1 Коринфӕгтӕм 14:1—40

14  Ӕппӕт хъарутӕй архайут кӕрӕдзи уарзыныл, фӕлӕ зӕрдиагӕй тырнут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕм дӕр+, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕнынмӕ+.  Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый адӕмимӕ нӕ дзуры, фӕлӕ Хуыцауимӕ, уымӕн ӕмӕ кӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцауы сусӕгдзинӕдтӕ+ дзуры, уӕддӕр ӕй адӕмӕй ничи ӕмбары+.  Фӕлӕ пехуымпариуӕг чи кӕны, уый та йӕ ныхӕстӕй адӕмы фидар кӕны+, ныфс сӕ уадзы ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауы.  Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый йӕхи фидар кӕны, пехуымпариуӕг чи кӕны, уый та – ӕмбырд.  Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурат+, фӕлӕ хуыздӕр уаид, ӕмӕ пехуымпариуӕг куы кӕниккат+. О, пехуымпариуӕг чи кӕны, уый тынгдӕр хъӕуы, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уымӕй+,– ӕцӕг кӕд, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уый йӕ ныхӕстӕ тӕлмац кӕна, цӕмӕй ӕмбырд бафидар уа, уӕд уый ӕндӕр хъуыддаг у.  Ныр уӕм, ме ’фсымӕртӕ, ӕз куы ’рцӕуин ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурин, уӕд уын уый цы пайда уаид, Хуыцауӕй мын цы раргом+ кӕнӕ диссаджы хуызы цы базыдтон+, уый уын куы нӕ радзурин, кӕнӕ пехуымпариуӕг куы нӕ кӕнин, кӕнӕ уын куы ницы бацамонин, уӕд?  Ӕнӕуд дзауматӕй дӕр, зӕгъӕм, уадындзӕй кӕнӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй, зӕлтӕ цӕуы+, фӕлӕ иу зӕл иннӕ зӕлӕй куы ницӕмӕй хицӕн кӕна, уӕд ӕй куыд базонӕн уыдзӕн, уыцы уадындзӕй кӕнӕ дыууадӕстӕнон фӕндырыл цы цӕгъдынц, уый?  Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хӕстон уадындз куы ныууаса, фӕлӕ, цӕмӕ сиды, уый бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд йӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕнын чи райдайдзӕн?+  Афтӕ сымахӕн дӕр уӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн куы нӕ уой+, уӕд, цы дзурут, уый куыд бамбардзысты? Уӕ ныхас уыдзӕн дымгӕмӕ дзурӕгау+. 10  Дунейы цас алыхуызон ӕвзӕгтӕ ис, фӕлӕ дзы иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йын мацы нысаниуӕг уа. 11  Уӕдӕ ӕз, чи дзуры, уымӕн йӕ ныхас куы не ’мбарон, уӕд ын уыдзынӕн ӕндӕрбӕстаг+, ӕмӕ, чи дзуры, уый та мӕнӕн уыдзӕн ӕндӕрбӕстаг. 12  Афтӕ сымах дӕр, иугӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕм бӕллут+, уӕд архайут, цӕмӕй уӕм дзы бирӕ уа ӕмӕ уыдоны фӕрцы ӕмбырд фидар кӕнат+. 13  Уымӕ гӕсгӕ, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый кувӕд, цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ йӕ бон тӕлмац кӕнын дӕр уа+. 14  Уымӕн ӕмӕ кӕд ӕз ӕндӕр ӕвзагыл кувын, уӕд кувын, лӕвӕрд мын чи у, уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы+, мӕ зонд та дзы ницы ӕмбары. 15  Ӕмӕ уӕд куыд кӕнгӕ у? Кувдзынӕн ӕрмӕст Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй нӕ, фӕлӕ мӕ зондӕй дӕр. Хуыцауы кадӕн зардзынӕн+ ӕрмӕст Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй нӕ, фӕлӕ мӕ зондӕй дӕр+. 16  Кӕннод сыгъдӕг тыхӕй куы кадджын кӕнай Хуыцауы, уӕд хуымӕтӕг адӕймаг дӕ куывдӕн, «аммен»+, зӕгъгӕ, куыд зӕгъдзӕн, кӕд ӕмӕ, цы дзурыс, уый не ’мбары? 17  Хуыцауӕн арфӕ хорз кӕныс, фӕлӕ дӕ ныхӕстӕй иннӕ нӕ бафидар уыдзӕн+. 18  Хуыцауӕй бузныг дӕн, ӕз уе ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр ӕвзӕгтыл кӕй дзурын, уый тыххӕй+. 19  Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырды дӕс мин дзырды ӕндӕр ӕвзагыл зӕгъыны бӕсты фӕлтау зӕгъдзынӕн, бамбарӕн кӕй уа, фондз ахӕм дзырды, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр исты бацамонон+. 20  Ме ’фсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕтты хуызӕн ма ут+. Ӕвзӕрдзинадмӕ ут сабиты хуызӕн+, зондӕй та – стыр адӕймӕгты хуызӕн+. 21  Афтӕ фыст ис Закъоны: «„Ацы адӕмимӕ дзурдзынӕн+ ӕндӕрбӕстӕгты ӕвзагӕй ӕмӕ ӕцӕгӕлӕтты дзыхӕй+, фӕлӕ мӕм уӕддӕр нӕ байхъусдзысты“,– зӕгъы Йегъовӕ»+. 22  Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕ бӕлвырдгӕнӕн+ уырнджытӕн не сты, фӕлӕ ӕнӕуырнджытӕн+, пехуымпар-ныхас та ӕнӕуырнджытӕн нӕу, фӕлӕ уырнджытӕн+. 23  Ӕмбырд ӕгасӕй дӕр иу ранмӕ куы ӕрӕмбырд уа ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурой+, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаг кӕнӕ ӕнӕуырнджытӕ куы ’рбацӕуой, уӕд афтӕ нӕ зӕгъдзысты, адонӕн сӕ сӕрызонд фӕцыди, зӕгъгӕ? 24  Фӕлӕ уе ’ппӕт дӕр пехуымпариуӕг куы кӕнат, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг кӕнӕ хуымӕтӕг адӕймаг куы ’рбацӕуа, уӕд ын се ’ппӕты ныхӕстӕ уыдзысты уайдзӕфы хуызӕн+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсдзӕн. 25  Афтӕмӕй йӕ зӕрдӕйы сусӕг хъуыдытӕ раргом уыдзысты+, ӕмӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудзӕн, Хуыцауӕн бакувдзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис»+. 26  Ӕмӕ уӕд куыд кӕнгӕ у, ме ’фсымӕртӕ? Иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ иу псаломтӕ фӕзары, иннӕ амонгӕ фӕкӕны, ӕртыккаг, Хуыцауӕй йын цы раргом, уый фӕдзуры, чи ӕндӕр ӕвзагыл фӕдзуры, ӕмӕ йӕ ӕндӕр исчи та тӕлмац фӕкӕны+. Алцыдӕр аразут кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн+. 27  Кӕд исчи ӕндӕр ӕвзагыл дзуры, уӕд дыууӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ фылдӕр ма уӕнт, стӕй дзурӕнт радыгай. Ӕндӕр исчи та сын сӕ ныхӕстӕ тӕлмац кӕнӕд+. 28  Фӕлӕ дзы кӕд, чи тӕлмац кӕна, ахӕм нӕй, уӕд ӕмбырды мацы дзурӕнт, кӕд сӕ фӕнды, уӕд сӕхинымӕр+ Хуыцауимӕ дзурӕнт. 29  Стӕй пехуымпариуӕг+ дӕр кӕнӕнт дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы, иннӕтӕ та сын сӕ ныхӕстӕ бамбарыныл архайӕнт+. 30  Фӕлӕ ӕмбырды чи бады, уыдонӕй ӕндӕр искӕмӕн цыдӕр куы раргом уа+, уӕд иннӕ мацыуал дзурӕд. 31  Пехуымпариуӕг кӕнут+ иу иннӕйы фӕстӕ, цӕмӕй иууылдӕр ахуыр кӕной ӕмӕ се ’ппӕты ныфсыл дӕр ныфс ӕфта+. 32  Пехуымпартӕн хъуамӕ сӕ бар цӕуа, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сын цы курдиӕттӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕй куыд пайда кӕнынц, ууыл. 33  Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа+, уый у фарны Хуыцау+. Сыгъдӕджыты ӕппӕт ӕмбырдты дӕр куыд у, афтӕ 34  сылгоймӕгтӕ ӕмбырды мацы дзурӕнт+, уымӕн ӕмӕ сын уый бар нӕй, фӕлӕ нӕлгоймӕгтӕн коммӕгӕс уӕнт+, Закъон+ куыд дзуры, афтӕ. 35  Кӕд сӕ исты базонын фӕнды, уӕд та-иу хӕдзары сӕ лӕгты бафӕрсӕнт, уымӕн ӕмӕ сылгоймагӕн ӕмбырды дзурын худинаг у+. 36  Ау, Хуыцауы ныхас сымахӕй рацыд+, науӕд ӕрмӕстдӕр сымахмӕ фӕхӕццӕ? 37  Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ пехуымпар у кӕнӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын у, уӕд уӕм цытӕ фыссын, уыдоныл сразы уӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ Хицауы фӕдзӕхстытӕ сты+. 38  Кӕд сӕ исчи ницӕмӕ дары, уӕд та сӕ мацӕмӕ дарӕд. 39  Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, зӕрдиагӕй тырнут пехуымпариуӕг кӕнынмӕ+, фӕлӕ, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдоны дӕр ма хъыгдарут+. 40  Ӕрмӕст уӕм алцыдӕр уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл+.

Фиппаинӕгтӕ