Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Аргъ кӕн цардӕн – Хуыцауы лӕварӕн

Аргъ кӕн цардӕн – Хуыцауы лӕварӕн

«Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (ХЪУЫД. 17:28).

141 ЗАРӔГ Цард у зынаргъ лӕвар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйӕн нӕ цард зынаргъ кӕй у, уый?

 ӔРХӔССӔМ ахӕм цӕвиттон. Де ’мбал дын скодта тынг зынаргъ лӕвар – зындгонд нывгӕнӕджы ныв. Бӕрӕг у, тынг зӕронд кӕй у. Кӕмдӕрты йӕ хуыз ссыд ӕмӕ счъизи. Фӕлӕ йӕ аргъ у цалдӕр милуан доллӕры. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нывӕн тынг аргъ кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ. Йегъовӕ дӕр нын скодта тынг зынаргъ лӕвар – цард. Нӕ цард ын зынаргъ кӕй у, уый равдыста, йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй (Иоан. 3:16).

2. 2 Коринфӕгтӕм 7:1 стихмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

2 Цард дӕтты Йегъовӕ (Пс. 36:9). Апостол Павел дӕр уый зыдта, ӕмӕ загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (Хъуыд. 17:25, 28). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ цард схонӕн ис Хуыцауы лӕвар. Уый нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын дӕтты (Хъуыд. 14:15–17). Фӕлӕ цӕмӕй удӕгас уӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ диссӕгтӕ нӕ аразы. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр не ’нӕниздзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 7:1.) Не ’нӕниздзинад ӕмӕ нӕ цард цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

АРГЪ КӔН ЦАРДӔН

3. Цӕмӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм?

3 Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм? Иу уымӕн, ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (Мар. 12:30). Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ «буӕрттӕ раттӕм удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн» (Ром. 12:1). Уымӕ гӕсгӕ, не ’нӕниздзинадӕн зиан чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ аразӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи алцӕмӕй нӕ бахъахъхъӕндзыстӕм. Фӕлӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ уӕларвон Фыдӕн равдисын, йӕ лӕварӕн – цардӕн – кӕй аргъ кӕнӕм.

4. Паддзах Давиды цы фӕндыд аразын?

4 Паддзах Давид бамбарын кодта, Хуыцауы лӕварӕн – цардӕн – цӕмӕн аргъ кодта, уый. Давид ныффыста: «Арф ингӕнмӕ куы ныххизон, уӕд мӕ тугӕй цы пайда уыдзӕн? Мыййаг дӕ сыджыт кадджын кӕндзӕн? Дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй дзурдзӕн?» (Пс. 30:9). Гӕнӕн ис, ацы ныхӕстӕ ныффыста йӕ царды кӕрон. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд фылдӕр фӕцӕрын, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кодтаид. Ӕмӕ йыл дзырд дӕр нӕй, махӕй алкӕй дӕр уый фӕнды.

5. Зӕрондӕй дӕр ӕмӕ рынчынӕй дӕр нӕ бон цы у аразын?

5 Рынчын кӕй стӕм кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ бон нал у, раздӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзтам, уыдонӕй бирӕтӕ аразын. Ӕмӕ, чи зоны, нӕ ныфс асӕтты ӕмӕ ӕрӕнкъард вӕййӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхи ма ауадзӕм ӕмӕ не ’нӕниздзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсӕм. Зӕрондӕй дӕр ӕмӕ рынчынӕй дӕр нӕ бон у Давидау Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ стӕм. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ныл базыртӕ базайы (Матф. 10:29–31). Куы амӕлӕм, уӕддӕр бӕлдзӕн, цӕмӕй нӕ райгас кӕна (Иов 14:14, 15). Цалынмӕ удӕгас стӕм, уӕдмӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цы у, уый аразын, цӕмӕй нӕ цард ӕмӕ не ’нӕниздзинад бахъахъхъӕнӕм.

ЗИАНХӔССӔГ АХУЫРТӔЙ ДӔХИ ХИЗ

6. Хӕрд ӕмӕ нозты тыххӕй нын Йегъовӕ цы фӕдзӕхсы?

