Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ног ӕмбырдыл цӕй фӕрцы сахуыр уыдзынӕ?

Ног ӕмбырдыл цӕй фӕрцы сахуыр уыдзынӕ?

«АРДӔМ куы ’рцыдтӕн, уӕд тынг тыхстӕн,– дзуры Аллен *.– Нӕ йӕ зыдтон, цы цӕстӕй мӕм ракӕсдзысты, стӕй мын ӕмбӕлттӕ фӕзындзӕн ӕви нӕ». Аллен ныр кӕм цӕры, уыцы бынат йӕ хӕдзарӕй у иу-1 400 километры дарддӕр, ӕмӕ архайы, цӕмӕй ног ӕмбырдыл сахуыр уа.

Кӕд ды дӕр ӕндӕр ӕмбырдмӕ ахызтӕ, уӕд, чи зоны, ды дӕр тыхсыс. Ног ӕмбырдыл цӕй фӕрцы сахуыр уыдзынӕ? Кӕд уый, ды куыд ӕнхъӕл уыдтӕ, уымӕй бирӕ зындӕр у, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕмӕ кӕд сымах ӕмбырдмӕ исчи рахызт, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уе ’мбырдыл тагъддӕр сахуыр уа?

ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ НОГ ӔМБЫРДЫЛ САХУЫР УАЙ?

Ахъуыды-ма кӕн, ног ран кӕй ныссадзынц, ахӕм бӕласы цӕвиттоныл. Куы йӕ скъахынц, уӕд ын йӕ уидӕгтӕн сӕ фылдӕр хай алыг кӕнынц, цӕмӕй йӕ ӕндӕр ранмӕ ахӕссӕн ӕнцондӕр уа. Ӕмӕ цӕмӕй ног бынаты ӕрфидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ уидӕгтӕ ауадза. Ӕмӕ уымӕн та хъӕуы рӕстӕг. Раст афтӕ дӕу дӕр хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй ног ӕмбырды ӕрфидар уай. Дӕ раздӕры ӕмбырды, ӕвӕццӕгӕн, «арф уидӕгтӕ» ауагътай, ома дын дзы уыд хорз ӕмбӕлттӕ ӕмӕ Хуыцауӕн ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кодтай. Ныр та дӕ хъӕуы ног уидӕгтӕ ауадзын, цӕмӕй та ног бынаты рӕзын райдайай. Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзысты Библийы уагӕвӕрдтӕ. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр чи фӕкӕсы, уый вӕййы «доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ афоныл дыргъ чи дӕтты ӕмӕ йӕ сыфтӕр кӕмӕн нӕ хус кӕны. Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн» (Пс. 1:1–3).

Цӕмӕй бӕлас рӕза, уый тыххӕй йӕ ӕдзух дон хъӕуы. Раст афтӕ чырыстон дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕхи Хуыцауы Ныхасӕй ӕфсада, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уа. Уӕдӕ раздӕрау алы бон дӕр Библи кӕс ӕмӕ ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цу. Дӕ бинонтимӕ иумӕ ӕдзухдӕр Библи ахуыр кӕн, стӕй йӕ дӕхӕдӕг дӕр иртас. Цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уай, уый тыххӕй дӕ раздӕр цы аразын хъуыди, ныр дӕр дӕ уый аразын хъӕуы.

«Иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты» (Ӕмб. 11:25).

Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы архайай, уӕд уый фӕрцы дӕр ног бынатыл тагъддӕр сахуыр уыдзынӕ. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Кевин, загъта: «Мӕ бинойнагимӕ ӕндӕр ӕмбырдмӕ куы рахызтыстӕм, уӕд нын ӕппӕты тынгдӕр баххуыс кодта, уайтагъд ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдтам, уый. Цыбыр рӕстӕгмӕ базонгӕ стӕм бынӕттон ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ пионертимӕ. Стӕй нӕ ног территорийы тыххӕй дӕр цыдӕртӕ базыдтам». Йӕ хӕдзарӕй иу-1 600 километры дарддӕр чи у, ахӕм ранмӕ цӕрынмӕ чи алыгъд, иу ахӕм ӕфсымӕр, Роджер, загъта: «Цӕмӕй ног ӕмбырдыл сахуыр уай, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр уацамынды цӕуын. Стӕй ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ, цӕттӕ кӕй дӕ, зӕгъӕм, Паддзахады зал бафснайынмӕ, ӕмбырды искӕй бӕсты хӕслӕвӕрд бацӕттӕ кӕнынмӕ кӕнӕ та искӕй ӕмбырдмӕ баласынмӕ. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы уыной, удуӕлдай адӕймаг кӕй дӕ, уӕд демӕ ӕнцонтӕй балымӕн уыдзысты».

«Уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут» (2 Кор. 6:13).

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис. Мелиссӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕндӕр ӕмбырдмӕ куы ахызтысты, уӕд архайын райдыдтой, цӕмӕй сын ног ӕмбӕлттӕ фӕзындаид. Мелиссӕ радзырдта: «Мах архайдтам, цӕмӕй-иу ӕмбырды размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр рӕстӕг ссардтаиккам хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ аныхас кӕнынӕн. Уый фӕрцы-иу сын ӕрмӕст салам нӕ радтам, фӕлӕ-иу семӕ хуыздӕр базонгӕ стӕм». Уый фӕрцы сын ӕнцондӕр уыд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕмттӕ бахъуыды кӕнын. Стӕй ма-иу ӕмбырдӕй кӕйдӕрты уазӕгуаты дӕр фӕхуыдтой. Афтӕмӕй сын фӕзынд ног ӕмбӕлттӕ. Мелиссӕ ма загъта: «Нӕ кӕрӕдзийӕн-иу нӕ телефоны номыртӕ радтам, цӕмӕй-иу нӕм ӕмбырды ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕрбадзурын сӕ бон уыдаид».

Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ ӕмӕ дын ног адӕмимӕ зонгӕ кӕнын зын вӕййы, уӕд дӕ бон у гыццыл хъуыддӕгтӕй райдайын. Зӕгъӕм, дӕ мидбылты-иу бахуд, худын дӕм куы нӕ цӕуа, уӕддӕр. Уӕд дӕ иннӕтӕ сӕхи дард нӕ ласдзысты. Библийы дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, «рухс цӕстӕнгас хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ» (Ӕмб. 15:30). Ног ранмӕ цӕрынмӕ чи алыгъд, иу ахӕм хо, Рейчел, загъта: «Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймаг дӕн. Ӕмӕ мын кӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр мӕ ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм бацӕуын, цӕмӕй-иу семӕ аныхӕстӕ кӕнон. Мӕ хъус фӕдарын, иунӕгӕй чи фӕбады, уыдонмӕ. Чи зоны, уыдон дӕр мӕнау ӕфсӕрмыгӕнаг сты». Хорз уаид, дӕ разы ахӕм нысан куы сӕвӕрис, цӕмӕй-иу алы ӕмбырды размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр искӕимӕ аныхас кӕнай.

Чи зоны дын ног ӕмбырды фыццаг рӕстӕг ӕнцон уа иннӕтимӕ зонгӕ кӕнын. Фӕлӕ дзы, чи зоны, уайтагъд макӕимӕ балымӕн уай. Уӕд-иу дӕ къухтӕ ма ӕруадз ӕмӕ дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй дӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ ссарай.

Цӕмӕй бӕлас ног бынаты ӕрфидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ уидӕгтӕ ногӕй ауадза

ЦӔМӔЙ НОГ ӔМБЫРДЫЛ САХУЫР УАЙ, УЫЙ ТЫХХӔЙ ХЪӔУЫ РӔСТӔГ

Ног ран кӕй ныссадзынц, уыцы бӕлӕстӕй кӕцыдӕрты арф уидӕгтӕ ауадзынӕн фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы. Махӕй дӕр кӕйдӕрты фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй ног ӕмбырдыл сахуыр уа, кӕйдӕрты та – къаддӕр. Кӕд, ног ӕмбырдмӕ куы рахызтӕ, уӕдӕй дзӕвгар рӕстӕг рацыд, фӕлӕ йыл ныр дӕр ма нӕ сахуыр дӕ, уӕд дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, дарддӕр Библийӕ цы уагӕвӕрдтыл цӕуы дзырд, уыдон.

«Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Гал. 6:9).

Цӕмӕй дӕ ног ӕмбырдыл сахуыр уай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, бахъӕуа, ӕнхъӕл цас уыдтӕ, уымӕй фылдӕр рӕстӕг. Зӕгъӕм, Галаады скъолайы фӕстӕ миссионертӕй бирӕтӕ, ног бынатмӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд барӕй цалдӕр азы сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ нӕ фӕцӕуынц. Уый фӕрцы бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл, стӕй ног ӕгъдӕуттыл тагъддӕр сахуыр вӕййынц.

Ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ цалдӕр хатты чи алыгъди, иу ахӕм ӕфсымӕр, Алехандро, йӕхицӕй зоны, адӕймаг ног уавӕртыл иу бонмӕ кӕй нӕ сахуыр вӕййы. Уый загъта: «Ардӕм цӕрынмӕ куы ралыгъдыстӕм, уӕд мӕ бинойнаг загъта: „Ме ’мбӕлттӕ иууылдӕр нӕ раздӕры ӕмбырды сты!“» Алехандро йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, дыууӕ азы размӕ уыцы ранмӕ куы алыгъдысты, уӕд дӕр раст ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта. Фӕлӕ йын дыууӕ азмӕ ног ӕмбырды дӕр фӕзынд хорз ӕмбӕлттӕ.

«Афтӕ ма дзур, раздӕр цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ уый зондджын адӕймаджы ныхас нӕу» (Еккл. 7:10).

Дӕ ног ӕмбырд дӕ раздӕры ӕмбырдимӕ ма бар. Чи зоны, дӕ ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕфсӕрмыгӕнагдӕр кӕнӕ та ӕргомдзырддӕр сты. Де ’ргом-иу здах, цы хорз миниуджытӕ сӕм ис, уыдонмӕ (уӕвгӕ сӕм ды дӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс). Ног ӕмбырдмӕ чи ахызт, уыдонӕй чидӕртӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй сӕ ног уавӕрты лӕмбынӕг ахъуыды кодтой ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон у мӕхицӕй афтӕ зӕгъын, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ме ’фсымӕрты „се ’ппӕты дӕр уарзын“?» (1 Пет. 2:17).

«Курут, ӕмӕ уын ратдзысты» (Лук. 11:9).

Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Дэвид, загъта: «Дӕхи хъарутӕй ныфсджын ма у. Бирӕ хъуыддӕгтӕ бакӕнын нӕ бон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ӕххуысӕй бауыдзӕн. Ӕмӕ дзы ӕххуыс кур!» Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Рейчел, афтӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицауимӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ нын ӕмбырд нӕхи бинонты хуызӕн нӕма у, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ фӕкувӕм. Фӕкувӕм ӕм, зӕгъгӕ нын ӕй равдис, кӕд, мыййаг, цыдӕр раст нӕ аразӕм, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн зын у, цӕмӕй немӕ балымӕн уой. Стӕй фӕархайӕм, цӕмӕй не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм».

Ныййарджытӕ, кӕд уӕ сывӕллӕттӕн ног ӕмбырды зын у, уӕд семӕ иумӕ уый тыххӕй кувут. Баххуыс сын кӕнут ног ӕмбӕлттӕ ссарынӕн, зӕгъӕм, искӕйты-иу уӕхимӕ фӕхонут.

УЕ ’МБЫРДМӔ ЧИ РАХЫЗТ, УЫДОНМӔ-ИУ ДӔ ХЪУС ФӔДАР

Кӕд ӕрӕджы уе ’мбырдмӕ исчи рахызт, уӕд ын дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? Бацархай, цӕмӕй йемӕ балымӕн уай. Ахъуыды кӕн, йӕ бынаты куы уаис, уӕд иннӕтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсис. Стӕй-иу архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕн (Матф. 7:12). Зӕгъӕм, дӕ бон ӕй у уӕ бинонты ахуырмӕ кӕнӕ нӕ телеуынынады ӕрвылмӕйон программӕмӕ бакӕсынмӕ фӕхонын. Кӕнӕ та йӕ дӕ бон у демӕ уацамынды акӕнын. Искуыдӕм ӕй абадынмӕ куы фӕхонай, уӕд дын дӕ хорздзинад никуы ферох кӕндзӕн. Ноджыдӕр ма дӕ бон куыд у, уе ’мбырдмӕ чи рахызт, уыдонӕн баххуыс кӕнын?

«Ног ӕмбырдмӕ куы рахызтыстӕм,– дзуры Карлос,– уӕд нын иу хо асламдӕр дуканитӕ бацамыдта. Уый нын стыр ӕххуыс фӕци». Ӕндӕрхуызон климӕт кӕм ис, ахӕм ранӕй чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕ фӕбузныг уыдзысты, куы сын радзурай, сӕрды, зымӕджы кӕнӕ къӕвдаты рӕстӕг цы фӕдарут, уый. Дӕ бон ма сын у хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр баххуыс кӕнын, зӕгъӕм, бынӕттон адӕмӕн сӕ истори кӕнӕ, цы диныл хӕст сты, уый радзурын.

УЫЙ ЙӔ ФЫДӔБОНЫ АРГЪ У

Статьяйы райдианы кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр, Аллен, ног ӕмбырды ныр иу азӕй фылдӕр ис. Уый радзырдта: «Фыццаг-иу мын зын уыд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ зонгӕ кӕнын. Фӕлӕ мын ныр систы мӕхи бинонты хуызӕн, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у». Аллен бамбӕрста, ног бынатмӕ кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй йе ’мбӕлттӕ къаддӕр кӕй нӕ фесты, фӕлӕ ма йын кӕй фӕзынд ног хорз ӕмбӕлттӕ дӕр.

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.