8 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Бузныгзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
«Бузныг ут» (КОЛ. 3:15).
46 ЗАРӔГ Стыр бузныг дын, Йегъовӕ
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы самариаг лӕг куыд равдыста, бузныг дзы кӕй уыд?
ДӔС нӕлгоймаджы уыдысты тынг уынгӕджы уавӕры. Уыдон уыдысты хъотырӕй рынчын, ӕмӕ, кӕй сдзӕбӕх уыдзысты, уымӕй сӕ ныфс нӕ уыд. Фӕлӕ иу бон дардмӕ ауыдтой Йесойы, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы. Уыдон фехъуыстой, Йесо адӕмы алыхуызон низтӕй кӕй дзӕбӕх кӕны, ӕмӕ сӕ уырныдта, уыдоны дӕр йӕ бон кӕй у сдзӕбӕх кӕнын. Гъемӕ йӕ куы федтой, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йесо, Ахуыргӕнӕг, батӕригъӕд нын кӕн!» Йесо уыцы дӕс нӕлгоймаджы сдзӕбӕх кодта. Цы хорздзинад сын сарӕзта, уый тыххӕй дзы се ’ппӕт дӕр бузныг куыннӕ уыдаиккой! Фӕлӕ сӕ иу, самариаг лӕг, Йесойӕ ӕрмӕст йӕ зӕрдӕйы нӕ уыд бузныг, фӕлӕ йын бузныджы ныхӕстӕ зӕгъгӕ дӕр кодта. Уыцы самариаг лӕг кӕй сдзӕбӕх, уый тыххӕй «Хуыцауы хъӕрӕй кадджын кӕнын» райдыдта (Лук. 17:12–19).
2, 3. а) Иннӕтӕй бузныг кӕй стӕм, уый хатгай цӕуылнӕ равдисӕм? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?
2 Уыцы самариаг лӕгау мах дӕр фӕнды, хорздзинад нын чи саразы, уыдонӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын. Фӕлӕ нӕ хатгай, чи зоны, айрох вӕййы, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый равдисын.
3 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, ахсджиаг цӕмӕн у, иннӕтӕй бузныг кӕй стӕм, уый ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдисын. Библийы ис, бузныгзӕрдӕ чи уыд ӕмӕ чи нӕ уыд, ахӕм адӕймӕгты кой, ӕмӕ базондзыстӕм, сӕ цӕвиттонтӕй зондӕн райсӕн цы ис, уый. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, иннӕтӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын.
БУЗНЫГ КӔЙ СТӔМ, УЫЙ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔВДИСӔМ?
4, 5. Иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕн хъуамӕ ӕвдисӕм?
4 Йегъовӕ у бузныгзӕрдӕ Хуыцау. Уый нын фӕзминаг у, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕны, уый кӕй ӕвдисы, уымӕй. Зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕ йын чи рухс кӕны, уыдонӕн арфӕ кӕны (2 Сам. 22:21; Пс. 13:6; Матф. 10:40, 41). Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Хуыцауы фӕзмӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стӕм» (Еф. 5:1). Уӕдӕ иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый сӕйраджыдӕр уымӕн ӕвдисӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы фӕзмын.
5 Иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын ма нӕ цӕмӕн фӕнды? Иннӕтӕ нӕ куы фӕбузныг вӕййынц, уӕд мах фӕцин кӕнӕм. Ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕй куы фӕбузныг вӕййӕм, уӕд уыдон фӕцин кӕнынц. Адӕймагӕй бузныг кӕй стӕм, уый куы равдисӕм, уӕд ӕй зондзӕн, хорзы нын кӕй бацыд кӕнӕ нын кӕй баххуыс кодта, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты.
6. Бузныджы ныхӕстӕ сызгъӕрин фӕткъуытимӕ цӕмӕн ис абарӕн?
6 Иннӕтӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын тынг ахсджиаг у. Библийы фыст ис: «Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас» (Ӕмб. 25:11). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд рӕсугъд уаиккой сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист къусы мидӕг! Исчи дын ахӕм лӕвар куы скӕнид, уӕд ын куыннӕ саргъ кӕнис! Бузныджы ныхӕстӕн дӕр ис ахӕм стыр аргъ. Уымӕй уӕлдай ма сызгъӕрин фӕткъуытӕ цасфӕнды дӕр фӕлӕууиккой. Раст афтӕ, адӕймагӕн-иу бузныджы ныхӕстӕ куы зӕгъай, уӕд-иу сӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысдзӕн ӕмӕ сӕ, чи зоны, цӕрӕнбонты дӕр нӕ ферох кӕндзӕн.
УЫДОН УЫДЫСТЫ БУЗНЫГЗӔРДӔ
7. 27-ӕм псаломы 4-ӕм стихмӕ гӕсгӕ, Давид куыд равдыста, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыд? Иннӕ псаломзарӕггӕнджытӕ дӕр уый куыд равдыстой?
7 Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ уыдысты бузныгзӕрдӕ. Уыдонӕй иу уыд Давид. (Бакӕс Псалом 27:4.) Давид раст динӕн тынг аргъ кодта, ӕмӕ-иу уый хъуыддагӕй дӕр равдыста. Зӕгъӕм, йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй рахицӕн кодта ӕмӕ сӕ кувӕндон саразынӕн балӕвар кодта. Асафы байзӕддӕгтӕ дӕр Хуыцауӕй бузныг уыдысты, ӕмӕ уый равдисыны тыххӕй ныффыстой псаломтӕ, ома кады зарджытӕ. Зӕгъӕм, уыцы зарджытӕй иуы фенӕн ис, Хуыцауӕн кӕй арфӕ кодтой ӕмӕ сӕ йӕ «диссаджы хъуыддӕгтӕ» дисы кӕй ӕфтыдтой, уый (Пс. 75:1). Бӕрӕг у, Давиды дӕр ӕмӕ Асафы байзӕддӕгты дӕр кӕй фӕндыд Йегъовӕйӕн равдисын, йе ’ппӕт арфӕдзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй сты. Уыцы псаломзарӕггӕнджыты дӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у бафӕзмын?
8, 9. Апостол Павел хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕй аргъ кодта, уый куыд равдыста ӕмӕ фидарӕй цы ис зӕгъӕн?
8 Апостол Павел хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн тынг аргъ кодта, ӕмӕ уый ӕвдыста, уыдоны тыххӕй ӕдзух Хуыцауӕн бузныг кӕй дзырдта, уымӕй. Кӕй сын аргъ кодта, уый ма бӕрӕг уыд, цы фыстӕджытӕ сӕм ныффыста, уыдонӕй дӕр. Зӕгъӕм, Ромӕгтӕм 16:1–15 стихты Павел ской кодта 27 хо ӕмӕ ӕфсымӕры тыххӕй. Прискӕ ӕмӕ Акилӕйы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «уыдон мӕн тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрстой». Фивӕйы тыххӕй та ныффыста, зӕгъгӕ, уый «бирӕты фарсмӕ балӕууыд, балӕууыд мӕ фарсмӕ дӕр». Павелӕн уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зынаргъ уыдысты, ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ кӕй фыдӕбон кодтой, уый тыххӕй сӕ раппӕлыд.
9 Павел ӕмбӕрста, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фыстӕджы фӕстагмӕ сӕ хорз миниуджыты кой ракодта. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ фыстӕг ын ӕмбырды куы кастысты, уӕд уыцы чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыдаид! Фидарӕй зӕгъӕн ис, Павелимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕй систы. Ды дӕр де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн равдисыс, хорзӕй цы аразынц ӕмӕ цы фӕзӕгъынц, уый тыххӕй сын кӕй аргъ кӕныс?
10. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй аргъ кӕны, уый куыд равдыста ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
10 Йесо Къаннӕг Азийы ӕмбырдтӕй иуӕй-иутӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй бӕрӕг у, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй аргъ кодта. Зӕгъӕм, Фиатирӕйы ӕмбырдӕн ныффыссын кодта: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад, дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ фидардзинад, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый дӕр» (Рарг. 2:19). Йесо, бирӕ сын кӕй ӕнтыст, ӕрмӕст уый кой не скодта, фӕлӕ ма сӕ сӕ хорз миниуджыты тыххӕй дӕр раппӕлыд. Ӕмӕ сӕ кӕд кӕмӕндӕрты бауайдзӕф кӕнын хъуыди, уӕддӕр уал-иу сӕ алкӕмӕн дӕр фыццаг ныфсы ныхӕстӕ загъта, стӕй-иу сын фӕстагмӕ дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта (Рарг. 2:25–28). Ахъуыды-ма кӕн, Йесо ӕппӕт ӕмбырдты сӕргъы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йын цы стыр бартӕ ис, ууыл! Йесо хӕсджын нӕу, ӕмӕ нын нӕ фыдӕбоны тыххӕй бузныг дзура. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нын равдисы, кӕй нын аргъ кӕны, уый. Ӕмӕ уымӕй Йесо хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзминаг куыннӕ у!
УЫДОН БУЗНЫГЗӔРДӔ НӔ УЫДЫСТЫ
11. Дзуттӕгтӕм 12:16 стихмӕ гӕсгӕ, Исав Хуыцауы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй каст?
11 Библийы кӕй кой ис, уыдонӕй чидӕртӕ, хъыгагӕн, бузныгзӕрдӕ нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, кӕд Исавӕн, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи аргъ кодта, ахӕм ныййарджытӕ уыд, уӕд йӕхӕдӕг та Хуыцауы хъуыддӕгтӕн нӕ аргъ кодта. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:16.) Исав бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ уыд, уый куыд рабӕрӕг? Уый ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ хистӕр фырты бартӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕрӕн, Иаковӕн, ауӕй кодта – хъӕрмхуыппы къусыл сӕ баивта (Райд. 25:30–34). Фӕстӕдӕр ууыл тынг фӕфӕсмон кодта. Фӕлӕ уый нӕ аргъ кодта, хистӕр фырты бартӕ йын кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ уыимӕ баст арфӕдзинӕдтӕн, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уый бар нӕ уыд, цӕмӕй ныр хъаст кодтаид, уыдӕттӕй ӕнӕхай кӕй фӕци, уый тыххӕй.
12, 13. Израилӕгтӕ бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ уыдысты, уый куыд рабӕрӕг ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркодта?
12 Израилӕгтӕ дӕр Хуыцауӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой бузныг. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сӕ Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта, египетӕгтыл дӕс бӕллӕхы куы
’руагъта, уый фӕстӕ. Фӕстӕдӕр та Египеты ӕфсад Сырх денджызы фесӕфта, ӕмӕ афтӕмӕй израилӕгты фервӕзын кодта. Израилы адӕм Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыдысты, ӕмӕ йӕ кадӕн уӕлахизы зарӕг ныззарыдысты. Фӕлӕ цымӕ алкӕддӕр уыдысты бузныгзӕрдӕ?13 Израилӕгтӕ ног зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдысты, уӕд сӕ айрох сты, Йегъовӕ сын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдон иууылдӕр. Ӕмӕ уӕд рабӕрӕг, бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ уыдысты, уый (Пс. 106:7). Цымӕ куыд? Библийы кӕсӕм: «Израилы фырттӕ иууылдӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой» (Рац. 16:2, 8). Фӕлӕ уый афтӕ уыд, цыма Йегъовӕйыл хъуыр-хъуыр кодтой. Йӕ адӕм бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ разындысты, уый йын ӕхсызгон кӕцӕй уыд. Ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ загъта, ӕнӕхъӕн фӕлтӕр, Йесо Навин ӕмӕ Халевӕй фӕстӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры кӕй амӕлдзӕн (Ным. 14:22–24; 26:65). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, бузныгзӕрдӕ чи нӕ уыд ӕмӕ чи уыд, уыдоны цӕвиттонтӕй зондӕн райсӕн цы ис, уымӕ.
БУЗНЫГЗӔРДӔ УТ
14, 15. а) Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у равдисын, кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц? б) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый ӕвдисой?
14 Бинонты ’хсӕн. Бинонтӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый куы февдисынц, уӕд сӕ уый алкӕмӕн дӕр пайда фӕхӕссы. Лӕг ӕмӕ ус, кӕрӕдзийӕ бузныг кӕй сты, уый цас арӕхдӕр февдисынц, уыйас ӕнгомдӕр вӕййынц. Стӕй сын афтӕмӕй ӕнцондӕр вӕййы кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнын. Йӕ бинойнагӕн чи аргъ кӕны, ахӕм лӕг, йӕ бинойнаг хорзӕй цы фӕзӕгъы ӕмӕ цы фӕаразы, уый ӕнӕуи нӕ бафиппайы, фӕлӕ ма дзы уый тыххӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракӕны (Ӕмб. 31:10, 28). Стӕй ӕмбаргӕ ус дӕр йӕ лӕгӕн фӕзӕгъы, цӕй тыххӕй йын аргъ кӕны, уый.
15 Ныййарджытӕ, уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый ӕвдисой? Ма уӕ рох кӕнӕд, уӕ сывӕллӕттӕ, сымах цы дзурут ӕмӕ цы аразут, уымӕ кӕй кӕсынц. Уӕдӕ уын хорзӕй исты куы саразынц, уӕд-иу сын бузныг зӕгъут ӕмӕ сын афтӕмӕй фӕзминаг ут. Стӕй ма сын амонут, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг дӕр бузныг зӕгъой, хорздзинад сын чи саразы, уыдонӕн. Ӕмбарын сын кӕнут, сӕ бузныджы ныхӕстӕ зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ иннӕтӕн тынг ӕхсызгон кӕй вӕййынц. Зӕгъӕм, иу ӕрыгон сылгоймаг, Кла́ди, радзырдта: «Мӕ мадыл 32 азы куы цыди, уӕд ӕй ӕнӕнхъӕлӕджы бахъуыд мӕн ӕмӕ мӕ дыууӕ ӕфсымӕры иунӕгӕй хъомыл кӕнын. Мӕхиуыл дӕр 32 азы куы цыд, уӕд хъуыды кодтон, мӕ мадӕн уыцы карӕнӕй куыд зын уыдаид. Ӕмӕ йын загътон, мӕн ӕмӕ ме ’фсымӕрты хъомыл кӕнгӕйӕ уыйбӕрц кӕй фыдӕбон кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг кӕй дӕн. Ӕрӕджы мын
загъта, мӕ ныхӕстӕ йын тынг ӕхсызгон кӕй уыдысты. Арӕх сыл фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы».16. Иннӕтӕй куы фӕбузныг вӕййӕм, уӕд куыд бафидар вӕййынц, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
16 Ӕмбырды. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый сын куы равдисӕм, уӕд бафидар вӕййынц. Ӕркӕсӕм иу ӕфсымӕры цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуыйны Хорхе ӕмӕ йыл цӕуы 28 азы. Уый лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Иуафон Хорхе тынг фӕрынчын, ӕмӕ йӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ уыд. Иу мӕйы фӕстӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта, фӕлӕ йӕ бон фембӕлдтӕ уадзын нӕ уыд. Уый радзырдта: «Ме ’нӕниздзинады тыххӕй мӕ бон ӕмбырды мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ ницы пайда ис. Фӕлӕ мын иухатт ӕмбырды фӕстӕ иу ӕфсымӕр загъта: „Нӕ бинонтӕн фӕзминаг дӕ. Ды йӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕныс, фӕстаг цалдӕр азы дӕргъы-иу дын дӕ раныхӕстӕм куыд зӕрдиагӕй хъуыстам. Уыдоны фӕрцы нӕ уырнындзинад тынг бафидар. Стыр бузныг дын“. Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ мӕ зӕрдӕ суынгӕг, ӕмӕ мӕ цӕссыг нал баурӕдтон. Уӕд мӕ растдӕр уыцы ныхӕстӕ хъуыди фехъусын».
17. Колоссӕгтӕм 3:15 стих нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?
17 Нӕ рӕдау Хуыцауӕй бузныг у. Йегъовӕ нын парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Зӕгъӕм, хорз уынаффӕтӕ фехъусӕм ӕмбырдты, стӕй сӕ бакӕсӕм нӕ журналты ӕмӕ нӕ сайтты. Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ раныхасмӕ байхъуыстай, статья бакастӕ кӕнӕ нӕ интернет-телеуынынады программӕмӕ бакастӕ ӕмӕ ахъуыды кодтай, ай, мӕн цы хъуыди, растдӕр уый куы у, зӕгъгӕ? Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:15.) Иу уый, ӕмӕ йын уыцы лӕвӕртты тыххӕй ӕппынӕдзух куывды мидӕг бузныг дзурӕм (Иак. 1:17).
