2 Самуилы 3:1—39

3  Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст бирӕ рӕстӕг ахаста+. Давид кодта фидарӕй-фидардӕр+, Саулы хӕдзар та – лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр+.  Уӕдмӕ Давидӕн Хевроны+ райгуырд фырттӕ+: йӕ хистӕр фырт – Амнон+, изреелаг Ахиноамӕйӕ+;  дыккаг фырт – Килеав+, кармилаг Навалы ус чи уыд, уыцы Авигейӕйӕ+; ӕртыккаг – Авессалом+, Гессуры паддзах Фалмайы+ чызг Маахӕйӕ;  цыппӕрӕм – Адони+, Аггифӕйӕ+; фӕндзӕм – Сафати+, Авиталӕйӕ;  ӕхсӕзӕм – Ифреам+, Еглӕйӕ, Давиды усӕй. Ацы фырттӕ Давидӕн райгуырдысты Хевроны.  Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст куы цыди, уыцы рӕстӕг Авенир+ та архайдта, цӕмӕй Саулы хӕдзары йӕ бартӕ ӕрфидар кодтаид.  Саулӕн уыди номылус, Рицпӕ+, зӕгъгӕ, Айӕйы+ чызг. Ӕмӕ Йевосфей+ Авенирӕн загъта: «Мӕ фыды номылусимӕ+ ӕмуат цӕмӕн ӕрцыдтӕ?»  Авенир Йевосфейы ныхӕстӕм рамӕсты+ ӕмӕ йын загъта: «Фӕлӕуу-ма, ӕз ам Иудӕйӕн куыдзы+ сӕр дӕн? Ӕз дӕ фыд Саулы хӕдзарӕн, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн ме ’нувыд уарзт не ’вгъау кӕнын, ӕмӕ дӕу дӕр Давиды къухтӕм нӕ радтон. Ды та мӕ цыдӕр сылгоймаджы тыххӕй аххосджын кӕныс.  Хуыцауы фыдӕх баййафӕд+ Авениры, Йегъовӕ Давидӕн+ цӕмӕй расомы кодта, уый куы нӕ саразон, 10  Саулы хӕдзарӕй паддзахад куы нӕ байсон ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн куы не сфидар кӕнон Израилы ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Вирсавийы онг»+. 11  Ӕмӕ Йевосфейӕн иу ныхас дӕр йӕ бон нал баци Авенирӕн зӕгъын, уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодта+. 12  Авенир уайтагъд Давидмӕ минӕвӕрттӕ арвыста, цӕмӕй йын загътаиккой: «Кӕй у ацы зӕхх? Мемӕ бадзырд скӕн, ӕмӕ дын ӕз баххуыс кӕндзынӕн, цӕмӕй Израил ӕгасӕй дӕр дӕ фарс слӕууа»+. 13  Давид загъта: «Хорз, скӕндзынӕн демӕ бадзырд. Ӕрмӕст дын иу хъуыддаг зӕгъын: Саулы чызг Мелхолӕйы+ демӕ куы не ’ркӕнай, уӕд мӕ нӕ фендзынӕ+». 14  Уый фӕстӕ Давид минӕвӕрттӕ арвыста Саулы фырт Йевосфеймӕ+, зӕгъгӕ мын ратт мӕ ус Мелхолӕйы, сӕдӕ филистимаджы ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕроныл+ кӕй тыххӕй бафидыдтон, уый». 15  Гъемӕ Йевосфей Мелхолӕмӕ арвыста ӕмӕ йӕ ракодта йӕ лӕгӕй, Лаисы фырт Фалтиилӕй+. 16  Йӕ лӕг та суанг Бахуриммӕ+ йӕ фӕдыл цыди ӕмӕ куыдта. Уӕд ын Авенир загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ!» Ӕмӕ уӕд аздӕхт. 17  Уӕдмӕ та Авенир ныхас кодта Израилы хистӕр лӕгтимӕ ӕмӕ сын загъта: «Знон дӕр ӕмӕ уӕ уымӕй размӕ дӕр+ фӕндыд Давиды уӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрын. 18  Уӕдӕ ныр хъуыддагмӕ бавналут, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Давидӕн загъта: „Ӕз мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕй ӕмӕ се ’ппӕт знӕгтӕй дӕр фервӕзын кӕндзынӕн мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды+ фӕрцы“». 19  Уый фӕстӕ Авенир аныхас кодта Вениамины+ фырттимӕ дӕр, ӕмӕ стӕй ацыд Давидмӕ Хевронмӕ, цӕмӕй йын радзырдтаид, Израил ӕмӕ Вениамины ӕгас мыггаг цӕуыл сразы сты, уыдӕттӕ иууылдӕр. 20  Авенир дыууын лӕгимӕ Давидмӕ Хевронмӕ куы ’рцыд, уӕд Давид Авенирӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн куывд скодта+. 21  Ӕмӕ Авенир Давидӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр мӕ буц хицаумӕ, паддзахмӕ, ӕрӕмбырд кӕнон, цӕмӕй демӕ бадзырд скӕной, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы+, афтӕ се ’ппӕтӕн дӕр паддзах суай». Гъемӕ Давид Авениры ауагъта, ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыд+. 