Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕм цы дзурынц Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй?

Адӕм цы дзурынц Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй?

«Куыд бакӕнон, уый куы нал фӕзонын, уӕд Хуыцаумӕ фӕкувын. Ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма мӕ фарсмӕ ис, мӕ къухыл мын хӕцы ӕмӕ мӕ размӕ кӕны» (МАРИЙӔ).

«Мӕ бинойнаг 13 азы ракимӕ фӕтох кодта ӕмӕ стӕй амард. Хъуыды йӕ кӕнын, Хуыцаумӕ алы бон дӕр куыд куывтон. Ӕмбӕрстон ӕй, мӕ рыст мын кӕй зоны ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕм кӕй хъусы. Ӕмӕ уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ уыд сабыр» (РАУЛЬ).

«Адӕмӕн сӕ бон кувын кӕй у, уый у Хуыцауы диссаджы лӕвар» (АРНЕ).

Марийӕ, Рауль, Арне ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм, Хуыцаумӕ кӕй кувынц, уый нымайынц зынаргъ лӕварыл. Кувгӕйӕ сӕ бон у Хуыцауимӕ ныхас кӕнын, бузныг ын дзурын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Фидарӕй сӕ уырны, Библийы кувыны тыххӕй цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у. Фыст дзы ис: «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14).

Фӕлӕ бирӕтӕ ацы стихы ныхӕстыл не ’ууӕндынц. Иу нӕлгоймаг, Стив, кувынмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй радзырдта: «17 азы мыл куы цыд, уӕд ме ’мбӕлттӕй ӕртӕйӕ бӕллӕхы бахаудысты. Сӕ иу аварийы фӕмард, иннӕ дыууӕ та денджызы аныгъуылдысты». Стив куыд бакодта? Уый загъта: «Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй бамбӕрстаин, уыцы бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты, фӕлӕ мӕ нӕ фехъуыста. Ӕмӕ хъуыдытӕ кодтон, цӕмӕн ма кувон, зӕгъгӕ». Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ ратты, ӕмӕ уый тыххӕй фӕхъуыды кӕнынц, цымӕ кувынӕй исты пайда ис, зӕгъгӕ.

Цымӕ ма адӕм ноджыдӕр цӕй тыххӕй фӕхъуыды кӕнынц афтӕ, ӕмӕ кувын ницы пайда у? Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Хуыцау ӕнӕуи дӕр алцыдӕр зоны, зоны, цы нӕ хъӕуы ӕмӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уый, ӕмӕ, дам, ма йын уӕд цӕмӕн хъӕуы уыдӕтты тыххӕй дзурын.

Иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды сӕ куывдтытӕм хъусын сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй. Иу сылгоймаг, Дженни, загъта: «Кувын мын ӕппӕты зындӕр уый тыххӕй вӕййы, ӕмӕ мӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр нӕ нымайын. Цы рӕдыдтытӕ скодтон, уыдоныл тынг фӕсмон кӕнын. Ӕмӕ мӕхицӕн фӕдзурын, уый аккаг кӕй нӕ дӕн, цӕмӕй мын Хуыцау мӕ куывдтытӕм хъуса».

Ды та цы хъуыды кӕныс? Мыййаг, ды дӕр фӕдызӕрдыг кӕныс, Хуыцаумӕ кувын кӕй хъӕуы ӕмӕ дӕ кӕй хъусы, ууыл? Уӕд дын ӕхсызгон уыдзӕн базонын, Библийы дӕ фарстатӕн кӕй ис бӕлвырд дзуаппытӕ. Дӕ бон у ӕууӕндын, кувыны тыххӕй дзы цы фыст ис, ууыл a. Библийы фӕрцы дӕ бон у дзуапп базонын ахӕм фарстатӕн:

  • Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

  • Хуыцау иуӕй-иу куывдтытӕн дзуапп цӕуылнӕ ратты?

  • Дӕ бон куыд у кувын, цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм хъуса?

  • Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

a Библийы бакӕсӕн ис Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты куывдтытӕ, уыимӕ Йесо Чырыстийы куывдтытӕ дӕр. Дзуттаг Фыстыты (арӕхдӕр сӕ хонынц «Рагон Фӕдзӕхст») ис 150 куывдӕй фылдӕр.