18. Нӕ Паддзахады залтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
18 Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый ма нӕ бон куыд у равдисын? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, кӕм ын кувӕм, уыцы бынӕттӕ сыгъдӕг ӕмӕ аив уой. Мах ӕдзухдӕр нӕ Паддзахады залтӕ фефснайӕм ӕмӕ сӕм фӕзилӕм, стӕй дзы цы аппаратурӕ вӕййы, уыимӕ арӕхстгай фӕархайӕм. Нӕ Паддзахады залтӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы зилӕм, уӕд фылдӕр фӕлӕудзысты ӕмӕ тынг цалцӕггӕнинаг нӕ уыдзысты. Афтӕмӕй ӕхца фӕстауӕрц кӕндзыстӕм, ӕмӕ-иу ӕгас зӕххыл дӕр Паддзахады залтӕ цалцӕг кӕнынӕн ӕмӕ ног залтӕ аразынӕн фылдӕр ӕхца баззайдзӕн.
19. Иу районон цӕстдарӕджы ӕмӕ йӕ бинойнаджы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
19 Мах тыххӕй бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыдонӕй бузныг у. Адӕймагӕй бузныг кӕй
дӕ, уый йын куы равдисай, уӕд ын, чи зоны, дӕ ныхӕстӕй йӕ зындзинӕдты уаргъ фӕрог кӕнай. Ӕркӕсӕм, иу районон цӕстдарӕгыл ӕмӕ йӕ бинойнагыл цы ’рцыд, уымӕ. Иухатт зымӕджы ӕнӕхъӕн бон фӕлӕггад кодтой ӕмӕ изӕрӕй, кӕм цардысты, уырдӕм фӕлладӕй ӕрбаздӕхтысты. Ахӕм уазал уыд, ӕмӕ нӕ хо йӕ зымӕгон къурткӕйы схуыссыд. Ӕмӕ райсомӕй йӕ сӕрыхицауӕн афтӕ бакодта, мӕ бон, дам, нал у ахӕм хуызы лӕггад кӕнын. Уыцы райсом сӕм фӕстӕдӕр филиалӕй писмо ӕрбацыд. Писмо уыд нӕ хойы номыл, ӕмӕ дзы фыст уыд, ӕфсымӕртӕ йын йӕ лӕггады ӕмӕ йӕ фидардзинады тыххӕй кӕй аргъ кӕнынц. Фыст дзы уыд, къуырийӕ-къуыримӕ цӕрӕнбынат ивын ӕнцон кӕй нӕу. Уыцы районон цӕстдарӕг загъта: «Ӕфсымӕртӕ мӕ бинойнагӕй кӕй раппӕлыдысты, уый йын афтӕ ӕхсызгон уыд, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ лӕггад ныууадзыны кой никуыуал скодта. Мӕхӕдӕг дӕр цалдӕр хатты хъуыды кодтон нӕ лӕггад ныууадзыныл, ӕмӕ-иу мӕ уӕд мӕ бинойнаг ныфс бауагъта, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кодтаин». Уый фӕстӕ ма уыцы ӕфсымӕр йӕ бинойнагимӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодта 40 азы бӕрц!20. Алы бон дӕр цӕуыл хъуамӕ архайӕм ӕмӕ цӕмӕн?
20 Цӕй ӕмӕ алы бон дӕр нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, бузныгзӕрдӕ кӕй стӕм. Хорздзинадӕн аргъ кӕнын чи нӕ зоны, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ мах алы бон дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн уыцы зындзинӕдты сӕрты хизын ӕнцондӕр уыдзӕн, исты хорздзинад-иу сын куы саразӕм кӕнӕ-иу сӕ ныхасӕй куы барӕвдауӕм, уӕд. Ӕмӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый-иу сын куы равдисӕм, уӕд семӕ ӕнгомдӕр суыдзыстӕм ӕмӕ, чи зоны, ӕнустӕм дӕр нӕ хӕлӕрттӕ уой. Сӕйраджыдӕр та афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы, бузныгзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау Хуыцауы.
20 ЗАРӔГ Ды радтай дӕ уарзон Фырты
^ 5 абз. Бузныгзӕрдӕ кӕй стӕм, уый куыд ис равдисӕн, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ, Йесо ӕмӕ хъотырӕй рынчын самариаг лӕгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм сӕ цӕвиттонтӕм ӕмӕ ма ӕндӕр цӕвиттонтӕм дӕр. Базондзыстӕм, ахсджиаг цӕмӕн у, иннӕтӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын ӕмӕ уый куыд ис аразӕн.