3 Иоанны 1:1—14
1 Хистӕр нӕлгоймаг+ фыссы Гаймӕ, зынаргъ ын чи у ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй уарзы+, уымӕ.
2 Мӕ уарзон+ ӕфсымӕр, ӕз кувын, цӕмӕй дын нырмӕ куыд ӕнтыст алцыдӕр+, афтӕ дын дарддӕр дӕр алцы ӕнтыса+ ӕмӕ ӕнӕниз уай+.
3 Ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ мын, рӕстдзинадыл фидар кӕй хӕцыс, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд тынг бацин кодтон. Ӕхсызгон мын у, дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый+.
4 Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа*!+
5 Мӕ уарзон ӕфсымӕр, куыд иузӕрдион дӕ, уый ӕвдисыс, ӕфсымӕртӕн+ кӕй лӕггад кӕныс, уымӕй, кӕд сӕ нӕ фӕзоныс+, уӕддӕр.
6 Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбырды радзырдтой дӕ уарзондзинады тыххӕй. Курын дӕ, афӕндараст сӕ кӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ+,
7 уымӕн ӕмӕ уыдон йӕ номы тыххӕй ацыдысты ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй* ницы райстой+.
8 Гъемӕ мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй-иу ахӕм адӕмы суазӕг кӕнӕм+, цӕмӕй рӕстдзинады суӕм ӕмкусджытӕ+.
9 Ӕмбырдмӕ фыстӕг ныффыстон, фӕлӕ нын Диотреф нӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр+ ницӕмӕ дары+. Уый уарзы, цӕмӕй се ’хсӕн алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уа+.
10 Гъемӕ уӕм куы ’рцӕуон, уӕд раргом кӕндзынӕн, нӕ фыдкой кӕнгӕйӕ+ цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон+. Ӕмӕ йын уыдӕттӕ фаг не сты, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты+ дӕр не суазӕг кӕны, стӕй, се суазӕг кӕнын кӕй фӕнды+, уыдоны дӕр нӕ уадзы+ ӕмӕ архайы, цӕмӕй сӕ ӕмбырдӕй ратӕра+.
11 Мӕ уарзон ӕфсымӕр, ӕвзӕр адӕмы нӕ, фӕлӕ хорз адӕмы фӕзм+. Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый у Хуыцауӕй+. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый Хуыцауы нӕ федта*+.
12 Ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр Дмитрийы хорзы кой кӕнынц+, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕры, уымӕй дӕр. Уӕвгӕ, мах дӕр дзы уый зӕгъӕм+, ӕмӕ нӕ ныхас раст кӕй у, уый ды хорз зоныс+.
13 Дӕуӕн мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ уыди, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, гӕххӕттыл дӕм сӕ фыссон, уый+.
14 Ныфс мӕ ис, дӕхи дын кӕй фендзынӕн ӕмӕ кӕй фӕныхас кӕндзыстӕм+.
Хуыцауы фарнӕй хайджын у!+
Не ’мбӕлттӕ* дын салӕмттӕ ӕрвитынц+. Мӕ номӕй салӕмттӕ ратт+ не ’мбӕлттӕй алкӕмӕн дӕр.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уымӕй тынгдӕр бузныг цӕй тыххӕй хъуамӕ уон».
^ Амоны, Чырыстийыл чи не ’ууӕндыд, уыдонмӕ.
^ Ома нӕ базыдта.
^ Ам дзырд «ӕмбӕлттӕ» амоны чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм.