Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ТЕМӔ ИРТАСЫНӔН

Хъӕбатыр у ӕмӕ, раст цы у, уый араз, иннӕтӕ дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд

Хъӕбатыр у ӕмӕ, раст цы у, уый араз, иннӕтӕ дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд

Бакӕс Йеремийы 38:1–13. Ацы скъуыддзагӕй базондзынӕ пехуымпар Йеремийы ӕмӕ паддзахы фӕсдзӕуин Авдемелехы хъӕбатырдзинады тыххӕй.

Контекстыл ахъуыды кӕн. Йереми хъӕбатырдзинад куыд равдыста, Йегъовӕйы ныхӕстӕ куы хъусын кодта, уӕд? (Йер. 27:12–14; 28:15–17; Йер. 37:6–10). Кӕмӕн сӕ хъусын кодта, уыдон цы сарӕзтой? (Йер. 37:15, 16).

Фылдӕр базон. Адӕм Йеремийӕн цы аразын кодтой? (jr 35, 36 фф., 20–22 абз.). Базон, раджы заманты доны дзыхъхъытӕ цӕмӕн хъуыдысты ӕмӕ цыхуызӕн уыдысты (it-2-U 1192, 1193). Цымӕ Йереми цы ’нкъардта, цъыф кӕм уыд, ахӕм дзыхъхъы йӕ куы ныппӕрстой, уӕд? Авдемелех кӕмӕй тарстаид, фӕлӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста? (w12 1/5 31 ф., 2, 3 абз.).

Дӕ бон дзы цы у дӕхицӕн зондӕн райсын? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл:

  • «Ацы хабарӕй мӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд хъахъхъӕны, уый тыххӕй?» (Пс. 97:10; Йер. 39:15–18).

  • «Цавӕр уавӕрты мӕ бахъӕудзӕн хъӕбатырдзинад?»

  • «Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уон ӕмӕ, раст цы у, уый аразон, мӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд?» (w11 1/3 30) a.

a Цы ис иртасӕн ӕмӕ куыд, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?», 2023 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».