48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Цы хъуыддаг райдыдтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕн
«Ацы хъуыддаг бакӕнын [уӕ] ӕрмӕст фӕндгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ аразын дӕр райдыдтат. Гъемӕ йӕ ныр кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут» (2 КОР. 8:10, 11).
35 ЗАРӔГ «Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут»
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Йегъовӕ нын цавӕр бар дӕтты?
ЙЕГЪОВӔ нын бар дӕтты, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, куыд цӕрдзыстӕм, уый. Ахуыр нӕ кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ йын нӕ уынаффӕтӕй йӕ зӕрдӕ куы фӕрухс кӕнӕм, уӕд нын феххуыс кӕны (Пс. 119:173). Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм (Дзут. 5:14).
2. Цавӕрдӕр уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, зын цы уа?
2 Фӕлӕ раст уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕддӕр нын, гӕнӕн ис, зын уа, цы хъуыддаг райдыдтам, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Ӕрыгон ӕфсымӕр сфӕнд кодта Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Цалдӕр къуырийы йӕ касти, фӕлӕ йӕ стӕй цыдӕр бакъуылымпы кодта. Хо аскъуыддзаг кодта, пионерӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн, фӕлӕ, лӕггад кӕнын кӕд райдайдзӕн, уыцы бон та аргъӕвы. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет аскъуыддзаг кодта, ӕмбырды фылдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй бӕрӕг кӕндзысты, фӕлӕ бирӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ хъуыддагмӕ нӕма бавнӕлдтой. Кӕд адон алыхуызон уавӕртӕ сты, уӕддӕр цӕмӕйдӕр иухуызон сты. Уыцы чырыстӕттӕй алчидӕр уынаффӕ рахаста, фӕлӕ йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын нӕ райдыдта. Фыццаг ӕнусы Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ уыд. Ӕркӕсӕм, сӕ хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн, уымӕ.
3. Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕ цавӕр уынаффӕ рахастой, фӕлӕ цы нӕ сарӕзтой?
3 Н. э. иу-55 азы уыцы коринфаг чырыстӕттӕ ахсджиаг уынаффӕ рахастой. Уыдон базыдтой, Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы се ’фсымӕртӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзӕрстой ӕмӕ фырмӕгуыр кӕй уыдысты ӕмӕ сын иннӕ ӕмбырдтӕ ӕхца кӕй ӕрӕмбырд кодтой. Коринфӕгтӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау уыдысты, ӕмӕ сфӕнд кодтой се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ апостол Павелы бафарстой, сӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын, уымӕй. Павел ӕмбырдӕн амындтӕ радта ӕмӕ Титӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сын мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд кӕнынӕн баххуыс кодтаид (1 Кор. 16:1; 2 Кор. 8:6). Фӕлӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ Павел базыдта, мысайнӕгтӕ кӕй нӕ ӕрӕмбырд кодтой, кӕд зӕгъгӕ кодтой, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ лӕвар дӕр афоныл не сцӕттӕ уыдаид ӕмӕ сын ӕй Иерусалиммӕ иннӕ ӕмбырдты мысайнӕгтимӕ арвитын нӕ бантыстаид (2 Кор. 9:4, 5).
4. 2 Коринфӕгтӕм 8:7, 10, 11 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Павел коринфӕгты цӕмӕ баразӕнгард кодта?
4 Коринфаг чырыстӕттӕ хорз уынаффӕ рахастой, ӕмӕ сӕ Павел раппӕлыд сӕ фидар уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма сын уымӕй уӕлдай загъта, цӕмӕй, цы хъуыддаг райдыдтой, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:7, 10, 11.) Сӕ хабарӕй бӕрӕг у, суанг иузӕрдион чырыстӕттӕн дӕр хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, цы уынаффӕ рахӕссынц, уымӕ гӕсгӕ архайын.
5. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
5 Коринфӕгтау махӕн дӕр, чи зоны, зын вӕййы, цы уынаффӕ рахӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ уый тыххӕй фӕстӕ-фӕстӕ фӕкӕнӕм. Йе та, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы исты ӕрцӕуа ӕмӕ нӕ уый бакъуылымпы кӕна (Еккл. 9:11; Ром. 7:18). Нӕ бон куыд у бамбарын, раздӕр цы уынаффӕ рахастам, уый нӕ фӕивын хъӕуы ӕви нӕ? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цы хъуыддаг райдыдтам, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн?
