Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн?

Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн?

«Дзурдзыстут мӕм, ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ мӕм кувдзыстут, ӕмӕ уӕ ӕз фехъусдзынӕн» (ЙЕР. 29:12).

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Хатт нӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты?

 «ЙЕГЪОВӔ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн» (Пс. 37:4). Цы дзӕбӕх ныхӕстӕ сты! Фӕлӕ цымӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст уыдзӕн, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ алы курдиат дӕр уайтагъд сӕххӕст кӕндзӕн? Уый ахсджиаг фарста цӕмӕн у? Ӕрхӕссӕм цалдӕр цӕвиттоны. Ӕнӕцыд хо кувы, цӕмӕй йӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъоламӕ фӕхоной. Фӕлӕ азтӕ цӕуынц, ӕмӕ йӕ нырма нӕ фӕхуыдтой. Ӕрыгон ӕфсымӕр Йегъовӕйӕ куры, цӕмӕй йӕ уӕззау низӕй фервӕзын кӕна ӕмӕ йӕ бон уа ӕмбырды фылдӕр аразын. Фӕлӕ хуыздӕр нӕ кӕны. Чырыстон ныййарджытӕ кувынц сӕ сывӕллоны тыххӕй, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндаг ма ныууадза. Фӕлӕ уый иу бон загъта, Йегъовӕйӕн кӕй нал лӕггад кӕндзӕн.

2 Чи зоны, ды дӕр Йегъовӕйӕ цыдӕр куырдтай, фӕлӕ дын дӕ курдиат нӕ сӕххӕст кодта. Ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтай, ӕмӕ Йегъовӕ иннӕты куывдтытӕн дӕтты дзуапп, дӕ куывдтытӕн та – нӕ. Кӕнӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ разы цӕмӕйдӕр фӕрӕдыдтӕ. Хо Джанисмӕ растдӕр афтӕ каст b. Йӕ лӕгимӕ сӕ фӕндыди Вефилы лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куывтой. Джанис загъта: «Ӕнхъӕлдтон, Вефилмӕ нӕ уайтагъд фӕхондзысты». Фӕлӕ рацыд бирӕ азтӕ, ӕмӕ сӕ афтӕ дӕр нӕ фӕхуыдтой. Джанис загъта: «Уый тыххӕй-иу ӕрӕнкъард дӕн. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, цӕуылнӕ нӕ хонынц. Хъуыды-иу кодтон, зӕгъын, цымӕ Йегъовӕйы цӕмӕй фӕхъыг кодтон. Тынг зӕрдиагӕй йӕм куы куывтон, Вефилы нӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ӕмӕ мын уӕд мӕ куывдтытӕн дзуапп цӕуылнӕ радта?»

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Иуӕй-иу хатт, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, цымӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕм хъусы, зӕгъгӕ. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй дӕр-иу чидӕртӕ ууыл хъуыды кодтой (Иов 30:20; Пс. 22:2; Ав. 1:2). Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл? (Пс. 65:2). Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал нӕ хъӕуы ацы фарстатӕн дзуапп базонын: 1) Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд куыд бакӕны? 2) Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд махмӕ цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсы? 3) Иуӕй-иу хатт нӕ цӕмӕн бахъӕуы нӕ курдиӕтты цыдӕр фӕивын?

ЙЕГЪОВӔМӔ КУЫ ФӔКУВӔМ, УӔД КУЫД БАКӔНЫ?

4. Йереми 29:12 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

4 Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, нӕ куывдтытӕм нын кӕй хъусдзӕн. (Бакӕс Йеремийы 29:12.) Нӕ Хуыцау уарзы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Ӕмӕ афтӕ никуы вӕййы, цӕмӕй сын сӕ куывдтытӕ мацӕмӕ ӕрдара (Пс. 10:17; 37:28). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын нӕ курдиӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Кӕцыдӕртӕ ӕрмӕстдӕр ног дунейы сӕххӕст кӕндзӕн.

5. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм куы фӕхъусы, уӕд йӕ зӕрдыл цы фӕдары? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

5 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм куы фӕхъусы, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары, цы фӕнд ӕм ис, уый (Ис. 55:8, 9). Уый фӕнды, цӕмӕй зӕхх байдзаг уа, йӕ Хицауыл ӕй чи нымайдзӕн ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын циндзинад кӕмӕн хӕсдзӕн, ахӕм адӕмӕй. Фӕлӕ Хӕйрӕг зӕгъы, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй амондджындӕр кӕй уыдзысты (Райд. 3:1–5). Ӕмӕ Йегъовӕ адӕмӕн бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уой. Афтӕмӕй сбӕлвырд, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Абон ӕй хорз уынӕм, адӕмы хицаудзинад хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркодта (Еккл. 8:9). Мах ӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй ныртӕккӕ кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Афтӕ куы бакӕнид, уӕд бирӕтӕ хъуыды кӕниккой, зӕгъгӕ, адӕмӕн сӕхи бон дӕр у зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕр нӕ хъӕуы.

6. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

6 Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ ӕмхуызон куывдтытӕн алыхуызон дзуапп ратты. Зӕгъӕм, паддзах Езеки тынг куы фӕрынчын, уӕд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ сдзӕбӕх кодта (2 Пад. 20:1–6). Фӕлӕ йын апостол Павел куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ «буары... сындзӕй» фервӕзын кодтаид – чи зоны, уый цавӕрдӕр низ уыд,– уӕд ӕй Йегъовӕ уымӕй нӕ фервӕзын кодта (2 Кор. 12:7–9). Кӕнӕ райсӕм апостолтӕ Иаков ӕмӕ Петры хабар. Иуы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр паддзах Ирод марынмӕ хъавыд. Ӕмбырд куывта Петры тыххӕй ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иаковы тыххӕй дӕр. Фӕлӕ Ирод Иаковы амарын кодта, Петры та зӕд фервӕзын кодта (Хъуыд. 12:1–11). Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм: «Кӕд Йегъовӕ Петры фервӕзын кодта, уӕд Иаковы цӕуылнӕ фервӕзын кодта?» Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст c. Фӕлӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕмӕ «хӕрамӕй... [кӕй] ницы ис», йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр раст кӕй сты (Дык. з. 32:4). Стӕй зонӕм, Йегъовӕ Петрӕй дӕр ӕмӕ Иаковӕй дӕр райгонд кӕй уыд (Рарг. 21:14). Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн, куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ нӕ ратты дзуапп. Фӕлӕ йӕ зонӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕхъаст кӕнӕм, цы дзуапп нын радта, уымӕй (Иов 33:13).

7. Нӕ уавӕр иннӕты уавӕримӕ цӕуылнӕ хъуамӕ барӕм?

7 Нӕ уавӕр иннӕты уавӕримӕ хъуамӕ ма барӕм. Зӕгъӕм, вӕййы афтӕ, ӕмӕ Йегъовӕмӕ бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй куывтам, фӕлӕ нын нӕ курдиат нӕ сӕххӕст кодта. Фӕстӕдӕр базыдтам, ӕндӕр чидӕр Йегъовӕмӕ раст ахӕм хъуыддаджы тыххӕй кӕй куывта. Ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй йын йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Ахӕм уавӕры уыд хо Аннӕ. Йӕ лӕг, Мэтью, уыд ракӕй рынчын. Ӕмӕ Аннӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаид. Уыцы рӕстӕг ма дыууӕ ацӕргӕ хойы дӕр уыдысты ракӕй рынчын. Ӕмӕ Аннӕ тынг куывта Мэтьюйы тыххӕй дӕр ӕмӕ уыцы хоты тыххӕй дӕр. Ӕппынфӕстаг хотӕ сдзӕбӕх сты, Мэтью та амард. Фыццаг Аннӕ хъуыдытӕ кодта: «Цымӕ уыцы хотӕн Йегъовӕ баххуыс кодта? Ӕмӕ кӕд уыдонӕн баххуыс кодта, уӕд Мэтьюйӕн цӕуылнӕ баххуыс кодта?» Уыцы хотӕ цӕй фӕрцы сдзӕбӕх сты, уый нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу. Фӕлӕ йӕ зонӕм, иу бон Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ мӕстытӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ, йӕ хӕлӕрттӕй чи амард, уыдоны райгас кӕнынмӕ тынг кӕй бӕллы (Иов 14:15).

