Психикӕимӕ баст низтӕ нал уыдзӕн
Психикӕимӕ баст низтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцау Библийы уылты дӕтты хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ удӕнцой.
Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, уыцы низтӕ цӕй тыххӕй вӕййынц, уыдӕттӕ дӕр кӕй нал уыдзӕн.
Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд куы сӕххӕст кӕна, уӕд-иу адӕймаджы тыхст хъуыдытӕ сӕ быны нал скӕндзысты ӕмӕ йыл кӕддӕр цы ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, «уыдон хъуыды дӕр... [нал] ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Исай 65:17).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй базонай, ацы ныхӕстӕ кӕд ӕмӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый.