1 Самуилы 4:1—22
4 Ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас Самуилы уылты дзырдта ӕгас Израилӕн.
Иуафон Израилы адӕм филистимӕгтимӕ схӕцынмӕ рацыдысты, ӕмӕ Авен-Езеры+ раз ӕрбынат кодтой, филистимӕгтӕ та ӕрбынат кодтой Афекы+.
2 Филистимӕгтӕ дӕр Израилы ныхмӕ гӕрзифтонгӕй рацыдысты+, ӕмӕ карз тох бацайдагъ. Ӕмӕ филистимӕгтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой+, тохы быдыры дзы цыппар мин адӕймаджы бӕрц ныццагътой.
3 Адӕм сӕ цатыртӕм куы ’рбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ загътой: «Цӕмӕн бауагъта Йегъовӕ, цӕмӕй ныл абон филистимӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой?+ Цом, ӕмӕ Силомӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын рахӕссӕм+, цӕмӕй не ’хсӕн уа ӕмӕ нӕ не знӕгты къухӕй ирвӕзын кӕна».
4 Гъемӕ Силоммӕ арвыстой ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бадзырды чырын, херувимтыл+ чи бады, уыцы Хуыцауы бадзырды чырын уырдыгӕй рахастой. Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынимӕ та рацыдысты Илийы дыууӕ фырты, Офни ӕмӕ Финеес+.
5 Куыддӕр Йегъовӕйы бадзырды чырын, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм ӕрбахӕццӕ, афтӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ахӕм хъӕр систой+, ӕмӕ сӕ хъӕрӕй зӕхх ӕнкъуысыд.
6 Уыцы хъӕр филистимӕгтӕ дӕр фехъуыстой ӕмӕ загътой: «Уый цӕй хъӕр+ хъуысы дзуттӕгтӕй?» Ӕмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын кӕй ӕрхастой, уый куы базыдтой,
7 уӕд старстысты. Загътой: «Хуыцау ӕрцыд дзуттӕгты ’хсӕнмӕ!+ Сӕфӕм, ахӕм хабар никуыма уыд!
8 Фесӕфтыстӕм! Чи нӕ фервӕзын кӕндзӕн ацы хъомысджын Хуыцауы къухӕй? Уый у, египетӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры алы бӕллӕхтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ сӕ чи фӕцагъта, уыцы Хуыцау+.
9 Филистимӕгтӕ, хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ лӕгдзинад равдисут! Науӕд дзуттӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут, уыдон уын куыд лӕггад кодтой, афтӕ+. Равдисут уӕ лӕгдзинад, схӕцут!»
10 Гъемӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилимӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой+, ӕмӕ израилӕгтӕй алчи йӕ цатырмӕ фӕлыгъди+. Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди+ – ӕртын мин фистӕг хӕстоны+.
11 Хуыцауы бадзырды чырын дӕр байстой+, Илийы дыууӕ фырты Офни ӕмӕ Финеес та фӕмард сты+.
12 Вениамины мыггагӕй иу адӕймаг тохы быдырӕй алыгъд ӕмӕ уыцы бон ӕрхӕццӕ Силоммӕ, йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ йӕ сӕрыл сыджыт байзӕрста, афтӕмӕй+.
13 Куы ’рбахӕццӕ, уӕд Илий фӕндаггӕрон бандоныл бадт ӕмӕ каст, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынӕн тарсти+. Уыцы адӕймаг горӕтмӕ бацыд ӕмӕ хабар радзырдта, ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕты адӕм ӕрдиаг кӕнын райдыдтой.
14 Илий фехъуыста адӕмы хъӕр ӕмӕ загъта: «Уый цӕй хъӕлӕба у?»+ Уыцы адӕймаг та Илиймӕ тагъд кодта, цӕмӕй йын алцыдӕр радзырдтаид.
15 Ныр Илийыл нӕуӕдз аст азы цыди, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ нал змӕлыдысты, ӕмӕ нал уыдта+.
16 Ӕмӕ уыцы адӕймаг Илийӕн загъта: «Тохы быдырӕй ӕрхӕццӕ дӕн, абон алыгътӕн уырдыгӕй». Илий йӕ бафарста: «Цы ’рцыди, мӕ лӕппу?»
17 Хабархӕссӕг дзуапп радта: «Израил лидзӕг фӕци филистимӕгтӕй, ӕмӕ адӕмӕй тынг бирӕ фӕмард+. Амардысты дӕ дыууӕ фырты Офни ӕмӕ Финеес+ дӕр, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын та байстой»+.
18 Ӕмӕ куыддӕр ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны кой скодта, афтӕ Илий кулдуары раз бандонӕй фӕстӕмӕ ахауд, йӕ бӕрзӕй асаст ӕмӕ амард, уымӕн ӕмӕ тынг зӕронд ӕмӕ уӕззау уыди. Илий Израилӕн тӕрхон кодта цыппор азы.
19 Йӕ чындз, Финеесы ус та уыди сывӕрджын ӕмӕ хъуамӕ мӕнӕ-мӕнӕ ныййардтаид. Гъемӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын кӕй байстой ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уый куы фехъуыста, уӕд ныкъкъӕдзтӕ ис, уымӕн ӕмӕ йын ӕвиппайды рыстытӕ райдыдтой, ӕмӕ арын райдыдта+.
20 Ӕмӕ куы марди, уӕд ын, йӕ уӕлхъус чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕ загътой: «Ма тӕрс, лӕппу ныййардтай»+. Фӕлӕ сын уый дзуапп нӕ радта, уыцы ныхӕстӕ йын йӕ зӕрдӕ нӕ барухс кодтой.
21 Лӕппуйы та схуыдта Ихавод*+, ома «Израилы кад уацары ацыд»+, уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын кӕй байстой ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, ууыл хъуыды кодта+.
22 Гъемӕ загъта: «Израилы кад уацары ацыд+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын байстой»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Нысан кӕны «Кӕм ис кад?»