Уырнындзинад – ис ын стыр тых
УЫРНЫНДЗИНАДӔН йӕ тых ӕгӕрон у. Хӕйрӕг архайы, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый фехалыныл. Фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бон у «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Еф. 6:16). Уырнындзинады фӕрцы нӕ бон вӕййы, хохы йас чи фӕзыны, ахӕм зындзинӕдты сӕрты ахизын дӕр. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн куы зӕгъат, ардыгӕй сыст ӕмӕ уӕртӕ уым ӕрлӕуу, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн» (Матф. 17:20). Уырнындзинады фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Ӕмӕ хорз уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: цы у уырнындзинад? Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый нӕ уырнындзинадыл куыд фӕзыны? Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын? Ӕмӕ кӕуыл хъуамӕ ӕууӕндӕм? (Ром. 4:3).
ЦЫ У УЫРНЫНДЗИНАД?
Уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дӕ уырна, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у. «Уырнгӕ хӕйрӕджыты дӕр кӕны [Хуыцау кӕй ис, уый], ӕмӕ фыртӕссӕй ризынц» (Иак. 2:19). Уӕдӕ уӕд уырнындзинад цы у?
Библимӕ гӕсгӕ, уырнындзинадмӕ хауы дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: «Уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа» (Дзут. 11:1а). Адӕймагмӕ уырнындзинад куы вӕййы, уӕд ӕй фидарӕй фӕуырны, Йегъовӕ цыдӕриддӕр дзуры, уый ӕцӕг кӕй у ӕмӕ йӕ алы ныхас дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Боны тыххӕй цы бадзырд скодтон, уый ӕмӕ, ӕхсӕвы тыххӕй цы бадзырд скодтон, уый уӕ бон фехалын куы уаид, цӕмӕй йӕ афоныл мадӕр бон кӕна, мадӕр ӕхсӕв, уӕд фехалӕн уаид, мӕ лӕггадгӕнӕг Давидимӕ цы бадзырд скодтон, уый дӕр» (Йер. 33:20, 21). Мыййаг, искуы фӕмӕт кӕныс, райсомӕй хур куы не ссӕуа кӕнӕ изӕрӕй куы нӕ аныгуыла ӕмӕ бон ӕмӕ ӕхсӕв куы нал уа, зӕгъгӕ? Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Зӕхх йӕ сӕмӕны алыварс ӕмӕ Хуры алыварс цы закъӕтты фӕрцы зилы, уыдоныл. Ӕмӕ уӕд куыд хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы закъӕттӕ чи сфидар кодта, уый йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл? (Ис. 55:10, 11; Матф. 5:18).
Дыккаг: уырнындзинад у, адӕймаг «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзут. 11:1б). Цы нӕ уынӕм, ууыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм дӕ фӕнды дӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнын, дымгӕ кӕй ис, уый. Уӕд ын дӕ бон у афтӕ зӕгъын: «Никӕй бон у дымгӕ фенын. Фӕлӕ мах фӕуынӕм, дымгӕ цы фӕаразы, уый. Зӕгъӕм, дымгӕ куы радымы, уӕд бӕлӕсты сыфтӕ базмӕлынц кӕнӕ доныл уылӕнтӕ фӕзыны». Ахӕм бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы сывӕллонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн бамбарын, дымгӕ ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый, кӕд ӕй цӕстӕй фенӕн нӕй, уӕддӕр. Раст афтӕ уырнындзинад дӕр адӕймагмӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы фӕзыны (Ром. 1:20).
