Фыст цы ’рцыд, уыдӕттӕ дын зондзонӕн фӕуыдзысты?
«Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон... фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 КОР. 10:11).
1, 2. Иудӕйы цыппар паддзахы цӕвиттонтӕм хорз цӕмӕн уаид ӕркӕсын?
ЗӔГЪӔМ, кӕдӕмдӕр фӕцӕуыс, ӕмӕ уыныс, уӕртӕ кӕмдӕр дӕ разӕй чи цӕуы, уымӕн йӕ къах фӕбырыд ӕмӕ ахауд. Уӕд дарддӕр уыцы фӕндагыл хъавгӕйӕ нӕ цӕудзынӕ? Раст афтӕ-иу иннӕты рӕдыдтытыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм ахӕм рӕдыдтытӕй нӕхи бахизыныл. Ӕмӕ, Библийы кӕй кой ис, уыдоны рӕдыдтытыл дӕр куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм.
2 Айразмӕйы статьяйы дзырдтам Иудӕйы паддзӕхтӕй цыппарыл. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыдысты Йегъовӕимӕ, фӕлӕ уӕддӕр стыр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Сӕ хабӕрттӕ Библийы фыст уый тыххӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй сыл мах дӕр дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын зондзонӕн фӕуой. Уӕдӕ сыл цы ’рцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕхи ахӕм рӕдыдтытӕй бахизын? (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:4.)
ЙӔ НЫФС АДӔЙМАДЖЫ ЗОНДЫЛ ЧИ ДАРЫ, УЫЙ БӔЛЛӔХЫ БАХАУЫ
3–5. а) Кӕд Асӕйы зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уыд, уӕддӕр цавӕр рӕдыд ӕруагъта? б) Ваасӕ Иудӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Асӕ йӕ ныфс адӕмыл цӕмӕн сӕвӕрдта?
3 Фыццаг уал аныхас кӕнӕм Асӕйыл. Иудӕйы ныхмӕ 1 милуан 2 Аз. 16:1–3). Ацы хатт архайдта йӕхи зондӕй, ӕмӕ Сирийы паддзах Венададӕн ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин арвыста, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид ӕмӕ Ваасӕимӕ схӕцыдаид. Ӕмӕ сириӕгтӕ Израилы горӕттӕ куы ныппырх кодтой, уӕд Ваасӕ «Рамӕ нал фидар кодта, куыстытӕ баурӕдта» (2 Аз. 16:5). Уӕд Асӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, раст бакодтон, зӕгъгӕ.
ефиопаджы куы рацыд, уӕд йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Фӕлӕ Израилы паддзах Ваасӕ йӕ ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ Иудӕйы паддзахады арӕнмӕ хӕстӕг горӕт Рамӕ фидар кӕнын куы райдыдта, уӕд Йегъовӕ Асӕйӕ айрох (4 Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ дӕр афтӕ хъуыды кодта? Асӕ йыл йӕ ныфс кӕй нӕ сӕвӕрдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕмӕ йӕм пехуымпар Ананийы арвыста, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид. (Бакӕс 2 Азфыстыты 16:7–9.) Анани йын загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ демӕ хӕцдзысты». Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Асӕйӕн йӕ къухы цыдӕр бафтыд – горӕт Рамӕ бацахста. Фӕлӕ цӕрӕнбонты хӕстытӕй ӕнцой нӕ зыдта.
5 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ Асӕйӕ райгонд уыд. Кӕд Асӕ ӕнӕххӕст уыд, уӕддӕр ын йӕ зӕрдӕ уыдта ӕмӕ зыдта, иузӕрдион ыл кӕй у (1 Пад. 15:14). Фӕлӕ уый фӕстӕ раст уынаффӕ нӕ рахаста, ӕмӕ, цы байтыдта, уый ӕркарста. Цымӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ адӕмыл – йӕхиуыл ӕмӕ Венададыл – цӕмӕн сӕвӕрдта? Чи зоны, хъуыды кодта, цӕмӕй хӕсты фӕуӕлахиз уой, уый тыххӕй фаг кӕй нӕу Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, фӕлӕ сӕхӕдӕг исты кӕй хъуамӕ ӕрхъуыды кӕной. Кӕнӕ та йын, гӕнӕн ис, ахӕм ӕвзӕр уынаффӕ чидӕр радта.
6. Асӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
6 Асӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Стыр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Фӕлӕ гыццыл хъуыддӕгты та куыд бакӕнӕм? Мыййаг, адӕймаджы зондӕй нӕ фӕархайӕм ӕмӕ, нӕхимӕ раст куыд фӕкӕсы, афтӕ сӕ нӕ аскъуыддзаг кӕнӕм? Ӕви уал фыццаг бацагурӕм, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уый, ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм? Зӕгъӕм дӕ кӕд хатт дӕ бинонтӕ фӕхъыгдарынц ӕмбырдтӕм кӕнӕ конгресстӕм цӕуын, уӕд Йегъовӕйы бафӕрсыс, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ? Кӕнӕ та, зӕгъӕм, иу цасдӕр дӕ бон куыст ссарын нӕ уыд, ӕмӕ дӕ кӕдӕй-уӕдӕй иу куыстмӕ айсынмӕ хъавынц. Уыцы куысты хицауӕн зӕгъдзынӕ, алы къуыри дӕр дӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъӕудзӕн цӕуын? Цыфӕнды уавӕры ма уӕм, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Дӕ фӕндаг Йегъовӕйы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ йыл дар, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг архайдзӕн» (Пс. 37:5).
ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔ ДЫЛ КУЫД БАНДАВДЗЫСТЫ?
7, 8. Иосафат цавӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта ӕмӕ йӕ цӕмӕ ӕркодтой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
7 Ныр та ӕркӕсӕм Асӕйы фырт Иосафаты хабармӕ. Иосафатмӕ бирӕ хорз миниуджытӕ уыди. Ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ рӕдийгӕ дӕр кодта. Зӕгъӕм, фыдгӕнӕг паддзах Ахавы чызджы йӕ фыртӕн ӕрхаста. Фӕстӕдӕр та Ахав сириӕгтимӕ куы схӕцыд, уӕд Иосафат дӕр йемӕ ацыд, кӕд ӕй пехуымпар Михей фӕдзӕхста, уӕддӕр. Ӕмӕ тохы быдыры сириӕгтӕ Иосафаты фӕцӕймардтой (2 Аз. 18:1–32). Уый фӕстӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй пехуымпар Ииуй бафарста: «Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын раст у? Йегъовӕйӕ йе сӕфт чи уыны, уыдоны хъуамӕ уарзгӕ кӕнай?» (Бакӕс 2 Азфыстыты 19:1–3.)
8 Цымӕ Иосафатӕн, цы йыл ӕрцыд, уый, стӕй Ииуйы ныхӕстӕ, исты зондзонӕн фесты? Хъыгагӕн, нӕ. Кӕд Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл дарддӕр 2 Аз. 20:35–37).
архайдта, уӕддӕр та балымӕн, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, ахӕм адӕймагимӕ. Уый уыд Ахавы фырт, паддзах Охози. Иосафат ӕмӕ Охози иумӕ арӕзтой наутӕ. Фӕлӕ уыцы наутыл нырма цӕугӕ дӕр ничи никӕдӕм акодта, афтӕ ныппырх сты (9. Ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?
9 Иосафаты хабӕрттӕ та нын цӕуыл дзурӕг сты? Ӕнӕуи Иосафат хорз паддзах уыди, «Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ... агуырдта» (2 Аз. 22:9). Фӕлӕ уӕддӕр балымӕн, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, ахӕмтимӕ, ӕмӕ йӕхи бӕллӕхты баппӕрста. Ахӕм тӕссаг уавӕры уыд, ӕмӕ ма тыххӕй аирвӕзт. Ӕмӕ Библийы дӕр афтӕ фыст ис: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмб. 13:20). Мах бӕгуыдӕр фӕнды иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Фӕлӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ ӕмбӕлттӕ куы суӕм, уӕд фыдбылызы бахаудзыстӕм.
10. а) Цардӕмбал ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн Иосафаты хабар куыд баххуыс кӕндзӕн? б) Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
10 Ус ракурын кӕнӕ мой скӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕн та Иосафаты хабар куыд баххуыс кӕндзӕн? Чи зоны, кӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ хъуыдытӕ кӕны, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн мӕхицӕн никӕйуал ссардзынӕн, зӕгъгӕ. Кӕнӕ йын йӕ хӕстӕджытӕй исчи дзуры, куы базӕронд дӕ, уӕд ма кӕдмӕ бадыс, зӕгъгӕ. Ӕмӕ адӕймаг цардӕмбал ссарыныл кӕй хъуыды кӕны, уым диссагӕй ницы ис. Йегъовӕ нӕ афтӕ скодта, цӕмӕй искӕй уарзӕм ӕмӕ мах дӕр исчи уарза. Фӕлӕ уал кӕд нырма, нӕ цард баиу кӕнын нӕ кӕимӕ бафӕндыдаид, ахӕм чырыстоныл нӕ фембӕлдыстӕм, уӕд куыд кӕнгӕ у? Ахъуыды-ма кӕнӕм Иосафаты хабарыл. Уый-иу алкӕддӕр агуырдта Йегъовӕйы разамынд (2 Аз. 18:4–6). Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, уыцы Ахавимӕ куы балымӕн, уӕд ыл уый ӕвзӕрырдӕм бандӕвта. Иосафат хъуамӕ йӕ зӕрдыл дардтаид, «Йегъовӕйы цӕстытӕ [кӕй] фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын. Нӕ уавӕр нын хорз ӕмбары ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Дӕу та уырны, ӕмӕ дӕ кӕд хорз цардӕмбал ссарын фӕнды, уӕд уый Йегъовӕ кӕй зоны ӕмӕ дын иу бон уыцы хъуыддаджы ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзӕн?
ДӔ ЗӔРДӔ МА СХЪАЛ УӔД
11, 12. а) Езекийӕн йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый куыд рабӕрӕг? б) Йегъовӕ Езекийӕн цӕмӕн ныххатыр кодта?
11 Езекийы хабар та нын зондзонӕн куыд у? Иухатт Йегъовӕ раргом кодта, Езекийӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕйдӕр цы уыд, уый. (Бакӕс 2 Азфыстыты 32:31.) Езеки тынг куы фӕрынчын, уӕд ын Хуыцау загъта, кӕй адзӕбӕх уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ма йын нысан дӕр радта. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ асиныл аууон фӕстӕмӕ дӕс къӕпхӕны ссыд. Уый фӕстӕ Вавилоны кънйӕзты, ӕвӕццӕгӕн, бафӕндыд уыцы нысаны тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ Езекимӕ сӕ минӕвӕртты арвыстой, цӕмӕй йӕ уыцы нысанӕй бафарстаиккой (2 Пад. 20:8–13; 2 Аз. 32:24). Йегъовӕ Езекийӕн ӕппындӕр ницы загъта, цы цӕстӕй сӕм хъуамӕ ракастаид, уый тыххӕй. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ «йӕхи бар ныууагъта», цымӕ куыд бакӕндзӕн, зӕгъгӕ. Езеки вавилойнӕгтӕн, йӕ хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыд, уыдон равдыста. Ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, «йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыди, уый».
12 Хъыгагӕн, Езекийӕн йӕ зӕрдӕ схъал. Ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ рауад, ӕмӕ йын «Хуыцау... цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕн нӕ саргъ кодта». Афтӕ цӕмӕн фӕивта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Чи зоны, ассириӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз кӕнӕ йӕ Йегъовӕ кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй, йе та тынг кӕй схъӕздыг ӕмӕ йын стыр кад кӕй уыди, уый тыххӕй. Кӕд Езекийӕн йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уыд, уӕддӕр иуафон йӕхиуыл фервӕссыд, ӕмӕ уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр «Езеки йӕ хъал зӕрдӕ ӕрсаста», ӕмӕ йын Хуыцау ныххатыр кодта (2 Аз. 32:25–27; Пс. 138:6).
13, 14. а) Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый цавӕр уавӕрты рабӕрӕг вӕййы? б) Иннӕтӕ нӕ куы ’ппӕлой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
13 Езекийы хабарӕй ма нӕ бон зондӕн райсын цы у? Хъуыды йӕ кӕныс, Езеки кӕд схъал? Йегъовӕ Сеннахеримы ӕфсад куы ныццагъта ӕмӕ Езекийы мӕлӕтдзаг низӕй куы фервӕзын кодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ. Уӕдӕ абон нӕ къухы хорзӕй исты куы бафты, уӕд цымӕ Йегъовӕ мах дӕр «нӕхи бар» нӕ ныууадзы, цӕмӕй, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый раргом уа? Зӕгъӕм, ӕфсымӕр йӕ раныхас бацӕттӕ кӕныныл тынг бафыдӕбон кодта ӕмӕ йӕ стӕй ӕмбырды бирӕ адӕмы раз радзырдта. Ӕмӕ дзы уый фӕстӕ иууылдӕр ӕппӕлынц, арфӕтӕ йын кӕнынц. Уӕд куыд бакӕндзӕн?
14 Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Афтӕ сымах дӕр, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхсынц, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах стӕм ницӕйаг цагъартӕ. Нӕ хӕс цы уыд, уый бакодтам“» (Лук. 17:10). Езекийӕн йӕ зӕрдӕ куы схъал, уӕд, «Хуыцау ын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕн нӕ саргъ кодта». Уӕдӕ нӕ исчи нӕ раныхасы тыххӕй куы ’ппӕла, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг разынӕм? Нӕ бон у, Йегъовӕ нын хорзӕй цас цыдӕртӕ сарӕзта, ууыл хъуыды кӕнын. Стӕй нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ нын куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Библи дӕр ӕмӕ нын раныхас радзурынӕн сыгъдӕг тых дӕр Йегъовӕ нӕ радта?
УЫНАФФӔТӔ ХӔСГӔЙӔ ЛӔМБЫНӔГ ХЪУЫДЫ КӔН
15, 16. Иоси йӕхи цӕй тыххӕй бабын кодта?
15 Ӕмӕ ма фӕстагмӕ ӕркӕсӕм Иосийы хабармӕ. Уый та нын зондзонӕн куыд у? Иоси хорз паддзах уыд, фӕлӕ цы стыр рӕдыд ӕруагъта, уый тыххӕй йӕхи бабын кодта. 2 Азфыстыты 35:20–22.) Иоси Египеты паддзах Нехойы ныхмӕ рацыд, афтӕмӕй та йын Нехо дзырдта, демӕ, дам, нӕ хӕцын, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис, «Хуыцау ын Нехойы дзыхӕй... [кӕй] дзырдта». Фӕлӕ уӕддӕр Иоси йӕхи фӕнд атардта, ӕмӕ фӕмард. Фӕлӕ цӕмӕн ацыд хӕстмӕ? Уый тыххӕй Библи ницы дзуры.
(Бакӕс16 Иосийӕн йӕ бон уыд базонын, Нехойы ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕйӕ уыдысты ӕви нӕ. Куыдӕй? Йӕ бон уыд Йегъовӕйы пехуымпар Йеремийы бафӕрсын (2 Аз. 35:23, 25). Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, афтӕ кӕй бакодта. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ хабӕрттыл лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кодтаид. Нехо цыди Кархемисмӕ – ома Иерусалимимӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр адӕмимӕ схӕцинаг уыди. Стӕй нӕдӕр Йегъовӕйы ӕфхӕрдта, нӕдӕр йӕ адӕмы. Уӕдӕ Иоси уыдӕттыл дзӕбӕх нӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ уый тыххӕй тынг фӕрӕдыд. Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд уал-иу фыццаг хъуамӕ Йегъовӕйы фӕндон базонӕм.
17. Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй ныл Иосийы рӕдыд ма ’рцӕуа?
17 Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ фыццаг хъӕуы ахъуыды кӕнын, Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты ӕмӕ нӕ бон уыдонмӕ гӕсгӕ архайын куыд у, ууыл. Иуӕй-иу хатт хорз вӕййы нӕ публикациты фылдӕр ӕрмӕг бацагурын кӕнӕ та хистӕр нӕлгоймагӕй уынаффӕ ракурын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн Библийӕ ӕндӕр уагӕвӕрдтыл дӕр ахъуыды кӕнынӕн. Цӕвиттонӕн райсӕм, йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, ахӕм хойы. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр бон фӕнд кӕны уацамынды ацӕуын (Хъуыд. 4:20). Фӕлӕ уыцы бон йӕ лӕджы фӕнды, цӕмӕй хӕдзары баззайа, нӕ рӕстӕг, дам, иумӕ рагӕй нал арвыстам ӕмӕ, дам, иумӕ искуыдӕм куы ацӕуиккам. Хойӕн йӕ бон у, раст уынаффӕ рахӕссынӕн ын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтыл ахъуыды кӕнын. Зоны йӕ, Хуыцауы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы дӕр кӕй хъуамӕ архайа (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 5:29). Фӕлӕ йӕ лӕджы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбаргӕ кӕй хъуамӕ уой, уый дӕр дзы рох нӕу (Еф. 5:22–24; Фил. 4:5). Йӕ бон у ахъуыды кӕнын: йӕ лӕг ӕй хъусын кӕнынмӕ ӕппындӕр нӕ уадзы ӕви йӕ ӕрмӕст уыцы бон фӕнды, цӕмӕй йӕ бинойнаг йемӕ рӕстӕг арвита? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг чи у, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр рухс кӕнын.
ДӔ ЗӔРДӔ ӔНӔХЪӔНӔЙ ДӔР ЙЕГЪОВӔИМӔ УӔД ӔМӔ АМОНДДЖЫН У
18. Иудӕйы цыппар паддзахы хабӕрттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
18 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт махӕн дӕр нӕ бон вӕййы, Иудӕйы цыппар паддзахы цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, ахӕм рӕдыдтытӕ ӕруадзын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ: 1) нӕхи зондӕй ныфсджын уӕм; 2) ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ балымӕн уӕм; 3) нӕ зӕрдӕ схъал уа ӕмӕ 4) Хуыцауы йӕ фӕндонӕй ма бафӕрсӕм, афтӕмӕй уынаффӕ рахӕссӕм. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ нӕ бон никуы бауыдзӕн Йегъовӕйы хорзӕх ссарын. Йегъовӕ уыцы цыппар паддзахӕн сӕ хорз миниуджытӕ куыд уыдта, афтӕ абон махӕн дӕр нӕ хорз миниуджытӕ уыны. Стӕй йӕ куыд тынг уарзӕм ӕмӕ нӕ куыд тынг фӕнды ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын лӕггад кӕнын, уый дӕр зоны. Ӕмӕ цӕмӕй нӕхи стыр рӕдыдтытӕй бахизӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ Ныхасы алыхуызон цӕвиттонтӕ ныффыссын кодта. Цӕй уӕдӕ сыл ӕдзух хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ныл Йегъовӕ афтӕ кӕй батыхст, уый тыххӕй дзы бузныг уӕм!