22  Уыцы рӕстӕг Давиды лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Иоав балцӕй ӕрбацӕйздӕхтысты, семӕ бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрбахастой+. Авенир та Давидимӕ Хевроны нал уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Давид ауагъта, ӕмӕ Авенир йӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыд. 23  Иоав+ ӕмӕ йе ’фсад куы ’рбацыдысты, уӕд Иоавӕн радзырдтой: «Ниры+ фырт Авенир+ паддзахмӕ уыди, ӕмӕ йӕ паддзах сӕрӕгасӕй ауагъта». 24  Иоав паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакуыстай?+ Авенир дӕм куы уыди, уӕд ӕй цӕмӕн ауагътай? 25  Хорз куы зоныс Ниры фырт Авениры. Уый тыххӕй дӕм ӕрбацыд, цӕмӕй дыл хинӕй рацӕуа, цӕмӕй дын базона дӕ ацыд ӕмӕ де ’рбацыд+ ӕмӕ дӕ алы хъуыддаг дӕр»+. 26  Иоав Давидӕй рацыд ӕмӕ Авениры фӕдыл адӕмы арвыста, ӕмӕ йӕ Сирӕйы доны дзыхъхъӕй фӕстӕмӕ ракодтой+. Давид та уый тыххӕй ницы зыдта. 27  Авенир Хевронмӕ+ куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй Иоав акодта иуварс, кулдуары рӕбынмӕ, хибарӕй аныхас кӕнӕм, зӕгъгӕ+. Фӕлӕ йын уым йӕ гуыбыны+ хъама фӕцавта, йе ’фсымӕр Асаилы+ туг ын кӕй ныккалдта, уый тыххӕй, ӕмӕ Авенир амард. 28  Уыцы хабар Давид куы фехъуыста, уӕд загъта: «Йегъовӕйы раз ӕз ӕмӕ мӕ паддзахад Ниры фырт Авениры тугӕй сыгъдӕг стӕм ӕнустӕм+. 29  Йӕ туг уӕд Иоавыл+ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарыл, ӕмӕ Иоавы хӕдзар+ цух ма уӕд, йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+, хъотыр кӕуыл ис+, нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ, ӕлвисгӕ+ чи кӕны, карды комӕй чи фӕмард кӕнӕ къӕбӕрцух чи у, ахӕмӕй!»+ 30  Иоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авессӕ+ та Авениры+ амардтой, се ’фсымӕр Асаилы сын Гаваоны раз тохы кӕй амардта, уый тыххӕй+. 31  Уый фӕстӕ Давид Иоавӕн ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Уӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуынут+ ӕмӕ уӕ астӕутыл хъисынтӕ ӕрбакӕнут+ ӕмӕ кӕут Авенирыл». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр цыд марды сынты фӕдыл. 32  Авениры бавӕрдтой Хевроны. Ӕмӕ Авениры ингӕны раз паддзах хъӕрӕй ныккуыдта, ӕмӕ адӕм дӕр иууылдӕр ныккуыдтой+. 33  Паддзах Авенирыл хъарӕг кодта:«Авенир ӕнӕзӕндты+ мардӕй хъуамӕ амардаид? 34  Дӕ къухтӕ баст куы нӕ уыдысты+,Дӕ къӕхтыл ӕрхуы хъадамантӕ куы нӕ уыд+.Фыдгӕнджыты+ къухӕй куыд фесӕфынц, афтӕ фесӕфтӕ».Ӕмӕ та йыл адӕм иууылдӕр ныккуыдтой+. 35  Уыцы бон фӕстӕдӕр адӕм Давидмӕ бацыдысты ӕмӕ йын дзул бахастой+, йӕ зӕрдӕ гыццыл фӕфидар уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Давид расомы кодта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, хурныгуылдӕй раздӕр+ мӕ дзыхмӕ дзул кӕнӕ ӕндӕр исты куы схӕссон!» 36  Адӕм иууылдӕр уый куы федтой, уӕд сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, паддзах куыд бакодта, уый. Ӕниу, паддзах цыфӕнды ма арӕзтаид,– йӕ алы хъуыддаг дӕр цыди адӕмы зӕрдӕмӕ+. 37  Уыцы бон адӕм иууылдӕр ӕмӕ ӕгас Израил дӕр бамбӕрстой, Ниры фырт Авениры паддзах кӕй нӕ амарын кодта+. 38  Паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Зонут ӕй: абон Израилы фӕмард кънйаз ӕмӕ номдзыд адӕймаг+. 39  Ӕз нырма фидар нӕ дӕн, кӕд мӕ паддзахӕй сӕвӕрдтой*+, уӕддӕр. Ацы адӕм та, Саруйӕйы+ фырттӕ, тынг ӕгъатыр сты+. Уадз ӕмӕ Йегъовӕ бафидӕд ӕвзӕргӕнӕгӕн йе ’взӕрдзинадмӕ гӕсгӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «байсӕрстой».