Ӕмбисӕндтӕ 14:1—35
14 Зондджын сылгоймаг хӕдзараразӕг у+, ӕнӕзонд та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй фехалы+.
2 Йӕ фӕндӕгтӕ раст кӕмӕн сты, уый тӕрсы Йегъовӕйӕ+, зылын фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та йӕ ницӕмӕ дары+.
3 Ӕнӕзонд йе схъӕл ныхӕстӕй уисау цӕвы+, зондджынты та сӕ дзыхы ныхас хъахъхъӕндзӕн+.
4 Фос кӕм нӕй, уым кӕвдӕс вӕййы сыгъдӕг, фӕлӕ галы тыхы фӕрцы сисынц бирӕ тыллӕг.
5 Ӕууӕнкджын ӕвдисӕн нӕ фӕсайдзӕн+, мӕнгӕвдисӕн та сайгӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницы кӕны+.
6 Иннӕтыл чи худы, уый зонд фӕагуры, фӕлӕ йӕ не ссары, ӕмбаргӕ адӕймаг та алцыдӕр ӕнцонтӕй бамбары+.
7 Ӕнӕзонд адӕймагӕй дӕхи иуварс айс+, уымӕн ӕмӕ дзы зондджын ныхас нӕ фехъусдзынӕ+.
8 Ӕмбаргӕ адӕймаг уымӕй зондджын у, ӕмӕ, цы фӕндагыл цӕуы, уый ӕмбары+, ӕнӕзӕндтӕ та се ’нӕзондӕй сӕхи дӕр сайынц ӕмӕ иннӕты дӕр+.
9 Йӕ рӕдыд кӕмӕ ницы кӕсы, уыдон сты ӕнӕзонд+, рӕстзӕрдӕ адӕм та кӕрӕдзи хорз ӕмбарынц+.
10 Адӕймаджы зӕрдӕ зоны йӕ уды рыст+ ӕмӕ йын иннӕ адӕймаг йӕ цин нӕ бамбардзӕн.
11 Фыдгӕнджыты хӕдзар фесӕфдзӕн+, рӕстгӕнджыты цатыр та уыдзӕн фӕрнӕйдзаг+.
12 Вӕййы ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст+ фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ+.
13 Худгӕйӕ дӕр зӕрдӕ фӕриссы+, ӕмӕ цин мастмӕ дӕр асайы+.
14 Мӕнгардзӕрдӕ бафсӕддзӕн, йӕ цард цы тыллӕг хӕссы, уымӕй+, ӕмӕ хорз адӕймаг дӕр, йӕ хъуыддӕгтӕ цы тыллӕг хӕссынц, уымӕй бафсӕддзӕн+.
15 Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды+, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл+.
16 Зондджын адӕймаг тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй+, ӕнӕзондӕн та йӕ маст рафыцы ӕмӕ вӕййы йӕхицӕй ныфсджын+.
17 Мӕстыгӕр адӕймаг бакӕндзӕн ӕнӕзонд ми+. Фӕлӕ, цы аразы, ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕй иннӕтӕ се сӕфт фӕуынынц+.
18 Ӕвӕлтӕрдтӕн сӕ хай уыдзӕн ӕнӕзонддзинад+, ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕн та зонындзинӕдтӕ уыдзысты рӕсугъд худау+.
19 Ӕвзӕр адӕм сӕ сӕртӕй ныллӕг кувдзысты хорз адӕмӕн+, фыдгӕнджытӕ – рӕстгӕнӕджы кулдуары раз.
20 Мӕгуыры йӕ хион дӕр нӕ уарзы+, хъӕздыгӕн та бирӕ ӕмбӕлттӕ вӕййы+.
21 Иннӕты чи ницӕмӕ дары, уый тӕригъӕд аразы+, фӕлӕ ӕфхӕрд адӕмӕн хорзы чи цӕуы, уый амондджын у+.
22 Фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдон рахау-бахау кӕндзысты+. Хорз фӕндтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн та хай ис ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй*+.
23 Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда+, ӕрмӕст ныхӕстӕ кӕм ис, уым та ис мӕгуырдзинад.
24 Зондджынӕн йӕ кадыхуд сты йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ, ӕнӕзӕндты та сӕ хъуыддӕгтӕ дарддӕр кӕнынц ӕнӕзонддзинадмӕ+.
25 Ӕцӕг ӕвдисӕн адӕмы фервӕзын кӕны+, фӕлитой ӕвдисӕн та сайгӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницы кӕны+.
26 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йыл йӕ зӕрдӕ фидарӕй дары+, ӕмӕ йӕ фырттӕн уыдзӕн ӕмбӕхсӕн бынат+.
27 Йегъовӕйӕ тӕрсын у царды суадон+, уый адӕймаджы бахизы мӕлӕты къӕппӕджытӕй+.
28 Паддзах бирӕ адӕмӕй фидауы, адӕм бирӕ кӕм нӕй+, уым та хицауӕн йе сӕфт ӕрцӕуы+.
29 Йӕ маст уромын чи зоны, уый у ӕцӕг арфуынӕг адӕймаг+, фӕразондзинад кӕмӕ нӕй, уый та йе ’нӕзонддзинад ӕвдисы+.
30 Сабыр зӕрдӕ буарӕн у цард+, хӕлӕг та у стӕгниз+.
31 Мӕгуыры чи сайы, уый йын худинаг кӕны йе Скӕнӕджы+, чи йын ӕххуыс кӕны, уый та йын йе Скӕнӕджы кадджын кӕны+.
32 Фыдгӕнӕг йе ’взӕрдзинӕдты тыххӕй фесӕфдзӕн+, рӕстгӕнӕджы та хъахъхъӕндзӕн, рӕстӕй кӕй цӕры, уый+.
33 Зонд цӕры ӕмбаргӕ адӕймаджы зӕрдӕйы+ ӕмӕ ӕнӕзӕндты ’хсӕн дӕр йӕхи равдисы.
34 Рӕстдзинад адӕмы скадджын кӕны+, тӕригъӕд та адӕмыхӕттыты фӕхудинаг кӕны+.
35 Паддзах райгонд вӕййы ӕмбаргӕ лӕггадгӕнӕгӕй+, ӕнаккаг митӕ чи кӕны, уымӕ та йӕ маст рафыцы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕй».