Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи адих кодта Библи сӕртыл ӕмӕ стихтыл?

Чи адих кодта Библи сӕртыл ӕмӕ стихтыл?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма цӕрыс фыццаг ӕнусы. Уе ’мбырд ӕрӕджы райста фыстӕг апостол Павелӕй. Фыстӕг хъӕрӕй кӕсынц, ӕмӕ бафиппайдтай, арӕх дзы кӕй ӕмбӕлы скъуыддзӕгтӕ «сыгъдӕг Фыстытӕй», ома Дзуттаг Фыстытӕй (2 Тимофеймӕ 3:15). Ды дӕхинымӕр хъуыды кӕныс: «Цымӕ кӕм фыст сты? Ӕз дӕр сӕм бӕргӕ ӕркӕсин». Фӕлӕ уый ӕнцон нӕ уыдаид. Цӕуылнӕ?

НӔ ДЗЫ УЫДИ СӔРТӔ ӔМӔ СТИХТӔ

Цымӕ Павелы рӕстӕджы «сыгъдӕг Фыстыты» къухфыстытӕ цыхуызӕн уыдысты? Иуы ныв дзы ис ацы фарсыл. Уый у скъуыддзаг Исайы чиныгӕй, ссардтой йӕ Мард денджызы раз. Цы дзы уыныс? Фыстытӕ йеддӕмӕ ницы! Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ дӕр дзы нӕй. Уӕдӕ дзы мах Библиты хуызӕн сӕртӕ ӕмӕ стихтӕ дӕр нӕй.

Библи чи фыста, уыдон текст сӕртыл ӕмӕ стихтыл нӕ дих кодтой, Хуыцау сын-иу цы хабар фехъусын кодта, уый-иу ныффыстой ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ-иу ӕй стӕй адӕм дӕр ӕнӕхъӕнӕй кастысты, ӕрмӕст йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ нӕ, фӕлӕ. Ды дӕр афтӕ нӕ бакӕныс, бирӕ кӕй уарзыс, ахӕм адӕймагӕй исты ахсджиаг фыстӕг куы райсыс, уӕд? Кӕцыдӕр хӕйттӕ дзы нӕ фӕкӕсыс, фӕлӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй бакӕсыс.

Фӕлӕ «сыгъдӕг Фыстытӕ» сӕртыл ӕмӕ стихтыл дих кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй зын архайӕн уыдысты. Павел-иу цы скъуыддзӕгтӕ ӕрхаста, уыдоны тыххӕй-иу йӕ бон уыди ӕрмӕст афтӕ зӕгъын, зӕгъгӕ, «фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ» кӕнӕ «Исай ма ноджыдӕр загъта» (Ромӕгтӕм 3:10; 9:29). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, адӕймаг «сыгъдӕг Фыстытӕ» хорз куы нӕ зыдтаид, уӕд ын уыцы скъуыддзӕгтӕ ссарын ӕнцон нӕ уыдаид.

Уымӕй уӕлдай, Хуыцау «сыгъдӕг Фыстыты» ӕрмӕст иу хабар нӕ ныффыссын кодта. Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы кӕронмӕ уыцы Фыстытӕ уыдысты ӕнӕхъӕн библиотекӕ – 66 хицӕн чиныджы! Абон Библийы кӕсджытӕн сӕ фылдӕрӕн ӕхсызгон у, Библи сӕртӕ ӕмӕ стихтыл дих кӕй у, уый. Афтӕмӕй сын ӕнцондӕр вӕййы, цы сӕ фӕхъӕуы, уый ссарын, зӕгъӕм, Павел йӕ фыстӕджыты Дзуттаг Фыстытӕй цы скъуыддзӕгтӕ ӕрхаста, уыдон.

Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕндзынӕ: «Ӕмӕ Библи сӕртыл ӕмӕ стихтыл чи адих кодта?»

СӔРТЫЛ ӔЙ ЧИ АДИХ КОДТА?

Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Библи сӕртыл адих кодта англисаг сауджын Стефан Ленгтон (фӕстӕдӕр сси Кентербериаг архиепископ). Уый уыди н. э. 13 ӕнусы райдианы, Парижы (Франци) университеты ахуыргӕнӕгӕй куы куыста, уӕд.

Ленгтоны размӕ дӕр ахуыргӕндтӕ архайдтой Библи гыццылдӕр хӕйттыл кӕнӕ сӕртыл адих кӕныныл, сӕйраджыдӕр уымӕн, цӕмӕй дзы кӕцыдӕр скъуыддзаг ӕнцондӕр ссарӕн уыдаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бӕлвырд скъуыддзӕгтӕ ӕнӕхъӕн чиныджы агурыны бӕсты иу сӕры мидӕг агурын ӕнцондӕр у, уӕлдайдӕр та чиныг стыр куы уа, уӕд. Зӕгъӕм, Исайы чиныджы ис 66 сӕры.

