Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕимӕ алы бон дӕр ӕмгуыст кӕн

Йегъовӕимӕ алы бон дӕр ӕмгуыст кӕн

«Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 КОР. 3:9).

ЗАРДЖЫТӔ: 64, 111

1. Нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын?

ЙЕГЪОВӔ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кодтаиккой ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ кӕд адӕм ныртӕккӕ ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у йемӕ алы бон дӕр ӕмгуыст кӕнын. Мах «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» стӕм, зӕгъӕм, йӕ Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ (1 Кор. 3:5–9). Ахъуыды-ма кӕн, ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг ахсджиагыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддаджы йемӕ ӕмгуыст кӕнын адӕймагӕн цӕй стыр кад у! Фӕлӕ ма Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнӕм ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцауимӕ цы хъуыддӕгты фемгуыст кӕнӕм, уыдонӕй цалдӕрмӕ: нӕ бинонтӕн ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕн куы феххуыс кӕнӕм; уазӕгуарзон куы вӕййӕм; йӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгты куы феххуыс кӕнӕм; фылдӕр лӕггад кӕнын куы райдайӕм (Кол. 3:23).

2. Йегъовӕйӕн цас ӕмӕ куыд лӕггад кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы нӕхи иннӕтимӕ барӕм, уый раст цӕуылнӕ у?

2 Ацы статья кӕсгӕйӕ-иу дӕхи иннӕтимӕ ма бар, Йегъовӕйӕн цас ӕмӕ куыд лӕггад кӕныс, уыцы хъуыддаджы. Рох дӕ ма уӕд, нӕ карӕй, не ’нӕниздзинадӕй, нӕ уавӕртӕй ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй не ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнӕм. Апостол Павел загъта: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (Гал. 6:4).

ДӔ БИНОНТӔН ӔМӔ ДЕ ’МЧЫРЫСТӔТТӔН ӔХХУЫС КӔН

3. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, йӕ бинонтыл чидӕриддӕр тыхсы, уыдонӕй алчидӕр Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕны?

3 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ бинонтыл тыхсой. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты хъӕуы кусын, цӕмӕй сӕ бинонты фӕдарой. Мадӕлтӕй бирӕты фӕхъӕуы хӕдзары бадын, цӕмӕй сӕ гыццыл сывӕллӕттӕм кӕсой. Кӕмӕндӕрты та сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ кӕсинаг сты, ӕмӕ сын ӕдзух ӕххуыс кӕнын фӕхъӕуы. Уыцы хъуыддӕгтӕн ӕнӕаразгӕ нӕй. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр» (1 Тим. 5:8). Кӕд дӕуыл дӕр ахӕм хӕстӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон нӕ вӕййы Хуыцауы хъуыддӕгтӕн, дӕхи цас фӕндид, уыйбӕрц рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Фӕлӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз! Дӕ бинонтыл кӕй тыхсыс, уый тыххӕй дӕ Йегъовӕ тынг райгонд у (1 Кор. 10:31).

4. Ныййарджытӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрынц, уый сӕ бон куыд у равдисын ӕмӕ уый фӕрцы сӕ къухы цы бафтдзӕн?

4 Чырыстон ныййарджытӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст фӕкӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд. Афтӕ чи фӕархайы, уыдонӕй бирӕтӕн фӕстӕдӕр сӕ сывӕллӕттӕ сфӕнд кӕнынц Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, суанг дард рӕтты дӕр. Чи сӕ пионерӕй лӕггад кӕны, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕтты, чи та – Вефилы. Чидӕртӕ та сӕ лӕггад кӕнынц миссионертӕй. Ӕмӕ сӕ ныййарджыты бӕргӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ арӕхдӕр уыной, фӕлӕ, кӕрӕдзийӕ дард кӕй сты, уый тыххӕй сын ахӕм фадат нӕ вӕййы. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сӕ сывӕллӕтты фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ лӕггад кӕной. Цымӕ цӕмӕн? Сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрынц, уый сын у зӕрдӕрухсы хос (3 Иоан. 4). Уыцы ныййарджытӕй бирӕтӕ Самуилы мад Аннӕйы ӕнкъарӕнтӕ хорз ӕмбарынц. Аннӕ йӕ лӕппуйы Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынӕн куы радта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, дам, ӕй Йегъовӕйӕн «ӕфстау дӕттын» (1 Сам. 1:28, фип.). Уыцы ныййарджытӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, афтӕмӕй Йегъовӕимӕ кӕй ӕмгуыст кӕнынц, уый. Ӕмӕ сын уымӕй ӕхсызгондӕр ницы у.

5. Дӕ бон куыд у де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Кӕд дӕхи бинонтӕй кӕсинаг ничи у, уӕд дӕ бон нӕ уаид рынчын кӕнӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн йе та, ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕсинаг чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын? Кӕнӕ та дӕ бон нӕ уаид, ацӕргӕ хион кӕсинаг кӕмӕн ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм истӕмӕй фӕкӕсын? Ахъуыды кӕн, мыййаг, де ’мбырды ахӕм ӕххуыс никӕй хъӕуы. Зӕгъӕм, дӕ бон у, йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм чи кӕсы, ахӕм хойӕн йӕ бӕсты йӕ ныййарджытӕм дӕ хъус фӕдарын, цалынмӕ уый йӕ хъуыддӕгтӕ араза, уӕдмӕ. Кӕнӕ та дӕ бон у ӕххуысхъуаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕмӕн, зӕгъӕм, ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуынӕн баххуыс кӕнын, йӕ бӕсты дуканимӕ ацӕуын кӕнӕ та йӕ бӕсты рынчынфӕрсӕг ацӕуын. Афтӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕндзынӕ ӕмӕ-иу, чи зоны, дӕу уылты дӕр иннӕты куывдтытӕн дзуапп ратта. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:24.)

УАЗӔГУАРЗОН У

6. Уазӕгуарзон уай, уымӕ цы хауы?

6 Хуыцауы ӕмкусджыты зонынц, уазӕгуарзон кӕй сты, уымӕй. Чырыстон Грекъаг Фыстыты «уазӕгуарзон»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, адӕймаг ӕцӕгӕлӕттӕм, ома ӕнӕзонгӕ адӕммӕ, хӕларзӕрдӕ куы вӕййы, уый (Дзут. 13:2). Хуыцауы Ныхасы бакӕсӕн ис, сӕ уазӕгуарзондзинадӕй нын фӕзминаг чи сты, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй (Райд. 18:1–5). Нӕ бон у ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй иннӕтӕн ӕдзухдӕр ӕххуыс кӕнӕм,– «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм», уыдон уой ӕви ӕндӕр исчи, уӕддӕр (Гал. 6:10).

7. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты-иу куы суазӕг кӕнай, уӕд-иу дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

7 Дӕ бон нӕ уаид, рӕстӕгмӕ цӕрӕнбынат кӕй фӕхъӕуы, ахӕм ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты суазӕг кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын? (Бакӕс 3 Иоанны 5, 8.) Уый у хорз фадат, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уат» (Ром. 1:11, 12). Ӕркӕсӕм иу ӕфсымӕры хабармӕ, Олаф, зӕгъгӕ. Ӕрыгон ма куы уыд, уӕд сын иухатт се ’мбырд, ус кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм районон цӕстдарӕг бӕрӕг кодта, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй никӕй бон уыд суазӕг кӕнын. Олафӕн йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ бар ракуырдта, цӕмӕй сӕм уыцы ӕфсымӕр иу къуыри баззадаид. Уыдон сразы сты, фӕлӕ йын загътой, зӕгъгӕ, дам, дӕ уӕд диваныл фынӕй кӕнын хъӕудзӕн. Гъемӕ Олаф дӕр сразы, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕры суазӕг кодтой. Олаф загъта: «Ӕвӕдза, уӕд цӕй диссаджы къуыри арвыстон! Уыцы районон цӕстдарӕгимӕ-иу раджы сыстадыстӕм ӕмӕ-иу аходӕны рӕстӕг бирӕ цымыдисаг хабӕрттыл ныхас кодтам. Тынг-иу бафидар дӕн, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы зынг афтӕ ссыгъд, ӕмӕ мӕ бафӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын». Фӕстаг 40 азы дӕргъы Олаф алыхуызон бӕстӕты миссионерӕй лӕггад кодта.

8. Фыццаг нын нӕ хорздзинадӕн куы нӕ саргъ кӕной, уӕд дӕр хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Ӕнӕзонгӕ адӕммӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисӕн ис алыхуызон хъуыддӕгтӕй. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ архайӕм, фыццаг нын нӕ хорздзинадӕн куы нӕ саргъ кӕной, суанг уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Испанийы иу хо Библи ахуыр кодта, Эквадорӕй чи уыд, иу ахӕм сылгоймагимӕ, Есикӕимӕ. Ӕмӕ иухатт ахуыры рӕстӕг Есикӕ скуыдта, ӕмӕ йӕ кӕуынӕй нал ӕнцад. Хо йӕ бафарста, цы кӕныс, зӕгъгӕ. Есикӕ радзырдта, Эквадоры ахӕм мӕгуыр цард кӕй кодта, ӕмӕ сӕм иу бон йӕ гыццыл чызгимӕ, цы бахордтаиккой, уый нал уыд. Ӕмӕ йӕ чызгӕн дон цы радтаид, ӕндӕр ын йӕ бон ницы уыд. Есикӕ йӕ бафынӕй кӕныныл куыд архайдта, афтӕ Хуыцаумӕ куывта. Гыццыл фӕстӕдӕр сӕм дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕрбацыд ӕмӕ Есикӕйӕн журнал радтой. «Мӕ чызгӕн ай хъуамӕ бахӕрын кӕнон?!» – тызмӕгӕй сӕм сдзырдта уый ӕмӕ журнал аскъуыдтӕ кодта. Хотӕ ма дзы ныфс бауадзынмӕ бӕргӕ хъавыдысты, фӕлӕ сӕм уый нӕ хъуыста. Фӕстӕдӕр ын хотӕ чыргъӕды хӕринаг ӕрбахастой ӕмӕ йын ӕй йӕ къӕсӕрыл ныууагътой. Есикӕйы сӕ хӕларзӕрдӕдзинад дисы бафтыдта. Ӕмӕ ныр ахуыры рӕстӕг бамбӕрста, уӕд ын Хуыцау йӕ куывд кӕй фехъуыста, фӕлӕ йӕ уый кӕй ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ кӕугӕ дӕр уый тыххӕй скодта. Гъемӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Хотӕ цы рӕдаудзинад равдыстой, уый цӕй хорз тыллӕг ӕрхаста! (Еккл. 11:1, 6).

ХУЫЦАУЫ ОРГАНИЗАЦИЙӔН АЛЫХУЫЗОН ХЪУЫДДӔГТЫ ӔХХУЫС КӔН

9, 10. а) Рагзаманты Израилы адӕмӕн цавӕр фадӕттӕ уыд Хуыцауы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнынӕн? б) Абон ӕфсымӕртӕн сӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у ӕххуыс кӕнын?

9 Рагзаманты Израилы адӕмӕн уыд алыхуызон фадӕттӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнынӕн (Рац. 36:2; 1 Аз. 29:5; Неем. 11:2). Ӕмӕ абон дӕуӕн дӕр бирӕ фадӕттӕ ис, цӕмӕй дӕ рӕстӕгӕй, дӕ курдиӕттӕй ӕмӕ дӕм цы ис, уымӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн пайда кӕнай. Уый дын хӕсдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ.

10 Ӕфсымӕртӕн та сӕ бон куыд у Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын? Хуыцауы Ныхас сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕной (1 Тим. 3:1, 8, 9; 1 Пет. 5:2, 3). Афтӕ чи кӕны, уыдоны фӕнды иннӕтӕн ӕнӕуи хъуыддӕгты дӕр ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕнын (Хъуыд. 6:1–4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын дӕ бар исты хъуыддаг куы бакӕнынц, зӕгъӕм, уагдарӕй дӕ куы сӕвӕрынц, науӕд дын куы бахӕс кӕнынц, цӕмӕй литературӕйӕн кӕнӕ участоктӕн дзуапп дӕттай йе та залмӕ зилай, уӕд уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййыс? Уыцы хъуыддӕгты чи фӕархайы, уыцы ӕфсымӕртӕ дын зӕгъдзысты, иннӕтӕн лӕггад кӕнын стыр циндзинад кӕй хӕссы.

Йегъовӕйы организацийы алыхуызон куыстыты чи фӕархайы, уыдонӕн бирӕ фадӕттӕ вӕййы ног ӕмбӕлттӕ ссарынӕн (кӕс 11 абзац)

11. Иу хо арӕзтадон куыстыты рӕстӕг алыхуызон хотимӕ кӕй балымӕн, уый йын цы пайда ӕрхаста?

11 Хуыцауы организацийӕн алыхуызон хъуыддӕгты чи феххуыс кӕны, уыдонӕн арӕх фӕзыны ног ӕмбӕлттӕ. Ӕркӕсӕм, Паддзахады залтӕ аразынӕн 18 азы дӕргъы чи ӕххуыс кодта, иу ахӕм хойы хабармӕ. Йӕ ном хуыйны Марджи. Уыцы хо-иу ӕрыгондӕр хотӕм йӕ хъус дардта ӕмӕ-иу сын, арӕзтадон куыстытӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый амыдта. Ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй-иу уыцы хъуыддаджы архайгӕйӕ кӕрӕдзийы уырнындзинад тынг бафидар кодтой (Ром. 1:12). Ӕмӕ Марджи зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлд, уӕд-иу ӕй, арӕзтадон куыстыты рӕстӕг кӕимӕ балымӕн, уыдон фидар кодтой. Ды дӕр ахӕм куыстыты искуы архайдтай? Кӕд ахӕм куыстытӕ кӕнын нӕ зоныс, уӕддӕр дӕ бон у уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын?

12. Дӕ бон куыд у ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын?

12 Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Хуыцауы адӕмӕн фадат вӕййы, цӕмӕй-иу сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕной ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕной. Зӕгъӕм, нӕ бон у, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонмӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын (Иоан. 13:34, 35; Хъуыд. 11:27–30). Кӕнӕ та, ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ не ’мчырыстӕттӕй искӕй хӕдзар ныссыгъдӕг кӕнын кӕнӕ бацалцӕг кӕнын куы хъӕуа, уӕд сын нӕ бон у баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, Польшӕйы чи цӕры, иу ахӕм хойӕн, Габриелӕйӕн, донивылды фӕстӕ йӕ хӕдзар тынг ныппырх. Ӕмӕ йӕм иннӕ ӕмбырдтӕй ӕфсымӕртӕ баххуыс кӕнынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд фӕхъӕлдзӕгдӕр. Габриелӕ загъта: «Цӕмӕй фӕцух дӕн, уый йӕ дзурыны аккаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон дзаумӕттӕ йеддӕмӕ ницы сты. Фӕлтау уын зӕгъдзынӕн, хорзӕй мыл цы ’рцыд, уый. Уыцы хабары фӕстӕ ноджы тынгдӕр банкъардтон, чырыстон ӕмбырдӕй уай, уый цӕй стыр кад у ӕмӕ цӕй стыр циндзинад хӕссы». Ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ кӕмӕн баххуыс кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, сӕ уырнындзинад тынг кӕй бафидар. Ӕмӕ сын чи феххуыс кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕимӕ чи фемгуыст кӕны, уыдонӕн уый сӕхицӕн дӕр вӕййы стыр цины хос. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:35; 2 Коринфӕгтӕм 9:6, 7.)

13. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы организацийӕн алыхуызон хъуыддӕгты куы феххуыс кӕнӕм, уӕд ӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм?

13 Америкӕйы Иугонд Штатты иу хо, Стефани, ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕм цы ӕрлидзджытӕ уыд, уыдонӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кодтой. Уыцы Ӕвдисӕнты сӕ бӕстӕтӕй алидзын бахъуыд, хӕст дзы кӕй цыд, уый тыххӕй ӕмӕ сын бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтой хӕдзӕрттӕ ссарынӕн ӕмӕ мебель самал кӕнынӕн. Стефани загъта: «Ӕгас зӕххыл дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый кӕй банкъардтой, ууыл тынг цин кодтой ӕмӕ нӕ тынг бузныг уыдысты. Уый нын нӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ сын мах ӕххуыс кодтам, фӕлӕ нын ӕцӕгӕй та уыдон баххуыс кодтой». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Иннӕты куыд уарзынц, алкӕимӕ дӕр куыд хӕларӕй цӕрынц, сӕ уырнындзинад куыд фидар у ӕмӕ Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ куыд тынг дарынц, уый уынгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзын райдыдтам, стӕй нын йӕ организацийы фӕрцы цыдӕриддӕр ис, уымӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтам».

