Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут – кӕсут сын
«СЫВӔЛЛОНӔН ӕнӕмӕнг хъӕуы хъӕбыстӕ кӕнын, узӕлын ыл. Уый фӕстӕ та ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йын рӕстӕг хицӕн кӕнат». Ахӕм уынаффӕ дӕтты Джим Трелиз йӕ чиныджы «Хъӕрӕй кӕсын куыд хъӕуы».
Уый куыд ис аразӕн? Джим Трелизы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, сывӕллонӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъӕуы хъӕрӕй кӕсын. Уый уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Бирӕ азты фӕстӕ-иу уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыцы рӕстӕг ӕхсызгонӕй ӕрымысдзыстут. Уымӕй уӕлдай ма уӕ сывӕллон сахуыр уыдзӕн хорз кӕсын ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн скъолайы ахуыр кӕнын. Нывтӕм куы ракӕс-бакӕс кӕна, уӕд ын уый дӕр стыр пайда уыдзӕн. Зӕгъӕм, афӕдз ӕмӕ йыл ӕрдӕг куы цӕуа, уӕд нывыл йӕ бон уыдзӕн куыдз ссарын, ӕмӕ, кӕд кӕсын нӕма зондзӕн, уӕддӕр ӕй ӕмбардзӕн, уыцы ныхас цы нысан кӕны, уый. Уӕ сывӕллон сахуыр уыдзӕн кӕсын, фыссын, дзурын, цы йын кӕсынц, уый ӕмбарын ӕмӕ уыдӕттӕ йӕ цӕстытыл уайын кӕнын. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай кӕсын уарзгӕ дӕр бакӕндзӕн.
Ныййарджыты хӕдзары куыстытӕ аразын дӕр ӕмӕ кусын дӕр кӕй хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ арӕх фӕтыхсынц, сӕ сывӕллӕттӕн кӕсынӕн рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ кӕм ссарой, ууыл.
Джим Трелиз фыссы: «Иуӕй-иу хатт фыд фӕзӕгъы, йӕ бон йӕ сывӕллонӕн чиныг бакӕсын кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ, дам, тынг бафӕлладтӕн. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн изӕр телевизормӕ кӕсынӕй нӕ бафӕллайы».
Джим Трелиз зӕгъы, ныййарджыты сӕ зондахаст фӕивын кӕй хъӕуы, ӕмӕ сын дӕтты ахӕм уынаффӕтӕ:
1. Чингуытӕ-иу раст равзарут. Сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуынц зондамонӕн чингуытӕ. Уыдон фӕуарзынц, сӕйраг архайӕг цавӕрдӕр зындзинӕдтыл кӕм фӕуӕлахиз вӕййы, ахӕм радзырдтӕ. Фӕлӕ хорз уаид, ныййарджытӕ-иу рагацау куы базониккой, чиныг цӕй тыххӕй у, цӕмӕй сывӕллонӕн йӕ кармӕ гӕсгӕ бӕзза.
2. Хорз рӕстӕг-иу равзарут. Сывӕллонӕн райсомӕй раджы, нырма хуыссӕгхъӕлдзӕг куы вӕййы, уӕд, куы кӕсат, уӕд ын уый бирӕ пайда не ’рхӕсдзӕн. Иуӕй-иу ныййарджытӕ сывӕллонӕн фӕкӕсынц, хӕргӕ куы фӕкӕны, уӕд. Фӕлӕ сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр уарзынц, цалынмӕ не схуыссынц, уӕдмӕ сын куы фӕкӕсынц. Уыцы рӕстӕг лӕмбынӕгдӕр фӕхъусынц.
3. Зындзинӕдтӕй ма тӕрсут. Чиныджы зынӕмбарӕн ныхӕстӕ куы уа, уӕддӕр ницы кӕны. Уӕ бон у, ӕмӕ сӕ цыбыртӕй бамбарын кӕнат, хуымӕтӕгдӕр ныхӕстӕй сӕ баиват кӕнӕ та суанг зын скъуыддзӕгтӕ ӕппындӕр ма бакӕсат.
4. Куыд кӕсут, уымӕ уӕ хъус дарут. Цӕмӕй хъӕрӕй хорз кӕсат, уый тыххӕй хъуамӕ раст улӕфат ӕмӕ ӕгӕр тагъд кӕнӕ ӕгӕр сындӕг ма кӕсат. Кӕд, мыййаг, уӕ зӕрдӕ ӕхсайы, куыд кӕсут, уымӕ, уӕд уӕ хъӕлӕс ныффыссут, стӕй йӕм байхъусут ӕмӕ ахъуыды кӕнут, фӕхуыздӕр кӕнын уӕ цы хъӕуы, ууыл.
5. Сывӕллонӕн йӕ бон хъусын цас у, уый уӕ рох ма уӕд. Радзырд йӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа, уӕд ӕм дзӕбӕх хъусдзӕн, фӕлӕ йӕм уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕрӕй-кӕронмӕ лӕмбынӕг ма байхъуса. Фӕлӕ дзы уӕддӕр бирӕ цыдӕртӕ бахъуыды кӕндзӕн.
6. Фӕразон ут. Стыр адӕймаг, йӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыд, уыцы киномӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куыд фӕкӕсы, афтӕ сывӕллон дӕр уарзы, йӕ зӕрдӕмӕ цы чингуытӕ фӕцыд, уыдон ын ногӕй ӕмӕ ногӕй куы фӕкӕсынц, уымӕн ӕмӕ дзы алы хатт ног цыдӕр базоны. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыд, уыцы чиныгӕй та-иу ын гыццыл акӕсут, ӕмӕ-иу стӕй ног радзырд кӕсын райдайут.