2 Самуилы 16:1—23

16  Давид хохы сӕрӕй иу гыццыл дӕлӕмӕ куы ’рцыд+, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ размӕ рацӕуы Сивӕ+, Мемфивосфейы+ лӕггадгӕнӕг, дыууӕ хӕрӕджы+ ӕд сӕргътӕ ракӕны, афтӕмӕй. Хӕрджытыл ӕвӕрд уыди дыууӕсӕдӕ дзулы+, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй+, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы сӕрдыгон дыргътӕй+ ӕмӕ стыр сӕны дурын+.  Паддзах Сивӕйы бафарста: «Уыдон та дын цы сты?»+ Сивӕ йын загъта: «Хӕрджытӕ – цӕмӕй сыл паддзахы хӕдзаронтӕ цӕуой, дзул ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕй тъӕпӕн гуылтӕ – лӕппутӕн+ хӕрынӕн, сӕн та – ӕдзӕрӕг быдыры+ чи бафӕллайа+, уымӕн йӕ ком ахуылыдз кӕнынӕн».  Уӕд ӕй паддзах бафарста: «Ӕмӕ дӕ хицауы фырт та кӕм ис?»+ Сивӕ йын дзуапп радта: «Иерусалимы ис. Афтӕ загъта: „Ныр мын Израилы адӕм мӕ фыды паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ ратдзысты“»+.  Ӕмӕ уӕд паддзах Сивӕйӕн загъта: «Мемфивосфейы исбон иууылдӕр у дӕу!»+ Ӕмӕ Сивӕ загъта: «Ныллӕг дын кувын+, мӕ буц хицау. Амӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕ дӕ хорзӕх уӕд, о паддзах».  Паддзах Давид Бахуриммӕ+ куы бахӕццӕ, уӕд уырдыгӕй рацӕйцыд иу лӕг, Шимей+, зӕгъгӕ, Герӕйы фырт, Саулы хӕдзарвӕндагӕй. Ӕмӕ куыд цыди, афтӕ ӕлгъыста+.  Стӕй паддзах Давидыл ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл дуртӕ ӕхсын райдыдта. Адӕм та иууылдӕр ӕмӕ хъӕбатыр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цыдысты паддзахӕн йӕ рахиз фӕрсты ӕмӕ йӕ галиу фӕрсты.  Шимей ӕлгъитгӕ цыди ӕмӕ хъӕр кодта: «Фесӕф, фесӕф ардыгӕй, лӕгмар+, ӕнаккаг!+  Йегъовӕ дӕ исы, паддзахӕй кӕй бынаты сбадтӕ, уыцы Саулы хӕдзарвӕндаджы туг. Ӕмӕ Йегъовӕ паддзахы бартӕ дӕтты дӕ фырт Авессаломы къухмӕ. Лӕгмар дӕ, ӕмӕ дыл ахӕм бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыд!»+  Уӕд Саруйӕйы+ фырт Авессӕ паддзахӕн загъта: «Ацы мард куыдз+ мын мӕ буц хицауы куыд ӕлгъиты?+ Бар мын ратт, ӕмӕ йын йӕ сӕр акъуырон»+. 10  Фӕлӕ паддзах загъта: «Мах цы хъуыддаг ис уымӕ+, Саруйӕйы фырттӕ?+ Уадз ӕмӕ ӕлгъита+, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта+: „Ралгъит Давиды!“ Ӕмӕ йын чи зӕгъдзӕн, афтӕ цӕмӕн бакодтай, зӕгъгӕ?»+ 11  Стӕй Давид Авессӕйӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕхи фырт, мӕнӕй чи рацыд, уый мӕ марынмӕ куы хъавы+, уӕд ма Вениамины фыртӕй та цы домон?+ Ныууадзут ӕй, уадз ӕмӕ ӕлгъита, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта афтӕ! 12  Кӕд Йегъовӕ ӕркӕсид+ ӕмӕ мын кӕд Йегъовӕ хорздзинад ракӕнид, абон мӕ Шимей кӕй ӕлгъиты, уый тыххӕй»+. 13  Ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм дарддӕр цыдысты сӕ фӕндагыл. Шимей та сӕ фӕрсты къуылдымыл цыд ӕмӕ йӕ ӕлгъыста+. Цыди ӕмӕ йыл дуртӕ ӕхста ӕмӕ йыл сыджыт калдта+. 14  Ӕппынфӕстаг паддзах ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыд, уыдон бынатмӕ ӕрхӕццӕ сты. Тынг бафӕлладысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты, цӕмӕй баулӕфыдаиккой+. 15  Уӕдмӕ та Авессалом ӕмӕ адӕм иууылдӕр, израилӕгтӕ, бацыдысты Иерусалиммӕ+. Йемӕ уыд Ахитофел дӕр+. 16  Архитаг+ Хуси+, Давиды ӕрдхорд+, бацыд Авессаломмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!+ Ӕгас цӕуӕд паддзах!» 17  Авессалом Хусийӕн загъта: «Де ’рдхорды ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый уымӕй равдыстай? Цӕуылнӕ ацыдтӕ де ’рдхордимӕ?»+ 18  Хуси Авессаломӕн дзуапп радта: «Цытӕ дзурыс! Ӕз, Йегъовӕ кӕй равзӕрста, ӕмӕ ацы адӕм ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй равзӕрстой, уый бар кӕнын мӕхи ӕмӕ уыимӕ уыдзынӕн. 19  Ноджыдӕр ма йӕ зӕгъын: кӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнон? Йӕ фыртӕн хъуамӕ ма лӕггад кӕнон? Дӕ фыдӕн куыд лӕггад кодтон, афтӕ лӕггад кӕндзынӕн дӕуӕн дӕр»+. 20  Уый фӕстӕ Авессалом Ахитофелӕн загъта: «Исты-ма нын бауынаффӕ кӕн+. Куыд бакӕнӕм?» 21  Уӕд Ахитофел Авессаломӕн загъта: «Дӕ фыды номылустытимӕ+, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта+, уыдонимӕ, ӕмуат ӕрцу. Ӕмӕ дӕ дӕ фыд+ йе сӕфт кӕй федта+, уый ӕгас Израилы адӕм куы фехъусой, уӕд, демӕ чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕныфсджын+ уыдзысты». 22  Ӕмӕ Авессаломӕн хӕдзары сӕр+ цатыр сӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу уым ӕгас Израилы раз+ йӕ фыды номылустытимӕ+ ӕмуат ӕрцыд. 23  Уыцы рӕстӕг Ахитофелы+ алы уынаффӕ+ дӕр нымадтой, раст цыма ӕцӕг Хуыцауы ныхас уыд, афтӕ. Ахӕм цӕстӕй кастысты йӕ уынаффӕтӕм Давид дӕр ӕмӕ Авессалом дӕр.

Фиппаинӕгтӕ