджытӕ-иу алцыдӕр кӕй сбӕрӕг кодтой ӕмӕ-иу уынаффӕ кӕй рахастой, Хуыцау сын бирӕ хӕттыты цы бӕлвырд разамынд радта, уымӕ гӕсгӕ (Дык. з. 13:14; 17:4; Рац. 20:14).