1 Тимофеймӕ 2:1—15

2  Уӕдӕ уын фыццаджыдӕр фӕдзӕхсын: Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнут, кувут+ ӕм, курут дзы ӕмӕ йын бузныг дзурут алыхуызон адӕймӕгты тыххӕй+,  стӕй паддзӕхты+ ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй+, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст+.  Афтӕ кӕнат, уый хорз у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы+ цӕсты ӕмӕ йын у ӕхсызгон+.  Уый фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм+, рӕстдзинад*+ цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+ ӕмӕ фервӕзой+.  Ис иу Хуыцау+, стӕй Хуыцау+ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн+ дӕр ис иу ӕхсӕны лӕг+ – адӕймаг Йесо Чырысти+.  Уый йӕхи радта, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна*+, ӕмӕ уый тыххӕй хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн йӕ рӕстӕджы.  Ӕз дӕр уый тыххӕй фехъусын кӕнынӕн+ ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн хъусынгӕнӕгӕй+ ӕмӕ апостолӕй+ – ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад+ ӕмӕ рӕстдзинады* тыххӕй базонынӕн,– раст цы у, уый зӕгъын+, нӕ сайын.  Гъемӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй, иумӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййут, уым-иу нӕлгоймӕгтӕ сӕ къухтӕ сдаргӕйӕ Хуыцаумӕ кувой, уой иузӕрдион+, мӕсты ма кӕной+ ӕмӕ быцӕу макӕимӕ кӕной, афтӕмӕй+.  Фӕнды ма мӕ, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕной*, сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ кӕй бийынц, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт* кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ кӕй дарынц, уымӕй нӕ+, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм+ ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. 10  Стӕй сӕхи хъуамӕ рӕсугъд кӕной, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ+ – хорз хъуыддӕгтӕй+. 11  Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕнӕдзургӕйӕ, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕсӕй+. 12  Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ искӕй ахуыр кӕна+ кӕнӕ йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна+, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд. 13  Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы+. 14  Стӕй сайд дӕр Адамыл не ’рцыд+, фӕлӕ сылгоймагыл ахӕм сайд ӕрцыд+, ӕмӕ сси фыдгӕнӕг*+. 15  Фӕлӕ сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза+, уӕд ӕй уый хъахъхъӕндзӕн, ӕрмӕст ӕм кӕд дарддӕр дӕр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад уа, кӕд Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ уа, уӕд+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафида».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
Кӕнӕ «сӕ фидауц уа».
Кӕнӕ «дзындз»; уырыс. «жемчуг».
Кӕнӕ «закъонхалӕг».