СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ЗӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ?
Чи дӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд дын ис?
Библийы афтӕ фыст нӕй, алы адӕймагӕн дӕр кӕй ис, чи йӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд. Иухатт Чырысти загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр [Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтыл] былысчъил куыд нӕ кӕнат, уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: уыдонӕн уӕлӕрвты сӕ зӕдтӕ ӕппынӕдзухдӕр уынынц мӕ уӕларвон Фыды цӕсгом» (Матфейы 18:10). Фӕлӕ Чырыстийы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр ис, чи йӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд. Уый дзырдта, зӕдтӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕмӕ дӕр сӕ хъус кӕй дарынц, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕзонд митӕ нӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ цард тӕссаг уавӕры не ’ппарынц, зӕгъгӕ нӕ Хуыцауы зӕдтӕ цыфӕндыйӕ дӕр бахъахъхъӕндзысты.
Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕдтӕ адӕмӕн не ’ххуыс кӕнынц? Нӕ (Псалом 91:11). Иуӕй-иуты фидарӕй уырны, Хуыцау сӕ йӕ зӕдты уылты кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сын разамынд кӕй дӕтты. Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы Кеннет дӕр афтӕ хъуыды кӕны ӕмӕ, чи зоны, раст у. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх бамбарынц, уацамынды сын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц. Фӕлӕ зӕдтӕ ӕнӕуынгӕ кӕй сты, уый тыххӕй нӕ бон бӕлвырд зӕгъын нӕу, Хуыцау сӕ кӕд фӕпайда кӕны, цӕмӕй-иу адӕмӕн алыхуызон хъуыддӕгты баххуыс кӕна. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хорз уыдзӕн, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн бузныг куы дзурӕм, цавӕрфӕнды хуызы нын ма ӕххуыс кӕна, уӕддӕр (Колоссӕгтӕм 3:15; Иаковы 1:17, 18).