Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аримафейаг Иосиф равдыста хъӕбатырдзинад

Аримафейаг Иосиф равдыста хъӕбатырдзинад

АРИМАФЕЙАГ ИОСИФ хъуыды дӕр нӕ акодтаид, йӕхимӕ ахӕм ныфс кӕй ссардзӕн, цӕмӕй ромаг хицаумӕ бацӕуа ӕмӕ дзы Йесойы мард ракура. Понтий Пилаты тынг фыдзонд адӕймагӕй зыдтой. Фӕлӕ Йесойы хъуыди, куыд ӕмбӕлы, афтӕ бавӕрын, ӕмӕ искӕмӕн Пилатмӕ ӕнӕ бацӕугӕ нӕ уыди. Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф Пилатмӕ бацӕуынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уымӕй дзӕгъӕлы тарст. Пилат куы базыдта, Йесо ӕцӕгдӕр кӕй амард, уӕд бар радта, цӕмӕй йын йӕ мард ахастаиккой. Ӕмӕ уӕд Иосиф фӕстӕмӕ атагъд кодта, Йесойы кӕм ӕрцауыгътой, уыцы бынатмӕ (Мар. 15:42–45).

  • Чи уыди аримафейаг Иосиф?

  • Йесоимӕ йын иумӕйагӕй цы уыд?

  • Йӕ хабар базонын дын пайда цӕмӕй уыдзӕн?

СИНЕДРИОНЫ УӔНГ

Марчы Евангелийы Иосиф хуыйны «Уынаффӕдоны уӕнг, нымад лӕг». Ацы ран Уынаффӕдон амоны Синедрионмӕ. Синедрион уыди дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондон, стӕй адӕмӕн алы хъуыддӕгты разамынд лӕвӕрдта (Мар. 15:1, 43, фип.). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иосиф уыди адӕмы разамонджытӕй иу, ӕмӕ йын ромаг хицаумӕ бацӕуын дӕр уый фӕрцы бантыст. Уӕдӕ хъӕздыг кӕй уыди, уый дӕр диссаг нӕу (Матф. 27:57).

Чырыстон кӕй дӕ, уый ӕргом дзурын уӕндыс?

Синедрионы уӕнгтӕн сӕ фылдӕр Йесойӕ се сӕфт уыдтой. Уыдон йӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амарын кодтой. Фӕлӕ Иосифы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый уыд «хорз ӕмӕ рӕстаг адӕймаг» (Лук. 23:50). Синедрионы чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕй тынг хицӕн кодта, уыд хӕрзӕгъдау, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодта. Стӕй ма «ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ» дӕр, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йесойы ахуыргӕнинаг дӕр уымӕн сси (Мар. 15:43; Матф. 27:57). Иосиф уарзта рӕстдзинад, ӕмӕ, Йесо цы дзырдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ дӕр уымӕн цыдаид.

ЙЕСОЙЫ АХУЫРГӔНИНАГ КӔЙ УЫД, УЫЙ НӔ ХЪӔР КОДТА

Иоанны 19:38 фыст ис, зӕгъгӕ, «Иосиф дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст». Цымӕ цӕмӕй тарст? Уый йӕ зыдта, дзуттӕгтӕ Йесойы кӕй нӕ уарзтой ӕмӕ кӕй бауынаффӕ кодтой, чи йыл-иу баууӕнда, уый-иу ӕмбырдгӕнӕнӕй кӕй ратӕрдзысты (Иоан. 7:45–49; 9:22). Ӕмбырдгӕнӕнӕй-иу кӕй ратардтой, уымӕй та-иу иннӕ дзуттӕгтӕ хынджылӕг кодтой ӕмӕ хъодыгондӕй уӕлдай нӕ уыд. Ӕмӕ Иосиф нӕ уӕндыд, Йесойыл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй ӕргом дзурын. Афтӕ куы бакодтаид, уӕд кадджын бынат дӕр нал ахстаид.

Ахӕм зын уавӕры ӕрмӕст Иосиф нӕ уыд. Иоанны 12:42 фыст ис: «Йесойыл адӕмы разамонджытӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ фарисейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргом нӕ дзырдтой, цӕмӕй сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ма ратардтаиккой». Никодим дӕр, уый дӕр Синедрионы уӕнг, ахӕм уавӕры уыд (Иоан. 3:1–10; 7:50–52).

Фӕлӕ Иосиф уыди ахуыргӕнинаг, ӕрмӕст ӕй нӕ хъӕр кодта. Ӕмӕ йӕ ууыл хъуыди дзӕбӕх ахъуыды кӕнын, уӕлдайдӕр та, Йесо цы загъта, уымӕ гӕсгӕ: «Мемӕ иудзинады кӕй ис, уый адӕмы раз ӕргом чи дзура, уый тыххӕй ӕз дӕр ӕргом зӕгъдзынӕн мӕ уӕларвон Фыды раз, ӕз йемӕ иудзинады дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ адӕмы раз мӕнӕй афтӕ чи зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй ӕз дӕр мӕ уӕларвон Фыды раз зӕгъдзынӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ» (Матф. 10:32, 33). Кӕд Иосиф Йесойӕ афтӕ нӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕддӕр, ӕууӕндын ыл, зӕгъгӕ, зӕгъын дӕр нӕ уӕндыд. Ды та?

Фӕлӕ ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, Иосиф хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй дӕр. Библийы фыст ис, Синедрион Йесойы ныхмӕ цы фыдвӕнд скодта, уыимӕ кӕй не сразы (Лук. 23:51). Иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, Йесойӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд Иосиф уым нӕ уыд. Куыдфӕнды ма уыдаид, Иосифӕн ӕппӕт уыцы мӕнгард ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕм кӕсын тынг зын уыдаид, фӕлӕ йӕ бон ницы уыд саразын.

ЙӔ НЫФС БАХАСТА

Йесо куы амард, уӕдмӕ Иосиф, ӕвӕццӕгӕн, нал тарст ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм ӕрбаиу. Афтӕ кӕй бакодта, уый бӕрӕг у Марчы 15:43 стихӕй: «Иосиф уӕндонӕй бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта».

Йесо куы амард, уӕд Иосиф дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уым уыд. Зӕгъӕм, кӕй амард, уый Пилатӕй раздӕр базыдта. Ӕмӕ Йесойы мард ракурынмӕ куы бацыд, уӕд «Пилаты фӕндыд, ӕцӕгдӕр амард ӕви нӕ, уый базонын» (Мар. 15:44). Кӕд Иосиф федта, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл куыд удхар кодта, уӕд, чи зоны, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй у, уый ӕргом равдыста. Куыдфӕнды ма уыдаид, Иосиф ӕнцад нал бадт. Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй уыд, уый нал сусӕг кодта.

ИОСИФ ЙЕСОЙЫ БАВӔРДТА

Мӕлӕты тӕрхон-иу кӕмӕн рахастой ӕмӕ-иу кӕй амардтой, уыдоны-иу дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ баныгӕдтаиккой, цалынмӕ-иу хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ (Дык. з. 21:22, 23). Ромӕгтӕ та-иу куыд кодтой? Кӕй-иу амардтой, уыцы фыдгӕнджыты мӕрдтӕ-иу хъӕдтыл ныууагътой, ӕмӕ-иу афтӕ ӕмбыдысты, кӕнӕ та-иу сӕ иумӕйаг ингӕны ныппӕрстой. Фӕлӕ Иосифы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесойӕн афтӕ бакодтаиккой. Кӕм ӕй ӕрцауыгътой, уырдӕм хӕстӕг Иосифӕн уыд, къӕдзӕхы кӕй бакъахтой, ахӕм ног зӕппадз. Ӕвӕрд дзы ничима уыд. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иосиф Аримафейӕ * Иерусалиммӕ ӕрӕджы ралыгъд ӕмӕ уый хъуамӕ уыдаид сӕ бинонты зӕппадз (Лук. 23:53; Иоан. 19:41). Йесойы Иосифы зӕппадзы кӕй бавӕрдтой, уый Иосифы рӕдаудзинадыл дзурӕг уыд, стӕй афтӕмӕй сӕххӕст Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарад, «хъӕздгуытимӕ» йӕ бавӕрдзысты, зӕгъгӕ (Ис. 53:5, 8, 9).

Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уымӕй дын ахсджиагдӕр исты у?

Цыппар Евангелийы дӕр фыст ис, Йесойы хъӕдӕй куы ӕристой, уӕд ӕй Иосиф ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымацы кӕй батыхта ӕмӕ йӕ йӕ зӕппадзы кӕй бавӕрдта (Матф. 27:59–61; Мар. 15:46, 47; Лук. 23:53, 55; Иоан. 19:38–40). Цымӕ ма Иосифӕн исчи ӕххуыс кодта? Библийы бӕлвырдӕй ис ӕрмӕст Никодимы кой. Никодим ӕрбахаста, мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн чи хъуыд, ахӕм хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ. Ацы дыууӕ нӕлгоймаджы цы бынат ахстой, уымӕ гӕсгӕ мард сӕхӕдӕг нӕ хастаиккой. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой сӕ лӕггадгӕнджытӕ. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид,– уыцы хъуыддаг бакӕнын ӕнцон нӕ уыд. Мардмӕ чи бавнӕлдтаид, уый закъонмӕ гӕсгӕ 7 боны уыдаид чъизийыл нымад, ӕмӕ, цӕуыл андзӕвыдаид, уыдӕттӕ дӕр фӕчъизи уыдаиккой (Ным. 19:11; Аг. 2:13). Ӕмӕ йын уӕд, Куадзӕн куы уыд, уыцы къуыри иннӕ адӕммӕ хӕстӕг цӕуӕн ӕмӕ бӕрӕгбоны хабӕрттӕ кӕнӕн нӕ уыд (Ным. 9:6). Иосиф Йесойы бавӕрыны хӕс йӕхимӕ кӕй райста, уый тыххӕй ма дзы, гӕнӕн ис, Синедрионы иннӕ уӕнгтӕ хынджылӕг дӕр кодтаиккой. Фӕлӕ иугӕр сфӕнд кодта Йесойы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ бавӕрын ӕмӕ, Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй у, уый раргом кӕнын, уӕд цӕттӕ уыд уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ бавзарынмӕ дӕр.

ИОСИФ ФӔСТАГМӔ ЦЫ БАЦИ?

Йесойы куыд бавӕрдтой, уый кой Евангелиты кӕм ис, уый фӕстӕ Библийы аримафейаг Иосифы кой никуыуал ис. Ӕмӕ цымӕ уӕд Иосиф цы баци? Уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ ацы статьяйы дзырд цӕуыл цыди, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕргом загъта, чырыстон кӕй у, уый. Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ фӕтарст ӕмӕ йӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ, фӕлӕ фидардӕр ӕмӕ ныфсджындӕр кодта. Ӕмӕ уый хорз куыннӕ уыд.

Иосифы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Царды мын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у? Цы бынат ахсын ӕмӕ цӕмӕ тырнын, уый, мӕ мулк, мӕ бинонтӕ ӕмӕ мӕ сӕрибардзинад ӕви мын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый?»

^ 18 абз. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Аримафей уыд, кӕддӕр Рамӕ (ныртӕккӕ Рентис, кӕнӕ Рантис) кӕм уыди, уыцы ран. Уый уыд пехуымпар Самуилы райгуырӕн горӕт, ӕмӕ уыд Иерусалимӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм иу-35 километры дарддӕр (1 Сам. 1:19, 20).