ХЪӔУЫ РӔСТДЗИНАДӔН АРГЪ КӔНЫН
Уырнындзинад адӕймагмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ йӕ фыццаджыдӕр хъӕуы, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонын» (1 Тим. 2:4). Фӕлӕ уый фаг нӕу. Апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй адӕймаг хъуамӕ «зӕрдӕйӕ... ’ууӕнда» (Ром. 10:10). Адӕймаджы хъуамӕ ӕнӕуи уырнгӕ ма кӕна, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у, фӕлӕ ма хъуамӕ рӕстдзинадӕн аргъ дӕр кӕна. Ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бафӕнддзӕн йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын, ома рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын (Иак. 2:20). Рӕстдзинадӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи нӕ аргъ кӕны, уый, гӕнӕн ис, фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр мацӕмӕ дара, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды йӕ зондахаст аивын кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуынӕн ӕфсӕнттӕ агуры (2 Пет. 3:3, 4; Иуд. 18). Раджы заманты дӕр уыди ахӕм адӕм. Кӕд сӕхи цӕстӕй диссӕгтӕ федтой, уӕддӕр сӕм уырнындзинад нӕ фӕзынд (Ным. 14:11; Иоан. 12:37). Хуыцауы сыгъдӕг тых уырнындзинад сырӕзын кӕны, мӕнг ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, фӕлӕ рӕстдзинад чи уарзы, ӕрмӕстдӕр уыдоны зӕрдӕты (Гал. 5:22; 2 Фес. 2:10, 11).
ДАВИДМӔ ФИДАР УЫРНЫНДЗИНАД ЦӔЙ ФӔРЦЫ ФӔЗЫНД?
Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыдонӕй иу уыд паддзах Давид (Дзут. 11:32, 33). Фӕлӕ Давиды бинонтӕй алкӕмӕй уый зӕгъӕн нӕ уыд. Райсӕм йе ’фсымӕртӕй ӕппӕты хистӕры, Елиавы. Давид куы фехъуыста, Голиаф израилӕгтӕй куыд хынджылӕг кӕны, уӕд тынг смӕсты. Елиав ын уый тыххӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый йӕ кӕй нӕ уырныдта (1 Сам. 17:26–28). Адӕймаг уырнындзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы. Стӕй иугӕр йӕ ныййарджытӕм ис уыцы миниуӕг, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕ дӕр уыдзӕн. Уӕдӕ Давидмӕ ахӕм уырнындзинад фӕзынд, Хуыцауимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый фӕрцы.
27-ӕм псаломы Давид ӕмбарын кӕны, ахӕм фидар уырнындзинад ӕм куыдӕй фӕзынд, уый (1 стих). Давид-иу хъуыды кодта ивгъуыд бонты хабӕрттыл ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йе знӕгтӕй куыд ирвӕзын кодта, ууыл (2, 3 стихтӕ). Уый тынг аргъ кодта, Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы бынатӕн (4 стих). Давид-иу ӕрбацыд цатырмӕ иннӕтимӕ Хуыцауӕн бакувынмӕ (6 стих). Йегъовӕмӕ-иу зӕрдӕбынӕй куывта (7, 8 стихтӕ). Уымӕй уӕлдай, Давиды фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцау йӕ фӕндагыл арӕзтаид (11 стих). Давид ӕмбӕрста, уырнындзинад тынг ахсджиаг кӕй у. Ӕмӕ загъта, Хуыцауыл куы не ’ууӕндыдаид, уӕд йӕ зындзинӕдтӕ кӕй не сфӕрӕзтаид (13 стих).
ДӔ БОН КУЫД У ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔНЫН?
27-ӕм псаломӕй базыдтам, Давид цы зондыл хӕст уыд ӕмӕ куыд архайдта, уый. Ӕмӕ йӕ куы фӕзмай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад уыдзӕн уый уырнындзинады хуызӕн фидар. Ацы миниуӕг адӕймагмӕ фӕзыны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ цас фылдӕр иртасай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн ацы миниуӕг дӕ удыхъӕды фидар кӕнын, ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 1:2, 3). Библи куы иртасай, уӕд-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Уый фӕрцы Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ. Ӕмӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕн цас тынгдӕр аргъ кӕнай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын, зӕгъӕм, ӕмбырдты йӕ кадджын кӕнын ӕмӕ дӕ ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын (Дзут. 10:23–25). Стӕй ма нӕ уырнындзинад бӕрӕг вӕййы, Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр «хъӕддыхӕй» кӕй фӕархайӕм, уымӕй дӕр (Лук. 18:1–8). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ «ӕппынӕдзух кув» ӕмӕ дыл кӕй тыхсы, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн (1 Фес. 5:17; 1 Пет. 5:7). Уырнындзинад нӕм куы уа, уӕд нӕ фӕнддзӕн, раст цы у, уый аразын. Ӕмӕ, раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд та нӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр кӕндзӕн (Иак. 2:22).
ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫЛ ӔУУӔНД
Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоан. 14:1). Уӕдӕ хъуамӕ ӕрмӕст Йегъовӕйыл ма ’ууӕндай, фӕлӕ Йесойыл дӕр. Йесойыл кӕй ӕууӕндыс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.
Фыццаг: дӕ зӕрдыл дар, Хуыцау Чырыстийы нывондӕн дӕу тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста. Апостол Павел загъта: «[Ӕз] цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ» (Гал. 2:20). Йесойыл куы ’ууӕндай, уӕд дӕ фидарӕй уырндзӕн, йӕ нывонд дын стыр пайда кӕй хӕссы, уый фӕрцы дӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц ӕмӕ дын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, стӕй уымӕй Хуыцау кӕй равдыста, куыд тынг дӕ уарзы, уый (Ром. 8:32, 38, 39; Еф. 1:7). Ӕмӕ дӕм уӕд уыдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй-иу ӕвзӕр хъуыдытӕ дӕхицӕй сурай ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнай, ницӕмӕн бӕззын, зӕгъгӕ (2 Фес. 2:16, 17).
Дыккаг: Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахс кӕн. Уымӕн гӕнӕн ис Чырыстийы нывонды фӕрцы. Уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕмӕ «ныфсджынӕй кувын, цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна» (Дзут. 4:15, 16; 10:19–22). Йегъовӕмӕ куы скувӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттимӕ тох кӕнын (Лук. 22:40).
Ӕртыккаг: Йесомӕ хъус. Апостол Иоанн ныффыста: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн» (Иоан. 3:36). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иоанн кӕй кӕны, Фыртыл чи ’ууӕнды, уыдоны кой ӕмӕ, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уыдоны кой. Уӕдӕ, Йесомӕ кӕй хъусӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый. Кӕй йӕм хъусӕм, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? «Чырыстийы закъон», ома, цыдӕриддӕр амыдта ӕмӕ бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр, кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй (Гал. 6:2). Стӕй ма уый бӕрӕг вӕййы, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайӕм, уымӕй дӕр (Матф. 24:45). Йесомӕ куы хъусай, уӕд дӕм уыдзӕн хъарутӕ фидар фӕлӕууынӕн, тыхдымгӕйы бахауӕгау куы фӕуай, уӕд дӕр (Матф. 7:24, 25).
«УӔ УДЫХЪӔД АРАЗУТ УӔ СЫГЪДӔГ УЫРНЫНДЗИНАДЫЛ»
Иухатт иу нӕлгоймаг Йесойӕн загъта: «Уырны мӕ! Уырнындзинад мын кӕм нӕ фаг кӕны, уым та мын ыл бафтау» (Мар. 9:24). Уырнындзинад ӕм уыд, фӕлӕ уыцы бонзонгӕ адӕймаг ӕмбӕрста, фылдӕр уырнындзинад ӕй кӕй хъуыди. Уыцы нӕлгоймагау махӕй алкӕй дӕр кӕцыдӕр уавӕрты бахъӕудзӕн фылдӕр уырнындзинад. Ӕмӕ не ’ппӕты бон дӕр у уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды ныртӕккӕ фидар кӕнын. Куыд федтам, афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхас куы иртасӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ уый фӕрцы та Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Нӕ уырнындзинад ма фидар кӕндзӕн, нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, иннӕтӕн нӕ ныфсы тыххӕй куы дзурӕм ӕмӕ ӕппынӕдзух куы кувӕм, уӕд дӕр. Афтӕмӕй нӕ удыхъӕд араздзыстӕм нӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл, ӕмӕ уӕд дарддӕр дӕр хайджын уыдзыстӕм Хуыцауы уарзтӕй. Уымӕй стырдӕр хорзӕх та нӕй! (Иуд. 20, 21).