6 Библи нӕдӕр медицинон чиныг у, нӕдӕр, пайда хӕринӕгты кой кӕм ис, ахӕм чиныг. Фӕлӕ уӕддӕр Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ уыцы фарстаты тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нын, «дӕхи хиз фыдбылызӕй», зӕгъгӕ, ома нӕ буарӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй (Еккл. 11:10). Библийы фыст ис, цӕмӕй фырхӕрд ӕмӕ фыднозт ма кӕнӕм (Ӕмб. 23:20). Уыдӕттӕ низтӕм дӕр расайынц ӕмӕ, гӕнӕн ис, адӕймаг мӕлгӕ дӕр акӕна. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хиуыл хӕцын зонӕм, ӕмӕ, цы ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр ма хӕрӕм ӕмӕ ма нуазӕм. Стӕй хъуамӕ зонӕм, хӕринагӕй дӕр ӕмӕ нын нозтӕй дӕр цы бӕззы ӕмӕ цы нӕ бӕззы, уый (1 Кор. 6:12; 9:25).

7. Ӕмбисӕндты 2:11 стихы цы уынаффӕ ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн не ’нӕниздзинады фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

7 Цӕмӕй нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уа, Хуыцауы лӕварӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы аразӕм, ууыл (Пс. 119:99, 100; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:11). Зӕгъӕм, хъуамӕ-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм, цавӕрдӕр хӕринаг нын бӕззы ӕви нӕ. Кӕд цавӕрдӕр хӕринаг уарзӕм, фӕлӕ нын нӕ тайы, уӕд нӕхицӕн зӕгъдзыстӕм, нӕ, фӕлтау мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, фаг куы фынӕй кӕнӕм, ӕдзух упражненитӕ куы кӕнӕм, нӕхимӕ куы зилӕм ӕмӕ нӕ хӕдзар куы ’фснайӕм, уымӕй.

ӔДАСДЗИНАДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

8. Библийӕ цы ис базонӕн, Йегъовӕ адӕймаджы ӕдасдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй?

8 Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым уыди амындтӕ, сӕ бон цы уыд аразын, цӕмӕй хӕдзары кӕнӕ куысты сӕхиуыл дӕр ӕмӕ иннӕтыл дӕр мацы фыдбылыз ӕрцыдаид (Рац. 21:28, 29; Дык. з. 22:8). Исчи-иу искӕй, нӕ йӕ фӕндыд, афтӕмӕй куы амардта, уӕд ын тӕссаг уыд, йӕхи дӕр ын кӕй амардзысты, уымӕй (Дык. з. 19:4, 5). Закъон домдта, цӕмӕй-иу, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны мӕлӕты аххосджын чи уыд, уыцы адӕймаджы дӕр бафхӕрдтаиккой (Рац. 21:22, 23). Уӕдӕ Фыстадӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕдасдзинадыл хъуыды кӕнӕм.

Ахӕм уавӕрты нӕ бон куыд у равдисын, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм? (кӕс 9 абзац)

9. Нӕ бон цы вӕййы саразын, цӕмӕй-иу нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фыдбылызӕй бахизӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

9 Кӕм цӕрӕм ӕмӕ кӕм кусӕм, уым хъуамӕ ӕдас уа. Уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый. Зӕгъӕм, цыргъ предметтӕ, химикаттӕ кӕнӕ хостӕ хъуамӕ ахӕм ран ӕвӕрд уой, цӕмӕй сывӕллӕтты къухтӕм ма бахауой. Стӕй-иу ахӕм цыдӕртӕ бырӕттӕм ӕппаргӕйӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цы ис саразӕн, цӕмӕй зиан макӕмӕн ӕрхӕссой. Хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, исты куы ссудзӕм кӕнӕ уӕларт исты куы фыца, уӕд. Ӕмӕ кусӕнгӕрзтимӕ хъуамӕ хъавгӕйӕ архайӕм. Искуыдӕм куы цӕуӕм, уӕд-иу хъуамӕ алцыдӕр ахуыссын кӕнӕм ӕмӕ-иу нӕ кусӕнгӕрзтӕ бафснайӕм. Кӕцыдӕр хостӕ нуазгӕйӕ, нозтджынӕй кӕнӕ хуыссӕгхъуагӕй хъуамӕ машинӕ ма скъӕрӕм. Стӕй машинӕ скъӕргӕйӕ хъуамӕ нӕ телефон нӕ къухмӕ ма исӕм.

ӔРДЗОН БӔЛЛӔХ КӔНӔ ӔНДӔР ИСТЫ КУЫ ’РЦӔУА

10. Нӕ бон куыд у нӕхи ӕрдзон бӕллӕхмӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хабармӕ бацӕттӕ кӕнын? Исты куы ’рцӕуа, уӕд та нӕ бон цы у саразын?

