Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

«Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста» (1 ИОАН. 4:9).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы диссаджы миниуджыты тыххӕй.

1. Алы аз дӕр Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры кӕй вӕййӕм, уый хорз цӕмӕн у?

 ЙЕГЪОВӔ йӕ Фырты адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у стыр лӕвар, аргъ ын нӕй! (2 Кор. 9:15). Йесо йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый фӕрцы ис гӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар суа. Уый фӕрцы ма нын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! (Ром. 5:8). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой, уый цӕмӕй ма рох кӕнӕм ӕмӕ сӕ алкӕддӕр бузныг уӕм, уый тыххӕй Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы аз дӕр бӕрӕг кӕнӕм йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр (Лук. 22:19, 20).

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 2025 азы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзыстӕм 12 апрелы, сабаты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр фӕнд кӕнӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын. Фӕлӕ хорз уыдзӕн, уый размӕ дӕр ӕмӕ-иу уый фӕстӕ дӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй арф ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй. Иннӕ статьяйы фӕрцы та бамбардзыстӕм, уыцы нывонды фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын ӕмӕ, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын.

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНД ХАСТ КӔЙ ӔРЦЫД, УЫМӔЙ НӔ БОН ЦЫ У ЙЕГЪОВӔЙЫ ТЫХХӔЙ БАЗОНЫН?

3. Иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы милуантӕн сӕ бон куыд у тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕ рӕстдзинад кӕй уарзы (Дык. з. 32:4). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Адам Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакаст, уӕд сси тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Ӕмӕ мах йӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ туджы рахастам тӕригъӕд. Тӕригъӕд та кӕны мӕлӕтмӕ (Ром. 5:12). Йегъовӕ сфӕнд кодта адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы милуантӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой? Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Иу адӕймаг [Адам] ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг [Йесо] коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ром. 5:19; 1 Тим. 2:6). Ӕндӕр ныхасӕй, иу ӕгоммӕгӕс ӕххӕст адӕймаджы аххосӕй систӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди иу коммӕгӕс ӕххӕст адӕймаг, цӕмӕй уыцы цагъарадӕй фервӕзтаиккам.

Иу адӕймаджы аххосӕй систӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ, иннӕ адӕймаг та нӕ уыцы цагъарадӕй ссӕрибар кодта (кӕс 3 абзац)


4. Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕуылнӕ уыд, Адамы байзӕддӕгтӕй коммӕгӕс чи разындаид, уыдонӕн ӕнӕуи бар раттын, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой?

4 Цымӕ Чырыстийы ӕнӕмӕнг хъуыд амӕлын, цӕмӕй адӕмы фервӕзын кодтаид? Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыди, Адамы байзӕддӕгтӕй коммӕгӕс чи разындаид, уыдонӕн ӕнӕуи бар раттын, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой? Мах, ӕнӕххӕст адӕм, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ афтӕ бакӕнын ӕппӕты хуыздӕр уыдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Ӕмӕ Адамы тӕригъӕд куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ Адам стыр тӕригъӕд нӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕдджын не сты.

5. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ алкӕддӕр, раст цы у, уый кӕй араздзӕн?

5 Цымӕ хабар куыд рауадаид, Йегъовӕ йӕ рӕстдзинады домӕнтӕ куы ницӕмӕ ӕрдардтаид ӕмӕ йӕ Фырты нывондӕн куы не ’рхастаид, афтӕмӕй Адамы ӕнӕххӕст байзӕддӕгтӕн ӕнустӕм цӕрыны бар куы радтаид, уӕд? Адӕм нӕ хъуыды кодтаиккой, зӕгъгӕ, кӕд иу хатт йӕ рӕстдзинад ницӕмӕ ӕрдардта, уӕд та ӕндӕр хатт дӕр афтӕ нӕ бакӕндзӕн? Зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн? Фӕлӕ нӕ ууыл мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ архайдта рӕстӕй, кӕд ӕй йӕ зынаргъ Фырты нывондӕн ӕрхӕссын бахъуыд, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, алкӕддӕр, раст цы у, уый кӕй араздзӕн.

6. Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй куыд зыны, кӕй нӕ уарзы, уый? (1 Иоанны 4:9, 10).

6 Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй уӕлдай тынгдӕр равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый (Иоан. 3:16; бакӕс 1 Иоанны 4:9, 10). Уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ – уый ма фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уӕм. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ бинонты ’хсӕнӕй фӕтардта. Уымӕ гӕсгӕ иу адӕймаг дӕр йӕ райгуырдӕй Хуыцауы бинонтӕй нӕ вӕййы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ Йесойы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, чи йыл ӕууӕнда ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕса, уыдон иууылдӕр суыдзысты йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ. Фӕлӕ абон дӕр уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иу бинонтау цӕрӕм. Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр тынг уарзы! (Ром. 5:10, 11).

