Фиппаинаг кӕсджытӕн
Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ
Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фондз ахуыргӕнӕн статьяйы сты кӕрӕдзиимӕ баст. Уыдоны дзырд цӕуы ахӕм фарстатыл:
Фыццаг: Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн баххуыс кодтаид тӕригъӕдимӕ тох кӕнынӕн?
Дыккаг: ӕрфӕсмон кӕнын цы нысан кӕны ӕмӕ-иу Йегъовӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынӕн куыд ӕххуыс кодта?
Ӕртыккаг: Коринфы ӕмбырды иу нӕлгоймаг йӕ уӕззау тӕригъӕдыл кӕй нӕ фӕсмон кодта, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ ӕмбырдӕн цавӕр уынаффӕ радта?
Цыппӕрӕм: абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд феххуыс кӕнынц, уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕн?
Фӕндзӕм: адӕймаджы ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд ӕм ӕмбырды дарддӕр дӕр уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд февдисынц?