10 Нӕ бар алцӕуыл нӕ цӕуы. Ӕмӕ хатт нӕ бон ницы вӕййы саразын, цӕмӕй цавӕрдӕр ӕвзӕр хабар ма ’рцӕуа, зӕгъӕм, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕх ма ’рцӕуа, низ ма сыста кӕнӕ хӕст ма райдайа. Фӕлӕ уӕддӕр ахӕм уавӕрты дӕр нӕ бон вӕййы цыдӕр саразын, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм. Хицауад куы зӕгъа, ӕндӕр ранмӕ алидзын кӕй хъӕуы кӕнӕ ӕндӕр амындтӕ куы дӕтта, уӕд хъӕудзӕн афтӕ бакӕнын (Ром. 13:1, 5–7). Кӕцыдӕр уавӕртӕм нӕ бон у нӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ кӕд хицауад дзуры, уый ӕмӕ уый бакӕнут, цӕмӕй цӕттӕ уат, зӕгъгӕ, уӕд хъӕуы сӕ амындтӕм гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, ис ӕрцӕттӕ кӕнӕн дон, сӕфгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм хӕринӕгтӕ ӕмӕ фыццаг ӕххуысы аптечкӕ.

11. Кӕм цӕрӕм, уым хӕцгӕ низ куы апарахат уа, уӕд-иу цы хъуамӕ аразӕм?

11 Кӕм цӕрӕм, уым хӕцгӕ низ куы апарахат уа, уӕд хъӕудзӕн, хицауад цы дзуры, уымӕ хъусын. Зӕгъӕм, скӕнынц карантин, раттынц амындтӕ, кӕй хъӕуы къухтӕ ӕхсын, маскӕ дарын ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕг цӕуӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Хуыцауы лӕварӕн – цардӕн – тынг кӕй аргъ кӕнӕм.

12. Цавӕрдӕр ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуа, уӕд нын Ӕмбисӕндтӕ 14:15 стих куыд баххуыс кӕндзӕн, кӕй ныхӕстыл ис ӕууӕндӕн, уый бамбарынӕн?

12 Цавӕрдӕр ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуы, уӕд не ’мбӕлттӕй, нӕ сыхӕгтӕй кӕнӕ ног хабӕртты фехъусӕн вӕййы, ӕцӕг чи нӕу, ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Ӕмӕ-иу хъуамӕ «алы ныхасыл» ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ хъусӕм, хицауад ӕмӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы дохтыртӕ цы дзурынц, уымӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 14:15.) Разамонӕг совет ӕмӕ филиалтӕ фӕархайынц, цӕмӕй, хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куыд сты, уый базоной. Ӕмӕ уый фӕстӕ раттынц разамынд, ӕмбырдтӕ куыд уадздзыстӕм ӕмӕ куыд хъусын кӕндзыстӕм, уый фӕдыл (Дзут. 13:17). Ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕхи дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ницы зиан ӕрхӕсдзыстӕм. Стӕй уый фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн адӕмы ’хсӕн хорз ном скӕндзыстӕм (1 Пет. 2:12).

ТУГ ТАБУЙАГЫЛ НЫМАЙ

13. Дзырд туг бауадзыныл куы фӕцӕуы, уӕд куыд равдисӕм, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

13 Бирӕтӕ зонынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг табуйагыл кӕй нымайынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм, Йегъовӕ туджы тыххӕй цы закъон радта, уый, ӕмӕ туг бауадзыныл не сразы вӕййӕм, суанг нын ӕвӕстиатӕй операци скӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр (Хъуыд. 15:28, 29). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ амӕлын фӕфӕнды. Мах цардӕн тынг аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы лӕвар. Ӕмӕ фӕагурӕм хорз дохтырты, ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕныныл разы чи вӕййы, ахӕмты.

14. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ ма бахъӕуа операци кӕнын кӕнӕ нӕхи тыхджын хостӕй дзӕбӕх кӕнын?

14 Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, операци кӕнын дӕр кӕнӕ нӕхи тыхджын хостӕй дзӕбӕх кӕнын дӕр макуы бахъӕуа. Уымӕй уӕлдай, цас ӕнӕниздӕр уӕм, уыйас фидардӕр уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын операци кӕнын куы бахъӕуа, уӕд ӕй ӕнцондӕрӕй сфӕраздзыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр нӕ къахыл тагъддӕр слӕудзыстӕм. Стӕй нӕ кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын операцитӕ кӕной, уӕд ма хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй, кӕм цӕрӕм ӕмӕ кӕм кусӕм, уым ӕдас уа, ӕмӕ фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ ма халӕм.

Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ байдзаг кӕнӕм туджы гӕххӕтт ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр немӕ фӕхӕссӕм (кӕс 15 абзац) c

15. а) Туджы гӕххӕтт ӕдзух немӕ цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм ӕмӕ, кӕй нӕ базӕронд, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Рагацау бакӕс видеороликмӕ (кӕс фиппаинаг). Нӕ бон куыд у тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл раст уынаффӕтӕ рахӕссын?