7. Йегъовӕ кӕй бауагъта, цӕмӕй Йесо фӕхъизӕмар кодтаид, уымӕй дӕр куыд зыны, кӕй нӕ уарзы, уый?

7 Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, уый ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, мах тыххӕй йӕ цы стыр аргъ бафидын бахъуыд, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Хӕйрӕг загъта, Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр иузӕрдионӕй кӕй нӕ баззайдзӕн, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕла, уӕд. Ӕмӕ, йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Йесо йӕ мӕлӕты размӕ фӕхъизӕмар кодтаид (Иов 2:1–5; 1 Пет. 2:21). Йегъовӕ уыдта, Йесойӕн йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон дзы куыд хынджылӕг кодтой, ӕфсӕддонтӕ йӕ куыд фӕнадтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл куыд байтыгътой. Уый фӕстӕ та федта, йӕ зынаргъ хъӕбул удхар кӕнгӕйӕ куыд амард (Матф. 27:28–31, 39). Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Йесойы цыфӕнды минут дӕр фервӕзын кӕнын. Зӕгъӕм, чидӕртӕ афтӕ куы загътой, «кӕд Хуыцауы хъӕуы, уӕд ӕй фервӕзын кӕнӕд», зӕгъгӕ, уӕд ӕцӕгдӕр йӕ бон уыд афтӕ бакӕнын (Матф. 27:42, 43). Фӕлӕ уӕд нывонд хаст не ’рцыдаид ӕмӕ нӕ фидӕнӕй ницы ныфс уаид. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт йӕ фӕстаг сулӕфты онг фӕхъизӕмар кодтаид.

8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн йӕ Фырты хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ кӕй скъуыдтӕ кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ кӕд Йегъовӕ ӕппӕтхъомысджын у ӕмӕ йӕ бон алцыдӕр у, уӕд йӕ зӕрдӕ никуы ницӕуыл фӕриссы. Уый адӕмы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, алыхуызон ӕнкъарӕнтимӕ: цӕуылдӕрты фӕцин кӕнӕм, цӕуылдӕрты нӕ зӕрдӕ фӕриссы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ахӕм Хуыцау кӕй у. Библийы фыст ис, йӕ лӕггадгӕнджытӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ кӕй «фӕриссын кодтой», кӕй-иу дзы «бауагътой маст» (Пс. 78:40, 41). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Авраамы ӕмӕ Исахъы хабар дӕр. Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхастаид (Райд. 22:9–12; Дзут. 11:17–19). Ахъуыды-ма кӕн, Авраамӕн йӕ зӕрдӕ куыдтӕ кодтаид, йӕ кард хӕрдмӕ куы фӕхаста, цӕмӕй йӕ хъӕбулы амардтаид, уӕд! Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕн цас зындӕр уыдаид, цас тынгдӕр фӕрыстаид йӕ зӕрдӕ, ӕнӕхуыцау адӕм ын йӕ Фыртӕн цы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ куыд фыдмард акодтой, уымӕ кӕсгӕйӕ! (Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут. Авраам (2 хай)».)

Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта, йӕ Фырт куыд хъизӕмар кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ (кӕс 8 абзац)


9. Ромӕгтӕм 8:32, 38, 39 стихтӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй базонын?

9 Йегъовӕ Йесойы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй бӕрӕг у, уый хуызӕн нӕ кӕй ничи уарзы – нӕдӕр нӕ бинонтӕ, нӕдӕр нӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:32, 38, 39.) Йегъовӕ нӕ нӕхицӕй дӕр тынгдӕр уарзы. Зӕгъӕм, ӕнустӕм цӕрын дӕ фӕнды? Йегъовӕйы та уый дӕуӕй тынгдӕр фӕнды. Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын дӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна? Йегъовӕйы та уый дӕуӕй тынгдӕр фӕнды. Ӕмӕ нӕ бирӕ дӕр нӕ домы – фӕнды йӕ, цӕмӕй дзы бузныг уӕм, цы зынаргъ лӕвар нын скодта, уый тыххӕй, ӕууӕндӕм ыл ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Уӕдӕ Чырыстийы нывонд ӕцӕгдӕр у зынаргъ лӕвар ӕмӕ дзурӕг у Хуыцауы стыр уарзондзинадыл. Ӕмӕ ног дунейы та ноджы фылдӕр базондзыстӕм йӕ уарзондзинады тыххӕй (Еккл. 3:11).

НӔ БОН ЦЫ У ЙЕСОЙЫ ТЫХХӔЙ БАЗОНЫН, ЙӔ ЦАРД НЫВОНДӔН КӔЙ ӔРХАСТА, УЫМӔЙ?

10. а) Йесо йӕ мӕлӕтыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕуыл мӕт кодта? б) Йесо Йегъовӕйы ном куыд срухс кодта? (Кӕс рамкӕ дӕр « Йесо йӕ иузӕрдиондзинадӕй Йегъовӕйы ном срухс кодта».)

10 Йесойӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй йын йӕ Фыды номыл цъыф мачиуал кала (Иоан. 14:31). Йесо мӕт кодта, Хуыцауы фауӕг ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕг кӕй схондзысты, уымӕй йӕ Фыды ном кӕй фӕхудинаг уыдзӕн, ууыл. Афтӕ дӕр уый тыххӕй куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ ацы къус нуазын ма бахъӕуӕд» (Матф. 26:39). Фӕлӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, ӕмӕ уымӕй сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта. Ӕмӕ афтӕмӕй йӕ Фыды ном срухс кодта.

11. Йесо куыд равдыста, адӕмы тынг кӕй уарзы, уый? (Иоанны 13:1).

11 Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй ма базонӕн ис, адӕмы тынг кӕй уарзы, уый дӕр, уӕлдайдӕр та йӕ фӕдылдзӕуджыты (Ӕмб. 8:31; бакӕс Иоанны 13:1). Уый зыдта, зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йын цыдӕртӕ аразын тынг зын кӕй уыдзӕн. Зӕгъӕм, зыдта, удхайраг мардӕй амӕлын ӕй кӕй хъӕудзӕн. Фӕлӕ уыцы зын хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын сӕ кӕй бахӕс кодта, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй дӕр. Цы арӕзта, уый арӕзта зӕрдиагӕй: адӕмӕн хорз хабар хъусын кодта, ахуыр сӕ кодта ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. Суанг ма йӕ мӕлӕты бон дӕр йӕ апостолтыл хъуыды кодта. Сӕ къӕхтӕ сын ныхсадта, цӕмӕй сын ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид, стӕй сӕ бафидар кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта (Иоан. 13:12–15). Уый фӕстӕ та, хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд, йӕ фарсмӕ цы фыдгӕнӕг ауыгъд уыд, уымӕн ныфс бавӕрдта, дзӕнӕты кӕй уыдзӕн. Йӕ мады та Иоанны бар бакодта (Лук. 23:42, 43; Иоан. 19:26, 27). Уӕдӕ Йесо йӕ уарзондзинад ӕрмӕст йӕ мӕлӕтӕй нӕ равдыста, фӕлӕ йӕ цардӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр.

12. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо абон дӕр йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ тыхтӕ мах тыххӕй не ’вгъау кӕны?

12 Йесо адӕмы тыххӕй «амард иу хатт» (Ром. 6:10). Фӕлӕ абон дӕр мах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы. Зӕгъӕм, цы? Йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕны, цӕмӕй нын, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый пайда хӕсса. Уый у нӕ Паддзах, Хистӕр сауджын ӕмӕ ӕмбырды сӕр (1 Кор. 15:25; Еф. 5:23; Дзут. 2:17). Уый дзуапп дӕтты сӕрстыты ӕмӕ тынг бирӕ адӕмы ӕмбырд кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы куыст фӕуыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕроны размӕ (Матф. 25:32; Мар. 13:27) a. Стӕй ма йӕ хъус дары, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн фӕстаг бонты парахатӕй уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45). Ӕмӕ ма нын йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр бирӕ цыдӕртӕ сараздзӕн. Уӕдӕ ӕцӕгдӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта.

АРХАЙ, ЦӔМӔЙ-ИУ НОГ ЦЫДӔРТӔ БАЗОНАЙ

13. Хуыцау ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сын сӕ уарзондзинады тыххӕй фылдӕр базонай?

13 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу сын сӕ уарзондзинады тыххӕй фылдӕр базондзынӕ. Чи зоны, ацы аз Ӕрымысӕн изӕры размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ дӕ бон уыдзӕн Евангелитӕй иу кӕнӕ фылдӕр бакӕсын. Иу хаттӕн ӕгӕр бирӕ сӕртӕ бакӕсыныл ма архай. Фӕлтау-иу бакӕс къаддӕр, фӕлӕ-иу кӕс сындӕггай. Кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынгдӕр бауарзынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕм. Стӕй-иу, цы базонай, уый иннӕтӕн дӕр радзур.