Фӕлӕ Библи сӕртыл адих кӕнын ахӕм хуымӕтӕг хъуыддаг нӕ разынд. Ахуыргӕндтӕ ӕрымысыдысты алыхуызон системӕтӕ. Уыцы системӕтӕй иумӕ гӕсгӕ Марчы Евангели адих кодтой 50 сӕрыл, абон 16 сӕрыл куыд дих у, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Ленгтоны рӕстӕг-иу Парижмӕ ӕрцыдысты студенттӕ алы бӕстӕтӕй ӕмӕ-иу семӕ сӕхи Библитӕ ӕрхастой. Фӕлӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ студенттӕн сӕ бон нӕ уыди кӕрӕдзийӕн бамбарын кӕнын, чи сӕ цавӕр скъуыддзаджы кой кӕны, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ Библиты текст ӕмхуызон дих нӕ уыд.

Уымӕ гӕсгӕ Ленгтон Библи сӕртыл дих кӕнынӕн ӕрхъуыды кодта ног системӕ. Иу чиныджы фыст уыди, зӕгъгӕ, йӕ системӕ «фӕцыди кӕсджыты зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ писырты зӕрдӕмӕ дӕр, ӕмӕ уайтагъд ӕгас Европӕйыл дӕр апарахат» (The Book—A History of the Bible). Абон Библитӕн сӕ фылдӕр сӕртыл дих сты Ленгтоны системӕмӕ гӕсгӕ.

СТИХТЫЛ ӔЙ ЧИ АДИХ КОДТА?

Уымӕй иу-300 азы фӕстӕдӕр, 16 ӕнусы ӕмбисы, зындгонд французаг мыхуыргӕнӕг Робер Этьенны фӕрцы хъуыддаг ноджы фенцондӕр. Уый фӕндыд, цӕмӕй адӕмӕн Библи кӕсын ӕнцондӕр уыдаид. Этьенн бамбӕрста, уый тыххӕй кӕй хъуыди, цӕмӕй Библийы текст сӕртыл ӕмӕ стихтыл дих уыдаид иу системӕмӕ гӕсгӕ.

Библийы текст стихтыл адих кӕнын фыццаг Этьенны хъуыдымӕ не ’рцыд. Зӕгъӕм, ӕнустӕ раздӕр дзуттаг писыртӕ Дзуттаг Фыстытӕ (арӕхдӕр сӕ хонынц «Рагон Фӕдзӕхст») адих кодтой стихтыл, сӕртыл дих нӕма уыд, афтӕмӕй. Фӕлӕ йын уӕддӕр бӕлвырд системӕ нӕ уыди, сӕртыл дих куы ’рцыд, уӕд ын куыд нӕ уыд, афтӕ.

Этьенн Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ (кӕнӕ «Ног Фӕдзӕхст») стихтыл ног системӕмӕ гӕсгӕ адих кодта ӕмӕ сӕ баиу кодта Дзуттаг Фыстытимӕ, уыдон та стихтыл дих уыдысты уымӕй размӕ дӕр. 1553 азы Этьенн мыхуыры рауагъта, сӕртыл ӕмӕ стихтыл дих чи уыд, фыццаг ахӕм ӕнӕхъӕн Библи французаг ӕвзагыл. Уый дих уыди, абон Библитӕн сӕ фылдӕр куыд дих сты, афтӕ. Кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ уый нӕ фӕцыди. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, дзы стихтӕ кӕй ис, уый аххосӕй текст афтӕ ныддихтӕ, цыма дзы иу хай иннӕмӕ ницы бар дары. Фӕлӕ уыцы системӕйӕ уайтагъд пайда кӕнын райдыдтой иннӕ мыхуыргӕнджытӕ дӕр.

СТЫР ӔХХУЫС, БИБЛИ ЧИ ИРТАСЫ, УЫДОНӔН

Текст сӕртыл ӕмӕ стихтыл дих кӕй у, уый фӕрцы Библийы алы стихӕн дӕр ис йӕхи «адрис» – почтӕйы индексы хуызӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, текст сӕртыл ӕмӕ стихтыл чи дих кодта, уыдоныл-иу Хуыцауы сыгъдӕг тых не ’рцыд. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы текст кӕмдӕрты куыд фӕдих кодтой, уый ӕнахуыр у. Фӕлӕ Библийы сӕртӕ ӕмӕ стихтӕ кӕй ис, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у, чи нӕ хъӕуы, уыцы скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ стихтӕ фӕнысан кӕнын, ӕнӕуи чиныджы, тынгдӕр бахъуыды кӕнын нӕ кӕй фӕфӕнды, уыцы хъуыдытӕ кӕнӕ ныхӕстӕ куыд фӕнысан кӕнӕм, афтӕ.

Библийы текст афтӕ кӕй адих кодтой, уый фӕрцы ӕнцондӕр архайӕн у. Фӕлӕ уӕддӕр ахсджиагдӕр у, Хуыцау нын цы хабар дзуры, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕмбарын. Библи куы фӕкӕсыс, уӕд-иу дзы хицӕн стихтӕ ма кӕс, фӕлӕ контекст ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Афтӕмӕй хуыздӕр базондзынӕ «сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай» (2 Тимофеймӕ 3:15).