15 Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ байдзаг кӕнӕм туджы гӕххӕтт («Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства») ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр немӕ фӕхӕссӕм. Уыцы гӕххӕтты бамбарын кӕнӕм нӕ фӕндон туг уадзыны ӕмӕ иуӕй-иу медицинон процедурӕты фӕдыл. Мыййаг дын уыцы гӕххӕтт нӕ базӕронд? Кӕд дӕ хъӕуы туджы гӕххӕтт байдзаг кӕнын кӕнӕ йӕ баивын, уӕд фӕстиат ма кӕн. Нӕ фӕндон гӕххӕттыл бӕлвырд фыст куы уа, уӕд-иу уыцы фарстатыл дохтыртимӕ бирӕ дзурын нӕ хъӕудзӕн, ӕмӕ-иу нын афоныл баххуыс кӕндзысты. Стӕй-иу нын уый фӕрцы дохтыртӕ нӕ рафысдзысты, чи нын разиан кӕндзӕн, ахӕм хостӕ b.

16. Туджы гӕххӕтт байдзаг кӕнын куыд хъӕуы, уый куы нӕ зонай, уӕд дӕ бон цы у саразын?

16 Ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ, ӕнӕниз чи у, уыдон дӕр цавӕрдӕр бӕллӕхтӕй кӕнӕ низтӕй хызт не сты (Еккл. 9:11). Ӕмӕ нӕм уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа туджы гӕххӕтт. Кӕд нӕ зоныс, куыд ӕй хъӕуы байдзаг кӕнын, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрс. Хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл дӕ бӕсты уынаффӕ нӕ рахӕсдзысты – уый дӕ хӕс у (Гал. 6:4, 5). Фӕлӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарай, цавӕр мадзӕлттӕ сты, ӕмӕ, цы равзӕрстай, уый дӕ туджы гӕххӕтты ныффыссай.

ӔМБАРГӔ У

17. Нӕ бон куыд у ӕмбаргӕдзинад равдисын, не ’нӕниздзинадимӕ баст чи у, ахӕм фарстатӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ?

17 Не ’нӕниздзинадимӕ ӕмӕ хос кӕныны мадзӕлттимӕ баст чи у, уыцы фарстаты фӕдыл арӕх уынаффӕ рахӕссӕм, Библийӕ цы базыдтам ӕмӕ нын не ’фсарм цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (Хъуыд. 24:16; 1 Тим. 3:9). Ӕмӕ, цы уынаффӕ рахастам, ууыл-иу иннӕтимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Филиппӕгтӕм 4:5 стихы фыст уагӕвӕрд: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр». Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕндзыстӕм, стӕй иннӕтӕн нӕхи хъуыды нӕ хъардзыстӕм. Мах уарзӕм нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм, кӕд цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл ӕмхуызон уынаффӕ нӕ рахӕссӕм, уӕддӕр (Ром. 14:10–12).

18. Йегъовӕйӕ царды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

18 Йегъовӕйӕ, царддӕттӕг Хуыцауӕй, йӕ лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, нӕ цард куы хъахъхъӕнӕм ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд (Рарг. 4:11). Нырма уал низтӕй ӕмӕ бӕллӕхтӕй хызт не стӕм. Фӕлӕ нын не Сфӕлдисӕг ахӕм цард нӕ цӕттӕ кодта. Ӕмӕ нын тагъд балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард, ӕмӕ рынчын ӕмӕ мӕлгӕ ничиуал кӕндзӕн (Рарг. 21:4). Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та, удӕгас кӕй стӕм, ууыл цин кӕнӕм ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнӕм!

140 ЗАРӔГ Мӕнӕ ӕнусон цард!

a Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тынгдӕр аргъ кӕнӕм цардӕн – Хуыцауы лӕварӕн. Ӕркӕсдзыстӕм, цавӕрдӕр бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд нӕ бон цы вӕййы саразын, цӕмӕй нӕ цард ӕмӕ не ’нӕниздзинад бахъахъхъӕнӕм, стӕй нӕ бон куыд у нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фыдбылызӕй бахизын. Аныхас ма кӕндзыстӕм, цы нӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, ӕнӕнхъӕлӕджы нын операци кӕнын куы бахъӕуа, уымӕ.

c НЫВ. Ӕрыгон ӕфсымӕр туджы гӕххӕтт байдзаг кодта ӕмӕ йӕ кӕдӕмдӕр цӕугӕйӕ йемӕ ахаста.