УЫНАФФӔ РАХӔССЫНЫ РАЗМӔ ЦЫ САРАЗЫН ФӔХЪӔУЫ?
6. Нӕ уынаффӕтӕ нӕ, гӕнӕн ис, фӕивын цӕмӕн хъӕуа?
6 Иуӕй-иу ахсджиаг уынаффӕтӕ никуы фӕивӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион кӕй уыдзыстӕм, уыцы уынаффӕтӕ (Матф. 16:24; 19:6). Фӕлӕ ӕндӕр уынаффӕтӕ, чи зоны, фӕивын бахъӕуа. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уавӕртӕ фӕивынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?
7. Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм ӕмӕ цӕмӕн?
7 Хуыцауӕй ӕмбаргӕдзинад кур. Йегъовӕйы фӕндӕй Иаков ныффыста: «Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй» (Иак. 1:5). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ хатт не ’ппӕтмӕ дӕр «зонд фаг» нӕ вӕййы. Уӕдӕ-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, уынаффӕ куы хӕссай, уӕд дӕр ӕмӕ-иу дӕ дӕ уынаффӕ фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр. Ӕмӕ-иу дын уӕд Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн.
8. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу цы хъуамӕ саразӕм?
8 Лӕмбынӕг иртас. Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕс, стӕй-иу аныхас кӕн, кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонимӕ (Ӕмб. 20:18). Уый ахсджиаг вӕййы, нӕ куыст фӕивын кӕнӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацӕуын куы сфӕнд кӕнӕм, уӕд, йе та нӕ ахӕм дӕсныйад равзарын куы фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи дарын дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр.
9. Цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн хӕссӕм, ууыл ахъуыды кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?
9 Цавӕрдӕр уынаффӕ дӕ цӕмӕн фӕнды рахӕссын, ууыл ахъуыды кӕн. Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, цыдӕр цӕмӕн аразӕм, уымӕ (Ӕмб. 16:2). Фӕнды йӕ, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт. Уӕдӕ, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн хӕссӕм, ууыл-иу ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕхи раз дӕр ӕмӕ иннӕты раз дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм. Нӕ зӕрдӕ нӕхимӕ истӕмӕй куы ’хсайа, уӕд нын зындӕр уыдзӕн нӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕфсымӕр сфӕнд кодта пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ иуцасдӕр рӕстӕг куы алӕггад кодта, уӕд ын йӕ нормӕ ӕххӕст кӕнын фӕзын, ӕмӕ йын йӕ лӕггад циндзинад нал хаста. Чи зоны йӕм райдианы афтӕ каст, ӕмӕ йӕ пионерӕй лӕггад кӕнын уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та пионерӕй лӕггад кӕнын, чи зоны, уый тыххӕй райдыдта, ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ ныййарджыты йе та ӕндӕр искӕй зӕрдӕ барухс кӕнын.
10. Цӕмӕй адӕймаг фӕива, уый тыххӕй цы хъӕуы?
10 Ахъуыды кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Библи чи ахуыр кӕны, уый сфӕнд кодта йӕ тамако ныууадзын. Кӕд ын зын уыди, уӕддӕр иу-дыууӕ къуырийы нӕ бадымдта, фӕлӕ та стӕй ногӕй дымын райдыдта. Ӕппынфӕстаг уыцы ӕвзӕр хъуыддаг ныууагъта. Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый йын баххуыс кодта (11. Нӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрӕм?
11 Дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕр. Дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ куы ’вӕрай, уӕд-иу дӕ къухты ӕнцондӕрӕй бафтдзысты. Зӕгъӕм, сфӕнд кодтай Библи алы бон дӕр кӕсын. Фӕлӕ дӕхицӕн бӕлвырд график куы не скӕнай, уӕд, чи зоны, дӕ фӕнд дӕ къухы ма бафта *. Кӕнӕ, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аскъуыддзаг кодтой, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты арӕхдӕр кӕй бӕрӕг кӕндзысты. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ иу адӕймаджы дӕр нӕма бабӕрӕг кодтой. Цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафта, уый тыххӕй сӕ бон уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Хистӕр нӕлгоймӕгты ’ххуыс тынгдӕр кӕй хъӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты номхыгъд нӕм ис? Кӕд сӕ бӕрӕг кӕндзыстӕм, уымӕн график скодтам?»
12. Чи зоны нӕ цы саразын бахъӕуа ӕмӕ цӕмӕн?
12 Ӕмбаргӕ у. Уыйбӕрц рӕстӕг никӕмӕн ис, стӕй уыйбӕрц фӕрӕзтӕ ӕмӕ хъарутӕ дӕр никӕмӕ ис, цӕмӕй йӕ бон уа, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый аразын. Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Куы бамбарай, цы уынаффӕ рахастай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон архайын нӕ бауыдзӕн, уӕд-иу дӕ уынаффӕ фӕив (Еккл. 3:6). Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ уынаффӕйыл ахъуыды кодтай, фӕивын дзы цы хъуыд, уый фӕивтай ӕмӕ дӕм ныр афтӕ кӕсы, цы хъуыддаг райдыдтай, уый кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзынӕ. Ӕркӕсӕм, уымӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, фондз ахӕм хъуыддагмӕ.
НӔ УЫНАФФӔМӔ ГӔСГӔ АРХАЙЫНӔН НЫН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН?
13. Хъарутӕ нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?
13 Хуыцауӕй хъарутӕ кур. Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын хъарутӕ ратта, цы уынаффӕ рахастам, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн (Фил. 2:13). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых куы курай, уӕд дын ратдзӕн, цас хъӕуа, уыйбӕрц хъарутӕ. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дын дӕ куывдӕн дзуапп нӕ дӕтты, уӕддӕр-иу ӕм дарддӕр кув. Йесо загъта: «Курут, ӕмӕ уын [сыгъдӕг тых] ратдзысты» (Лук. 11:9, 13).
14. Ӕмбисӕндты 21:5 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн нӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайынӕн?
14 Дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдзынӕ, уый спълан кӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 21:5.) Цӕмӕй цыфӕнды хъуыддаг дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы, куыд ӕй араздзынӕ, уый спълан кӕнын ӕмӕ стӕй уыцы пъланмӕ гӕсгӕ архайын. Раст афтӕ, уынаффӕ куы фӕхӕссыс, уӕд-иу спълан кӕн, уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдзынӕ, уый. Исты стыр куыст дын аразинаг куы уа, уӕд-иу ӕй къаддӕр хӕйттыл адих кӕн, цӕмӕй, цы дын бантыст, уый уынай. Павел коринфӕгтӕн ахӕм уынаффӕ радта, цӕмӕй-иу «къуырийӕн йӕ фыццаг бон», мысайнагӕн цы дӕттинаг уыдысты, уый-иу хицӕнӕй сӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ сӕм стӕй Павел куы ’рцыдаид, уӕд сӕ ӕхца ӕмбырд кӕнын нал хъуыдаид (1 Кор. 16:2). Стыр куыст къаддӕр хӕйттыл куы адих кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ йӕ дӕ бон саразын нӕ бауыдзӕн.
15. Дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдзынӕ, уый куы спълан кӕнай, уӕд дӕ цы аразын хъӕудзӕн?
15 Цы спълан кодтай, уый куы ныффыссай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын (1 Кор. 14:40). Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕн ахӕм разамынд ис, цӕмӕй иу хистӕр нӕлгоймаджы равзарой, ӕмӕ-иу уый фысса, хистӕр нӕлгоймӕгты совет цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон иууылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуамӕ ныффысса, уынаффӕ кӕй фӕдыл рахастой, уыцы хъуыддаг чи хъуамӕ сараза ӕмӕ йӕ кӕдмӕ хъуамӕ сараза, уый дӕр. Уыцы разамындмӕ гӕсгӕ чи фӕархайы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцондӕр вӕййы, цы спълан кодтой, уый саразын (1 Кор. 9:26). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ архайын дӕхи хъуыддӕгтӕн пълан кӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, дӕ бон у хыгъд скӕнын, алы бон дӕр дӕ цы хъуыддӕгтӕ аразын хъӕуы, уыдонӕн. Хыгъды райдианы-иу ныффысс, фыццаг дӕ цы хъӕуы саразын, уый. Уый фӕрцы-иу, цы хъуыддаг райдыдтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзынӕ. Ӕмӕ ма дын уымӕй уӕлдай къаддӕр рӕстӕгмӕ фылдӕр хъуыддӕгтӕ саразын бантысдзӕн.