8. а) Исай 43:2 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны? б) Стыр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлгӕйӕ Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд баххуыс кӕны? (Бакӕс видеороликмӕ «Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый фӕрцы зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм».)

8 Йегъовӕ нын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Уый у нӕ Фыд, тынг нӕ уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (Ис. 63:9). Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон абарӕн ис цӕугӕдӕттимӕ кӕнӕ артимӕ. (Бакӕс Исайы 43:2.) Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй-иу нын баххуыс кӕндзӕн сӕ сӕрты ахизынӕн. Ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм,– ӕххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй дзы ма адард уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ратты йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын (Лук. 11:13; Фил. 4:13). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм d.

ЙЕГЪОВӔМӔ КУЫ ФӔКУВӔМ, УӔД МАХМӔ ЦӔМӔ ФЕНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

9. Иаковы 1:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый?

9 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм (Дзут. 11:6). Иуӕй-иу хатт нӕм нӕ зындзинӕдтӕ хохы йас фӕкӕсынц. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ бон кӕй у «къулыл сбырын дӕр» (Пс. 18:29). Уӕдӕ-иу хъуамӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл. (Бакӕс Иаковы 1:6, 7.)

10. Нӕ бон куыд у нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

10 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй йын баххуыс кӕна куыстӕй йӕхи ракурынӕн ӕмӕ йӕ бон уа регионалон конгресмӕ ацӕуын. Цымӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп куыд ратдзӕн? Йӕ бон у, ӕмӕ йын ратта хъӕбатырдзинад, цӕмӕй йӕ хицауимӕ аныхас кӕна. Фӕлӕ ӕфсымӕры йӕхи дӕр хъӕуы цыдӕр саразын – хъуамӕ йӕ хицаумӕ йӕхӕдӕг бацӕуа ӕмӕ йемӕ аныхас кӕна. Ӕмӕ, чи зоны, иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты. Гӕнӕн ис, бахъӕуа йӕ уыцы бонты искӕимӕ баивын кӕнӕ отпуск йӕхи хардзӕй райсын.

11. Цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ арӕх цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

11 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй йӕм арӕх кувӕм (1 Фес. 5:17). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ иуӕй-иу курдиӕттӕ нын Йегъовӕ уайтагъд кӕй нӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Лук. 11:9). Ӕмӕ-иу дӕ къухтӕ ма ӕруадз. Дарддӕр дӕр ӕм зӕрдиагӕй кув (Лук. 18:1–7). Цӕуыл тыхсӕм, уый тыххӕй йӕм дарддӕр куы кувӕм, уӕд уындзӕн, уый нӕ ӕцӕгдӕр кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ ахсджиагыл кӕй нымайӕм. Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, кӕй нӕ уырны, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, уый.

НӔ КУРДИӔТТЫ ИУӔЙ-ИУ ХАТТ ЦЫДӔР ФӔИВЫН ЦӔМӔН ФӔХЪӔУЫ?

12. а) Цавӕр фарстайыл-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн? б) Нӕ куывдтытӕй кӕд уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕйы кӕй нымайӕм, уый? (Кӕс рамкӕ « Мӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй нымайын?».)

12 Йегъовӕ нын нӕ курдиат куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд нӕ бон у ӕртӕ фарстайыл ахъуыды кӕнын. Фыццаг: «Цӕй тыххӕй йӕм кувын, уый раст у?» Арӕх нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ хорз зонӕм, хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕ цы фӕкурӕм, уыдӕттӕ алы хатт нӕ пайдайӕн нӕ вӕййынц. Чи зоны, зын уавӕры Йегъовӕмӕ кувӕм, афтӕ ӕмӕ мын афтӕ баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕ хуыздӕр цыдӕр зоны, куыд нын баххуыс кӕна. Нӕ иуӕй-иу курдиӕттӕ та йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ вӕййынц (1 Иоан. 5:14). Ногӕй та ахъуыды кӕнӕм, статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы ныййарджытыл. Уыдон Йегъовӕмӕ куывтой, цӕмӕй йын сӕ сывӕллон дарддӕр дӕр лӕггад кӕна ӕмӕ рӕстдзинады фӕндаг макуы ныууадза. Ӕмӕ афтӕ дӕр ис кувӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй адӕймаджы йӕхи бафӕнда Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уый хауы сывӕллӕттӕм дӕр (Дык. з. 10:12, 13; 30:19, 20). Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курой, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ сывӕллоны зӕрдӕ бацагайын ӕмӕ Йегъовӕйы бауарза, стӕй йӕ хӕлар суа (Ӕмб. 22:6; Еф. 6:4).

13. 1 Петры 5:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ хуыздӕр цы зоны? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

13 Дыккаг фарста у ахӕм: «Йегъовӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ ныртӕккӕ уый афон у, цӕмӕй мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕна?» Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕн хъуамӕ ныртӕккӕ ратта дзуапп. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ зоны, уый хуыздӕр кӕд уыдзӕн саразын. (Бакӕс 1 Петры 5:6, 7.) Нӕ курдиат нын уайтагъд куы нӕ сӕххӕст кӕны, уӕд, чи зоны, афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕ дзуапп у «нӕ». Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, гӕнӕн ис, йӕ дзуапп у «нырма нӕ». Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, йӕ низӕй фервӕзын кӕй фӕнды, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕры. Йегъовӕ йӕ диссаджы хуызы куы сдзӕбӕх кодтаид, уӕд ын Хӕйрӕг уый йӕ цӕстмӕ бадардтаид, зӕгъгӕ дын лӕггад кӕны, кӕй йӕ сдзӕбӕх кодтай, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй (Иов 1:9–11; 2:4). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг, адӕмы ӕппӕт низтӕй дӕр кӕд сдзӕбӕх кӕндзӕн, уымӕн (Ис. 33:24; Рарг. 21:3, 4). Уӕдмӕ та ахӕм диссӕгтӕ нӕ араздзӕн. Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, уыцы ’фсымӕр Йегъовӕйӕ куы кура хъарутӕ ӕмӕ фарн, цӕмӕй йӕ бон уа низӕн фӕразын ӕмӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын (Пс. 29:11).

14. Джанисы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

14 Ногӕй та Джанисы хабармӕ ӕркӕсӕм. Куыд загътам, афтӕмӕй ацы хо Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй сӕ Вефилмӕ фӕхуыдтаиккой. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр 5 азы фӕстӕ бамбӕрста, йӕ куывдтытӕн ын дзуапп куыд радта, уый. Джанис радзырдта: «Уыцы азты дӕргъы мӕ Йегъовӕ ахуыр кодта ӕмӕ мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй мӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивтаид. Хъуамӕ сахуыр уыдаин мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын ӕмӕ Библи арфдӕр иртасын. Стӕй хъуамӕ бамбӕрстаин, кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнон, уӕддӕр мын уый циндзинад кӕй хъуамӕ хӕсса». Фӕстӕдӕр Джанисӕн йӕ лӕджы снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Джанис ма загъта: «Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп радта, кӕд, ӕз куыд ӕнхъӕл уыдтӕн, афтӕ нӕ, уӕддӕр. Бахъуыди мӕ рӕстӕг, цӕмӕй бамбӕрстаин, Йегъовӕ мын цы диссаджы дзуапп радта, уый. Фӕлӕ дзы тынг бузныг дӕн, йӕ уарзондзинад ӕмӕ йын йӕ хӕларзӕрдӕдзинад мӕхиуыл кӕй банкъардтон, уый тыххӕй».

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ куывдӕн дзуапп нӕ дӕтты, уӕд ахъуыды кӕн, ноджыдӕр ма дӕ бон цӕй тыххӕй уаид кувын (кӕс 15 абзац) f

15. Иуӕй-иу хатт нӕ нӕ куывдтытӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

15 Ӕртыккаг фарста та у ахӕм: «Мыййаг, мӕ куывдтытӕм ницы хъӕуы бафтауын?» Нӕ куывдтытӕ бӕлвырд куы уой, уӕд уый хорз у. Фӕлӕ дӕ кӕцыдӕр уавӕрты хъӕудзӕн дӕ куывдтытӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, цӕмӕй бамбарай, Йегъовӕмӕ дӕу тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый. Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыцы хойыл ахъуыды кӕнӕм. Уыцы скъолайы ахуыр кӕнын ӕй фӕнды, цӕмӕй уый фӕстӕ йӕ бон уа, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Йӕ бон у дарддӕр дӕр кувын, цӕмӕй йӕ скъоламӕ фӕхоной. Фӕлӕ ма йӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй йын равдиса, ноджыдӕр ма йӕ бон кӕм уаид лӕггад кӕнын (Хъуыд. 16:9, 10). Уый фӕстӕ та йӕ бон у районон цӕстдарӕджы бафӕрсын, пионерты ӕххуыс кӕцы ӕмбырды хъӕуы, уымӕй. Кӕнӕ та йӕ бон у филиалмӕ ныффыссын. Ӕмӕ йын ӕфсымӕртӕ зӕгъдзысты, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уый e.

16. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна?

16 Уӕдӕ ацы статьяйӕ цы базыдтам? Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн цы дзуапп ратты, уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй вӕййы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы (Пс. 4:3; Ис. 30:18). Мах цы дзуапмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, алы хатт нын ахӕм дзуапп нӕ ратты. Фӕлӕ афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ мацӕмӕ ӕрдара. Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ нӕ никуы ныууадздзӕн (Пс. 9:10). Уӕдӕ йыл дӕ ныфс «дар алкӕддӕр», кув ӕм ӕмӕ йын-иу дӕ зӕрдӕ раргом кӕн (Пс. 62:8).

43 ЗАРӔГ Арфӕйы куывд

a Ацы статья ӕмбарын кӕны, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн цы дзуапп ратты, уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй вӕййы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Кӕс статья «Уырны дӕ, Йегъовӕ цы аразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы?» 2022 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 3–6 абзацтӕ.

d Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый фӕрцы зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм». Уырдыгӕй фылдӕр базондзынӕ, Йегъовӕ нын зын рӕстӕджыты куыд баххуыс кӕны, уый тыххӕй.

e Кӕд дӕ фӕнды ӕндӕр филиалы территорийы лӕггад кӕнын, уӕд кӕс чиныг «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 10 сӕр, 6–9 абзацтӕ.

f НЫВТӔ. Дыууӕ хойы фӕнды Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ курдиат байдзаг кӕной, уӕдмӕ Хуыцаумӕ кувынц. Фӕстӕдӕр иу хойы скъоламӕ фӕхуыдтой, иннӕйы та – нӕ. Кӕй нӕ фӕхуыдтой, уыцы хо йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста, фӕлӕ Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй йын равдиса, йӕ бон куыд уаид фылдӕр лӕггад кӕнын. Уый фӕстӕ фыссы писмо филиалмӕ, цӕмӕй базона, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уый.