Библи ӕмӕ дӕ фидӕн
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма изӕры талынг фӕндагыл фӕцӕуыс. Хур раджы аныгуылд, фӕлӕ ды нӕ тыхсыс, уымӕн ӕмӕ дӕ къухы ис хорз фанар. Зӕхмӕ йӕ куы ’рдарыс, уӕд феныс, дӕ къӕхты бын цы ис, уый. Размӕ дзы куы арухс кӕныс, уӕд та йын йӕ ирд рухсмӕ феныс, нырма дард цы у, уый.
Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи у ахӕм фанары хуызӕн. Айразмӕйы статьятӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас ӕххуыс кӕны, нӕ разы цы цӕлхдуртӕ ис, уыдоны сӕрты хизынӕн, ома, ацы мӕнгард дунейы алы бон дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон скъуыддзаг кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын Библи ирдӕй ӕвдисы, разӕй нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Библийы фӕрцы нӕ бон у, ӕнусон цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый уынын ӕмӕ йыл ныфсджынӕй цӕуын (Псалом 119:105). Цымӕ куыд?
Ӕркӕсӕм, Библи нын цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ фидӕнӕй ныфс уа: 1 цӕмӕн цӕрӕм, уый бамбарынӕн нын ӕххуыс кӕны; 2 ӕмбарын нын кӕны, не Сфӕлдисӕгимӕ ӕнустӕм хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый.
1 ЦӔМӔН ЦӔРӔМ
Библийы ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ, алыхуызон зындзинӕдты сӕрты куыд хизӕм, уый фӕдыл. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ нын ацы чиныг ӕрмӕстдӕр нӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕны. Библи нын дзуры, цӕмӕй ӕрмӕст нӕхиуыл ма мӕт кӕнӕм, фӕлӕ иннӕтыл дӕр. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын ӕмӕ нӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.
Зӕгъӕм, Библийы ис ахӕм уагӕвӕрд: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Хъуыды кӕныс, кӕмӕндӕр ӕхцайӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй куыд баххуыс кодтай, уый? Кӕнӕ, чи зоны, де ’мбалы йӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадзын хъуыди, ӕмӕ йӕм ды лӕмбынӕг байхъуыстай. Кӕмӕндӕр де ’ххуысы фӕрцы кӕй фенцондӕр, уый дын ӕхсызгон нӕ уыд?
Ӕппӕты стырдӕр амонды хос нын у, иннӕтӕм куы ницӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, афтӕмӕй сын хорздзинад куы фӕаразӕм, уый. Иу фыссӕг загъта: Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Уый тынг аргъ кӕны, ӕххуысхъуаг адӕймагӕн цы хорздзинад ракӕнӕм, уымӕн, ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, бирӕ зынаргъдӕр цӕмӕйдӕр нын ӕй кӕй бафиддзӕн – зӕххыл дзӕнӕты ӕнусон цардӕй. Уымӕй стырдӕр хӕрзиуӕг ма цы хъуамӕ уа! (Псалом 37:29; Лукайы 14:12–14).
«Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ искӕмӕн исты раттай, ӕмӕ фӕстӕмӕ уымӕй фылдӕр ма райсай,– ӕрмӕст кӕд ӕцӕгдӕр фӕстӕмӕ ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕ, уӕд». Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ искӕмӕн истӕмӕй куы баххуыс кӕнӕм,– уӕлдайдӕр та, нӕ хорздзинад бафидын нын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕн,– уӕд уыцы тӕккӕ дӕр схайджын вӕййӕм стыр хорздзинадӕй – сахуыр вӕййӕм ӕрмӕст нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл дӕр мӕт кӕнын. Раст зӕгъгӕйӕ, афтӕмӕй мах ӕмгуыст фӕкӕнӕм не Сфӕлдисӕгимӕ. Ӕмӕ уый та уыцы хорз хъуыддӕгтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма йын ӕфстау радтам (Уымӕй уӕлдай ма нын Библи ӕмбарын кӕны, ӕцӕг амондджын кӕй уыдзыстӕм, иунӕг удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд. Йӕ Ныхасы фыст ис, цӕмӕй йын кад кӕнӕм ӕмӕ йӕм хъусӕм, уымӕн ӕмӕ уый аккаг у (Екклесиаст 12:13; Раргомад 4:11). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ къухы бафтдзӕн, абарӕн дӕр кӕй ницӕимӕ ис, ахӕм хъуыддаг – не Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ барухс кӕндзыстӕм. Уый нын йӕхӕдӕг дӕр афтӕ зӕгъы: «Зондджын у... ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ахъуыды-ма кӕн: Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы! Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм хъусӕм ӕмӕ уый фӕрцы амондджын уӕм (Исай 48:17, 18). Ӕцӕгдӕр, Дунедарӕг Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнай ӕмӕ йын дӕ хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ куы рухс кӕнай, уӕд дӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн!
2 НЕ СФӔЛДИСӔГИМӔ ХӔЛӔРТТӔ УӔМ
Библи ма нын дзуры, цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы хӕлӕрттӕ суӕм. Фыст дзы ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Кӕмӕдӕрты, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй адӕймаг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы хӕлар суа. Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцауы куы «агурӕм», уӕд ӕй кӕй «ссардзыстӕм», уымӕн ӕмӕ «уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Хуыцауы хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн нӕ фидӕн. Цымӕ куыд?
Ахъуыды кӕнӕм иу цӕуылдӕр: адӕймаг цыфӕнды куы фӕкӕна, уӕддӕр мӕлӕтӕй нӕ аирвӕздзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Фӕлӕ Хуыцау у ӕнусон, уый никуы амӕлдзӕн. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ дӕр ӕнустӕм цӕрой. Библи хуымӕтӕг, фӕлӕ рӕсугъд ныхӕстӕй ӕвдисы, Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый... цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17).
Уӕдӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕнустӕм Хуыцауы хӕлар уай? Библи ахуыр кӕн, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонай (Иоанны 17:3; 2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕххуыс дзы кур, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмбарай. Библийы фыст ис, Хуыцауӕй зонд чи куры, уыдонӕн ӕй ӕнӕратгӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн * (Иаковы 1:5). Стӕй, цы базоныс, уый ӕххӕст дӕр кӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕн уый бар дӕтт, цӕмӕй дын ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр уа «цырагъ... [дӕ] къахӕн ӕмӕ рухс... [дӕ] фӕндагӕн» (Псалом 119:105).
^ 13 абз. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ Библи лӕвар ахуыр кӕндзысты, цӕмӕй Библи хуыздӕр ӕмбарай. Уыцы ахуыр куыд фӕцӕуы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис видеороликӕй «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?».
Хуыцау у ӕнусон, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ дӕр ӕнустӕм цӕрой