14. Фылдӕр ӕрмӕг-иу куы раиртасӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу Чырыстийы нывонды тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр ахуырӕдты тыххӕй фылдӕр базонӕм? (Псалом 119:97). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн бирӕ азты дӕргъы дӕ, уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ ма ногӕй цы базондзынӕн Хуыцауы уарзондзинады, йӕ рӕстдзинады ӕмӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй. Фӕлӕ уыцы темӕты тыххӕй ӕмӕ ма Библийы ноджыдӕр цы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ис, уыдоны тыххӕй нӕ бон уыдзӕн алкӕддӕр ног цыдӕртӕ базонын. Уӕдӕ дӕ бон цы у саразын? Нӕ публикациты дуне ӕрмӕг ис. Ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд бирӕ ног цыдӕртӕ базондзынӕ. Библи кӕсгӕйӕ искӕцы ныхӕстӕ кӕнӕ скъуыддзаг хорз куы нӕ бамбарай, уӕд-иу фылдӕр ӕрмӕг бацагур. Уый фӕстӕ-иу боны дӕргъы хъуыды кӕн, иртасгӕйӕ цы хъуыдытӕ ссардтай ӕмӕ уыдоны фӕрцы Йегъовӕйы, йӕ Фырты ӕмӕ сӕ уарзондзинады тыххӕй ноджыдӕр цы базыдтай, ууыл. (Бакӕс Псалом 119:97.)

Кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон вӕййы Чырыстийы нывонды тыххӕй ног цыдӕртӕ базонын. Ӕмӕ йын уый фӕрцы та ноджы тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм (кӕс 14 абзац)


15. Библийы дарддӕр дӕр хӕзнатӕ цӕмӕн хъуамӕ агурӕм?

15 Библи кӕсгӕйӕ кӕнӕ иртасгӕйӕ-иу алы хатт ног кӕнӕ тынг цымыдисаг хъуыды куы не ссарай, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ды дӕ сызгъӕринагурӕджы хуызӕн. Сызгъӕринагурджыты хатт бирӕ сахӕттӕ кӕнӕ бонтӕ бахъӕуы суанг гыццыл сызгъӕрины мур ссарынӕн дӕр. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр фӕразонӕй фӕагурынц, уымӕн ӕмӕ сын сызгъӕрины муртӕ дӕр зынаргъ вӕййынц. Библийы цы хӕзнатӕ ис, уыдонӕй та алкӕцы дӕр сызгъӕринӕй зынаргъдӕр у! (Пс. 119:127; Ӕмб. 8:10). Уӕдӕ фӕразон у, Библи дарддӕр дӕр кӕс ӕмӕ дзы ног хӕзнатӕ агур (Пс. 1:2).

16. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы бафӕзмын?

16 Библи иртасгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Ӕмӕ йӕ дӕ бон у бафӕзмын, кӕй никӕй хъулон кӕндзынӕ, уымӕй. Йесойы та дӕ бон куыд у бафӕзмын? Уый уарзта йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы. Ӕмӕ ды дӕр, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый аразынмӕ ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ куы уай,– уый-иу дын зын куы уа, уӕд дӕр,– уӕд Йесойы фӕзмдзынӕ. Дӕ бон ма йӕ у бафӕзмын, адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕндзынӕ, уымӕй дӕр. Афтӕмӕй уыдонӕн дӕр фадат фӕзындзӕн, цӕмӕй базоной Йегъовӕйы диссаджы лӕвары тыххӕй ӕмӕ, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл баууӕндой.

17. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Чырыстийы нывонды тыххӕй-иу фылдӕр куы базонӕм ӕмӕ йын тынгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ӕмӕ-иу нӕ уӕд уыдон дӕр тынгдӕр бауарздзысты (Иоан. 14:21; Иак. 4:8). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Библи иртасӕм ӕмӕ, нӕ организаци цы ӕрмӕг уадзы, уымӕй пайда кӕнӕм, цӕмӕй-иу Чырыстийы нывонды тыххӕй ног цыдӕртӕ базонӕм. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, уыцы нывонды фӕрцы ма ноджыдӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм ӕмӕ нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый.

107 ЗАРӔГ Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг

a Ефесӕгтӕм 1:10 стихы Павел ныффыста «уӕларвыл цы ис», уыдон ӕрӕмбырд кӕныны тыххӕй. Матфейы 24:31 стихы ӕмӕ Марчы 13:27 стихы та Йесо дзуры «’взӕрст адӕмы» ӕрӕмбырд кӕныны тыххӕй. Фӕлӕ уыцы дыууӕ хабары кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Павелы ныхӕстӕ амонынц, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны Йегъовӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрдгӕйӕ куы ’взара, уыцы рӕстӕгмӕ. Йесойы ныхӕстӕ та амонынц, сӕрстытӕй ма зӕххыл чи уа, уыдоны стыр бӕллӕхы рӕстӕг уӕлӕрвты куы ӕрӕмбырд кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ.