Алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут
«Кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси» (ХЪУЫД. 13:15).
ЗАРДЖЫТӔ: 121, 45
1, 2. Иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын ахсджиаг цӕмӕн у?
«МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ мӕ никуы раппӕлынц, ӕдзухдӕр мын уайдзӕфтӕ фӕкӕнынц,– загъта 18-аздзыд Кристинӕ 1.– Фӕзӕгъынц мын, дӕ карӕн чызг, дам, хъуамӕ ӕмбаргӕдӕр уа. Зонд, дам, дӕ никуы бацӕудзӕн. Стӕй, дам, уый цавӕр нард дӕ. Уый тыххӕй арӕх кӕугӕ дӕр фӕкӕнын ӕмӕ мӕм семӕ дзурын дӕр нӕ фӕцӕуы. Мӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсын». Куыд зын у, хорз ныхас куы никӕмӕй хъусай!
2 Адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс куы бафтауынц, уӕд ӕм цӕрын ӕрцӕуы. Рубен зӕгъы: «Бирӕ азты дӕргъы мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн. Фӕлӕ иу бон хистӕр нӕлгоймагимӕ хъусын кодтон, ӕмӕ йӕ бафиппайдта, мӕ чемыл кӕй нӕ дӕн. Уыдтон ӕй, йӕ зӕрдӕ мыл кӕй риссы, ӕмӕ йын ӕз дӕр мӕ дзуринӕгтӕ фӕдзырдтон. Ӕфсымӕр мӕм тынг лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ мын стӕй мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, хорзӕй мын цы бантыст, уыдӕттӕ. Ӕмӕ ма мын мӕ хъус ӕрдардта Йесойы ныхӕстӕм, махӕй алчидӕр бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр кӕй у. Ацы стих мӕ зӕрдыл арӕх ӕрлӕууы ӕмӕ мын абон дӕр мӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Уыцы хистӕр нӕлгоймаджы ныхӕстӕ мын тынг баххуыс кодтой» (Матф. 10:31).
3. а) Иннӕты фидар кӕныны тыххӕй апостол Павел цы загъта? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
3 Библи нын зӕгъы, ӕдзухдӕр нӕ кӕй хъӕуы кӕрӕдзийы ныфсыл Дзут. 3:12, 13). Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхицӕй зоныс, куыд ӕхсызгон вӕййы, исчи дын дӕ ныфсыл ныфс куы бафтауы. Уӕдӕ ӕркӕсӕм цалдӕр фарстамӕ: адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ахсджиаг цӕмӕн у? Иннӕты фидар кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйӕ, Йесойӕ ӕмӕ Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕ бон куыд у искӕмӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауын?
ныфс ӕфтауын. Апостол Павел, дзуттӕгтӕй чырыстон чи уыд, уыдонмӕ фыста: «Уӕдӕ уӕхи хъахъхъӕнут, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ удӕгас Хуыцауӕй мачи адард уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ма суа хӕлд ӕмӕ, уырнындзинад кӕм нӕй, ахӕм. Ӕмӕ... алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут [кӕнӕ «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут»], цӕмӕй уӕ тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа» (ХОРЗ НЫХАС АЛКӔЙ ДӔР ХЪӔУЫ
4. Ныфсы ныхӕстӕ кӕй хъӕуы, фӕлӕ сӕ абон афтӕ арӕх цӕуылнӕ вӕййы фехъусӕн?
4 Алкӕй дӕр хъӕуы ныфсы ныхӕстӕ. Уӕлдайдӕр та сывӕллӕтты фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕ сӕ ныййарджытӕ ныфс уадзой. Иу ахуыргӕнӕг, Тимоти Эванс, зӕгъы: «Сывӕллӕтты... хъӕуы ныфс уадзын, дидинджытыл дон кӕнын куыд хъӕуы, афтӕ». Стӕй ма загъта: «Сывӕллӕтты ныфс куы уадзай, уӕд афтӕ никуы хъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, ницы дӕн ӕмӕ никӕй хъӕуын». Фӕлӕ мах цӕрӕм фӕстаг бонты, ӕмӕ бирӕтӕ сты хиуарзон, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис, ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ дӕр арӕх нал фехъусдзынӕ (2 Тим. 3:1–5). Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй никуы феппӕлынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи ныййарджытӕй дӕр хорз ныхас никуы фехъуыстой. Хорз ныхӕстӕ ӕрмӕст сывӕллӕтты нӕ хъӕуы, фӕлӕ стырты дӕр. Фӕлӕ уыдонӕй дӕр арӕх нӕ феппӕлынц. Зӕгъӕм, бирӕтӕ хъаст кӕнынц, куысты сын сӕ фыдӕбоны тыххӕй бузныг дӕр кӕй ничи фӕзӕгъы.
5. Нӕ бон куыд у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын?
5 Цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, уый тыххӕй нӕ бон у, ӕмӕ-иу сӕ раппӕлӕм, исты хъуыддаг сын хорз куы рауайа, уӕд. Стӕй ма нӕ бон у, ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджыты тыххӕй дзурӕм ӕмӕ ныфссаст кӕнӕ ӕнкъард куы уой, уӕд-иу сӕ бафидар кӕнӕм (1 Фес. 5:14). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ арӕх кӕй вӕййӕм, уый фӕрцы нын вӕййы бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй-иу сӕ ныхасӕй барӕвдауӕм. (Бакӕс Екклесиаст 4:9, 10.) Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕ йӕ зонынц, цӕмӕн сын аргъ кӕнын ӕмӕ сӕ цӕмӕн уарзын? Уый равдисынӕн алы фадатӕй дӕр спайда кӕнын?» Ӕмӕ уал ацы фарстатӕн дзуапп раттыны размӕ ахъуыды кӕн, Библи цы зӕгъы, ууыл: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!» (Ӕмб. 15:23).
6. Хӕйрӕджы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта? Ӕрхӕсс цӕвиттон, ууыл куыд архайы, уымӕн.
6 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, афтӕмӕй уырнындзинады хъуыддаджы ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр кӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзыстӕм. Ӕмбисӕндты 24:10 фыст ис: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Иовӕн, цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд ӕмӕ йын иннӕтӕ цы дзырдтой, уый тыххӕй йӕ ныфс асастаид. Фӕлӕ йӕ фыдвӕндӕй ницы рауад. Иов Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад (Иов 2:3; 22:3; 27:5). Махӕн нӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы фыдвӕндты ныхмӕ фӕлӕууын, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс куы уадзӕм, уӕд. Уый фӕрцы нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн.
ФӔЗМИНАГ НЫН ЧИ У?
7, 8. а) Йегъовӕ-иу иннӕты куыд бафидар кодта? б) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
7 Йегъовӕ. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Пс. 34:18). Пехуымпар Йереми куы фӕтарст ӕмӕ йӕ ныфс куы асаст, уӕд ын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кодта (Йер. 1:6–10). Ахъуыды-ма кӕн, ацӕргӕ пехуымпар Данел дӕр куыд бафидар уыдаид, Хуыцау ӕм йӕ зӕды ӕххуысмӕ куы рарвыста, уӕд. Уыцы зӕд ӕй схуыдта «Хуыцауӕн тынг зынаргъ... адӕймаг»! (Дан. 10:8, 11, 18, 19). Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты, уыимӕ пионерты, стӕй азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой, уыдоны ныфсыл ныфс бафтауын?
8 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уӕлӕрвты иумӕ бирӕ азтӕ арвыстой, фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд дӕр ын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын кӕй хъуыди. Йесо дыууӕ хатты – хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕмӕ, зӕххыл фӕстаг аз куы лӕггад кодта, уӕд – фехъуыста, йӕ Фыд уӕлӕрвтӕй афтӕ кӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17; 17:5). Йесойӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, йӕ Фыд дзы сӕрыстыр кӕй у ӕмӕ йӕ бирӕ кӕй уарзы, уый фехъусын. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв куы хъуырдухӕн кодта, уӕд ӕм Йегъовӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лук. 22:43). Ныййарджытӕ, хорз уаид, Йегъовӕйы куы фӕзмиккат, ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты ныфсыл ныфс куы ӕфтауиккат. Хорзӕй исты куы саразынц, уӕд-иу сӕ раппӕлут. Кӕд скъолайы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц, уӕд сӕ уӕлдайдӕр хъӕуы фидар кӕнын.
9. Йесо йӕ апостолтӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
9 Йесо. Уый нын ныууагъта диссаджы цӕвиттон. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын бамбарын кодта, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сӕрныллӕг уой. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр кӕрӕдзиимӕ быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл. Петр та йӕхицӕй ӕппӕлыд, Йесойы кӕй никуы ныууадздзӕн, уымӕй (Лук. 22:24, 33, 34). Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕй раппӕлыд, йӕ фӕлварӕнты йемӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Стӕй ма сын ныфс бавӕрдта, йӕхӕдӕг цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уымӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй сараздзысты, ӕмӕ сын загъта, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы (Лук. 22:28; Иоан. 14:12; 16:27). Хъуамӕ нӕ алчидӕр ахъуыды кӕна: «Ӕз та Йесойы фӕзмын? Мӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ иннӕтӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕм ныккомкоммӕ вӕййын ӕви сӕ ӕппӕлгӕ фӕкӕнын?»
10, 11. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, апостол Павел йе ’фсымӕрты фидар кӕнын ахсджиаг хъуыддагыл кӕй нымадта?
10 Апостол Павел. Йӕ фыстӕджыты Павел йе ’мчырыстӕттӕй арӕх ӕппӕлыд. Кӕимӕдӕрты сӕ бирӕ азты дӕргъы балцыты цыди ӕмӕ сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕр зыдта, фӕлӕ уӕддӕр кодта сӕ хорзы кой. Зӕгъӕм, Тимофейы тыххӕй ныффыста, «уый у мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы», зӕгъгӕ, стӕй ма дзы загъта, иннӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы (1 Кор. 4:17; Фил. 2:19, 20). Титы тыххӕй та Коринфы чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, «уый у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг, мӕнау уый дӕр сымах тыххӕй фыдӕбон кӕны» (2 Кор. 8:23). Хӕрзаг, куыд тынг бафидар уыдаиккой Тимофей ӕмӕ Тит, Павел сӕ цы хъуыды кӕны, уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд!
11 Павел ӕмӕ Варнавӕ се ’фсымӕрты бафидар кӕныны тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ дӕр ӕппӕрстой. Зӕгъӕм, уыдон зыдтой, Листрӕйы цӕрджытӕ сӕ марынмӕ кӕй хъавынц, фӕлӕ уӕддӕр уырдӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй ног ахуыргӕнинӕгты бафидар кодтаиккой ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодтаиккой Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ (Хъуыд. 14:19–22). Фӕстӕдӕр Павелыл Ефесы дуне знӕт адӕм ӕрӕмбырд. Фӕлӕ уӕддӕр Хъуыддӕгты 20:1, 2 кӕсӕм: «Адӕм куы ’рсабыр сты, уӕд Павел ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафидар кодта, стӕй сын хӕрзбон загъта ӕмӕ араст Македонимӕ. Уыцы рӕтты цӕугӕйӕ Павел ахуыргӕнинӕгты бирӕ хорз ныхӕстӕй фидар кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ ацыди Грецимӕ». Бӕрӕг у, Павелӕн тынг ахсджиаг кӕй уыд иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын.
УӔ КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУТ
12. Ӕмбырдтӕм цӕуын хорз цӕмӕн у?
12 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕдзухдӕр иумӕ ӕмбырд кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ӕмбырдты нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ фыццаг ӕнусы куыд кодтой, афтӕ мах дӕр иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнынмӕ (1 Кор. 14:31). Статьяйы райдианы цы Кристинӕйы кой кодтам, уый загъта: «Ӕмбырдты мӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕуы, хотӕ ӕмӕ мӕ ӕфсымӕртӕ кӕй уарзынц ӕмӕ мын мӕ ныфсыл ныфс кӕй бафтауынц, уый. Иуӕй-иу хатт Паддзахады залмӕ ӕрбацӕуын ӕнкъардӕй. Фӕлӕ мӕм стӕй хотӕ бацӕуынц, ахъӕбыс мын кӕнынц ӕмӕ мын фӕзӕгъынц, цы рӕсугъд дӕ, зӕгъгӕ. Стӕй мын фӕзӕгъынц, кӕй мӕ уарзынц ӕмӕ сын ӕхсызгон кӕй у, уырнындзинады хъуыддаджы размӕ кӕй цӕуын. Ахӕм ныфсы ныхӕстӕй мыл базыртӕ базайы!» Ӕцӕгдӕр, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ алчидӕр иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауа! (Ром. 1:11, 12).
13. Хуыцауӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр цӕмӕн хъӕуы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын?
13 Хуыцауӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр хъӕуы фидар кӕнын. Ахъуыды-ма кӕн Йесо Навиныл. Уый Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид: «Йесойы разамонӕгӕй сӕвӕр, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтау ӕмӕ йӕ бафидар кӕн, уымӕн ӕмӕ фаллаг фарсмӕ ацы адӕмы разӕй уый ахиздзӕн ӕмӕ сӕ уый бакӕндзӕн, кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой» (Дык. з. 3:27, 28). Йесо хъуамӕ йӕхимӕ райстаид стыр хӕс: израилӕгты хъуыди Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсын, ӕмӕ сын уый та хъуамӕ разамынд лӕвӕрдтаид. Уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд, стӕй израилӕгтӕ ӕппынкъаддӕр иу хатт се знӕгтӕй лидзӕг фесты (Йес. Н. 7:1–9). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо Навинӕн хъуыди йӕ ныфсыл ныфс бафтауын! Уӕдӕ цӕй ӕмӕ мах дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ районон цӕстдарджытӕн, Хуыцауы адӕмы тыххӕй бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн, сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12, 13.) Иу районон цӕстдарӕг загъта: «Хатт нын ӕфсымӕртӕ ныффыссынц бузныджы ныхӕстӕ. Ныффыссынц нын, куыд ӕхсызгон сын уыди, се ’мбырд сын кӕй бабӕрӕг кодтам, уый. Уыцы фыстӕджытӕ нӕхимӕ дарӕм ӕмӕ нын ӕнкъард куы вӕййы, уӕд сӕ райсӕм ӕмӕ та сӕ ногӕй бакӕсӕм. Уый нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауы».
14. Искӕмӕн уынаффӕ куы дӕттӕм, уӕд дзы раппӕлын дӕр хорз цӕмӕн уаид? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ныййарджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймагӕй куы раппӕлай ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс куы бафтауай, уӕд ӕхсызгондӕрӕй байхъусдзӕн, Библийӕ йын цы уынаффӕ дӕттай, уымӕ. Павел коринфӕгтӕй куы раппӕлыд, йӕ уынаффӕмӕ йын кӕй байхъуыстой, уый тыххӕй, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы зӕрдиагдӕрӕй бафӕндыд дарддӕр рӕстӕй архайын (2 Кор. 7:8–11). Андреас у дыууӕ сывӕллоны фыд, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Сывӕллӕтты ныфсыл ныфс куы ’фтауай, уӕд сын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн уырнындзинады хъуыддаджы дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр. Уынаффӕ дӕтгӕйӕ дӕр сӕ ӕппӕлгӕ куы кӕнай, уӕд дӕ уынаффӕты уыдзӕн стырдӕр тых. Кӕд нӕ сывӕллӕттӕ фӕзонынц, раст цы у, уый, уӕддӕр, цӕмӕй архайгӕ дӕр афтӕ кӕной, уый тыххӕй сын ӕдзухдӕр хъӕуы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын».
ДӔ БОН КУЫД У ИННӔТЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУЫН?
15. Иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауынӕн иу мадзал цавӕр у?
15 Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты фыдӕбонӕн ӕмӕ сӕ хорз миниуджытӕн кӕй аргъ кӕныс, уый тыххӕй-иу сын зӕгъ (2 Аз. 16:9; Иов 1:8). Кӕд афтӕ архайыс, уӕд фӕзмыс Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы. Уыдон тынг аргъ кӕнынц, сӕ номыл цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн, кӕд нӕ цас фӕнды, уыйбӕрц нӕ бон нӕу аразын, уӕддӕр. (Бакӕс Лукайы 21:1–4; 2 Коринфӕгтӕм 8:12.) Зӕгъӕм, нӕ зынаргъ ацӕргӕты бирӕ тыхтӕ бахъӕуы ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуынӕн. Ӕмӕ сӕ куыннӕ хъуамӕ ӕппӕлӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куыннӕ хъуамӕ ӕфтауӕм!
16. Иннӕты бафидар кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм?
16 Иннӕты бафидар кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕн. Кӕд ӕй уыныс, ӕмӕ адӕймагӕй раппӕлӕн ис, уӕд дзы раппӕл. Павел ӕмӕ Варнавӕ Писидийы Антиохийы куы уыдысты, уӕд сӕм ӕмбырдгӕнӕны хистӕртӕ барвыстой ахӕм ныхас: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси». Ӕмӕ Павел дӕр уыцы фадатӕй спайда кодта ӕмӕ диссаджы раныхас радзырдта (Хъуыд. 13:13–16, 42–44). Уӕдӕ дӕ бон куы уа ныхасӕй искӕй бафидар кӕнын, уӕд-иу ын ӕй ма бавгъау кӕн. Ӕмӕ дын уӕд иннӕтӕ дӕр сӕ хорз ныхӕстӕ не ’вгъау кӕндзысты (Лук. 6:38).
17. Иннӕтӕй ӕппӕлын ӕппӕты хуыздӕр куыд уаид?
17 Бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй ӕппӕл. Адӕймагӕй ӕнӕуи раппӕлай, уый хорз у, фӕлӕ Йесо Фиатирӕйы чырыстӕттӕм цы ныхас арвыста, уымӕй бӕрӕг у, бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй ӕппӕлын хуыздӕр кӕй у. (Бакӕс Раргомад 2:18, 19.) Зӕгъӕм, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм хойӕ дӕ бон цӕй тыххӕй уаид раппӕлын? Сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу. Ӕмӕ дзы дӕ бон у раппӕлын, ахӕм уавӕры дӕр сӕ хорз хъомыл кӕныныл кӕй архайы, уый тыххӕй. Йе та кӕд дӕхӕдӕг дӕр ныййарӕг дӕ, уӕд-иу дӕ сывӕллӕттӕй раппӕл, Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Хорзӕй сын цы бантыст, уый-иу сын зӕгъ. Иннӕтӕй бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй куы ’ппӕлай, уӕд ӕй ӕмбардзысты, ӕцӕгдӕр сын кӕй аргъ кӕныс.
18, 19. Нӕ бон куыд у нӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнын?
18 Йегъовӕ Моисейӕн комкоммӕ куыд загъта, Йесо Навины бафидар кӕн, зӕгъгӕ, афтӕ махӕн нӕ зӕгъдзӕн, уӕртӕ уыцы адӕймаджы бафидар кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ ныхас нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр ныфсы хос куы уа, уӕд нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн (Ӕмб. 19:17; Дзут. 12:12). Зӕгъӕм, раныхас цы ӕфсымӕр радзырдта, уымӕн нӕ бон у зӕгъын, йӕ раныхасы нӕхицӕн цы хорз уынаффӕ фехъуыстам кӕнӕ нын цавӕрдӕр стих бамбарынӕн куыд баххуыс кодта. Иу хо, раныхас чи радзырдта, уыцы ӕфсымӕрӕн ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Кӕд цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ аныхас кодтам, уӕддӕр ӕй бамбӕрстай, мӕ зӕрдӕ сагъӕстӕй йедзаг кӕй уыд, ӕмӕ мӕ бафидар кодтай. Раст мыл базыртӕ базад. Сценӕйӕ дӕр ӕмӕ, мемӕ куы ныхас кодтай, уӕд дӕр афтӕ фӕлмӕнӕй дзырдтай, ӕмӕ мын уый уыд Йегъовӕйы лӕвар».
19 Павелы уынаффӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу бирӕ фадӕттӕ ссардзыстӕм, цӕмӕй иннӕты уырнындзинад бафидар кӕнӕм. Павел загъта: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11). Нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс куы ’фтауӕм, уӕд нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн!
^ 1 1 абзац: иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.