ФЫЛДӔР ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙДАЙ

14, 15. а) Пехуымпар Исайӕн цавӕр зӕрдӕйы уаг уыд? б) Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Исайы бафӕзмын?

14 Йегъовӕимӕ ноджы фылдӕр ӕмгуыст кӕнай, уый дӕ нӕ фӕндид? Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ уым лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дард искуыдӕм ацӕуай. Фӕлӕ йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ахӕм рӕтты лӕггад кӕнынц. Уыдонӕн ис пехуымпар Исайы хуызӕн зӕрдӕйы уаг. Йегъовӕ афтӕ куы бафарста, зӕгъгӕ, «кӕй арвитон, чи ацӕудзӕн мах тыххӕй», уӕд Исай загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8). Дӕу дӕр дӕ уавӕртӕ амонынц, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнай ӕмӕ уымӕ цӕттӕ дӕ? Цавӕр хъуыддӕгты хъӕуы ӕххуыс?

15 Йесо хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕдыл загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран пионерӕй лӕггад кӕнын? Кӕнӕ та дӕ бон нӕ уаид искӕмӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, «кусджытӕ» кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран пионерӕй лӕггад кӕнын у ӕппӕты хуыздӕр мадзал, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс, уый равдисынӕн. Фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй ма дӕ бон цавӕр фадӕттӕй уаид спайда кӕнын? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ.

16, 17. Кӕд дӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд дӕ бон цавӕр фадатӕй у спайда кӕнын?

16 Нӕ дӕ фӕндид Вефилы лӕггад кӕнын кӕнӕ та арӕзтадон куыстыты архайын? Дӕ бон у уым рӕстӕгмӕ балӕггад кӕнын кӕнӕ та къуыри иу кӕнӕ цалдӕр боны ӕххуыс кӕнын. Йегъовӕйы организацийы ӕдзухдӕр фӕхъӕуы, кӕмфӕнды лӕггад кӕнынмӕ дӕр ӕмӕ цыфӕнды хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ чи разыны, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ. Чи зоны сын бахӕс кӕной, хорз кӕмӕ арӕхсынц, ахӕм куыст нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исты. Йӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ ӕмӕ, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы чырыстӕттӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны (Пс. 110:3).

17 Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй ноджы фылдӕр истӕуылты сахуыр уай ӕмӕ уый фӕрцы дӕ лӕггадимӕ баст хӕстӕ ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнай? Кӕд о, уӕд, чи зоны, дӕ бон уаид Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнын. Ацы скъоламӕ фӕхонынц, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, ахӕм фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ, цы базонынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы, Йегъовӕйы организацийы сын цы хӕстӕ ис, уыдон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын. Уыцы скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат чи бадӕтты, уыдон хъуамӕ цӕттӕ уой, скъолайы фӕстӕ сӕ кӕдӕм снысан кӕной, уым лӕггад кӕнынмӕ. Дӕу дӕр нӕ фӕндид уыцы фадатӕй спайда кӕнын? (1 Кор. 9:23).

18. Йегъовӕимӕ алы бон дӕр кӕй ӕмгуыст кӕныс, уый дын цы пайда хӕссы?

18 Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй уӕм рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, стӕй, иннӕты кӕй уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм, уый алы бон дӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Уый фӕрцы стӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд, стӕй нӕ зӕрдӕйы ис фарн (Гал. 5:22, 23). Цыфӕнды уавӕрты дӕр Йегъовӕйау рӕдау куы уай ӕмӕ йемӕ ӕмгуыст куы кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр цинӕйдзаг уыдзӕн! (Ӕмб. 3:9, 10).