16. Цӕмӕй нӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы ӕмӕ уый Ромӕгтӕм 12:11 стихӕй куыд зыны?
16 Ӕппӕт хъарутӕй архай. Хъарутӕ хъӕуы, цӕмӕй, цы спълан кодтай, уымӕ гӕсгӕ архайай ӕмӕ йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнай. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:11.) Павелы фӕндыд, цӕмӕй Тимофей хуыздӕр ахуыргӕнӕг суыдаид. Ӕмӕ йӕм ныффыста, цӕмӕй ууыл «ӕппӕт хъарутӕй» архайдтаид ӕмӕ «алкӕддӕр» лӕуд уыдаид уыцы хъуыддаджы (1 Тим. 4:13, 16). Ацы уынаффӕ ахӕссӕн ис, нӕ лӕггады нӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрӕм, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.
17. Ефесӕгтӕм 5:15, 16 стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цы спълан кодтам, уый саразынӕн?
17 Дӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕн. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.) Спълан кӕн, дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын кӕд райдайдзынӕ, уый ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕг мауал аив. Цы сфӕнд кодтай, уый аразынӕн иттӕг хорз уавӕртӕ кӕд фӕзындзӕн, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Чи зоны, афтӕ никуы уыдзӕн (Еккл. 11:4). Дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ ма хардз кӕн, ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгтыл (Фил. 1:10). Ахӕм рӕстӕг-иу равзар, цӕмӕй дӕ иннӕтӕ ма хъыгдарой. Дӕ бон сын у зӕгъын, рӕстӕг дӕ кӕй хъӕуы цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнынӕн. Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу дӕ телефон ахуыссын кӕн ӕмӕ-иу дӕ электронон почтӕмӕ кӕнӕ социалон сетьтӕм фӕстӕдӕр ӕркӕс *.
18, 19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм, зын нын куы уа, уӕд дӕр?
18 Дӕ къухы цы бафтдзӕн, ууыл ахъуыды кӕн. Дӕ уынаффӕйы фӕрцы дӕ къухы цы бафтдзӕн, уый абарӕн ис балцы кӕронимӕ. Цӕмӕй бынатмӕ бахӕццӕ уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы размӕ цӕуын, цы фӕндагыл цӕуыс, уый ӕхгӕд куы разына ӕмӕ дӕ ӕндӕр фӕндагыл цӕуын куы бахъӕуа, уӕд дӕр. Раст афтӕ, дӕ уынаффӕ цы хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзӕн, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ныфс асӕттын нӕ бауадздзынӕ, зындзинӕдтыл ӕмӕ цӕлхдуртыл куы сӕмбӕлай, уӕд дӕр (Гал. 6:9).
19 Раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕнцон нӕу, стӕй, цӕмӕй дӕ къухы бафтой, уый дӕр зын вӕййы. Фӕлӕ-иу дын Йегъовӕ ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй-иу хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнай.
65 ЗАРӔГ Размӕ цу!
^ 5 абз. Дӕ уынаффӕтӕй искӕцыйыл фӕсмон кӕныс? Кӕнӕ дын, мыййаг, хатт зын вӕййы раст уынаффӕ рахӕссын ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ архайын? Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн ацы статья.
^ 11 абз. Библи кӕд кӕсдзынӕ, уый спълан кӕнынӕн спайда кӕн «Библи кӕсыны график»-ӕй, ис сайты jw.org®.
^ 17 абз. Рӕстӕгӕй хуыздӕр куыд ис пайда кӕнӕн, уый фӕдыл фылдӕр уынаффӕтӕ ис 2010 азы апрелы «Пробудитесь!»-ы, статья «20 способов высвободить время».