БИОГРАФИ
Ӕнӕ къухтӕй рӕстдзинад ӕрбахъӕбыс кодтон
Адӕймаг хауынӕй куы фӕтӕрсы, уӕд ӕй фӕфӕнды истӕуыл фӕхӕцын. Мӕнӕн та уый мӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мын къухтӕ нӕй. Авд азы мыл куы цыди, уӕд мын сӕ алыг кодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ цардӕн тӕссаг уыд.
Ӕз райгуырдтӕн 1960 азы. Уӕд мӕ мадыл цыди 17 азы. Мӕ фыд нӕ ныууагъта, куы нӕма райгуырдтӕн, уӕд. Мах цардыстӕм мӕ мадыфыд ӕмӕ мӕ мадымадимӕ гыццыл горӕт Бургы. Уыцы горӕт ис, раздӕр Демократон Республикӕ Германи кӕнӕ Скӕсӕн Германи кӕй хуыдтой, уым. Йӕ цӕрджытӕй бирӕтӕ Хуыцауыл не ’ууӕндыдысты, ӕмӕ нӕ бинонтӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн уыд. Хуыцауыл хъуыды дӕр никуы кодтам.
Куы фестырдӕр дӕн, уӕд-иу ӕдзух мӕ мадыфыдимӕ уыдтӕн. Исты куыстыл-иу мӕ бафтыдта, зӕгъӕм-иу мӕ бӕласмӕ схизын кодта, цӕмӕй-иу ын йӕ къалиутӕ ралыг кодтаин. Сывӕллон кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕм уыдӕттӕ стыр хъуыддӕгтӕ кастысты. Иудзырдӕй, ӕнӕмӕт ӕмӕ амондджын цард кодтон.
ИУ ӔНАМОНД ХАБАР МЫН МӔ ЦАРД ФӔИВТА
Авд азы мыл куы цыди, уӕд мыл ӕрцыд тынг ӕнамонд хабар. Уӕд дыккаг къласмӕ бацыдтӕн. Иу бон урокты фӕстӕ хӕдзармӕ цӕугӕйӕ, электрон рухсы телтӕ цы вышкӕтыл вӕййынц, уыдонӕй иумӕ сбырыдтӕн. Хӕрдмӕ иу-аст метры куы схызтӕн, уӕд телтӕ цӕхӕртӕ акалдтой, ӕмӕ стӕй ницыуал бамбӕрстон. Рынчындоны мӕхимӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мӕ къухтӕ не ’мбӕрстон. Афтӕ тынг сыгъд уыдысты ӕмӕ сыл ахӕм хъӕдгӕмттӕ уыд, ӕмӕ мын сӕ куы нӕ ралыг кодтаиккой, уӕд мӕ тугмӕ инфекци бахаудаид. Ахъуыды-ма кӕнут, мӕ мад, мӕ мадыфыд ӕмӕ мӕ мадымад куыд фӕуыдаиккой. Фӕлӕ ӕз сывӕллон уыдтӕн ӕмӕ не ’мбӕрстон, ӕнӕ къухтӕй баззайын цы у, уый.
Рынчындонӕй мӕ куы рафыстой, уӕд та скъоламӕ цӕуын райдыдтон. Сывӕллӕттӕ-иу мӕ хынджылӕг кодтой, тъӕппытӕ-иу мӕ кодтой ӕмӕ-иу мыл истытӕ ӕхстой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, тынг мӕ куы фӕнда, уӕддӕр сын ницы акӕндзынӕн. Сӕ хъал ӕмӕ-иу сӕ мӕстӕймарӕн ныхӕстӕй мӕ зӕрдӕ фӕрыст. Ӕппынфӕстаг мӕ Биркенвердеры инвалидты скъоламӕ радтой. Уый уыди скъола-интернат инвалид сывӕллӕттӕн. Нӕ хӕдзарӕй дард кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ мӕ мӕ мад ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ никуы бабӕрӕг кодтой. Федтон-иу сӕ ӕрмӕст каникулты рӕстӕг. Дӕс азы дӕргъы мӕ бинонтӕй дард цардтӕн.
СТЫР КОДТОН ӔНӔ КЪУХТӔЙ
Къӕхтӕй бирӕ цыдӕртӕ аразын сахуыр дӕн. Ӕмбарут ӕй, къӕхтӕй вилкӕйӕ кӕнӕ уидыгӕй хӕрын цы у, уый? Уыдӕттӕ кӕнын куыддӕрты сахуыр дӕн. Сахуыр дӕн мӕ дӕндӕгтӕ ӕхсын ӕмӕ мӕ сӕр фасын дӕр. Мӕ къӕхтӕй ма-иу суанг цыдӕртӕ
амонын дӕр райдыдтон, искӕимӕ-иу куы ныхас кодтон, уӕд. Мӕ къӕхтӕ систы мӕ къухтӕ.Рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд бауарзтон наукон фантастикӕ кӕсын. Иуӕй-иу хатт-иу мӕ цӕстытыл ауад, техникӕйы фӕрцы мын ног къухтӕ кӕй ис ӕмӕ мӕ бон алцы аразын кӕй у. 14-аздзыдӕй тамако дымын райдыдтон. Уый фӕрцы фӕныфсджындӕр дӕн ӕмӕ мӕм афтӕ касти, ӕмӕ иннӕтӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнын. Раст цыма афтӕ дзырдтон: «Мӕнӕн дӕр мӕ бон у афтӕ. Тамако чи дымы, уый гыццыл нал у – къухтӕ йын ис ӕви нӕ, уӕддӕр».
Ӕз бацыдтӕн «Сӕрибар немыцаг фӕсивӕд»-ы къордмӕ – фӕсивӕды паддзахадон социалистон организацимӕ. Уыдтӕн дзы секретарь ӕмӕ мын бирӕ хӕстӕ уыд. Стӕй ма райдыдтон зарӕггӕнджыты клубмӕ ӕмӕ, поэзи чи уарзы, уыдоны фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ инвалидты спортивон хъӕзтыты архайын. Ахуыр куы фӕдӕн, уӕд нӕхи горӕты кусын райдыдтон. Куы сыстыр дӕн, уӕд протезтӕ арӕхдӕр дардтон, уымӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд иннӕтӕй хицӕн кӕнын.
БИБЛИЙЫ РӔСТДЗИНАД ӔРБАХЪӔБЫС КОДТОН
Иу бон куыстмӕ куы цыдтӕн, уӕд электричкӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн. Иу нӕлгоймаг мӕм бацыд ӕмӕ мӕ бафарста, нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй дын Хуыцау ногӕй къухтӕ ратта, зӕгъгӕ. Ӕз фӕкуыддӕр дӕн. Къухтӕ мӕ куыннӕ хъуыд. Фӕлӕ мӕм йӕ ныхӕстӕ тынг ӕнахуыр фӕкастысты ӕмӕ ахъуыды кодтон, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Ӕз атеист уыдтӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй ис, уый мӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы нӕлгоймагӕй мӕхи хизын райдыдтон.
Цасдӕры фӕстӕ мӕ ме ’мкусӕг сӕхимӕ фӕхуыдта. Къофи куы цымдтам, уӕд йӕ ныййарджытӕ райдыдтой Хуыцауы тыххӕй дзурын – Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй. Уӕд фыццаг хатт фехъуыстон Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы семӕ нӕ разы кодтон: «Хуыцау нӕй, йӕ ном куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр. Кӕй рӕдийынц, уый сын бамбарын кӕндзынӕн». Афтӕтӕ хъуыды кӕнгӕйӕ сразы дӕн, цӕмӕй-иу мемӕ Библийыл ныхас кодтаиккой. Диссаг, фӕлӕ, Хуыцау кӕй нӕй, уымӕн сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарын мӕ бон нӕ уыд.
Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уыдӕттыл-иу кӕй ныхас кодтам, уый фӕрцы мӕ сабыргай-сабыргай уырнын райдыдта, Хуыцау кӕй ис, уый. Хуыцауы ныхӕстӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты, кӕд сӕдӕ кӕнӕ мингай азты размӕ фыст ӕрцыдысты, уӕддӕр. Иу хатт Библийыл куы ныхас кодтам, уӕд, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон абарстам, Матфейы 24 сӕры, Лукайы 21 сӕры ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 3 сӕры цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдонимӕ. Цавӕрдӕр симптомтӕм гӕсгӕ дохтыр рынчыны низ куыд сбӕрӕг кӕны, афтӕ, уыцы пехуымпарӕдты цы хабӕртты кой уыд, уыдоны фӕрцы бамбӕрстон, Библи «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны, уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта. Уыцы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кодтой мӕ цӕстыты раз.
Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтон, рӕстдзинад кӕй базыдтон, ууыл. Райдыдтон Йегъовӕ Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ мӕ тамако ныууагътон, кӕд дӕс азӕй фылдӕр тынг дымдтон, уӕддӕр. Библи ахуыр кодтон афӕдзы бӕрц. Ӕмӕ 1986 азы 27 апрелы ваннӕйы донаргъуыд райстон, уымӕн ӕмӕ уӕд Германийы
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй ӕмбырд кӕныны бар нӕ уыд.ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН
Сӕрибарӕй ӕмбырд кӕныны фадат нын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу хӕдзӕртты гыццыл къордтӕй ӕмбырд кодтам, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры йеддӕмӕ нӕ зыдтон. Ӕнӕнхъӕлӕджы мын хицауад Ныгуылӕн Германимӕ ацӕуыны бар радта. Уым Ӕвдисӕнты нӕ хъыгдардтой. Уӕд мӕ царды фыццаг хатт уыдтӕн конгрессы ӕмӕ цалдӕр мин хо ӕмӕ ’фсымӕры фыццаг хатт федтон. Уый стыр цины хабар уыди.
Берлины сис куы ныппырх кодтой, уӕд Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй ӕмбырд кӕныны бар радтой. Кӕдӕй уӕдӕй нын фадат фӕзынд Йегъовӕйӕн ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кӕнынӕн. Мӕн фӕндыд фылдӕр хъусын кӕнын. Фӕлӕ мӕ ныфс нӕ хастон ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнынмӕ. Инвалид кӕй уыдтӕн ӕмӕ мӕ сабибонтӕ инвалидты хӕдзары кӕй арвыстон, уымӕ гӕсгӕ мӕхимӕ ницы кастӕн. Фӕлӕ 1992 азы бафӕлвӕрдтон иу мӕй 60 сахаты хъусын кӕнын. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ мын стыр циндзинад ӕрхаста. Ӕмӕ сфӕнд кодтон алы мӕй дӕр уыйбӕрц хъусын кӕнын ӕмӕ афтӕ лӕггад кодтон ӕртӕ азы бӕрц.
Алкӕддӕр мӕ зӕрдыл дарын Библийы фыст ныхӕстӕ: «Искуы афтӕ уыди, ӕмӕ чидӕр лӕмӕгъ уа, ӕмӕ ӕз йемӕ ма уон лӕмӕгъ?» (2 Коринфӕгтӕм 11:29). Нырма мӕ зонд мӕхимӕ ис ӕмӕ мӕ бон дзурын у. Ӕмӕ кӕд инвалид дӕн, уӕддӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕныныл архайын. Къухтӕ мын кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ рынчынты ӕмӕ, йӕ бон алцы кӕмӕн нӕу, уыдоны хорз ӕмбарын. Адӕймаджы цыдӕр саразын тынг куы фӕнда, фӕлӕ йӕ бон куы нӕ уа, уӕд куыд вӕййы, уый хорз зонын. Ӕмӕ ахӕм уавӕры чи ис, уыдоны бафидар кӕныныл фӕархайын. Иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый фӕрцы амондджын дӕн.
ЙЕГЪОВӔ МЫН АЛЫ БОН ДӔР ӔХХУЫС КӔНЫ
Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт мӕ ныфс асӕтты. Фӕнды мӕ, цӕмӕй мын къухтӕ уа. Боны мидӕг бирӕ хъуыддӕгтӕ саразын, фӕлӕ мын уыдӕттыл, иннӕтӕй уӕлдай, фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ ацӕуы. Алы бон дӕр мӕхицӕн фӕзӕгъын: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13). Ӕмӕ мын Йегъовӕ дӕр уыйбӕрц хъарутӕ ратты, цӕмӕй-иу мӕ хъуыддӕгтӕ саразон. Йегъовӕ мын алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый фидарӕй зонын. Уымӕ гӕсгӕ мӕ нӕ фӕнды мӕ лӕггад ныууадзын.
Йегъовӕ мын раарфӕ кодта ӕмӕ мын хорз бинонтӕ радта – гыццылӕй ӕмӕ мын ӕрыгонӕй цы нӕ фаг кодта, уый. Ис мын диссаджы бинойнаг, Эльке, тынг ӕнувыд мыл у ӕмӕ мын мӕ зын ӕмбары. Стӕй ма мын ӕгас дунейы дӕр ис, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтау кӕимӕ стӕм, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.
Удӕнцойы хос ма мын у, Хуыцау зӕрдӕ цы дзӕнӕтӕй бавӕрдта, уый. Уым Йегъовӕ «ӕппӕт дӕр... ног» сараздзӕн, ӕмӕ мӕнӕн дӕр къухтӕ уыдзӕн (Раргомад 21:5). Уыцы зӕрдӕвӕрд хуыздӕр фембарын, Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд цы сарӕзта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд. Цӕстыфӕныкъуылдмӕ-иу сахъат буары уӕнгтӕ адзӕбӕх кодта ӕмӕ, йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодтой, суанг ма уыцы лӕджы дӕр сдзӕбӕх кодта (Матфейы 12:13; Лукайы 22:50, 51). Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уый фӕрцы мӕ фидар ныфс ис, тагъд та мын ногӕй къухтӕ кӕй уыдзӕн.
Цӕй диссаджы арфӕдзинад у Йегъовӕ Хуыцауы зонын. Хуыцау мын сси фыды ӕмӕ ӕмбалы хуызӕн, стӕй мын удӕнцой дӕтты ӕмӕ мӕ фидар кӕны. Мӕнӕн дӕр мӕ бон у паддзах Давидау зӕгъын: «Йегъовӕ у мӕ хъару... Ӕмӕ мын баххуыс кодта, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ цинӕй райы» (Псалом 28:7). Цы диссаджы рӕстдзинад базыдтон, ууыл цӕрӕнбонты фидар хӕцдзынӕн. Ӕз ӕй ӕрбахъӕбыс кодтон, кӕд мын къухтӕ нӕй, уӕддӕр.